2 Ӕнхус нин кӕнуй зиндзийнӕдти сӕрти хезун
Еуӕй-еухатт нӕ царди цидӕр зиндзийнӕдтӕ берӕ рӕстӕг рахӕссунцӕ, ка ’й зонуй, ӕнзгӕйттӕ дӕр. Хатгай ӕй лӕдӕргӕ дӕр нӕ бакӕнӕн, цӕхуӕндӕр зундахаст кенӕ менеугутӕ нӕ уодигъӕди куд ниффедар унцӕ ӕма нин ӕнцойнӕ куд нӕ фӕддӕттунцӕ, уой. Цума нин Библи уӕхӕн зиндзийнӕдти сӕрти рахезунмӕ куд банхус кӕндзӕй? Ӕркӕсӕн цалдӕр цӕветтонемӕ.
ӔГӔР ТУХСУН
Еу ӕригон кизгӕ, Рози, радзурдта: «Алкӕддӕр естӕбӕл фӕттухсинӕ. Ци нӕ хузи лӕгъуз сагъӕстӕ мӕмӕ фӕззиннидӕ, уӕхӕн нӕбал байзадӕй». Цума ин Библийӕй цӕхуӕн унаффитӕ банхус кодтонцӕ? Зӕгъӕн, Киристе ци унаффӕ равардта, е. Финст ӕй Матфеййи 6:34: «Исон ци уодзӕй, уобӕл макӕд катай кӕнтӕ, уомӕн ӕма исонибонӕн уодзӕй ӕхе катӕйттӕ». Киристей дзурдтӕ Розийӕн банхус кодтонцӕ, цӕмӕй, исон ци уодзӕй, уобӕл мабал тухстайдӕ. Уотӕ дӕр ма загъта: «Зиндзийнӕдтӕ ӕнӕуой дӕр фагӕ ’нцӕ. Ӕма ка нӕма ӕрцудӕй, удта, ӕвӕдзи, цӕугӕ дӕр ка не ’ркӕндзӕй, еци хабӕрттӕбӕл цӕмӕн гъӕуама тухсон?»
Ясмин дӕр алкӕддӕр уотӕ тухстӕй. «Къуӕре цалдӕр бони дӕр фӕккӕуинӕ,– загъта Ясмин,– ӕхсӕвӕ нӕ фунӕй кодтон. Мӕ лӕгъуз сагъӕстӕ мӕ уодӕгасӕй хуардтонцӕ». Уомӕн ба Библийӕй цӕхуӕн унаффӕ банхус кодта? 1 Петури 5:7 финст унаффӕ: «Уе ’гас сагъӕстӕ дӕр Хуцауи барӕ бакӕнтӕ, уомӕн ӕма е тухсуй сумахбӕл». Ясмин загъта: «Йеговӕмӕ кувтон ӕма кувтон, ӕма мӕ фегъуста. Цума мӕ рагъӕй цидӕр рахаудтӕй, уотӕ мин фенцондӕр ӕй. Лӕгъуз сагъӕстӕ мӕмӕ нур дӕр фӕззиннуй, фал ӕй нур зонун, сӕ хӕццӕ куд тох кӕнун гъӕуй, уой».
АЦИБОН-ИСОН КӔНУН
Еу ӕригон кизгӕ, Изабеллӕ, загъта: «Мӕнмӕ гӕсгӕ, адӕймаг ести гъуддаг искӕнунбӕл ацибон-исон ке фӕккӕнуй, уой ӕ тоги рахӕссуй, уомӕн ӕма мӕ 2 Тимофеймӕ 2:15: «Ӕгас хъауритӕй архайӕ, цӕмӕй Хуцауи рази ӕрлӕууай аккагӕй, ӕ кусти туххӕй ӕ цӕсгон кӕмӕн нӕ содзуй... уӕхӕн косӕгӕй». Изабеллӕ загъта: «Мӕн нӕ фӕндадтӕй, цӕмӕй мӕ кусти туххӕй Йеговӕ мӕ бӕсти фефсӕрми адтайдӕ». Уой фӕрци Изабеллӕ хъӕбӕр раййивта.
фидӕ дӕр уӕхӕн ӕй ӕма ӕз дӕр. Ӕхсидзгӕ гъуддӕгтӕ мин ку фӕууй, уӕд уони бакӕнуни бӕсти исбадун ӕма телевизормӕ фӕккӕсун кенӕ ба ӕппундӕр неци фӕккосун. Е хъӕбӕр лӕгъуз менеуӕг ӕй, уомӕн ӕма уой фӕсте адӕймаги ӕ куститӕ хӕлӕф-тъӕппитӕй кӕнун багъӕуй ӕма сӕ, куд гъӕуй, уотӕ не ’скӕнуй». Ци унаффӕ ин банхус кодта, е финст ӕйКелсийӕн дӕр ӕ хабар уотӕ адтӕй. Е загъта: «Ести гъуддаг мин ку баихӕс кӕниуонцӕ, уӕд ӕй къурцдзӕвӕнмӕ ӕрхӕссинӕ. Уой фӕсте ба уотӕ истухсинӕ, ӕма ма кӕугӕ дӕр фӕккӕнинӕ, удта мӕ хуссӕг фӕлледзидӕ. Еу дзурдӕй, хуарзӕй си неци адтӕй». Келси хуарз унаффӕ иссирдта Ӕмбесӕндти 13:16: «Лӕдӕргӕ адӕймаг архайуй зундӕй, ӕнӕзунд ба е ’нӕзунддзийнадӕ рагъӕр кӕнуй». Аци дзурдтӕбӕл ку расагъӕс кодта, уӕд ӕй балӕдӕрдтӕй, алцидӕр рагацау пълан кӕнун зундбӕл дзорӕг ке ӕй. Келси загъта: «Нур мӕ стъолӕбӕл еу тъетрад дарун, ӕма си ниффинсун, кӕд мӕ ци кӕнун гъӕуй, уой. Уой фӕрци мӕ гъуддӕгтӕ афойнадӕбӕл бакӕнун».
УОТӔ НӔМӔ КУ КӔСА, ӔМА НЕКЕ ГЪӔУӔН
Еу силгоймаг, Кристен, загъта: «Мӕ лӕг мӕ ку ниууагъта, уӕд цуппар сувӕллоней хӕццӕ еунӕгӕй байзадтӕн». Цума ин еци уавӕри Библийӕй цӕхуӕн дзурдтӕ банхус кодтонцӕ? Ӕмбесӕндти 17:17 финст дзурдтӕ: «Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзуй. Е ӕй, зин сахат адӕймаги фарсмӕ балӕуунмӕ ка райгуруй, уӕхӕн ӕнсувӕр». Кристен ӕнхус байагурдта, уой хузӕн Йеговӕн ка лӕггадӕ кӕнуй, уонӕй. Ӕма ин куд банхус кодтонцӕ? Кристен радзурдта: «Ме ’мбӕлттӕ уайтагъд мӕ фарсмӕ ӕрбалӕудтӕнцӕ! Берӕ цӕмӕйдӕрти мӕмӕ фӕккастӕнцӕ. Кадӕртӕ мин мӕ дуари рази хуӕруйнӕгтӕ ӕма дидингутӕ ниууадзиуонцӕ. Ӕртӕ хатти ба нӕ нӕ цӕрӕнбунат раййевун багъудӕй ӕма гъе уӕд дӕр рамбурд ӕнцӕ ӕма нӕмӕ фӕккастӕнцӕ. Сӕ еу ба мин куст иссерунмӕ банхус кодта. Еу дзурдӕй, ме ’мбӕлттӕ алкӕддӕр мӕ фарсмӕ адтӕнцӕ».
Айразиккон статьяй ке кой кодтан, еци Динӕн дӕр хъӕбӕр зин адтӕй, еунӕгӕй ку байзадӕй, уӕд. Ци бӕллӕхтӕ ибӕл ӕрцудӕй, уони фӕсте ин куд зин адтӕй, уой туххӕй загъта: «Алкедӕр ӕ царди кой кодта, ӕз ба сӕмӕ цума еуварсӕй кастӕн. Уотӕ мӕмӕ кастӕй, цума ӕппундӕр неке гъӕун». Динӕн банхус кодтонцӕ Псалом 68:6 финст дзурдтӕ: «Хуцау еунӕги ӕрцӕрун кӕнуй хӕдзари». Динӕ загъта: «Лӕдӕрун ӕй, аци дзурдтӕ айдагъ ӕнӕуой хӕдзарӕмӕ ке нӕ амонунцӕ. Хуцау нӕ ӕрбакодта ӕ организацимӕ, ӕма си иссирдтан ӕцӕг ӕмбӕлттӕ. Етӕ дӕр мах хузӕн Йегови уарзунцӕ, ӕма сӕ астӕу ес фарнӕ. Еци фарнӕ рабарӕн ес гъар хӕдзари хӕццӕ. Фал ӕй лӕдӕрдтӕн: цӕмӕй сӕмӕ бахӕстӕгдӕр уон, уой туххӕй бал гъӕуама Йеговӕмӕ бахӕстӕг уон. Ӕма мин еци гъуддаги банхус кодта Псалом 37:4: „Йеговӕ уӕд де ’стур цийнӕ, ӕма дин дӕ зӕрди фӕндтӕ исӕнхӕст кӕндзӕй“».
Динӕ ма загъта: «Лӕдӕрдтӕн ӕй, мӕхе мӕ Йеговӕбӕл хъӕбӕрдӕр бӕттун ке гъӕуй. Уомӕй хуӕздӕр ӕмбал нӕййес. Удта мӕхецӕн гӕгъӕдибӕл ниффинстон, мӕн хузӕн Йеговӕн ка лӕггадӕ кӕнуй, уони хӕццӕ ӕнгомдӕр цӕхуӕн гъуддӕгти фӕрци исуодзӕн, уой. Ӕз исахур дӕн иннетӕн ӕрмӕстдӕр сӕ хуарз менеугутӕ уинун – уӕхӕн цӕстӕй сӕмӕ кӕсун, цума сӕмӕ еунӕг гъӕндзийнадӕ дӕр нӕййес».
Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, Йегови Ӕвдесӕнтӕ дӕр алцӕмӕй ӕнхӕст нӕ ’нцӕ, удта етӕ дӕр зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлунцӕ. Фал, Библи ке ахур кӕнунцӕ, уой фӕрци иннетӕн, сӕ бон цӕмӕй ӕй, уомӕй ӕнхус кӕнунцӕ. Хуарз ӕй, уӕхӕн ӕмбӕлттӕ дин ку уа. Фал абони раййевӕн кӕмӕн нӕййес, уӕхӕн зин уавӕрти ку бахауӕн, зӕгъӕн, цӕхуӕндӕр уӕззау незӕй ку фӕссӕйгӕ уӕн кенӕ нӕбӕл зиан ку ’рцӕуа, уӕд дӕр нин цума Библий унаффитӕ банхус кӕндзӕнцӕ?
Библий унаффитӕмӕ гӕсгӕ ку архайай, уӕд дӕхецӕн хуарз ӕмбӕлттӕ иссердзӕнӕ