Ӕригӕнттӕ, Хуцауи гъуддаги уӕ рази нисӕнттӕ ӕвӕретӕ?
«Дӕ гъуддӕгтӕ Йегови барӕ бакӕнӕ, ӕма дӕ фӕндтӕ дӕ къохи бафтуйдзӕнцӕ» (ӔМБ. 16:3).
ЗАРТӔ: 135, 144
1–3. а) Ӕригӕнтти цӕхуӕн ӕхсидзгӕ унаффитӕ фӕгъгъӕуй рахӕссун? Ӕрхӕссӕ цӕветтон. (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.) б) Еци гъуддаги ӕригӕнттӕн ци банхус кӕндзӕй?
ЗӔГЪӔН, цидӕр ӕхсидзгӕ хабари фӕдбӕл дӕ ӕндӕр горӕтмӕ рандӕ ун багъудӕй. Ӕма дӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй идард над. Автостанцимӕ ку ’рбацудтӕ ӕма си уойбӕрцӕ адӕн ӕма автобустӕ ку фӕууидтай, уӕд фиццаг ракуддӕр дӕ. Фал ӕй хуарз ӕма зонис, кумӕ дин цӕугӕ ’й ӕма цӕхуӕн автобусбӕл бадгӕ ’й, уой. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, цийфӕнди автобуси нӕ рабатдзӕнӕ, уомӕн ӕма ’й зонис, кумӕ дӕ гъӕуй, уордӕмӕ дӕ ке нӕ бахъӕртун кӕндзӕй.
2 Ӕригӕнтти дӕр ӕнгъезуй, автостанций ка лӕууй, еци адӕни хӕццӕ рабарун. Еуӕй-еухатт царди уойбӕрцӕ фӕззелӕнтӕ фӕууй, ӕма ’й адӕймаг нӕбал фӕллӕдӕруй, ци хуӕздӕр уодзӕй, уой. Фал ӕй бӕлвурдӕй ку зонай, кӕцирдӕмӕ дӕ цӕун гъӕуй, уой, уӕд дин ӕнцондӕр уодзӕй раст унаффӕ рахӕссун. Мадта цӕхуӕн над гъӕуама равзарай?
3 Аци фарстабӕл дзуапп иссерунмӕ уин банхус кӕндзӕй аци статья. Уомӕй уӕлдай ма уин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй уин царди тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр уа Йегови зӕрдӕ Ӕмбесӕндтӕ 16:3.)
рохс кӕнун. Уой туххӕй ба гъӕуй царди алли гъуддаги дӕр Йегови унаффитӕмӕ гӕсгӕ архайун, зӕгъӕн, кӕбӕл исахур кӕндзӕнӕ, цӕхуӕн куст равзардзӕнӕ, удта бийнонтӕ кӕд искӕндзӕнӕ. Уомӕй уӕлдай ма гъӕуй Хуцауи гъуддаги нисӕнттӕ ӕвӕрун дӕр. Ӕригӕнттӕ, Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун уин царди фиццаг бунати ку уа, уӕд уин Йеговӕ ӕнӕмӕнгӕй райарфӕ кӕндзӕй, ӕма уӕ фӕндтӕ уӕ къохи бафтуйдзӕнцӕ. (БакӕсӕХУЦАУИ ГЪУДДАГИ НИСӔНТТӔ ӔВӔРУН ЦӔМӔН ГЪӔУЙ
4. Аци статьяй ци базондзиан?
4 Адӕймаг ӕригонӕй Хуцауи гъуддаги ӕ рази нисӕнттӕ ку ӕвӕра, уӕд е зундбӕл дзорӕг уодзӕй. Цума цӕмӕн? Ӕркӕсӕн ӕртӕ гъуддагемӕ. Фиццаг дууемӕй базондзиан, адӕймаг Хуцауи гъуддаги нисӕнттӕмӕ ку тундза, уӕд имӕ уотемӕй хӕстӕгдӕр ке кӕнуй. Ӕртиккаг гъуддагӕй ба базондзиан, ӕригӕнттӕ сӕ рази нисӕнттӕ ку ӕвӕронцӕ, уӕд син е ци пайда ӕрхӕсдзӕй, уой.
5. Хуцауи гъуддаги нисӕнттӕ ӕвӕрун фиццагидӕр цӕмӕн гъӕуй?
5 Фиццагидӕр ӕригӕнттӕ Хуцауи гъуддаги нисӕнттӕ уой туххӕй гъӕуама ӕвӕронцӕ, цӕмӕй ин бавдесонцӕ, е ’гас хуарздзийнӕдти, удта ӕ уарзондзийнади туххӕй си боз ке ’нцӕ, уой. Псаломзаргӕнӕг ниффинста: «Хуарз ӕй Йеговӕн арфӕ кӕнун... О Йеговӕ, дӕ гъуддӕгтӕ мин ӕрхастонцӕ устур цийнӕдзийнадӕ, дӕ къохти гъуддӕгтӕбӕл сагъӕс кӕнгӕй фурцийнӕй зарун» (Пс. 92:1, 4). Расагъӕс кӕнӕ, Йеговӕ дин цӕйбӕрцӕ цидӕртӕ равардта: цард, ӕууӕндундзийнадӕ, Библи, ӕмбурд ӕма ӕносон царди нифс. Хуцауи гъуддаги нисӕнттӕ ку ӕвӕрай, уӕд имӕ уотемӕй хӕстӕгдӕр кӕндзӕнӕ, удта ма бавдесдзӕнӕ, ци арфӕдзийнӕдтӕй дӕ исхайгин кодта, уой туххӕй си боз ке дӕ.
6. а) Йегови хӕццӕ нин ци лимӕндзийнадӕ ес, уобӕл нӕ нисӕнттӕ куд фӕббӕрӕг уодзӕнцӕ? б) Ӕригон уогӕй дӕ бон цӕхуӕн нисӕнттӕ ӕй дӕ рази исӕвӕрун?
6 Дуккаги ба нӕ нисӕнттӕ нӕ къохи куд ӕфтуйгӕ цӕуонцӕ, уотӕ берӕ хуарз гъуддӕгтӕ кӕндзиан, ӕма нӕ е Хуцаумӕ хӕстӕгдӕр кӕндзӕй. Апостол Павел финста: «Хуцау мӕнгард нӕй, ӕма уин нӕ феронх кӕндзӕй уӕ хъиамӕт ӕма ин ӕ номмӕ ци уарзондзийнадӕ бавдистайтӕ, уой» (Дзиуит. 6:10). Уотӕ дӕмӕ ма кӕсӕд, ӕма дин ӕгӕр раги ӕй Хуцауи гъуддаги нисӕнттӕ ӕвӕрун. Зӕгъӕн, еу 10-анздзуд кизгӕ, Кристинӕ, ӕхецӕн нисан исӕвардта, Йегови еузӕрдон лӕггадгӕнгути биографитӕ ке кӕсдзӕй. 12-анздзуд Тоби ба ӕ рази нисан исӕвардта, донаргъуд райсуни размӕ Библи ӕнӕгъӕнӕйдӕр ке бакӕсдзӕй. Максимбӕл цудӕй 11 анзи ӕ хуӕрӕ Ноемибӕл ба 10 анзи донаргъуд ку райстонцӕ, уӕд. Уой фӕсте дууемӕй дӕр сӕ рази нисан исӕвардтонцӕ, Вефили ке лӕггадӕ кӕндзӕнцӕ. Цӕмӕй сӕ нисан ма иронх кодтайуонцӕ, уой туххӕй фарсбӕл Вефили лӕггадӕ кӕнунмӕ курдиадӕ банихастонцӕ. Дӕуӕй ба ци ес зӕгъӕн? Дӕ бон н’ адтайдӕ дӕ рази нисан исӕвӕрун ӕма, цӕмӕй дӕ къохи бафтуйа, уобӕл архайун? (Бакӕсӕ Филиппӕгтӕмӕ 1:10, 11.)
7, 8. а) Адӕймагӕн нисан ку уа, уӕд унаффитӕ хӕссун ӕнцондӕр цӕмӕн ӕй? б) Еу ӕригон кизгӕ университетмӕ цӕмӕннӕ бацудӕй?
7 Ӕртиккаги ба адӕймаг ӕ разӕй нисӕнттӕ Ӕмбесӕндти 21:5 финст ӕй: «Алцидӕр бӕстон ка кӕнуй, уомӕн ӕ фӕндтӕй ес пайда». Дӕ разӕй нисӕнттӕ куд раздӕр исӕвӕрай, уотӕ дӕ къохи тагъддӕр бафтуйдзӕнцӕ. Еу хуӕрӕ, Дамарис, уой ӕхебӕл бавзурста, ӕригонӕй ӕй ӕхсидзгӕ унаффӕ рахӕссун ку гъудӕй, уӕд.
ӕригонӕй ку ӕвӕра, уӕд ин ӕнцондӕр уодзӕй ахури, кусти ӕма ӕндӕр уӕхӕн ӕхсидзгӕ гъуддӕгти фӕдбӕл раст унаффитӕ хӕссун. Цуппар тегъей астӕу ку лӕууай, уӕд дин ӕнцондӕр уодзӕй раст над равзарун, кумӕ дӕ цӕун гъӕуй, уой ку зонай, уӕд. Царди дӕр уотӕ ӕй. Бӕлвурд нисӕнттӕ дин ку уа, уӕд дин ӕнцондӕр уодзӕй раст унаффитӕ хӕссун.8 Дамарис скъола хуарз бӕрӕггӕнӕнти хӕццӕ фӕцӕй. Ӕма ӕ бон адтӕй ӕнӕ ӕхцайӕй университетмӕ бацӕун ӕма юристбӕл исахур кӕнун. Фал уой бӕсти равзурста, ӕгас бон косун ӕй кӕми нӕ гъудайдӕ, уӕхӕн куст, кӕд ин минкъийдӕр фистонцӕ, уӕддӕр. Цума уотӕ цӕмӕн бакодта? Уомӕн ӕма сувӕллонӕй ӕ рази нисан исӕвардта, пионерӕй ке лӕггадӕ кӕндзӕй. Дамарис загъта: «Цӕмӕй пионерӕй лӕггадӕ кӕнун райдӕдтайнӕ, уой туххӕй мӕ гъудӕй ӕгас бон косун кӕми нӕ гъудайдӕ, уӕхӕн куст. Юристбӕл ку исахур кодтайнӕ, уӕдта ӕхца хуарз кустайнӕ, фал бони ’рдӕг косун кӕми гъудайдӕ, уӕхӕн куст ба не ’ссирдтайнӕ». Дамарис нур 20 анзи пионерӕй лӕггадӕ кӕнуй. Цума фӕсмон кӕнуй, ӕригонӕй ӕ рази ци нисан исӕвардта ӕма ци унаффӕ рахаста, уобӕл? Ӕппундӕр нӕ. Дамарис зӕгъуй: «Кустмӕ нӕмӕ берӕ юриститӕ ӕрбацӕуй. Ӕма ӕз дӕр, етӕ ци куст кӕнунцӕ, уӕхӕн куст кодтайнӕ, университетмӕ ку бацудайнӕ, уӕд. Фал берӕ юриститӕн сӕ кустӕй сӕ зӕрдӕ ӕппундӕр нӕ рохс кӕнуй. Ӕз ба кӕддӕр мӕ рази раст нисан ке исӕвардтон, уой фӕрци уал анзи Йеговӕн цийнӕгӕнгӕй лӕггадӕ кӕнун, удта мӕ кустӕй дӕр фудӕнгъӕл нӕ фӕдтӕн».
9. Нӕ ӕригон фӕсевӕдӕй сӕрустур цӕмӕн ан?
9 Ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр не ’мбурдти ци мингай ӕригӕнттӕ ес, етӕ растауйнаг ӕнцӕ. Уонӕн сӕ царди тӕккӕ фиццаг бунати ӕй Йеговӕ, удта Хуцауи гъуддаги сӕ рази ци нисӕнттӕ исӕвардтонцӕ, етӕ. Еци ӕригӕнттӕ ӕцӕг амондгун цард кӕнунцӕ, удта алли гъуддаги дӕр Йегови разамундмӕ гӕсгӕ архайунцӕ, дзурд ахурбӕл, кустбӕл кенӕ бийнонти цардбӕл ку цӕуа, уӕддӕр. Паддзах Соломон загъта: «Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕйдӕр дарӕ Йеговӕбӕл... Дӕ алли къахдзӕфбӕл дӕр ӕй дӕ зӕрдӕбӕл дарӕ, ӕма дин дӕ над раст кӕндзӕй» (Ӕмб. 3:5, 6). Ӕригӕнттӕ, Йеговӕ уӕ хъӕбӕр берӕ уарзуй ӕма ин хъӕбӕр хъазар айтӕ! Е уӕ гъӕуай кӕнуй, разамунд уин дӕттуй ӕма уин арфӕ кӕнуй.
УӔХЕ ДЗӔБӔХ ЦӔТТӔ КӔНТӔ, ЦӔМӔЙ АДӔНӔН ЙЕГОВИ ТУХХӔЙ ДЗОРАЙТӔ
10. а) Игъосун кӕнуни гъуддаг нӕ царди сӕйрагдӕр гъуддӕгтӕй сӕ еу цӕмӕн гъӕуама уа? б) Дӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй арӕхстгундӕрӕй игъосун кӕнай?
10 Дӕ царди дин сӕйрагидӕр Йегови зӕрдӕ рохс кӕнун ку уа, уӕд дӕ иннетӕн Хуцауи туххӕй дзорун дӕр фӕнддзӕй. Киристе куд загъта, уомӕ гӕсгӕ бал «раздӕр гъӕуамӕ хуарз хабар ӕгас адӕнихӕттитӕн дӕр игъустгонд ӕрцӕуа» (Мар. 13:10). Мадта игъосун кӕнуни гъуддаг уотӕ ӕхсидзгӕ ке ӕй, уомӕ гӕсгӕ нӕ царди гъӕуама уа сӕйрагдӕр гъуддӕгтӕй сӕ еу. Дӕ бон ӕй уӕхӕн нисан исӕвӕрун, цӕмӕй еци гъуддаги никки фулдӕр архайай? Зӕгъӕн, дӕ бон ӕй пионерӕй лӕггадӕ кӕнун райдайун. Фал игъосун кӕнун дӕ зӕрдӕмӕ ку нӕ цӕуа, уӕдта? Дӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй арӕхстгундӕрӕй игъосун кӕнай? Банхус дин кӕндзӕнцӕ дууӕ гъуддаги: дӕхе дзӕбӕх цӕттӕ кӕнӕ ӕма дӕ къохтӕ ма уадзӕ. Уотӕ ку архайай, уӕд ма дӕмӕ дессаг дӕр фӕккӕсдзӕй, адӕнӕн Йегови туххӕй дзорун куд устур цийнӕдзийнадӕ хӕссуй, е.
11, 12. а) Ӕригӕнтти бон куд ӕй сӕхе цӕттӕ кӕнун, цӕмӕй син иннетӕн Йегови туххӕй радзорун ӕнтӕса? б) Еу биццеуӕн скъолай игъосун кӕнунмӕ фадуат ку фӕззиндтӕй, уӕд си куд испайда кодта?
11 Фиццагидӕр бал байархайӕ, де ’мкъласонтӕмӕ арӕхдӕр ка фӕззиннуй, еци фарстатӕй еуебӕл дзуапп иссерун. Еци гъуддаги дин банхус кӕндзӕй киунугӕ «Ответы на твои вопросы» (2 том). Зӕгъӕн, 36 сӕри дзурд цӕуй, адӕймаги бон е ’ууӕндундзийнади сӕрбӕл дзорун куд ӕй, уобӕл. Еци сӕр ку бакӕсай, уӕд расагъӕс кӕнӕ, уотӕ дӕ ку бафӕрсонцӕ, Хуцаубӕл ӕууӕндис, зӕгъгӕ, уӕд ци зӕгъдзӕнӕ. Удта расагъӕс кӕнӕ, дӕ бон испайда кӕнун кӕмӕй уодзӕй, еци ӕртӕ стихебӕл: Дзиуиттӕгтӕмӕ 3:4, Ромӕгтӕмӕ 1:20 ӕма Псалом 139:14. Аци киунуги ци унаффитӕ ес, етӕ дин ӕндӕр фарстатӕбӕл дӕр дзуапп иссерунмӕ банхус кӕндзӕнцӕ. (Бакӕсӕ 1 Петури 3:15.)
12 Еуӕй-еу ӕригӕнттӕ, фадуат син ку фӕззиннуй, уӕд се ’мкъласонтӕн бавдесунцӕ, сӕхе бон куд ӕй сӕ фарстатӕбӕл нӕ публикацити дзуапп иссерун. Лука дӕр гъе уотӕ бакодта. Еухатт сӕ ахургӕнӕг урокки рӕстӕг аллихузи динтӕбӕл дзурдта. Ци киунугӕ ахур кодтонцӕ, уоми Йегови Ӕвдесӕнти туххӕй
раст финст н’ адтӕй. Ӕма кӕд Лука фиццаг тӕрсгӕ кодта, уӕддӕр ӕхебӕл фӕхъхъӕбӕрдӕр ӕй ӕма ӕ гъуди зӕгъунмӕ барӕ ракурдта. Ахургӕнӕг исарази ӕй. Гъема Лука ӕгас къласӕн дӕр радзурдта, цӕбӕл ӕууӕндуй, уой туххӕй, удта ма син бавдиста, Йегови Ӕвдесӕнтӕ ци ӕрмӕг уадзунцӕ, уонӕй кӕцидӕртӕ. Уой фӕсте син ахургӕнӕг хӕдзарӕмӕ куст равардта, цӕмӕй бакастайуонцӕ фломастерӕй анимацимӕ «Хилкъахгути нихмӕ федар фӕллӕууӕ, нӕмгӕ ма кӕнӕ, уотемӕй». Лука хъӕбӕр цийнӕ кодта ӕ къласи ин Йегови туххӕй радзорун ке бантӕстӕй, уобӕл.13. Нӕ рази ести къахкъуӕрӕн ку фӕззинна, уӕддӕр нӕ къохтӕ цӕмӕн гъӕуама ма уадзӕн?
13 Дӕ рази ести къахкъуӕрӕн ку фӕззинна, уӕд дӕ къохтӕ ма ӕруадзӕ, фал идарддӕр дӕр дӕ нисӕнттӕмӕ тундзӕ (2 Тим. 4:2). Зӕгъӕн, еу кизгӕ, Катаринӕ, 17-анздзудӕй ӕ рази уӕхӕн нисан исӕвардта, цӕмӕй е ’мкосгутӕй алкӕмӕндӕр хуарз хабар радзурдтайдӕ. Сӕ еу имӕ цалдӕр хатти карзӕй исдзурдта, фал Катаринӕ ӕ къохтӕ не ’руагъта. Ӕхе куд уӕздан дардта, е е ’мкосгутӕй еуемӕ, Гансмӕ, хъӕбӕр дессаг фӕккастӕй. Ганс райдӕдта нӕ публикацитӕ кӕсун ӕма Библи ахур кӕнун, уой фӕсте ба донаргъуд дӕр райста. Уӕдмӕ Катаринӕ ӕндӕр рауӕнмӕ цӕрунмӕ рандӕ ’й ӕма еци хабӕрттӕ нӕ зудта. Уобӕл 13 анзи ку рацудӕй, уӕд еу бон ӕ бийнонти хӕццӕ ӕмбурди адтӕй, ӕма сӕмӕ радзубандий хӕццӕ ка ӕрбацудӕй, еци ӕнсувӕр Ганс ку нӕ разиннидӕ! Катаринӕ кунӕг нӕ цийнӕ кодта, ӕ рӕстӕги ӕ къохтӕ ке не ’руагъта ӕма идарддӕр дӕр е ’мкосгутӕн ке игъосун кодта, уой туххӕй!
УӔ НИСӔНТТӔ МА ИРОНХ КӔНТӔ
14, 15. а) Ӕригон киристӕнттӕ ци гъӕуама ма иронх кӕнонцӕ? б) Иннетӕ дӕ сӕхе зундбӕл ку аразонцӕ, уӕд дин ци банхус кӕндзӕй?
14 Аци статьяй дзурд цӕуй, нӕ цардӕй Йегови зӕрдӕ рохс кӕнун ӕма нӕ рази нисӕнттӕ ӕвӕрун куд ӕхсидзгӕ ӕй, уобӕл. Фал де ’нгӕрттӕ ба, ӕвӕдзи, фулдӕр сагъӕс кӕнунцӕ, сӕ рӕстӕг куд игъӕлдзӕгдӕр рарветонцӕ, уобӕл. Ӕма, ӕвӕдзи, дӕу дӕр уомӕ разӕнгард кӕндзӕнцӕ. Фал дӕ еу афони ба уӕддӕр бавдесун гъӕудзӕй, ӕндӕр нисӕнттӕ дин ке ес, ӕма сӕ ӕййевунмӕ ке нӕ гъавис. Ма бауадзӕ, цӕмӕй дӕ нисӕнттӕ еске туххӕй феронх кӕнай. Ӕргъуди кӕнӕн, статьяй райдайӕни ци цӕветтон ӕрхастан, уой. Цума цийфӕнди автобуси дӕр рабаддзӕнӕ, ка си бадуй, етӕ сӕ рӕстӕг игъӕлдзӕгӕй ке ӕрветунцӕ, уой туххӕй?
15 Ци дин банхус кӕндзӕй, иннетӕ дӕ сӕхе зундбӕл ку аразонцӕ, уӕд? Дӕхе еуварс дарӕ, фӕррӕдуйунӕй дин тӕссаг кӕми уодзӕй, уӕхӕн уавӕртӕй (Ӕмб. 22:3). Расагъӕс кӕнӕ, иннетӕмӕ гӕсгӕ ду дӕр лӕгъуз гъуддӕгтӕбӕл ку бафтуйай, уӕд дӕ е цӕмӕ ӕркӕндзӕй, уобӕл (Гал. 6:7). Еске хуарз унаффӕ дӕ ке гъӕуй, уобӕл сӕрниллӕгӕй исарази уо. Ӕма дин дӕ ниййергутӕ кенӕ фӕлтӕрдгун хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ци дзорунцӕ, уомӕ байгъосӕ. (Бакӕсӕ 1 Петури 5:5, 6).
16. Сӕрниллӕг ке гъӕуама уӕн, е Кристофи хабарӕй куд зиннуй?
16 Еу ӕнсувӕр Кристофӕн устур ӕнхус фӕцӕй, сӕрниллӕгӕй унаффӕмӕ ке байгъуста, е. Донаргъуд ку райста, уомӕй цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте фитнес-центрмӕ цӕун райдӕдта. Ӕ хӕццӕ
уордӕмӕ ка цудӕй, еци биццеутӕ ин дзорун райдӕдтонцӕ, цӕмӕй сӕ спортклубмӕ ӕрбайеу адтайдӕ. Кристоф уой туххӕй хестӕр нӕлгоймаги хӕццӕ радзурдта, ӕма ин е унаффӕ равардта, цӕмӕй расагъӕс кодтайдӕ, еци спорти ин тӕссаг цӕмӕй уодзӕй, уобӕл, зӕгъӕн, уой туххӕй кадӕуарзагӕ ку исуа. Кристоф уӕддӕр еци клубмӕ бацудӕй. Фал ӕй фӕстӕдӕр лӕдӕрун райдӕдта, еци спорт цардӕн тӕссаг ке ӕй ӕма ’й хуарзӕй ке нецӕмӕ разӕнгард кӕнуй. Кристоф нӕуӕгӕй хестӕр нӕлгоймӕгтӕмӕ бацудӕй, ӕма ин етӕ Библийӕй унаффӕ равардтонцӕ. «Йеговӕ мин ӕнсувӕрти фӕрци хуарз унаффӕ равардта, ӕма имӕ ӕз дӕр байгъустон, кӕд еци фӕдбӕл нӕ, уӕддӕр»,– загъта Кристоф. Дӕумӕ ба фагӕ сӕрниллӕгдзийнадӕ разиндзӕй, цӕмӕй хуарз унаффӕмӕ байгъосай?17, 18. а) Йегови зӕрдӕ ӕригӕнттӕн ци зӕгъуй? б) Ӕригонӕй ци унаффитӕ рахастай, уобӕл фӕстӕдӕр цӕмӕй ма рафӕсмон кӕнай, уой туххӕй дӕ бон ци ӕй кӕнун? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.
17 Библий финст ес: «Биццеу, де ’ригон бонти цийнӕй дӕхе рӕвдауӕ, де ’ригон бонти дӕ зӕрдӕ цийнӕ кӕнӕд» (Еккл. 11:9). Ӕригӕнттӕ, Йегови фӕндуй, цӕмӕй амондгун уайтӕ. Ӕма аци статьяй куд фӕууидтан, уомӕ гӕсгӕ уой туххӕй гъӕуама Хуцауи гъуддаги нисӕнттӕ ӕвӕрайтӕ, удта царди ӕхсидзгӕ унаффитӕ хӕсгӕй Йеговӕ ци зӕгъуй, уомӕ игъосайтӕ. Куд раздӕр райдайайтӕ архайун, уотӕ ’й раздӕр фӕууиндзиайтӕ Йеговӕ уин уӕ над куд аразуй, куд уӕ гъӕуай кӕнуй ӕма уин куд арфӕ кӕнуй, уой. Расагъӕс кӕнӕ, ӕ Дзурди фӕрци дин цӕйбӕрцӕ хуарз унаффитӕ дӕттуй, уобӕл, ӕма архайӕ аци унаффӕмӕ гӕсгӕ: «Дӕ зӕрдӕбӕл дарӕ де Сфӕлдесӕг Устур Хуцауи де ’ригон бонти» (Еккл. 12:1).
18 Ӕригон бонтӕ хъӕбӕр тагъд ратӕхунцӕ. Ӕма, гъигагӕн, беретӕ рафӕсмон кӕнунцӕ, сӕ разӕй раст нисӕнттӕ ке не ’сӕвардтонцӕ кенӕ син, нисӕнттӕ уогӕ дӕр ке н’ адтӕй, уобӕл. Фал нисӕнттӕ Хуцауи гъуддаги ку ӕвӕрайтӕ, уӕдта сӕбӕл некӕд рафӕсмон кӕндзиайтӕ. Ӕркӕсӕн еу хуӕрӕ Мирьяни хабармӕ. Ӕригонӕй ин спорти берӕ ӕнтӕстӕй. Сауӕнгӕ ма ’й Олимпиаг гъӕзтитӕмӕ дӕр худтонцӕ. Фал е равзурста пионерӕй лӕггадӕ кӕнун. Уобӕл 30 анземӕй фулдӕр рацудӕй, ӕма ма абони дӕр пионерӕй лӕггадӕ кӕнуй ӕ цардӕмбали хӕццӕ. Мирьянӕ зӕгъуй: «Аци дуйней кадӕмӕ, гъӕздугдзийнадӕмӕ ӕма устур бартӕмӕ ка тундзуй, етӕ ӕцӕг амондгун некӕд фӕуунцӕ. Царди тӕккӕ хуӕздӕр нисан ӕй Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнун ӕма адӕнӕн рӕстдзийнадӕ базонунмӕ ӕнхус кӕнун».
19. Цалинмӕ ӕригон дӕ, уӕдмӕ Хуцауи гъуддаги нисӕнттӕ ӕвӕрун хуарз цӕмӕн ӕй?
19 Ӕригӕнттӕ ӕцӕгӕйдӕр растауйнаг ӕнцӕ, уомӕн ӕма кӕд цидӕр зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлунцӕ, уӕддӕр син царди сӕйрагдӕр ӕй Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун. Етӕ Хуцауи гъуддаги сӕ рази нисӕнттӕ ӕвӕрунцӕ ӕма игъосун кӕнуни гъуддаг нимайунцӕ царди тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр гъуддӕгтӕй еуебӕл. Уомӕй уӕлдай ма аци дуйнейӕн барӕ нӕ дӕттунцӕ, цӕмӕй син хъори хуасӕ исуа. Ӕригӕнттӕ, ӕппундӕр ма дузӕрдуг кӕнтӕ, уӕ хъиамӕттӕ дзӕгъӕли ке нӕ ’нцӕ, уобӕл. Ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ уӕ берӕ уарзунцӕ ӕма уӕ фарсмӕ балӕуунмӕ алкӕддӕр цӕттӕ уодзӕнцӕ. Мадта уӕ «гъуддӕгтӕ Йегови барӕ бакӕнтӕ, ӕма уӕ фӕндтӕ уӕ къохи бафтуйдзӕнцӕ».