Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Дӕ уарзондзийнадӕ ма ӕруазал уӕд

Дӕ уарзондзийнадӕ ма ӕруазал уӕд

«Фудгъуддӕгтӕ ке исарӕх уодзӕнцӕ, уой фудӕй адӕнӕн сӕ фулдӕрӕн сӕ уарзондзийнадӕ ӕруазал уодзӕй» (МАТФ. 24:12).

ЗАРТӔ: 38, 128

1, 2. а) Йесо Матфеййи 24:12 ци дзурдтӕ загъта, етӕ фиццагидӕр кӕмӕ хаудтӕнцӕ? б) Гъуддӕгти киунугӕй куд зиннуй, фиццаг ӕноси киристӕнттӕй сӕ фулдӕремӕн сӕ уарзондзийнадӕ ке нӕ ӕруазал, е? (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.)

КИРИСТЕ зӕнхӕбӕл ку адтӕй, уӕд балӕдӕрун кодта, «аци цардӕвӕрдӕн ӕ кӕрон ке ӕрхъӕрдтӕй», е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй, уой. Йесо загъта: «Адӕнӕй сӕ фулдӕрӕн сӕ уарзондзийнадӕ ӕруазал уодзӕй» (Матф. 24:3, 12). Фиццаг ӕноси дзиуиттӕгтӕ сӕхе Хуцауи адӕнбӕл нимадтонцӕ, фал уӕддӕр бауагътонцӕ, цӕмӕй сӕ уарзондзийнадӕ Хуцаумӕ ӕруазал адтайдӕ.

2 Фал фулдӕр киристӕнттӕ ба еци рӕстӕг «Киристей туххӕй... хуарз хабар» зингзӕрдӕй игъосун кодтонцӕ. Етӕ уарзтонцӕ Хуцауи, кӕрӕдзей, удта ма рӕстдзийнадӕ ка нӕ зудта, уони дӕр (Гъуд. 2:44–47; 5:42). Гъигагӕн, фиццаг ӕноси киристӕнтти астӕу адтӕй, ӕ уарзондзийнадӕ кӕмӕн ӕруазал ӕй, уӕхӕнттӕ дӕр. Кӕцӕй ӕй зонӕн?

3. Фиццаг ӕноси киристӕнттӕн сӕ уарзондзийнадӕ цӕй туххӕй ӕруазал адтайдӕ?

3 Йесо Ефеси ӕмбурди туххӕй загъта: «Райдайӕни дӕмӕ ци уарзондзийнадӕ адтӕй, е дӕмӕ нӕбал ес» (Рарг. 2:4). Цума Ефеси киристӕнттӕбӕл уӕхӕн хабар цӕмӕн ӕрцудӕй? Ӕвӕдзи сӕбӕл, сӕ алливарс ка цардӕй ӕма сӕ бауӕри монцти фӕдбӕл ка цудӕй, еци адӕни зундахаст рабӕрӕг ӕй (Еф. 2:2, 3). Ефес гъӕздуг горӕт адтӕй ӕма ӕ цӕргутӕн сӕ сӕйраг мӕтӕ адтӕй, сӕхецӕн рӕсугъд, хъал ӕма ӕнӕмӕтӕ цард куд искӕнонцӕ, уобӕл. Уомӕй уӕлдай ма Ефеси цӕргутӕ хъӕбӕр ихӕлд адӕн адтӕнцӕ, удта Хуцауи закъӕнттӕ нецӕмӕ дардтонцӕ. Етӕ ӕрмӕстдӕр сӕхе сагъӕс кодтонцӕ ӕма, уодуӕлдай уарзт ци ӕй, уой зонгӕ дӕр нӕ кодтонцӕ.

4. а) Абони адӕнӕн сӕ уарзондзийнадӕ ке ӕруазал ӕй, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй? б) Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

4 Киристе ке загъта, еци дзурдтӕ абони дӕр ӕнхӕст кӕнунцӕ. Рӕстӕг куд цӕуй, уотӕ адӕн Хуцауи минкъийдӕр уарзунцӕ. Милиуангай адӕн сӕ зӕрдӕ дарунцӕ, дуйней уавӕр Хуцау нӕ, фал цидӕр организацитӕ ке фӕххуӕздӕр кӕндзӕнцӕ, уобӕл. Бӕрӕг ӕй: адӕнӕн сӕ уарзондзийнадӕ уазалдӕргӕнгӕ цӕуй. Сауӕнгӕ ма Йегови лӕггадгӕнгутӕн дӕр сӕ уарзондзийнадӕ ӕруазал уй, Ефеси ка цардӕй, еци киристӕнттӕн куд ӕруазал ӕй, уотӕ. Мадта ӕркӕсӕн, нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй идарддӕр дӕр уарзӕн 1) Йегови, 2) Библий рӕстдзийнадӕ, удта 3) нӕ хуӕртӕ ма не ’нсувӕрти.

УАРЗӔН ЙЕГОВИ

5. Хуцауи цӕмӕн гъӕуама уарзӕн?

5 Ӕгасемӕй фулдӕр ке гъӕуама уарзӕн? Йесо загъта: «Дӕ Хуцау Йегови уарзӕ ӕгас зӕрдӕй, ӕгас уодӕй ӕма ӕгас зундӕй. Е ӕй фиццаг ӕма тӕккӕ сӕйрагдӕр фӕдзӕхст» (Матф. 22:37, 38). Хуцауи ку уарзӕн, уӕд ин ӕ фӕдзӕхститӕ ӕнхӕст кӕндзиан, фӕлварӕнти федар лӕудзиан, удта фуддзийнадӕй не ’сӕфт уиндзиан. (Бакӕсӕ Псалом 97:10.) Фал Сайтан ӕма ӕ дуйне архайунцӕ, цӕмӕй Хуцауи минкъийдӕр уарзун райдайӕн кенӕ ’й ӕппундӕр мабал уарзӕн.

6. Адӕймаг Хуцауи ку нӕбал уарза, уӕд ӕй е цӕмӕ ӕркӕндзӕй?

6 Уарзондзийнадӕ ци ӕй, уой абони адӕн раст нӕ лӕдӕрунцӕ. Берӕ адӕн се Сфӕлдесӕгӕй фулдӕр сӕхе уарзунцӕ (2 Тим. 3:2). Фиццаг бунати син ӕнцӕ «тӕрегъӕдгун бауӕри монцтӕ, цӕстити монцтӕ ӕма мулкӕй хе ’стаун» (1 Иоан. 2:16). Махӕн дӕр уӕхӕн зундахаст ку уа, уӕд нӕ е цӕмӕ ӕркӕндзӕй, уой туххӕй апостол Павел финста: «Тӕрегъӕдгун бауӕри ци фӕндуй, ӕдзох уобӕл ка сагъӕс кӕнуй, уомӕн ӕ кӕрон цӕуй мӕлӕтмӕ» (Ром. 8:6, 7). Цума цӕмӕн? Уомӕн ӕма уӕхӕн адӕймаг исуй Хуцауи знаг. Мадта ӕ цард ӕрмӕстдӕр ӕхцабӕл кенӕ ӕ бауӕри монцтӕ ӕфсадунбӕл ка харз кӕнуй, е фӕстагмӕ хъӕбӕр фӕффудӕнгъӕл уодзӕй (1 Кор. 6:18; 1 Тим. 6:9, 10).

7. Абони киристонӕн цӕхуӕн зундахастӕй тӕссаг ӕй?

7 Берӕ атеиститӕ, агностиктӕ ӕма эволюциониститӕ адӕни сӕхе зундбӕл аразунцӕ, ӕма уой туххӕй адӕн Хуцауи набал фӕууарзунцӕ кенӕ ибӕл уогӕ дӕр нӕбал феууӕндунцӕ. Уотӕ дӕр ма фӕззӕгъунцӕ, зӕгъгӕ, Хуцаубӕл ӕууӕндунцӕ, ахур ка нӕ кодта, удта ӕнцонсайӕн ка ӕй, ӕрмӕстдӕр уӕхӕн адӕн. Беретӕн ба, ахургӕндтӕ ци зӕгъунцӕ, е, Хуцау ци зӕгъуй, уомӕй дӕр хестӕр ӕй (Ром. 1:25). Гӕнӕн ес, ӕма киристӕнттӕбӕл дӕр уони зундахаст рабӕрӕг уа. Уӕхӕн хабар нӕбӕл ку ’рцӕуа, уӕд Хуцауӕй раидард уодзиан ӕма нӕ уарзондзийнадӕ ӕруазал уодзӕй (Дзиуит. 3:12).

8. а) Йегови лӕггадгӕнгутӕн сӕ нифс цӕхуӕн гъуддӕгти туххӕй фӕссӕттуй? б) 136 псаломи финст дзурдтӕ нин нӕ нифс куд федар кӕнунцӕ?

8 Сайтани фуддуйней цӕргӕй ни алкедӕр хаттӕй-хатмӕ цидӕр зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлуй (1 Иоан. 5:19). Фал мах нӕ нифс басӕттун ку бауадзӕн, уӕд не ’ууӕндундзийнадӕ ӕрлӕмӕгъ уодзӕй, нӕ уарзондзийнадӕ ба ӕруазал уодзӕй. Ка ’й зонуй нӕбӕл ӕнзтӕ сӕ уӕзӕ ӕруагътонцӕ, не ’нӕнездзийнадӕ хуӕздӕр гъӕуагӕ ӕй кенӕ нин цардамӕлттӕ кӕнун зин ӕй. Кенӕ ба, ка ’й зонуй, нӕхемӕ нийгъустан, цидӕр гъуддаг мах куд фӕндадтӕй, уотӕ ке нӕ рауадӕй, уой туххӕй. Кенӕ ба, ӕвӕдзи, нӕ зӕрдӕ цӕбӕл дардтан, уомӕй фӕффудӕнгъӕл ан. Цийфӕнди ма уа, уӕддӕр гъӕуама уотӕ макӕд сагъӕс кӕнӕн, ӕма нӕ Йеговӕ ниууагъта. Гъӕуама нӕ зӕрдӕбӕл дарӕн Псалом 136:23 финст дзурдтӕ. Уоми финст ӕй, Йеговӕ ке некӕд иронх кӕнуй, ӕ лӕггадгӕнгутӕй «ӕгадӕ бунати» ка ӕй, уони, «уомӕн ӕма ӕносмӕ ’й е ’новуд уарзт!». Нӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун, Йеговӕ нин нӕ «лигъстӕ» ке игъосуй ӕма нин дзуапп ке ратдзӕй, уобӕл (Пс. 116:1; 136:24–26).

9. Павелӕн ӕ уарзондзийнадӕ федар цӕй фӕрци байзадӕй?

9 Апостол Павел дӕр псаломзаргӕнӕги хузӕн арф сагъӕс кодта, Йеговӕ ин алкӕддӕр куд ӕнхус кодта, уобӕл, ӕма уой фӕрци ӕ нифс нӕ басастӕй. Павел финста: «Йеговӕ ӕй ме ’нхусгӕнӕг, ӕма ӕз нецӕмӕй фӕттӕрсдзӕн. Ци мин бакӕндзӕй адӕймаг?» (Дзиуит. 13:6). Ӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл ке дардта, уой фӕрци зиндзийнӕдтӕ ӕвзаргӕй федар фӕллӕудтӕй. Тӕккӕ зиндӕр уавӕрти дӕр е ’ууӕндундзийнадӕ нӕ фесафта. Ахӕстдони ку адтӕй, уӕддӕр ма ӕмбурдтӕмӕ финста, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ка бафедар кодтайдӕ, уӕхӕн финстӕгутӕ (Еф. 4:1; Фил. 1:7; Филим. 1). Павел цийфӕнди зиндзийнӕдтӕбӕл ма исӕмбалдайдӕ, уӕддӕр некӕд бауагъта, цӕмӕй ӕ уарзондзийнадӕ Хуцаумӕ ӕруазал адтайдӕ. Е алкӕддӕр ӕ зӕрдӕ дардта «уодӕнцойнӕдӕттӕг Хуцаубӕл» (2 Кор. 1:3, 4). Мах бон ба куд ӕй Павели фӕнзун?

Уарзӕ Йегови (кӕсӕ 10 абзац)

10. Цӕмӕй Хуцауи минкъийдӕр уарзун ма райдайӕн, уой туххӕй ци гъӕуама кӕнӕн?

10 Павел балӕдӕрун кодта, цӕмӕй Хуцауи минкъийдӕр уарзун ма райдайӕн, уой туххӕй нӕ ци кӕнун гъӕуй, уой. Е загъта: «Алкӕддӕр коветӕ» (1 Фес. 5:17; Ром. 12:12). Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма кувди фӕрци Хуцаумӕ хӕстӕгдӕр кӕнӕн? Уомӕн ӕма Йеговӕмӕ ку фӕкковӕн, уӕд ӕ хӕццӕ дзоргӕ фӕккӕнӕн, ӕма уой фӕрци ӕ хӕццӕ никки хъӕбӕрдӕр балимӕн уӕн (Пс. 86:3). Нӕ уӕларвон Фидӕн нӕ арф сагъӕстӕ, удта не ’нкъарӕнтӕ радзорунмӕ фагӕ рӕстӕг ку хецӕн кӕнӕн, уӕд имӕ уотемӕй хӕстӕгдӕр кӕндзиан (Пс. 65:2). Уомӕй уӕлдай ма нин нӕ кувдбӕл дзуапп куд дӕттуй, уой ку фӕууинӕн, уӕд ӕй никки хъӕбӕрдӕр уарзун райдайӕн. Мах ӕй федарӕй зонӕн: «Йеговӕ хӕстӕг ӕй, ка имӕ ковуй, уонӕмӕ» (Пс. 145:18). Йеговӕ нӕ ке уарзуй ӕма нин ке ӕнхус кӕнуй, уой зонгӕй, нӕ бон уодзӕй цийфӕнди зиндзийнӕдти дӕр федар фӕллӕуун.

УАРЗӔН БИБЛИЙ РӔСТДЗИЙНАДӔ

11, 12. Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй Библий рӕстдзийнадӕ никки хъӕбӕрдӕр уарзӕн?

11 Мах куд киристӕнттӕ, уотӕ аргъ кӕнӕн, ци рӕстдзийнадӕ базудтан, уомӕн. Зонгӕ ба ’й бакодтан Хуцауи Дзурдӕй. Йесо ӕ Фидӕмӕ ковгӕй уӕхӕн дзурдтӕ загъта: «Дӕ дзурд ӕй рӕстдзийнадӕ» (Иоан. 17:17). Мадта цӕмӕй рӕстдзийнадӕ уарзӕн, уой туххӕй гъӕуама Библи хуарз зонӕн (Кол. 1:10). Фал айдагъ зонундзийнӕдтӕ фагӕ нӕ ’нцӕ. Дӕ гъос ӕрдарӕ, ци ма нӕ кӕнун гъӕуй, уой нин, 119 псалом ка ниффинста, е куд лӕдӕрун кӕнуй, уомӕ. (Бакӕсӕ Псалом 119:97–100.) Бони дӕргъи гъӕуама рӕстӕг хецӕн кӕнӕн, цӕмӕй арф расагъӕс кӕнӕн, Библийӕй ци бакастан, уобӕл. Ӕ унаффитӕй нӕ бон пайда кӕнун куд ӕй, уобӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд Библий рӕстдзийнадӕн никки хъӕбӕрдӕр аргъ кӕндзиан.

12 Псаломзаргӕнӕг ма загъта: «Дӕ дзурдтӕ мӕ коми куд адгин ӕнцӕ, мудӕй дӕр адгиндӕр!» (Пс. 119:103). Библибӕл арӕзт публикацитӕ, Хуцауи организаци нин ке цӕттӕ кӕнуй, етӕ ӕнцӕ хуӕрзадӕ хуӕруйнаги хузӕн. Адгин хуӕруйнаг хуӕргӕй нӕ комидзаг уайтагъд нӕ ранихъуӕрӕн, фал ма ’й дзӕбӕх баууелӕн, цӕмӕй ин ӕ адӕ никки хуӕздӕр балӕдӕрӕн. Ӕма Хуцауи дзурдтӕ дӕр хуӕрзадӕ хуӕруйнаги хузӕн дзӕбӕх ку баууелӕн, уӕд сӕ никки хуӕздӕр нигъгъуди кӕндзиан, удта си иннетӕн ӕнхус кӕнунмӕ дӕр пайда кӕндзиан (Еккл. 12:10).

13. Йеремийӕн ци банхус кодта Хуцауи Дзурд бауарзун ӕма ибӕл е куд рабӕрӕг ӕй?

13 Пахампар Йереми Финстадӕй ци рӕстдзийнадӕ базудта, уомӕн устур аргъ кодта. Йереми загъта: «Дӕ дзурдтӕ мӕмӕ ӕрбахъӕрдтӕнцӕ, ӕма сӕ бахуардтон. Дӕ дзурд мин исуй цийни хуасӕ, мӕ зӕрдӕ мин цийнӕй байдзаг кӕнуй, уомӕн ӕма ӕз хӕссун дӕ ном, о ӕфсӕдти Хуцау Йеговӕ» (Йер. 15:16). Йереми арф сагъӕс кодта Хуцауи дессаги дзурдтӕбӕл ӕма сӕ уарзта. Уой фӕрци ӕхецӕн устур кадӕбӕл нимадта, Йегови номӕй ке дзурдта ӕма е ’вдесӕн ке адтӕй, уой. Мах дӕр Библий рӕстдзийнадӕ ку уарзӕн, уӕд ӕй лӕдӕрдзиан, цӕхуӕн устур кадӕ нин ӕй, Йегови Ӕвдесӕнтӕ ке ан ӕма аци фӕстаг бӕнтти Хуцауи Паддзахади туххӕй ке игъосун кӕнӕн, е.

Уарзӕ Библий рӕстдзийнадӕ (кӕсӕ 14 абзац)

14. Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй Библий рӕстдзийнадӕ никки хъӕбӕрдӕр бауарзӕн?

14 Библий рӕстдзийнадӕ ма никки хъӕбӕрдӕр цӕй фӕрци уарздзиан? Ӕмбурдтӕ ку нӕ цох кӕнӕн, уӕд. Уоми фертасӕн, алли къуӕрейӕн дӕр нин ци ахургӕнӕн статьятӕ фӕууй, уони. Ӕма нин цӕмӕй пайда хӕссонцӕ, уой туххӕй сӕ гъӕуама рагацау цӕттӕ кӕнӕн. Зӕгъӕн, нӕ бон ӕй статьяй ци стихтӕ фӕууй, уони еугурейдӕр игон кӕнун. Абони ахургӕнӕн брошюрӕ ес аллихузи ӕвзӕгтӕбӕл ӕма ’й хъӕбӕр ӕнцон ӕй электронон форматти рафинсун кенӕ кӕсун. Кӕцидӕр форматти си стихтӕ ӕнгъезуй еунӕг ӕлхъивдӕн игон кӕнун. Цийфӕнди мадзалӕй ма пайда кӕнӕн, уӕддӕр стихтӕ лӕмбунӕг ку кӕсӕн ӕма сӕбӕл арф ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд Библий рӕстдзийнадӕ никки хъӕбӕрдӕр бауарздзиан. (Бакӕсӕ Псалом 1:2.)

УАРЗӔН НӔ ХУӔРТӔ ӔМА НЕ ’НСУВӔРТИ

15, 16. а) Иоанни 13:34, 35 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ ци гъӕуама кӕнӕн? б) Хуцауи ӕма Библи ке уарзӕн, е куд баст ӕй, не ’нсувӕрти уарзӕн ӕви нӕ, уой хӕццӕ?

15 Ӕ мӕлӕти разӕй, еци ӕхсӕвӕ Йесо ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн загъта: «Ӕз уин дӕттун нӕуӕг фӕдзӕхст: уӕ кӕрӕдзей уарзетӕ. Ӕз уӕ куд бауарзтон, сумах дӕр уотӕ уарзетӕ уӕ кӕрӕдзей. Мӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ ке айтӕ, уой еугур адӕн дӕр базондзӕнцӕ, уӕ кӕрӕдзей ку уарзайтӕ, уӕд» (Иоан. 13:34, 35).

16 Йегови ку уарзӕн, уӕд нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕрти дӕр уарздзиан, Йегови ку нӕ уарзӕн, уӕдта уони дӕр нӕ уарздзиан. Апостол Иоанн ниффинста: «Ке уинуй, еци ӕнсувӕри ка нӕ уарзуй, уомӕн ӕ бон куд ӕй, ке нӕ уинуй, еци Хуцауи уарзун?» (1 Иоан. 4:20). Йегови ӕма кӕрӕдзей ку уарзӕн, уӕд Библий рӕстдзийнадӕ дӕр уарздзиан. Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн? Уомӕн ӕма Библий рӕстдзийнадӕ ку уарзӕн, уӕд нӕ зӕрдиагӕй фӕнддзӕй, ци фӕдзӕхститӕ си финст ес, уони ӕнхӕст кӕнун, гъома Хуцауи, удта нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕрти уарзун (1 Пет. 1:22; 1 Иоан. 4:21).

Уарзӕ дӕ хуӕртӕ ӕма де ’нсувӕрти (кӕсӕ 17 абзац)

17. Нӕ уарзондзийнадӕ цӕхуӕн гъуддӕгтӕй бӕрӕг уодзӕй?

17 Бакӕсӕ 1 Фессалоникӕгтӕмӕ 4:9, 10. Нӕ бон куд ӕй ӕмбурди медӕг нӕ уарзондзийнадӕ гъуддӕгтӕй ӕвдесун? Зӕгъӕн, нӕ бон ӕй каргун хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ӕмбурдмӕ ӕрбаласун. Кенӕ идӕдзӕ хуӕртӕмӕ фӕккӕсун, хӕдзари сӕ ести ӕнхус ку гъӕуа, уӕд (Иак. 1:27). Нифссаст ка ӕй кенӕ ӕндӕр зиндзийнӕдтӕ ка ӕвзаруй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ба гъӕуама сӕ фарсмӕ балӕууӕн ӕма син сӕ нифс бафедар кӕнӕн (Ӕмб. 12:25; Кол. 4:11). «Ӕууӕндундзийнади фӕрци еу бийнонтӕ ке хӕццӕ ан», уони ӕцӕгӕйдӕр ке уарзӕн, е гъӕуама бӕрӕг уа нӕ дзурдтӕй, удта нӕ гъуддӕгтӕй дӕр (Гал. 6:10).

18. Кӕрӕдзей зӕрдихудти ку бацӕуӕн, уӕд нин бафедаунмӕ ци банхус кӕндзӕй?

18 Библий берӕ раздӕр финст ӕрцудӕй, «фӕстаг бӕнтти» адӕн хеуарзагӕ ӕма цӕлӕмбуд ке уодзӕнцӕ (2 Тим. 3:1, 2). Уомӕ гӕсгӕ киристӕнттӕ гъӕуама се ’гас хъауритӕй архайонцӕ, цӕмӕй уарзонцӕ Хуцауи, Библий рӕстдзийнадӕ, удта кӕрӕдзей. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, еуӕй-еухатт не ’нӕнхӕстдзийнади фудӕй нӕ кӕрӕдзей зӕрдихудти дӕр бацӕуӕн. Фал нӕ нӕ уарзондзийнадӕ баразӕнгард кӕндзӕй, цӕмӕй кӕрӕдзей хӕццӕ бафедауӕн (Еф. 4:32; Кол. 3:14). Гъӕйдӕ мадта идарддӕр дӕр уарзӕн Йегови, ӕ Дзурд, удта нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕрти ӕма ма бауадзӕн, цӕмӕй нӕ уарзондзийнадӕ ӕруазал уа!