Библи ӕма дӕ федӕн
ДӔ ЦӔСТИТӔБӔЛ РАУАЙУН КӔНӔ, цума изӕри талингӕ надбӕл фӕццӕуис. Хор раги ранигъулдӕй, фал ду нӕ тухсис, уомӕн ӕма дӕмӕ ес хуарз фанар. Зӕнхӕмӕ ’й ку бадарис, уӕд фӕууинис, дӕ къӕхти буни ци ес, уой. Размӕ ’й ку фӕддарис, удта ин ӕ ирд рохсмӕ фӕууинис, идарди ци ес, уой.
Зӕгъӕн ес, ӕма Библи дӕр уӕхӕн фанари хузӕн ӕй. Айразиккон статьяти куд базудтан, уотемӕй нин Хуцауи Дзурд ӕнхус кӕнуй, аци дуйней алли бон дӕр ци зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлӕн, уони сӕрти хезун. Уомӕй уӕлдай ма нин Библи ирдӕй ӕвдесуй, разӕй нӕмӕ ци дессаги федӕн ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уой. Библий фӕрци нӕ бон ӕй, ӕносон цардмӕ ци над кӕнуй, уой уинун ӕма ибӕл нифсгунӕй цӕун (Псалом 119:105). Цума куд?
Ӕркӕсӕн, Библи нин куд ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй нин федӕнӕй нифс уа: 1 ӕнхус нин кӕнуй, цӕмӕн цӕрӕн, уой балӕдӕрун; 2 лӕдӕрун нин кӕнуй, не Сфӕлдесӕги хӕццӕ ӕносмӕ дӕр ӕмбӕлттӕ цӕй фӕрци уодзиан, уой.
1 ЦӔМӔН ЦӔРӔН
Библий ес берӕ хуарз унаффитӕ. Фал уотӕ зӕгъӕн нӕййес, ӕма нин аци киунугӕ ӕрмӕстдӕр нӕ цард фӕххуӕздӕр кӕнунмӕ ӕнхус кӕнуй. Библи нин зӕгъуй, цӕмӕй айдагъ нӕхе сагъӕс ма кӕнӕн, фал иннети сагъӕс дӕр. Ӕрмӕстдӕр уӕд уодзиан ӕцӕг амондгун ӕма нӕ цард дзӕгъӕли нӕ уодзӕй.
Зӕгъӕн, Библий ес уӕхӕн уагӕвӕрд: «Райсунӕй раттун амондгундӕр гъуддаг ӕй» (Гъуддӕгтӕ 20:35). Гъуди кӕнис, кӕмӕндӕр ӕхцайӕй кенӕ ӕндӕр естӕмӕй куд банхус кодтай, уой? Кенӕ, ка ’й зонуй, де ’мбали ӕ тухститӕ ескӕмӕн радзорун гъудӕй, ӕма имӕ ду ба лӕмбунӕг байгъустай. Кӕмӕндӕр де ’нхуси фӕрци ке фенцондӕр ӕй, е дин ӕхцӕуӕн н’ адтӕй?
Никки амондгун ба фӕууӕн, иннетӕмӕ ку нецӕмӕ фенгъӕлмӕ кӕсӕн, уотемӕй син хуарздзийнадӕ ку фӕккӕнӕн, уӕд. Еу финсӕг загъта: «Уомӕн гӕнӕн нӕййес, цӕмӕй ескӕмӕн ести равардтай, Ӕмбесӕндтӕ 19:17). Ӕнхусгъӕуагӕ адӕймагӕн хуарздзийнадӕ ку ракӕнӕн, уӕд уомӕн Хуцауи цӕсти устур аргъ фӕууй, ӕма нин зӕрдӕ ӕвӕруй, хъазардӕр цӕмӕйдӕр нин ӕй ке бафеддзӕй – ӕносон цардӕй дзенети зӕнхӕбӕл. Уомӕй устурдӕр хуӕрзеуӕг ма ци гъӕуама уа! (Псалом 37:29; Лукай 14:12–14).
фӕстӕмӕ ба уомӕй фулдӕр на райстай – ӕрмӕст, кӕд ӕцӕгӕйдӕр нецӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕ, уӕд». Фал зӕгъун гъӕуй уой дӕр, ӕма ескӕмӕн естӕмӕй ку банхус кӕнӕн,– уӕлдайдӕр ба, нӕ хуарздзийнадӕбӕл бафедун ке бон нӕй, уонӕн,– уӕд никки устурдӕр хуарздзийнадӕй исхайгин уӕн – исахур уӕн айдагъ нӕхе сагъӕс нӕ, фал иннети сагъӕс кӕнун дӕр. Уотӕ архайгӕй мах ӕмгуст кӕнӕн не Сфӕлдесӕги хӕццӕ. Ӕма е ба еци гъуддӕгтӕмӕ уӕхӕн цӕстӕй кӕсуй, цума ин ӕфстау равардтан (Уомӕй уӕлдай ма нин Библи лӕдӕрун кӕнуй, ӕцӕг амондгун ке уодзиан, еунӕг уодӕгас Хуцау Йеговӕн ку лӕггадӕ кӕнӕн, уӕд. Библи нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй ин кадӕ кӕнӕн ӕма имӕ игъосӕн, уомӕн ӕма уой аккаг ӕй (Екклесиаст 12:13; Раргомадӕ 4:11). Уотӕ ку кӕнӕн, уӕд нӕ къохи бафтуйдзӕй, рабарӕн дӕр ке нецӕй хӕццӕ ес, уӕхӕн гъуддаг – не Сфӕлдесӕги зӕрдӕ барохс кӕндзиан. Е нин ӕхуӕдӕг дӕр уотӕ зӕгъуй: «Зундгин уо... ӕма мин мӕ зӕрдӕ рохс кӕнӕ» (Ӕмбесӕндтӕ 27:11). Расагъӕс кӕнӕ, Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ раст унаффитӕ ку фӕххӕссӕн, уӕд нӕ уӕларвон Фиди зӕрдӕ цийнӕй байдзаг уй! Цӕмӕн? Уомӕн ӕма ин хъӕбӕр хъазар ан ӕма ’й фӕндуй, цӕмӕй имӕ игъосӕн ӕма уой фӕрци амондгун уӕн (Исай 48:17, 18). Ӕцӕгӕйдӕр, Дуйнедарӕг Хуцауӕн ку лӕггадӕ кӕнай ама ин дӕ гъуддӕгтӕй ӕ зӕрдӕ ку рохс кӕнай, уӕд дӕ цард дзӕгъӕли некӕд уодзӕй!
2 НЕ СФӔЛДЕСӔГИ ХӔЦЦӔ ӔМБӔЛТТӔ УӔН
Библи ма нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй не Сфӕлдесӕгмӕ хӕстӕг кӕнӕн. Финст си ес: «Бахӕстӕг уотӕ Хуцаумӕ, ӕма уӕмӕ е дӕр ӕрбахӕстӕг уодзӕй» (Иакови 4:8). Кӕмӕдӕрти, ка ’й зонуй, уотӕ фӕккӕса, ӕма уомӕн гӕнӕн нӕййес, цӕмӕй адӕймаг Алцигъон Хуцауи ӕмбал исуа. Фал нин Библи зӕрдӕ ӕвӕруй, Хуцауи ку агорӕн, уӕд ӕй ке «иссердзиан», уомӕн ӕма «е махӕй алкӕмӕдӕр хӕстӕг ӕй» (Гъуддӕгтӕ 17:27). Хуцауи ӕмбӕлттӕ исуодзиан ӕви нӕ, уомӕй кӕнгӕ ’й нӕ федӕн. Цума кутемӕй?
Расагъӕс кӕнӕ: адӕймаг цийфӕнди ку фӕккӕна, уӕддӕр ӕ фуддӕр знагӕй, мӕлӕтӕй, нӕ феййервӕздзӕй (1 Коринфӕгтӕмӕ 15:26). Фал Хуцау ӕносон ӕй, е некӕд рамӕлдзӕй. Ӕма ’й фӕндуй, цӕмӕй е ’мбӕлттӕ дӕр ӕносмӕ цӕронцӕ. Ӕма син зӕрдӕ цӕхуӕн федӕнӕй ӕвӕруй, уой туххӕй Библий финст ес: «Хуцауи фӕндон ка ӕнхӕст кӕнуй, е... цӕрдзӕй ӕносмӕ» (1 Иоанни 2:17).
Мадта дӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй ӕносмӕ дӕр Хуцауи ӕмбал уай? Библи ахур кӕнӕ, цӕмӕй Хуцауи хуӕздӕр базонай (Иоанни 17:3; 2 Тимофеймӕ 3:16). Ӕнхус си корӕ, цӕмӕй ин ӕ Дзурд лӕдӕрай. Библий финст ес, Хуцауӕй зунд ка коруй, уонӕн ӕй ӕнӕратгӕ ке нӕ фӕууодзӕй * (Иакови 1:5). Удта ци базонис, уой ӕнхӕст дӕр кӕнӕ, ӕма уотемӕй Хуцауи Дзурдӕн барӕ дӕттӕ, цӕмӕй нур дӕр ӕма ӕносмӕ дӕр уа «цирагъ... [дӕ] къахӕн ӕма рохс... [дӕ] надӕн» (Псалом 119:105).
^ 13 абз. Кӕд дӕ фӕндуй, уӕд Йегови Ӕвдесӕнтӕ дӕ хӕццӕ Библи лӕвар ахур кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй Библи хуӕздӕр лӕдӕрай. Еци ахур куд фӕццӕуй, уой туххӕй базонӕн ес видеороликкӕй «Библи адӕни хӕццӕ куд фӕййахур кӕнӕн?».
Хуцау ӕй ӕносон, ӕма ’й фӕндуй, цӕмӕй е ’мбӕлттӕ дӕр ӕносмӕ цӕронцӕ