БИОГРАФИ
Иннетӕн амонун рӕстдзийнадӕ, кӕд гъосӕй ӕппундӕр нӕ игъосун, уӕддӕр
Донаргъуд райстон 1941 анзи, 12 анзи мӕбӕл ку цудӕй, уӕд. Фал Библи цӕбӕл ахур кӕнуй, уой ба ӕрмӕстдӕр 1946 анзи балӕдӕрдтӕн. Цума уотӕ куд рауадӕй? Гъӕйдӕ уин мӕ царди хабар радзорон.
МӔ НИЙЙЕРГУТӔ 1910 ӕнзти Гурдзийӕй, горӕт Тбилисийӕй, ралигъдӕнцӕ Канади нигулӕн хаймӕ ӕма ӕрцардӕнцӕ минкъий ферми, гъӕу Пеллимӕ хӕстӕг (провинци Саскачеван). Ӕз райгурдтӕн 1928 анзи. Бийнонти ӕхсӕз сувӕллонемӕй ӕз сӕ кӕстӕр адтӕн. Мӕ фидӕ рамардӕй мӕ райгурцӕй ӕхсӕз мӕйи раздӕр, мӕ мадӕ ба – бустӕги минкъий ма ку адтӕн, уӕд. Уобӕл берӕ нӕ рацудӕй ӕма мӕ хестӕр хуӕрӕ Луси дӕр рамардӕй, 17 анземӕй ӕндӕр ибӕл нӕ цудӕй, уотемӕй. Уой фӕсте нӕ ӕхемӕ райста нӕ мади ӕнсувӕр Ник.
Мӕ мади ӕнсувӕр ӕ ферми бӕхтӕ дардта. Еухатт, къахӕй ку рауадтӕн, уӕд бӕхмӕ фӕстити бацудтӕн ӕма ин ӕ къӕдзелӕ ивазун райдӕдтон. Нӕ хеуӕнттӕ мӕ ку рауидтонцӕ, уӕд фӕттарстӕнцӕ, бӕх мӕ ке ниццӕвдзӕй, уомӕй, ӕма мӕмӕ гъӕр кӕнун райдӕдтонцӕ. Фал мӕ фӕсте адтӕнцӕ ӕма сӕ нӕ уидтон, игъосгӕ ба сӕ ӕппундӕр нӕ кодтон. Еци бон ӕнӕфидбилизӕй райервазтӕн, ӕма ӕй мӕ хеуӕнттӕ гъе уӕд балӕдӕрдтӕнцӕ, гъосӕй ке нӕ игъосун, уой.
Нӕ бийнонти хуарз ӕмбал загъта, цӕмӕй мӕ, гъосӕй ка нӕ игъосуй, уӕхӕн сувӕллӕнтти кӕми ахур кодтонцӕ, еци скъоламӕ балӕвардтайуонцӕ, ӕма мӕ Ник уордӕмӕ фӕлласта. Еци скъола адтӕй горӕт Саскатуни (провинци Саскачеван). Ӕз кӕми цардтӕн уордиги имӕ адтӕй авд сахаттей цуд. Еци скъоламӕ мӕ ку балӕвардтонцӕ, уӕд мӕбӕл ӕдеугурӕй цудӕй фондз анзи ӕма тӕрсгӕ кодтон. Хеуӕнтти ба ӕрмӕстдӕр бӕрӕгбӕнтти, удта каникулти рӕстӕг уидтон. Уотемӕй сабургай къохӕйамонгӕ ӕвзаг исахур кодтон ӕма иннӕ сувӕллӕнтти хӕццӕ дӕр гъазун райдӕдтон.
БАЗУДТОН РӔСТДЗИЙНАДӔ
1939 анзи мӕ хестӕр хуӕрӕ Мерион киндзи ӕрцудӕй Билл Данильчукмӕ, ӕма мӕн, удта мӕ хуӕрӕ Френсиси сӕхемӕ райстонцӕ. Ме ’гас хеуӕнттӕй дӕр Йегови Ӕвдесӕнти хӕццӕ фиццаг етӕ базонгӕ ’нцӕ. Каникулти сӕмӕ ку иссӕуинӕ, уӕд мӕнӕн дӕр дзориуонцӕ, сӕхуӕдтӕ Библийӕй ци базудтонцӕ, уой. Раст зӕгъгӕй нин кӕрӕдзей лӕдӕрун ӕнцон н’ адтӕй, уомӕн ӕма къохӕйамонгӕ ӕвзаг нӕ зудтонцӕ. Фал ӕй балӕдӕрдтӕнцӕ, рӕстдзийнадӕ мӕ зӕрдӕмӕ ке багъардта, уой. Ӕз ба ’й балӕдӕрдтӕн, сӕ гъуддӕгтӕ Библий хӕццӕ хъӕбӕр ӕнгом баст ке адтӕнцӕ, уой ӕма мӕ бафӕндадтӕй сӕ хӕццӕ игъосун кӕнунмӕ фӕццӕун. Уобӕл берӕ нӕ рацудӕй ӕма 1941 анзи 5 сентябри донаргъуд райстон. Донаргъуд мин лӕвардта Билл, цъаййи донӕй идзаг ка адтӕй, уӕхӕн ӕфсӕйнаг тӕгӕнай. Дон си сахуазал адтӕй!
1946 анзи сӕрди фӕццудан конгресмӕ горӕт Кливленди (Огайо, АЕШ). Конгресси фиццаг бон мин мӕ хуӕртӕ кезугай программӕ гӕгъӕдибӕл финстонцӕ, цӕмӕй си еу минкъий ести лӕдӕрдтайнӕ. Фал дуккаг бон базудтон, конгресси программӕ къохӕйамонгӕ ӕвзагмӕ дӕр ке тӕлмац кодтонцӕ. Куд ӕхцӕуӕн мин адтӕй, ӕз дӕр алцидӕр ке лӕдӕртӕн, е! Кӕддӕр-некӕддӕр Библий рӕстдзийнадӕ дзӕбӕх балӕдӕрдтӕн!
ИННЕТӔН РӔСТДЗИЙНАДӔ АМОНУН
Еци рӕстӕг Дуккаг дуйнеуон тугъд фӕцӕй ӕма адӕн сӕ бӕстӕй сӕрустур адтӕнцӕ. Конгресси фӕсте скъоламӕ ку ӕрӕздахтӕн, уӕд мӕхецӕн федарӕй загътон, цийфӕнди ма уа, уӕддӕр Библий рӕстдзийнади сӕрбӕл ке дзордзӕн. Турусайӕн табу кӕнун, удта гимн зарун дӕр нӕ кумдтон. Уомӕй уӕлдай ма еунӕг бӕрӕгбон дӕр нӕбал бӕрӕг кодтон, аргъауӕнмӕ дӕр иннӕ ахурдзаути хӕццӕ нӕбал цудтӕн, кӕд уордӕмӕ еугуремӕн дӕр ӕнӕмӕнгӕй цӕугӕ адтӕй, уӕддӕр. Ахургӕнгути зӕрдӕмӕ ӕппундӕр нӕ цудӕй, мӕхе куд дардтон, е, ӕма мӕ сайун, удта тӕрсун кӕнун райдӕдтонцӕ. Ме ’мкъласонтӕ дӕр мӕбӕл хъӕбӕр дес кодтонцӕ, ӕма мин игъосун кӕнунмӕ фадуат фӕцӕй. Гъема си цалдӕремӕй, зӕгъӕн, Лари Андрософф, Норман Диттрик ӕма Имил Шнайдер абони уӕнгӕ дӕр Йеговӕн еузӕрдонӕй лӕггадӕ кӕнунцӕ.
Ӕндӕр ескӕци горӕтмӕ ку бахауинӕ, уӕд алкӕддӕр архайдтон, гъосӕй ка нӕ игъосуй, уӕхӕн адӕнӕн Библий рӕстдзийнадӕ дзорун. Еу уӕхӕни, Монреали, гъосӕй ка нӕ игъосуй, уӕхӕн адӕн ци клуби ӕмбурд кодтонцӕ, уоми игъосун кодтон еу ӕригон нӕлгоймагӕн, Эдди Тейгер, зӕгъгӕ. Е дӕр еци клуби къуарӕй адтӕй. Сауӕнгӕ ӕ мӕлӕти уӕнгӕ 2016 анзи Эдди лӕггадӕ кодта къохӕйамонгӕ ӕмбурди горӕт Лавали (провинци Квебек). Уомӕй уӕлдай ма базонгӕ дӕн Хуан Арданеси хӕццӕ. Хуан дӕр верийӕгти хузӕн Финстатӕ лӕмбунӕг ӕртаста, цӕмӕй исбӕлвурд кодтайдӕ, ци базудта, е ӕцӕгӕйдӕр раст ке ӕй, уой (Гъуд. 17:10, 11). Е дӕр рӕстдзийнадӕ ӕ зӕрдӕмӕ райста ӕма сауӕнгӕ ӕ мӕлӕти уӕнгӕ лӕггадӕ кодта хестӕр нӕлгоймагӕй горӕт Оттави (провинци Онтарио).
1950 анзи ӕрцардтӕн Ванкувери. Мӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цӕуй, гъосӕй ка нӕ игъосуй, уӕхӕн адӕнӕн игъосун кӕнун. Фал еухатт гъӕунги игъосун кодтон, гъосӕй ка игъуста, уӕхӕн силгоймагӕн, Крис Спайсер, зӕгъгӕ. Крис исарази ӕй, цӕмӕй ин алли мӕйӕ дӕр журналтӕ хастайуонцӕ, удта ма мин загъта, цӕмӕй ин ӕ лӕг Гаримӕ дӕр ӕрбацудайнӕ. Гарий хӕццӕ берӕ фӕдздзубандитӕ кодтан тъетрад ӕма къариндаси фӕрци. Уой фӕсте цалдӕр анзи
нӕбал фембалдан. Еухатт ба Торонтой (провинци Онтарио) конгресси ку адтӕн, уӕд мӕ адӕни астӕу ниууидтонцӕ ӕма мӕмӕ ӕрбацудӕнцӕ. Мӕ десӕн кӕрон дӕр н’ адтӕй! Куд рабӕрӕг ӕй, уотемӕй еци бон Гари гъӕуама донаргъуд райстайдӕ. Еци хабари фӕсте ӕй балӕдӕрдтӕн, игъосун кӕнунмӕ алли фадуатӕй дӕр ке гъӕуй пайда кӕнун, уомӕн ӕма ’й мах нӕ зонӕн, рӕстдзийнади нӕмуг кӕд ӕма кӕми исирӕздзӕй, уой.Фӕстӕдӕр фӕстӕмӕ Саскатунмӕ ӕрлигъдтӕн. Уоми базонгӕ дӕр еу силгоймаги хӕццӕ. Адтӕй ин дууӕ къуӕтти кизги, фазӕнттӕ Джин ӕма Джоун. Еци силгоймаг мин балигъстӕ кодта, цӕмӕй сӕ хӕццӕ Библи ахур кӕнун райдӕдтайнӕ. Джин ӕма Джоун дӕр ахур кодтонцӕ, ӕз ци скъолай ахур кодтон, уоми. Тагъд рӕстӕги етӕ дӕр се ’мкъласонтӕн игъосун кӕнун райдӕдтонцӕ. Гъема сӕ къласӕй фондз адӕймаги донаргъуд райстонцӕ. Сӕ астӕу адтӕй, Юнис Колин дӕр. Юниси хӕццӕ базонгӕ дӕн хестӕр кълӕсти ку ахур кодтон, уӕд. Еци бон ма нур дӕр гъуди кӕнун. Юнис мӕмӕ ӕрбацудӕй, къанфет мӕмӕ ӕрбадардта ӕма мӕ фӕрсуй, ӕмбӕлттӕ уодзиан, зӕгъгӕ. Рӕстӕг рацуӕй ӕма Юнис иссӕй мӕ царди тӕккӕ хъазардӕр адӕймаг – мӕ бийнойнаг.
Юниси мадӕ ’й ку базудта, ӕ кизгӕ Библи ке ахур кӕнуй, уӕд скъолай директорӕн загъта, цӕмӕй ин ести хузи еци гъуддаг ниууадзун кодтайдӕ. Директор ин байсидӕ, Библи ке фӕрци ахур кодта, еци литературӕ. Фал Юнисӕн ӕ федар фӕндӕ адтӕй, Йегови туххӕй фулдӕр базонун. Донаргъуд райсун ӕй ке фӕндуй, уой ӕ ниййергутӕн ку фегъосун кодта, уӕд ин загътонцӕ: «Йегови Ӕвдесӕн ку исуай, уӕд аци хӕдзарӕмӕ дӕ къах дӕр мабал ӕрбайесӕ!» 17 анзи ибӕл ку цудӕй, уӕд хӕдзарӕй рандӕ ’й, фал ӕй еу хуарз киристон бийнонтӕ сӕхемӕ ӕрбакодтонцӕ ӕма Юнис идарддӕр дӕр Библи ахур кодта, удта донаргъуд дӕр райста. 1960 анзи нӕ цард ку байеу кодтан, уӕд ӕ ниййергутӕ нӕ киндзӕхсӕвӕрмӕ цӕугӕ дӕр не ’рбакодтонцӕ. Фал фӕстӕдӕр ба фӕффӕлмӕндӕр ӕнцӕ, уомӕн
ӕма ’й уидтонцӕ, цӕбӕл ӕууӕндӕн ӕма нӕ сувӕллӕнтти куд гъомбӕл кӕнӕн, уой.ЙЕГОВӔ МӔБӔЛ БАТУХСТӔЙ
Ӕз ӕма Юнис исгъомбӕл кодтан авд биццеуи. Махӕй уӕлдай етӕ еугурӕйдӕр гъосӕй игъосунцӕ. Кӕд нин ӕнцон н’ адтӕй, уӕддӕр мах байархайдтан, цӕмӕй къохӕйамонгӕ ӕвзаг исахур кодтайуонцӕ. Уой фӕрци син нӕ бон адтӕй рӕстдзийнадӕ амонун. Ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ дӕр нин хъӕбӕр ӕнхус кодтонцӕ. Зӕгъӕн, еухатт ӕмбурдӕй кадӕр райгъуста, нӕ биццеу лӕгъустӕ куд дзурдта, уой ӕма нин ӕй гӕгъӕдибӕл рафинста. Уой фӕрци байархайдтан нӕ биццеуӕн еци фӕдбӕл зунд байамонун. Абони нӕ биццеутӕй цуппар, Джеймс, Джери, Николас ӕма Стивен сӕ бийнонти хӕццӕ Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунцӕ. Цуппаремӕй дӕр ӕнцӕ хестӕр нӕлгоймӕгтӕ. Николас ӕма ӕ уосӕ лӕггадӕ кӕнунцӕ бритайнаг филиали ӕма ӕнхус кӕнунцӕ къохӕйамонгӕ ӕвзагмӕ тӕлмац кӕнун. Стивен ӕма ӕ бийнойнаг Шеннон ба ӕнцӕ Америки филиали, етӕ дӕр къохӕйамонгӕ ӕвзагмӕ тӕлмац кӕнунцӕ.
Мӕ фурттӕ Джеймс, Джерри ӕма Стивен сӕ уостити хӕццӕ ӕнхус кӕнунцӕ къохӕйамонгӕ ӕвзагбӕл игъосун кӕнуни гъуддагӕн
Нӕ киндзӕхсӕвӕрбӕл 40 анзи ку гъӕуама исӕнхӕст адтайдӕ, уомӕй мӕйӕ раздӕр Юнис раккӕй рамардӕй. Еци нези хӕццӕ берӕ рӕстӕг фӕттох кодта.
Райгасдзийнади нифс ин хъӕбӕр ӕнхус кодта. Нӕуӕгӕй ӕй кӕд фӕууиндзӕн, еци бонмӕ хъӕбӕр ӕнгъӕлмӕ кӕсун!2012 анзи феврали рахаудтӕн ӕма мӕ суйнӕ басастон. Уой фӕсте мӕ фурт ӕма мӕ киндзи хӕццӕ цӕрун райдӕдтон, уомӕн ӕма мӕ еске ӕнхус гъудӕй. Нур еугурӕйдӕр къохӕйамонгӕ ӕмбурдмӕ цӕуӕн горӕт Калгарий. Еци ӕмбурди лӕггадӕ кӕнун хестӕр нӕлгоймагӕй. Дессаг ӕй, фал айӕ мӕ фиццаг къохӕйамонгӕ ӕмбурд ӕй! 1946 анзӕй фӕстӕмӕ цудтӕн ӕрмӕстдӕр англисаг ӕмбурдмӕ. Мадта ме ’ууӕндундзийнадӕ федар цӕй фӕрци байзадӕй? Йеговӕ зӕрдӕ цӕмӕй байвардта, уой исӕнхӕст кодта ӕма седзӕрбӕл батухстӕй (Пс. 10:14). Хъӕбӕр боз дӕн, кадӕриддӕр мин ӕнхус кодта, уонӕй – еуетӕ мин финсгӕ кодтонцӕ, иннетӕ ба къохӕйамонгӕ ӕвзаг ахур кодтонцӕ ӕма мин тӕлмац кодтонцӕ.
Раст зӕгъгӕй еуӕй-еухатт мӕ нифс басӕттидӕ, уомӕн ӕма неци лӕдӕрдтӕн кенӕ мӕмӕ уотӕ кӕсидӕ, ӕма гъосӕй ка игъосуй, етӕ мах ӕппундӕр нӕ лӕдӕрунцӕ, гъема мӕ фӕндӕуидӕ алцӕбӕлдӕр мӕ къох ракъуӕрун. Еци уавӕри алкӕддӕр мӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕууиуонцӕ, Петур Йесойӕн ке загъта, еци дзурдтӕ: «Хецау, кӕмӕ гъӕуама рандӕ уӕн? Дӕумӕ ку ’нцӕ, ӕносон цардмӕ ка кӕнуй, еци дзурдтӕ» (Иоан. 6:66–68). Ӕз дӕр, мӕн кари ка ӕй ӕма гъосӕй ка нӕ игъосуй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хузӕн фӕразондзийнадӕбӕл исахур дӕн. Мӕхе исахур кодтон ӕнгъӕлмӕ кӕсун, Йеговӕ ӕма ӕ организаци архайун кӕд райдайдзӕнцӕ, уомӕ, ӕма уой фӕрци хъӕбӕр берӕ арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин дӕн! Абони къохӕйамонгӕ ӕвзагбӕл хъӕбӕр берӕ ӕрмӕг ес, ӕма мӕ цийнӕн кӕрон дӕр нӕййес, америкаг къохӕйамонгӕ ӕвзагбӕл ӕмбурдти ӕма конгрессти дӕр мӕ бон ке ӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ рӕстӕг ӕрветун. Фӕстӕмӕ ракӕсгӕй мӕ бон ӕй федарӕй зӕгъун, нӕ Алцигъон Хуцау Йеговӕн ци рӕстӕг фӕллӕггадӕ кодтон, еци рӕстӕг мӕ царди тӕккӕ хуӕздӕр ке адтӕй!