Библий унаффитӕ абони дӕр пайда ’нцӕ?
КАДӔР ЗӔГЪДЗӔЙ «НӔЪ». Еу дохтир уотӕ загъта, зӕгъгӕ, нӕ рӕстӕги Библий унаффитӕмӕ гӕсгӕ цӕрун, химий урокти 1920 ӕнзти уагъд ахургӕнӕн киунугӕй пайда кӕнунӕй, уӕлдай нӕй. Кадӕр ба зӕгъдзӕй, зӕгъгӕ, ке нӕбал уадзунцӕ, уӕхӕн зӕронд компьютери инструкцимӕ гӕсгӕ нӕуӕг компьютербӕл нӕ косдзӕнӕ. Еу загъдӕй, еуӕй-еуетӕ Библи нимайунцӕ, абони пайда ӕппундӕр кӕмӕй нӕййес, уӕхӕн зӕронд киунугӕбӕл.
Абони наукӕ ӕма техникӕ размӕ хъӕбӕр рацудӕнцӕ, ӕма адӕймаг уӕхӕн рагон киунуги унаффитӕмӕ гӕсгӕ цӕмӕн гъӕуама цӕра? Интернети ес дуйней аллихузи сайттӕ ӕма блогтӕ, ӕма си фӕууй нӕуӕгӕй-нӕуӕгдӕр унаффитӕ. Телепередачити ба аллихузи ахургӕндтӕ, психологтӕ, финсгутӕ ӕма, зундгин адӕн ке хонунцӕ, етӕ дуйней унаффитӕ фӕддӕттунцӕ, адӕнӕн куд цӕргӕ ӕй, уой туххӕй. Киунугути тукӕнтти дӕр ӕнгъезуй цийфӕнди фарстай фӕдбӕл дӕр аллихузи киунугутӕ иссерун ӕма еци киунугутӕй миллиардгай доллӕртӕ бакосунцӕ.
Кӕд алли минут дӕр уойбӕрцӕ нӕуӕг информаци фӕззиннуй, уӕд ма Библи,– 2 000 анзи размӕ финст ка ’рцудӕй, еци киунугӕ,– кӕсун цӕмӕн гъӕуй? Мадта уотӕ ка зӕгъуй, ӕма уӕхӕн рагон киунуги унаффитӕ химий зӕронд киунугӕй кенӕ зӕронд компьютери инструкцийӕй уӕлдай нӕ ’нцӕ, етӕ раст ӕнцӕ? Зӕгъун гъӕуй уой, ӕма уӕхӕн рабарст уогӕ дӕр раст нӕй. Наукӕ ӕма технологи бонӕй-бонмӕ ӕййевгӕ цӕунцӕ, фал адӕймаги конд ба не ’ййевуй. Адӕни раздӕр куд фӕндадтӕй, уотӕ сӕ абони дӕр фӕндуй, цӕмӕн цӕрунцӕ, уой зонун, фӕндуй сӕ, цӕмӕй амондгунӕй ӕма ӕдасӕй цӕронцӕ, цӕмӕй сӕ бийнонтӕ ӕнгом уонцӕ ӕма син хуарз ӕмбӕлттӕ уа.
Кӕд Библи рагон киунугӕ ӕй, уӕддӕр си еци гъуддӕгти фӕдбӕл ӕма ма берӕ ӕндӕр гъуддӕгти фӕдбӕл дӕр ес хуарз унаффитӕ. Библи ӕхуӕдӕг зӕгъуй, Сфӕлдесӕг Хуцауи фӕндӕй финст ке ӕрцудӕй. Финст си ес, ӕ унаффитӕ нин царди алли фӕззелӕни дӕр ӕма цийфӕнди зин уавӕри дӕр устур ӕнхус ке уодзӕнцӕ (2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Уомӕй уӕлдай ма Библи зӕгъуй, ӕ унаффитӕбӕл ин рӕстӕги барӕ ке нӕ цӕуй – уотӕ зӕгъӕн некӕд уодзӕй, ӕма базӕронд ӕнцӕ! Библи ӕхуӕдӕг зӕгъуй: «Хуцауи дзурд ӕй уодӕгас» (Дзиуиттӕгтӕмӕ 4:12).
Цума хабар ӕцӕгӕйдӕр уотӕ ӕй? Библий унаффитӕ базӕронд ӕнцӕ ӕви ӕцӕгӕйдӕр тӕккӕ хуӕздӕр ӕма пайдадӕр ӕнцӕ? Ӕцӕгӕйдӕр ӕй уодӕгас киунугӕ исхонӕн ес? Аци фарстатӕбӕл дзурд цӕудзӕй идарддӕр.