Федӕни ци уодзӕй, уой куд ес базонӕн?
Ескӕд сагъӕс кодтай, дӕумӕ ӕма дӕ бийнонтӕмӕ цӕхуӕн федӕн ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уобӕл? Гъӕздугдзийнадӕ ӕви мӕгурдзийнадӕ? Устур уарзт ӕви еунӕгӕй цард? Берӕ ӕнзтӕ ӕви минкъий? Аци фарстатӕбӕл адӕн мингай ӕнзти дӕргъи сагъӕс кӕнунцӕ.
Абони ӕртасгутӕ сӕ гъос дарунцӕ, цард куд ӕййевуй, уомӕ ӕма рагацау фӕззӕгъунцӕ, федӕни ци уодзӕй, уой. Ӕма кӕд, ци фӕззӕгъунцӕ, е берӕ хӕттити исӕнхӕст уй, уӕддӕр кӕмидӕрти фӕррӕдуйунцӕ, хатгай ба хабар бустӕги ӕндӕрхузи дӕр рауайуй. Зӕгъӕн, 1912 анзи Гульельмо Маркони, ӕнӕтелтӕй радиотелеграф ка ӕргъуди кодта, е, загъта: «Ӕнӕтелти дзамани тугъдтитӕн гӕнӕн нӕбал уодзӕй!» 1962 анзи группӕ «Битлз»-и зартӕ рауадзунбӕл ка нӕ арази кодта, еци компани «Декка Рекордс»-и хецау ба загъта, тагъд гитаристити группитӕ моди нӕбал уодзӕнцӕ, зӕгъгӕ.
Федӕни ци уодзӕй, уой базонуни туххӕй беретӕ фӕффӕрсунцӕ астрологти кенӕ ба фӕккӕсунцӕ, абони хъӕбӕр ка испарахат ӕй, еци гороскоптӕ. Иннетӕ ба ӕнхус фӕййагорунцӕ дӕснитӕ ӕма экстрасенстӕмӕ – хузтӕ, нимӕдзтӕ кенӕ, адӕймаги къохбӕл ци хӕнхитӕ фӕууй, уомӕ гӕсгӕ федӕни ци уодзӕй, уой ка «базонуй», уонӕмӕ.
Рагидзаманти федӕн базонун ке фӕндӕуидӕ, уонӕй еуӕй-еуетӕ фарстонцӕ оракулти – уотӕ худтонцӕ, цӕхуӕндӕр хуцауи номӕй ка дзурдта, уӕхӕн нӕлгоймӕгтӕ кенӕ силгоймӕгти. Зӕгъӕн, еухатт, Греций горӕт Дельфий ци оракул цардӕй, уомӕн, дан, Лидий паддзах Крёз хъазар лӕвӕрттӕ рарвиста, цӕмӕй ин радзурдтайдӕ, Персий паддзах Кирбӕл фӕууӕлахез уодзӕй ӕви нӕ, уой. Оракул ин загъта, Кири нихмӕ ку рацӕуай, уӕд «устур паддзахадӕ» ниппурхӕ уодзӕй, зӕгъгӕ. Гъема Крёз расагъӕс кодта, мадта ибӕл ӕз фӕууӕлахез уодзӕн, зӕгъгӕ, ӕма ӕ нихмӕ рацудӕй. Фал ци устур паддзахадӕ гъӕуама ниппурхӕ адтайдӕ, е ӕхе паддзахадӕ разиндтӕй.
Еци оракул бӕлвурдӕй неци загъта – тохи кафӕнди ма рамулдтайдӕ, уӕддӕр ӕ дзурдтӕ раст разиндтайуонцӕ. Крёз уӕхӕн миуӕ ке бакодта, уой туххӕй фидбилизи бахаудтӕй. Цума абони федӕн базонунмӕ ци мадзӕлттӕй пайда кӕнунцӕ, уонӕй ба адӕн нӕ фӕффудӕнгъӕл унцӕ?