Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Астрологтӕ ӕма дӕснифӕрсгутӕ федӕн ӕргом кӕнунцӕ?

Астрологтӕ ӕма дӕснифӕрсгутӕ федӕн ӕргом кӕнунцӕ?

АСТРОЛОГИ

Астрологи дӕсни фӕрсунмӕ хауй. Астрологимӕ гӕсгӕ адӕни цард стъалутӕ, мӕйӕ ӕма планетити хӕццӕ баст ӕй. Астрологтӕ куд зӕгъунцӕ, уомӕ гӕсгӕ адӕймагӕн ӕ уодигъӕдӕ ӕма ӕ федӕн кӕнгӕ ’й, ку райгурдӕй, уӕд планетитӕ ӕма стъалутӕ ци бунӕтти адтӕнцӕ, уомӕй.

Астрологи фӕззиндтӕй рагон Вавилони, фал бӕрӕггӕнӕнтӕ куд ӕвдесунцӕ, уотемӕй ибӕл абони дӕр беретӕ ӕууӕндунцӕ. Еуети гъудимӕ гӕсгӕ астрологи наукӕмӕ гӕсгӕ алкӕд раст нӕ фӕууй, иннетӕмӕ ба уотӕ кӕсуй, ӕма алкӕддӕр раст фӕууй. Цума ӕцӕгӕйдӕр уотӕ ’й? Нӕъ. Цӕмӕннӕ, е ба финст ӕй дӕлдӕр.

  •  Планетитӕ ӕма стъалутӕн уӕхӕн хъаурӕ нӕййес, цӕмӕй адӕни цардбӕл, астрологтӕ куд зӕгъунцӕ, уотӕ хъӕбӕр ӕндавонцӕ.

  •  Арӕх федӕни туххӕй уӕхӕн уӕлӕнгай цидӕртӕ фӕдздзорунцӕ ӕма ’й цӕмӕфӕндидӕр фенгъезуй рахӕссун.

  •  Абони астрологтӕ рӕстӕг нимайунцӕ, рагидзаманти адӕн цӕбӕл ӕууӕндтӕнцӕ, уомӕ гӕсгӕ. Етӕ ба ӕууӕндтӕнцӕ планетитӕ зӕнхи алливарс ке зелунцӕ, уобӕл. Фал ӕй мах ба зонӕн, планетитӕ хори алливарс ке зелунцӕ.

  •  Аллихузи астрологтӕ еци-еу адӕймагӕн ӕ федӕни туххӕй фӕйнӕхузи цидӕртӕ радзорунцӕ.

  •  Астрологтӕ куд зӕгъунцӕ, уомӕ гӕсгӕ адӕймагӕн ӕ уодигъӕдӕ базонӕн ес, зодиаки нисӕнттӕй кӕцимӕ хауй, уомӕй. Фал ӕцӕгӕй ба, еу бон ка райгурдӕй, уонӕн еци еу менеугутӕ нӕ фӕууй. Адӕймагӕн ӕ уодигъӕдӕ цӕхуӕн уодзӕй, е ӕ райгурди бони хӕццӕ некуд баст ӕй. Астрологтӕ, адӕймаг ӕцӕгӕй цӕхуӕн ӕй, уомӕ нӕ фӕккӕсунцӕ, фал ӕй, сӕхуӕдтӕ ке ӕргъуди кодтонцӕ, еци барӕнтӕй фӕббарунцӕ. Мадта сӕбӕл цума ӕууӕндӕн ес?

ДӔСНИ ФӔРСУН

Адӕн рагидзамантӕй нурмӕ дӕр дӕснифӕрсгутӕмӕ арӕх цудӕнцӕ. Дӕснифӕрсгутӕй еуӕй-еуетӕ пайда кодтонцӕ фонси, удта адӕймаги хурфидзаумӕуттӕй кенӕ кастӕнцӕ, уасӕнгӕ хуари нӕмгутӕ куд едзуй, уомӕ. Иннетӕ ба дӕсни фарстонцӕ чаййи сифтӕбӕл кенӕ къофий нӕмгутӕбӕл. Абони ба адӕймаги федӕн «базонунмӕ» пайда кӕнунцӕ къартӕй, гъолтӕй ӕма ӕндӕр уӕхӕн дзаумӕуттӕй. Цума дӕснифӕрсгути фӕрци ӕцӕгӕйдӕр ӕнгъезуй базонун, федӕни ци уодзӕй, уой? Нӕъ, ӕма цӕмӕннӕ, уобӕл расагъӕс кӕнӕн.

Хабар уотӕ ’й, ӕма еци-еу гъуддаг базонуни туххӕй аллихузи мадзӕлттӕй ку испайда кӕнай, уӕд аллихузи дзуӕппитӕ фегъосдзӕнӕ. Сауӕнгӕ ма дууӕ дӕснифӕрсӕги еци-еу мадзалӕй ку испайда кӕнонцӕ, уӕддӕр сӕ еу еу цидӕр зӕгъдзӕй, иннӕ ба ӕндӕр цидӕр. Зӕгъӕн, адӕймаг дууӕ дӕснифӕрсӕгей еу цӕбӕлдӕр ку бафӕрса ӕма ин еци-еу къартӕй ку фӕрсонцӕ, уӕд сӕ дзуапп гъӕуама ӕмхузӕн уа. Фал арӕхдӕр уотӕ нӕ разиннуй.

Дӕснифӕрсгутӕбӕл беретӕ фӕггурусхӕ кӕнунцӕ. Аци гъуддаги нихмӕ ка ӕй, етӕ уотӕ фӕззӕгъунцӕ, зӕгъгӕ, къартӕ ӕма ӕндӕр уӕхӕн дзаумӕуттӕ сайӕнтӕй ӕндӕр неци ’нцӕ. Дӕснифӕрсӕг ӕ къартӕмӕ нӕ фӕккӕсуй, фал адӕймаг ӕ хузӕ куд ӕййевуй, уомӕ. Зӕгъӕн, фӕлтӕрдгун дӕснифӕрсӕг байархайуй, цӕмӕй адӕймаги туххӕй еститӕ базона. Уой туххӕй имӕ уӕлӕнгай фарстатӕ дӕттун райдайуй, ӕма ӕ гъос лӕмбунӕг даруй, ци ӕма ин куд зӕгъдзӕй, уомӕ, удта ӕхе куд дардзӕй, уомӕ дӕр. Ӕма уотӕ рауайуй, цума дӕснифӕрсӕг цӕхуӕндӕр хабӕрттӕ ӕцӕгӕйдӕр зудта, кӕд ин сӕ адӕймаг, лӕдӕргӕ дӕр ӕй нӕ бакодта, уотемӕй ӕхуӕдӕг радзурдта, уӕддӕр. Еуӕй-еу дӕснифӕрсгутӕ гъе уотемӕй адӕни сӕхебӕл баууӕндун кӕнунцӕ, ӕма си дуйне ’хца бастъегъунцӕ.

БИБЛИ ЦИ ЗӔГЪУЙ

Астрологтӕ ӕма дӕснифӕрсгути дзурдтӕмӕ гӕсгӕ уотӕ уайуй, ӕма нӕ федӕн нӕ тӕрнихбӕл финст ӕй. Фал цума ӕцӕгӕйдӕр уотӕ ’й? Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ адӕймагӕн ӕхе бон ӕй ӕвзарун, цӕбӕл ӕууӕнда кенӕ куд бакӕна, уой. Ӕма ци равзара, уомӕй кӕнгӕ уодзӕй ӕ федӕн (Йесо Навин 24:15).

Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ астрологи ӕма дӕснифӕрсунӕй сӕхе хезунцӕ никкидӕр ма еу гъуддаги туххӕй. Етӕ ’й зонунцӕ, Хуцауи цӕсти уӕхӕн гъуддӕгтӕ раст ке нӕ ’нцӕ. Библий финст ес: «Уе ’хсӕн гъӕуама ма уа уӕхӕн адӕймаг... дӕсни ка фӕрсуй, кӕлӕнтӕ ка кӕнуй, нисӕнттӕ ка ихалуй, хинттӕ ка кӕнуй ӕма, мӕрдти хӕццӕ ка дзоруй, уони хӕццӕ ка цӕуй, федӕни ци уодзӕй, уони ка дзоруй кенӕ мӕрдти ка фӕрсуй. Уӕхӕн миутӕ кадӕриддӕр кӕнуй, е Йегови a цӕсти илгъаг ӕй» (Дуккаг закъон 18:10–12).

a Йеговӕ ӕй «Еунӕг Устур Хуцауи» ном, е ӕй «Хецау ӕгас зӕнхӕн» (Псалом 83:18).