ГЪӔУАЙГӔНӔН МӔСУГ (ӔМБУРДИ АХУР КӔНУНМӔ) Апрель 2018

Аци брошюри ес, 2018 анзи 4 июнӕй 8 июлмӕ ке ахур кӕндзиан, еци статьятӕ.

Ӕцӕг сӕребарӕ кӕд уодзиан?

Сӕ бартӕ кӕмӕн нецӕмӕ дарунцӕ, ӕфхуӕрд ка ӕййафуй, удта мӕгур цард ка кӕнуй, уони фӕндуй, цӕмӕй уӕхӕн цӕмӕйдӕрти исуӕгъдӕ уонцӕ. Иннетӕ ба уобӕл тох кӕнунцӕ, цӕмӕй сӕ бон уа сӕребарӕй сӕ гъуди дзорун, унаффитӕ хӕссун, удта сӕ цард, сӕхе куд фӕндуй, уотӕ аразун. Цума уомӕн гӕнӕн ес, цӕмӕй адӕн ӕцӕгӕйдӕр иссӕребарӕ уонцӕ?

Лӕггадӕ кӕнтӕ Йеговӕн, сӕребарӕдзийнадӕдӕттӕг Хуцауӕн

Йегови сугъдӕг хъаурӕ нӕ цӕмӕй сӕребарӕ кӕнуй? Ӕма нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй уотӕ ма рауайа, ӕма Хуцауӕй лӕвӕрд сӕребарӕдзийнадӕй раст нӕ пайда кӕнӕн?

Нифсдӕттӕг Хуцау Йегови фӕнзетӕ

Йегови адӕнӕн алкӕддӕр гъудӕй сӕ нифс федар кӕнун.

Кӕрӕдзей нифс «никки хъӕбӕрдӕр» федар кӕнӕн

Йегови устур бон хӕстӕг ке ӕй, уомӕ гӕсгӕ гъӕуама нӕ хуӕртӕ ма не ’нсувӕртӕмӕ лӕмбунӕг уӕн, цӕмӕй син нӕ бон уа багъӕуаги сӕ нифс бафедар кӕнун.

Ӕригӕнттӕ, Хуцауи гъуддаги уӕ рази нисӕнттӕ ӕвӕретӕ?

Ӕригӕнтти берӕ ӕхсидзгӕ унаффитӕ рахӕссун фӕгъгъӕуй. Ӕма сӕ цард куд араздзӕнцӕ, уой фӕдбӕл син раст унаффитӕ рахӕссунмӕ ци банхус кӕндзӕй?