Библи ци зӕгъуй?
Цума дин Библи банхус кӕндзӕй, цӕмӕй ӕгӕр ма мӕтӕ кӕнай?
Цӕхуӕн дзуапп раттисӕ?
Гъо
Нӕ
Ӕвӕдзи
Библий финст ес
«Уе ’гас сагъӕстӕ дӕр Хуцауи барӕ бакӕнтӕ, уомӕн ӕма е тухсуй сумахбӕл» (1 Петури 5:7). Библи нин зӕрдӕ ӕвӕруй, Хуцауӕн ӕ бон ке ӕй махӕн уодӕнцойнӕ раттун, цӕмӕй ӕгӕр ма мӕтӕ кӕнӕн.
Библийӕй ма ци ес базонӕн?
Ку ковай, уӕд «Хуцауи фарнӕй» исхайгин уодзӕнӕ ӕма хъӕбӕр нӕ мӕтӕ кӕндзӕнӕ (Филиппӕгтӕмӕ 4:6, 7).
Хуцауи Дзурд ку кӕсай, уӕд дин банхус кӕндзӕй, цӕмӕй зиндзийнӕдти сӕрти хезай (Матфеййи 11:28–30).
Ескӕд ӕнӕ мӕтӕй цӕрдзиан?
Еуӕй-еуетӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма... ӕнӕ мӕтӕй кенӕ ӕнӕ сагъӕстӕй цард нӕййес. Иннети гъудимӕ гӕсгӕ ба адӕймаг ӕ сагъӕстӕй фӕййервӕздзӕй, ӕрмӕстдӕр ку рамӕла, уӕд. Дӕумӕ ба куд кӕсуй?
Библий финст ес
Хуцау кӕрон искӕндзӕй, тухсун нӕ ка кануй, еци гъуддӕгтӕн. «Нӕбал уодзӕй нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр гъарӕнгӕ, нӕдӕр рист» (Раргомадӕ 21:4).
Библийӕй ма ци ес базонӕн?
Хуцауи Паддзахади дӕлбарӕ адӕн сабурӕй ӕма фӕрнӕй цӕрдзӕнцӕ (Исай 32:18).
Мӕтӕ ӕма сагъӕстӕ феронх уодзӕнцӕ (Исай 65:17).