Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Хумӕтӕг цард – амондгун цард

Хумӕтӕг цард – амондгун цард

ДАНИЕЛЬ ӔМА МИРИАМ сӕ цард байеу кодтонцӕ 2000 анзи сентябри ӕма ӕрцардӕнцӕ Барселони (Испани). «Лӕгъуз цард нӕ кодтан,– зӕгъуй Даниель.– Хуарз куст нин адтӕй, ресторанти хуардтан, хъазар хъӕппӕлтӕ ӕлхӕдтан ӕма ӕндӕр бӕститӕмӕ уолӕфунмӕ цудан. Удта ма хуарз хабар дӕр ӕдзох игъосун кодтан». Фал еухатт сӕ цард цӕхгӕрмӕ раййивта.

2006 анзи конгресси еу ӕнсувӕр ӕ радзунбандий уӕхӕн фарста равардта: «Нӕ бон цидӕриддӕр ӕй, уой кӕнӕн, цӕмӕй „сӕрисӕфӕни билӕбӕл ка лӕууй“, уонӕн банхус кӕнӕн ӕносон царди надбӕл ӕрлӕуун?» Еци дзурдтӕ Даниели зӕрдӕмӕ хъӕбӕр багъардтонцӕ (Ӕмб. 24:11). Ӕнсувӕр ма загъта, адӕнӕн хуарз хабар дзорун нӕ ихӕс ке ӕй, уомӕн ӕма син уотемӕй сӕ цард ервӕзун кӕнӕн (Гъуд. 20:26, 27). Даниель зӕгъуй: «Уотӕ мӕмӕ кастӕй, цума Йеговӕ мӕнмӕ дзоруй». Радзубандий ма дзурд цудӕй, адӕймаг фулдӕр ку лӕггадӕ кӕна, уӕд цӕйбӕрцӕбӕл амондгундӕр исуй, уой туххӕй. Даниель уобӕл ӕппундӕр нӕ дузӕрдуг кодта. Цума цӕмӕн? Уомӕн ӕма Мириам пионерӕй лӕггадӕ кӕнун кӕдӕй райдӕдта, уӕдӕй берӕ амондгундӕр фӕцӕй.

Даниель ма загъта: «Ба ’й лӕдӕрдтӕн, мӕ цард мӕ цӕхгӕрмӕ раййевун ке гъудӕй, уой». Ӕма гъе уотӕ бакодта. Бадзубанди кодта, ӕ кусти ӕрдӕгбон ке косдзӕй ӕма райдӕдта пионерӕй лӕггадӕ кӕнун. Удта ма сагъӕс кодта игъосунгӕнгутӕ кӕми нӕ фагӕ кӕнуй, уоми лӕггадӕ кӕнунбӕл дӕр.

ХУАРЗ ХАБАР, КУ БАТУХСТАН, УӔД

2007 анзи маййи Даниель ӕма Мириам сӕ куст ниууагътонцӕ ӕма рандӕ ’нцӕ Панамӕмӕ. Уоми раздӕр дӕр адтӕнцӕ. Сӕ нӕуӕг территоримӕ хаудтӕй цалдӕр сакъадахи. Еци сакъадӕхтӕ ба хаудтӕнцӕ Бокас-дель-Торо архипелагмӕ Карибаг денгизи. Адӕнӕн сӕ фулдӕр адтӕнцӕ бунӕттон цӕргутӕ, нгабе адӕнихатт. Даниель ӕма Мириаммӕ ци ’хца адтӕй, етӕ син фагӕ адтӕнцӕ Панами еу аст мӕйи балӕггадӕ кӕнунмӕ.

Сакъадӕхбӕл велосипедтӕбӕл цудӕнцӕ, еу сакъадахӕй иннемӕ ба лодкабӕл. Сӕ фиццаг цуд некӕд феронх кӕндзӕнцӕ. Велосипедтӕбӕл хори тъӕппи уӕд хӕрди уӕд урдуги 32 километри фӕццудӕнцӕ. Даниель ӕ фур фӕлладӕй минкъийтӕбӕл ма нӕ бауадзуг ӕй. Фал сӕ ӕгас над дӕр бунӕттон цӕргутӕ сӕхемӕ худтонцӕ, уӕлдайдӕр ба, нгабе ӕвзагбӕл цалдӕр дзурди ке исахур кодтонцӕ, уой ку фегъосиуонцӕ, уӕд. Тагъд рӕстӕги Библи ахур кодтонцӕ 23 адӕймагей хӕццӕ!

Даниель ӕма Мириамӕн се ’хца ку фӕцӕнцӕ, уӕд ӕринкъард ӕнцӕ. Даниель зӕгъуй: «Фӕстӕмӕ нӕ Испанимӕ ке гъӕуй, уобӕл сагъӕс кӕнгӕй нӕ зӕрдӕ исхъурмӕ уидӕ. Гъе уотӕ нӕ нӕ фӕндадтӕй, Библи ке хӕццӕ ахур кодтан, еци адӕни уадзун, ӕма ин зӕгъӕн дӕр нӕййес!» Фал син еу мӕйи фӕсте ба дессаги хабар фегъосун кодтонцӕ – сӕрмагонд пионертӕй сӕ иснисан кодтонцӕ. Мириам зӕгъуй: «Идарддӕр нӕ бон лӕггадӕ кӕнун ке адтӕй, уобӕл хъӕбӕр цийнӕ кодтан!»

УСТУРДӔР ЦИЙНӔ

2015 анзи нӕ организаций ци ӕййивддзийнӕдтӕ ӕрцудӕй, уомӕ гӕсгӕ Даниель ӕма Мириами багъудӕй фӕстӕмӕ пионертӕй лӕггадӕ кӕнун. Цума уомӕ цӕхуӕн цӕстӕй ракастӕнцӕ? Етӕ бакодтонцӕ Псалом 37:5 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ: «Дӕ над Йегови барӕ бакӕнӕ, дӕ зӕрдӕ ибӕл дарӕ, ӕма е ӕхуӕдӕг архайдзӕй». Пионертӕй лӕггадӕ кӕнунмӕ сӕ ка нӕ хъор кодтайдӕ, уӕхӕн куст иссирдтонцӕ ӕма идарддӕр лӕггадӕ кӕнунцӕ Панами, провинци Верагуаси ӕмбурдтӕй еуеми.

«Испанийӕй ку нӕма рандӕ ан, уӕд ни кӕронмӕ не ’рагӕс кодта, хумӕтӕг цард кӕнун нӕ бон ке исуодзӕй, е,– зӕгъуй Даниель.– Фал нин рауадӕй, удта нӕ ӕцӕгӕйдӕр ци гъӕуй, е дӕр нин ес». Тӕккӕ устурдӕр цийнӕдзийнадӕ син ци хӕссуй? Даниель ӕма Мириам зӕгъунцӕ: «Сӕрниллӕг адӕнӕн Йегови базонунмӕ ке ӕнхус кӕнӕн, уомӕй устурдӕр цийнӕдзийнадӕ неци хӕссуй!»