Дзенет зӕнхӕбӕл. Ӕримисгӕ цидӕр ӕви ӕцӕг хабар?
Дзенет! Туристикон буклети рӕсугъд хузтӕмӕ кӕсгӕй, адӕймаги зӕрдӕ ӕрзӕгъуй зӕнхи иннӕ кӕронмӕ фӕттӕхун, цӕмӕй бауолӕфа, дзенети хузӕн бунати ӕма ӕ еугур сагъӕстӕ дӕр феронх уа. Фал ӕй алкедӕр зонуй, хӕдзарӕмӕ ку ӕрӕздӕха, уӕд бабӕй ӕ цард, куд адтӕй, идарддӕр дӕр уотӕ ке уодзӕй.
Фал уӕддӕр адӕн ба дзенетмӕ бӕллунцӕ. Ӕвӕдзи, ду дӕр фӕссагъӕс кӕнис: «Цума дзенет ӕримисгӕ хабар ӕй? Кӕд уотӕ ӕй, уӕд имӕ цӕмӕн бӕллӕн? Цума уомӕн гӕнӕн ес, цӕмӕй дзенет уа?»
ДЗЕНЕТ АДӔМОН СФӔЛДИСТАДИ
Ӕности дӕргъи адӕни фӕндадтӕй базонун, дзенет ӕцӕгӕйдӕр адтӕй ӕви нӕ. Уой базонун сӕ уомӕн фӕндадтӕй, ӕма Библий бакастӕнцӕ дзурдтӕ, зӕгъгӕ, адтӕй «дзӕхӕрадонӕ скӕсӕнӕрдигӕй, Едеми». Цума еци дзӕхӕрадони дессагӕй ци адтӕй? Библий финст ес: «Йеговӕ Хуцау зӕнхӕй исирӕзун кодта аллихузи рӕсугъд ӕма, сӕ рӕзӕ хуӕрунмӕ кӕмӕн бӕзтӕй, уӕхӕн бӕлӕстӕ». Дзӕхӕрадонӕ уӕхӕн рӕсугъд адтӕй, ӕма имӕ адӕймаги цӕстӕ кӕсунӕй нӕ бафсастайдӕ. Фал си тӕккӕ дессагдӕр адтӕй «царди бӕласӕ... дзӕхӕрадони астӕу» (Райдайӕн 2:8, 9).
Уомӕй уӕлдай ма Райдайӕни киунуги дзурд цӕуй, дзӕхӕрадонӕй цӕугӕдон ке цудӕй ӕма цуппар цӕугӕдонебӕл ке рахецӕн ӕй. Еци цӕугӕдӕнттӕй дууӕ, Тигр (кенӕ Хиддекел) ӕма Евфрат, абони дӕр ӕнцӕ (Райдайӕн 2:10–14, феппайуйнаг). Кӕлунцӕ Ираки зӕнхӕбӕл, рагон Персий хай кӕми адтӕй, уоми, ӕма бакӕлунцӕ Персий бакӕлӕнмӕ.
Мадта дессаг нӕй, зӕнхон дзенет персайнаг сфӕлдистади хъӕбӕр арӕх ке ӕмбӕлуй. Филадельфий аййевадон музеййи (Пенсильвани, АЕШ) ес 16 ӕноси конд персайнаг гауз. Еци гаузбӕл ес рӕсугъд хузӕ: ӕхгӕд дзӕхӕра бӕлӕстӕ ӕма дидингути хӕццӕ. Персайнаг дзурдбаст «ӕхгӕд дзӕхӕра» ма нисан кӕнуй «дзенет» дӕр, ӕма, гаузбӕл ци хузӕ ес, е баст ӕй, Едеми дзӕхӕрадони туххӕй Библий ци финст ӕрцудӕй, уой хӕццӕ.
Радзурдтӕ дзенети туххӕй берӕ адӕнихӕттитӕмӕ ес. Адӕн зӕнхӕбӕл куд пурхӕгӕнгӕ цудӕнцӕ, уотӕ дзенети хабар сӕхе здӕхтити хӕццӕ сӕ хӕццӕ хастонцӕ. Уой фӕсте ба ӕности дӕргъи еци хабӕрттӕ хӕлӕмулӕ кодтонцӕ бунӕттон таурӕхътӕ ӕма ахурӕдти хӕццӕ. Абони дӕр ма адӕн рӕсугъд бунӕттӕ дзенет фӕххонунцӕ.
АГУРДТОНЦӔ ДЗЕНЕТ
Нӕуӕг бунӕттӕ басгарунмӕ ка цудӕй, уонӕй еуӕй-еуетӕ ӕууӕндтӕнцӕ, ка фесавдӕй, еци дзенет ке иссирдтонцӕ. Зӕгъӕн, 1881 анзи бритайнаг ӕфсади генерал Чарльз Гордон Сейшели сакъадӕхтӕбӕл ку адтӕй, ӕма ӕмбесонди хузӕн рӕсугъд бунат, Валле-де-Мэ, ку фӕууидта, уӕд ӕй исхудта Едеми дзӕхӕрадонӕ (Валле-де-Мэ абони нимад ӕй ӕгасдуйнеуон хӕзнабӕл). 15 ӕноси италиаг денгиздзау Христофор Колумбмӕ дӕр уотӕ кастӕй, ӕма Едеми дзӕхӕрадонӕ иссирдта, сакъадах Эспаньолӕбӕл ку ӕрлӕудтӕй, уӕд (нур ӕй Доминикани Республикӕ ӕма Республикӕ Гаити).
Ӕрӕги рацудӕй киунугӕ «Дзенет къартӕбӕл», зӕгъгӕ, ӕма си ес 190 фулдӕр рагон къарти (Mapping Paradise). Беретӕбӕл си ес Адам ӕма Еви хузтӕ Едеми дзӕхӕрадони. Еци къартити астӕу ес, еу 800 анзи кӕбӕл цӕуй, уӕхӕн ӕнахур къартӕ. Е ӕй Беат Лиебанскийи ке искодта, еци къарти къопи. Къарти уӕллаг хаййи ес минкъий расткъумон ӕ астӕу ба бӕрӕггонд дзенет. Уордиги ракӕлуй цуппар цӕугӕдони, «Тигр», «Евфрат», «Фисон» ӕма «Геон», ӕма кӕлунцӕ расткъумони алли къуммӕ дӕр. Еци хузӕ, ӕвӕдзи, амонуй, киристон дин зӕнхи цуппар кӕронемӕ дӕр куд рапурхӕ ’й, уомӕ. Аци цӕветтонтӕ уобӕл дзорӕг ӕнцӕ, ӕма кӕд бӕрӕг нӕбал ӕй, дзенет кӕми адтӕй, е, уӕддӕр адӕни гъудий ба байзадӕй ӕма имӕ бӕллунцӕ.
17 аноси ка цардӕй, уӕхӕн зундгонд поэт Джон Мильтон ниффинста поэмӕ «Дзенет фесавдӕй».
Финсгӕ ба ’й никкодта, Райдайӕни киунуги ци хабар финст ӕрцудӕй, уомӕ гӕсгӕ: Адам тӕрегъӕд куд искодта ӕма Едеми дзӕхӕрадонӕй тард куд ӕрцудӕй. Мильтон ӕ зӕрдӕ дардта, адӕн нӕуӕгӕй зӕнхӕбӕл ӕносмӕ ке цӕрдзӕнцӕ. Е бӕрӕг ӕй ӕ поэми ци дзурдтӕ ниффинста, уонӕй: «Уӕд зӕнхӕ ӕгасӕйдӕр уодзӕй дзенет». Фӕстӕдӕр Мильтон еци поэмӕн ниффинста ӕ иннӕ хай «Дзенет нӕуӕгӕй ралӕудтӕй».АДӔНИ ГЪУДИ РАЙЙИВТА
Мадта зӕнхӕбӕл дзенет ке адтӕй, фал уой фӕсте ба ке фесавдӕй, еци гъуди адӕни сӕри алкӕддӕр адтӕй. Фал цума абони уобӕл цӕмӕн нӕбал дзорунцӕ? Уӕлдӕр ци киунуги кой кодтан, «Дзенет къартӕбӕл», уоми финст адтӕй, зӕгъгӕ, динӕртасгутӕ нӕбал архайунцӕ, цӕмӕй, дзенет кӕми адтӕй, уой базононцӕ.
Берӕ аргъауӕнти адӕнӕн дзорунцӕ, мӕлӕти фӕсте дзенети зӕнхӕбӕл нӕ, фал уӕлӕрвти ке цӕрдзӕнцӕ. Фал Библий Псалом 37:29 финст ӕй: «Рӕстгӕнгутӕ зӕнхӕ бунӕн райсдзӕнцӕ ӕма ибӕл цӕрдзӕнцӕ ӕносмӕ». Кӕд абони дуйне дзенет исхонӕн нӕййес, уӕддӕр цума аци дзурдтӕ ескӕд исӕнхӕст уодзӕнцӕ? *
ӔГАС ЗӔНХӔ ДӔР УОДЗӔЙ ДЗЕНЕТ
Йеговӕ Хуцау райдайӕни искодта дзенет ӕма зӕрдӕ байвардта, зӕнхӕбӕл нӕуӕгӕй дзенет ке уодзӕй. Куд? Нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн, Киристе ковун куд ахур кодта, уой: «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахадӕ. Дӕ фӕндон уӕлӕрвти куд ӕй, уотӕ уӕд зӕнхӕбӕл дӕр» (Матфеййи 6:10). Еци Паддзахадӕ ӕй ӕгас дуйней хецауадӕ, ӕ сӕргъи ба ӕй Йесо Киристе, ӕма уодзӕй зӕнхон хецӕутти бӕсти (Данел 2:44). Еци Паддзахади фӕрци Хуцауи фӕндон исӕнхӕст уодзӕй ӕма зӕнхӕ исуодзӕй дзенет.
Пахампар Исай Хуцауи фӕндӕй ниффинста, дзенети цард цӕхуӕн уодзӕй, уой. Еци рӕстӕг, абони зӕнхӕбӕл ци змӕнститӕ ес ӕма адӕн ци зиндзийнӕдтӕ ӕвзарунцӕ, уонӕн сӕ кой дӕр нӕбал уодзӕй (Исай 11:6–9; 35:5–7; 65:21–23). Мах фӕндуй, цӕмӕй цалдӕр минутти рахецӕн кӕнай ӕма аци скъуддзӕгтӕ дӕхе Библий бакӕсай. Ӕма ’й дӕхуӕдӕг фӕууиндзӕнӕ, Хуцау коммӕгӕс адӕнӕн цӕхуӕн дессаги федӕн ӕрцӕттӕ кодта, уой. Етӕ исхайгин уодзӕнцӕ, Адам ке фесафта, еци хуарздзийнӕдтӕй – дзенети зӕрдӕрохсӕй цӕрдзӕнцӕ ӕма Хуцауи хуарзӕнхӕй хайгин уодзӕнцӕ (Раргомадӕ 21:3).
Зӕнхӕбӕл нӕуӕгӕй дзенет ке уодзӕй, уобӕл федарӕй ӕууӕндун нӕ бон цӕмӕн ӕй? Уомӕн ӕма нин Библи зӕгъуй: «Уӕлӕрвтӕ Йегови ’нцӕ, зӕнхӕ ба равардта адӕймаги фурттӕн». Зӕнхӕбӕл дзенет ке уодзӕй, уомӕй нин нифс раги байвардта, «ӕ бон сайун кӕмӕн нӕй, еци Хуцау» (Псалом 115:16; Титмӕ 1:2). Ци дессаги нифс нин дӕттуй Библи – дзенет ӕносмӕ!
^ 15 абз. Хъурани 21 «Аль-Анбийа» сури («Пахампартӕ») 105 стихи финст ӕй: «Мӕ лӕггадгӕнгутӕй рӕстгӕнӕг ка ӕй, етӕ зӕнхӕ бунӕн райсдзӕнцӕ».