Хӕларзӕрдӕдзийнадӕ – дзурдтӕй ӕма гъуддӕгтӕй бӕрӕг ка фӕууй, уӕхӕн менеуӕг
ЕСКЕ нин хуарзӕй ести ку ракӕнуй кенӕ ку фӕззӕгъуй, уӕд нин е устур цийни хуасӕ фӕууй. Иннетӕ нӕбӕл ку батухсунцӕ, уӕд си хъӕбӕр боз фӕууӕн. Алкедӕр ни фӕндуй, цӕмӕй имӕ иннетӕ хӕларзӕрдӕ уонцӕ. Фал нӕхуӕдтӕ дӕр гъӕуама еци менеуӕгбӕл архайӕн. Цума куд?
Хӕларзӕрдӕ адӕймаг иннетӕбӕл зӕрдиагӕй фӕттухсуй, ӕма е бӕрӕг фӕууй ӕ дзурдтӕй дӕр ӕма ӕ гъуддӕгтӕй дӕр. Фал ӕцӕг хӕларзӕрдӕдзийнадӕ ӕнӕуой уӕздандзийнадӕ нӕй. Хӕларзӕрдӕ исхонӕн ес, иннети ка уарзуй ӕма сӕ ка фӕллӕдӕруй, уӕхӕн адӕймаги. Уомӕй уӕлдай, хӕларзӕрдӕдзийнадӕ ӕй, Хуцауи сугъдӕг хъаури менеугутӕмӕ ка хауй, уонӕй сӕ еу (Гал. 5:22, 23). Йегови фӕндуй, цӕмӕй еци менеуӕгбӕл архайӕн. Мадта ӕркӕсӕн, ӕхуӕдӕг дӕр ӕма ӕ Фурт дӕр хӕларзӕрдӕдзийнадӕ куд ӕвдесунцӕ ӕма сӕ нӕ бон куд ӕй фӕнзун.
ЙЕГОВӔ АЛКӔМӔДӔР ӔЙ ХӔЛАРЗӔРДӔ
Йеговӕ алкӕмӕдӕр ӕй хӕларзӕрдӕ, сауӕнгӕ, «хуарздзийнадӕ ка нӕ лӕдӕруй ӕма фудзӕрдӕ ка ӕй», уонӕмӕ дӕр (Лук. 6:35). Зӕгъӕн, «е ӕ хор искӕсун кӕнуй лӕгъузтӕбӕл дӕр ӕма хуӕрзтӕбӕл дӕр, ӕма уарун дӕр раттуй рӕстгӕнгутӕн дӕр ӕма фудгӕнгутӕн дӕр» (Матф. 5:45). Мадта Йегови е Сфӕлдесӕгбӕл ка нӕ нимайуй, сауӕнгӕ етӕ дӕр царди хуарздзийнӕдтӕй хайгин ӕнцӕ ӕма сӕ бон ӕй цийнӕ кӕнун.
Йегови хӕларзӕрдӕдзийнадӕ ирдӕй зиннуй, Адам ӕма Еви туххӕй ци искодта, уомӕй дӕр. Тӕрегъӕд ку искодтонцӕ, уомӕй берӕ нӕ рацудӕй, уотӕ «легъонбӕласи сифтӕ кӕрӕдзебӕл бахудтонцӕ ӕма сӕ сӕ астӕутӕбӕл ӕрбабастонцӕ». Фал Йеговӕ зудта, Едеми дзӕхӕрадони ӕндаг фарс цӕрунмӕ сӕ ӕндӕр дзаумӕуттӕ ке гъӕудзӕй, уомӕн ӕма зӕнхӕ ӕлгъист ке адтӕй, уой туххӕй ибӕл задӕй синдзитӕ ӕма хӕмпӕлгӕрдӕг. Гъема сӕбӕл уотӕ батухстӕй, ӕма син «цӕрттӕй искодта даргъ дзаумӕуттӕ» (Райд. 3:7, 17, 18, 21).
Йеговӕ алкӕмӕдӕр, сауӕнгӕ лӕгъузтӕмӕ дӕр ӕй хӕларзӕрдӕ, фал уӕлдай хӕларзӕрдӕ ба ӕй ӕ еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕмӕ. Дӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнай Библийӕй еу хабар. Пахампар Захарий дзамани израилӕгтӕ Йерусалими ковӕндонӕ нӕуӕгӕй кӕнун райдӕдтонцӕ, фал цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте еци гъуддӕг ӕрлӕудтӕй. Еу изӕди е хъӕбӕр тухсун кодта ӕма уой туххӕй загъта Йеговӕн. Хуцау имӕ лӕмбунӕг байгъуста ӕма ин «хуарз, нифси дзурдтӕ» загъта (Зах. 1:12, 13). Уотӕ ма Йеговӕ батухстӕй пахампар Илийабӕл дӕр. Илийайӕн еу афони ӕ нифс уотӕ басастӕй, ӕма Йеговӕй мӕлӕт корун райдӕдта. Хуцау Илийай лӕдӕрдтӕй, ӕма имӕ ӕ изӕди рарвиста, цӕмӕй ӕй бафедар кодтайдӕ. Удта ма си нифс бауагъта, еунӕг ке нӕй. Йеговӕ Илийамӕ уӕхӕн хӕларзӕрдӕдзийнадӕ ке бавдиста, уой фӕрци имӕ хъауритӕ фӕззиндтӕй, цӕмӕй ибӕл ци ихӕс адтӕй, уой идарддӕр ӕнхӕст кодтайдӕ (1 Пад. 19:1–18). Фал цума Йегови хӕларзӕрдӕдзийнадӕ тӕккӕ хъӕбӕрдӕр ка фӕнзта?
ЙЕСО ӔВДИСТА ДЕССАГИ ХӔЛАРЗӔРДӔДЗИЙНАДӔ
Йесо зӕнхӕбӕл ку цардӕй, уӕд ӕй еугурӕйдӕр зудтонцӕ, алкӕддӕр хӕларзӕрдӕ ка адтӕй ӕма иннети хуарзбӕл ка сагъӕс кодта, уӕхӕн адӕймагӕй. Е адӕни хӕццӕ гурумухъ некӕд адтӕй ӕма син ӕхе хецау некӕд кодта. Е син фӕлмӕнӕй загъта: «Хъиамӕт ка кӕнуй ӕма уӕззау уаргъ ка хӕссуй,– ӕгасӕйдӕр мӕнмӕ ӕрбацотӕ, ӕма уин ӕз уодӕнцойнӕ Матф. 11:28–30). Уӕхӕн хӕларзӕрдӕ ке адтӕй, уомӕ гӕсгӕ адӕн ӕ фӕдбӕл цудӕнцӕ, кумӕфӕнди ма цудайдӕ, уӕддӕр. Йесо адӕнӕн тӕрегъӕд кодта ӕма ӕстонг ка адтӕй, уонӕн хуӕруйнаг раттидӕ, сӕйгӕ ка кодта, уони ба исдзӕбӕх кӕнидӕ, удта син ӕ Фиди туххӕй «берӕ цидӕртӕ» амонидӕ (Мар. 6:34; Матф. 14:14; 15:32–38).
ратдзӕн» (Йесо иннети лӕдӕрдтӕй ӕма сӕбӕл тухстӕй. Ка имӕ ӕрбацӕуидӕ, уонӕй алкӕмӕндӕр зӕрдиагӕй банхус кӕнидӕ, ку ӕй нӕ евдӕлидӕ, уӕддӕр (Лук. 9:10, 11). Расагъӕс кӕнӕ, 12 анзи тогцудӕй ка гъезӕмарӕ кодта, еци силгоймаги хабарбӕл. Е Йесой уӕледарӕсбӕл бамбалдӕй, ке исдзӕбӕх уодзӕй, уой нифсӕй. Фал ин уӕхӕн барӕ н’ адтӕй, уомӕн ӕма Моисеййи закъонмӕ гӕсгӕ кӕдзос н’ адтӕй (Лев. 15:25–28). Цума Йесо уомӕ ци цӕстӕй ракастӕй? Уайдзӕф ин нӕ бакодта. Е фӕууидта, силгоймаг ке фӕттарстӕй, ӕма ин батӕрегъӕд кодта, уойбӕрцӕ рӕстӕг ке гъезӕмарӕ кодта, уой туххӕй ӕма ин загъта: «Мӕ кизгӕ, де ’ууӕндундзийнадӕ дӕ фӕййервӕзун кодта. Фарни хӕццӕ цо. Дӕ уодхарӕ незӕй макӕдбал истухсӕ» (Мар. 5:25–34). Расагъӕс кӕнӕ, Йесо имӕ куд хӕларзӕрдӕ разиндтӕй!
ХӔЛАРЗӔРДӔ АДӔЙМАГ ИННЕТӔН Е ’НХУС НЕ ’ВГЪАУ КӔНУЙ
Ци цӕветтонтӕмӕ ӕркастан, уонӕй зиннуй, ӕцӕг хӕларзӕрдӕдзийнадӕ гъуддӕгтӕй бӕрӕг ке фӕууй. Иннетӕн ӕнхус кӕнун куд ӕхсидзгӕ ӕй, уой бавдесуни туххӕй Йесо радзурдта самариаг лӕги хабар. Кӕд самариӕгтӕ ӕма дзиуиттӕгтӕ кӕрӕдземӕ знаги цӕстӕй кастӕнцӕ, уӕддӕр самариаг лӕг фӕттӕрегъӕд кодта, абӕргутӕ ке фӕннадтонцӕ ӕма надбӕл ӕрдӕгмардӕй ке ниууагътонцӕ, еци дзиуиттаг лӕгӕн. Самариаг лӕг хӕларзӕрдӕ ке адтӕй, уомӕ гӕсгӕ ӕй бафӕндадтӕй еци лӕгӕн банхус кӕнун. Е ин ӕ цӕфтӕбӕл сойнӕ рауагъта ӕма ӕй иуазӕгдзӕрӕнмӕ фӕлласта. Самариаг лӕг иуазӕгдзӕрӕни хецауӕн ӕхца равардта, цӕмӕй еци дзиуиттаг лӕгмӕ базилдайдӕ ӕма ин загъта, уомӕй уӕлдай ма ибӕл ци исхарз кӕна, уой дӕр ма ин ке бафеддзӕй (Лук. 10:29–37).
Хӕларзӕдӕдзийнадӕ ма бавдесӕн ес зӕрдӕфедаргӕнӕн дзурдтӕй дӕр. Библий финст ес: «Сагъӕстӕй адӕймаги зӕрдӕ бамӕгур уй, хуарз дзурдӕй ба зӕрдӕбӕл базуртӕ базайуй» (Ӕмб. 12:25). Хӕларзӕрдӕдзийнадӕ баст ӕй хуарздзийнади * хӕццӕ. Ӕма нӕ еци дууӕ менеуӕги разӕнгард кӕнунцӕ, цӕмӕй иннети дзурдӕй федар кӕнӕн ӕма син е ӕрхӕссуй устур уодӕнцойнӕ. Иннетӕн хуарз дзурдтӕ ку фӕззӕгъӕн, уӕд уотемӕй бавдесӕн, ке сӕбӕл тухсӕн. Ӕма син уой фӕрци ӕнцондӕр уодзӕй сӕ зиндзийнӕдти хӕццӕ тох кӕнун (Ӕмб. 16:24).
НӔ БОН КУД ӔЙ ХӔЛАРЗӔРДӔДЗИЙНАДӔ НӔ УОДИГЪӔДИ ФЕДАР КӔНУН
Хуцау нӕ ӕхемӕ гӕсгӕ ке исфӕлдиста, уомӕ гӕсгӕ адӕнӕн се ’гасей бон дӕр ӕй хӕларзӕрдӕдзийнадӕ ӕвдесун (Райд. 1:27). Зӕгъӕн, Павели Роммӕ ка гъӕуама бахъӕртун кодтайдӕ, еци ромаг ӕфсӕддон хецау Юлий Павелӕн горӕт Сидони «уӕхӕн хуарздзийнадӕ ракодта, ӕма ’й е ’мбӕлттӕмӕ рауагъта, цӕмӕй имӕ фӕккастайуонцӕ» (Гъуд. 27:3). Уомӕй цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте ба Павел ӕма иннӕ бӕлцӕнттӕ ци науӕбӕл цудӕнцӕ, е ку ниппурхӕ ’й, уӕд сакъадах Мальти цӕргутӕ «дессаги хӕларзӕрдӕ разиндтӕнцӕ» – арт син искодтонцӕ, цӕмӕй сӕхе батавтайуонцӕ ӕма исгъар адтайуонцӕ (Гъуд. 28:1, 2). Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, ӕфсӕддон хецау дӕр ӕма Мальти цӕргутӕ дӕр хуарз гъуддӕгтӕ искодтонцӕ. Фал Йегови зӕрдӕ рохс кӕнуни туххӕй хӕларзӕрдӕдзийнадӕ еу хатт бавдесун фагӕ нӕй. Адӕймаг гъӕуама алкӕддӕр уа хӕларзӕрдӕ.
Йегови фӕндуй, цӕмӕй хӕларзӕрдӕдзийнадӕ нӕ уодигъӕди ниффедар кӕнӕн. Уомӕ гӕсгӕ ӕ лӕггадгӕнгутӕн зӕгъуй, цӕмӕй еци менеуӕг искӕнонцӕ, «дӕ уӕле дзаумӕуттӕ куд искӕнай, уотӕ» (Кол. 3:12, феп.). Фал ӕй раст ку зӕгъӕн, уӕд аци менеуӕг алли хатт ӕвдесун ӕнцон нӕ фӕууй. Цума уотӕ цӕмӕн ӕй? Хатгай нин къулумпий хуасӕ фӕууй, ӕфсӕрмигӕнагӕ, ӕнӕнифсхаст кенӕ кӕмидӕр хеуарзон ке ан, е. Удта ма нин, ка ’й зонуй, еци менеуӕг ӕвдесун зин фӕууй, ка нӕ бафхуӕруй, уонӕмӕ. Фал кудфӕнди ма уа, уӕддӕр Йеговӕй ӕ сугъдӕг хъаурӕ ку корӕн ӕма ’й ӕ хӕларзӕрдӕдзийнадӕй ку фӕнзӕн, уӕд нин уӕхӕн цидӕртӕ къулумпий хуасӕ некӕд уодзӕнцӕ (1 Кор. 2:12).
Нӕ бон куд ӕй базонун, цӕхуӕн гъуддӕгти нӕ гъӕуй еци менеуӕгбӕл никки хъӕбӕрдӕр байархайун? Нӕ бон ӕй уӕхӕн фарстатӕбӕл расагъӕс кӕнун: «Иннетӕмӕ лӕмбунӕг фегъосун ӕма фӕййархайун, цӕмӕй сӕ балӕдӕрон? Иннети цӕхуӕн ӕнхус гъӕуй, уомӕ мӕ гъос фӕддарун? Мӕ бийнонтӕй ка нӕй кенӕ ме ’мбал ка нӕй, уонӕн фӕстаг хатт хуарз ести кӕд искодтон?» Уой фӕсте нӕ бон ӕй нӕ рази, зӕгъӕн, уӕхӕн нисан исӕвӕрун, цӕмӕй иннети, уӕлдайдӕр ба нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хуӕздӕр базонӕн. Уотемӕй зондзиан, цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлунцӕ ӕма сӕмӕ цӕмӕй фӕккӕсун гъӕуй, уой. Ӕма удта гъӕуама архайӕн Матфеййи 7:12 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ: «Мадта уӕ алли гъуддаги дӕр куд фӕндуй, цӕмӕй уин адӕн уонцӕ, уотӕ син уотӕ уӕхуӕдтӕ дӕр». Еци менеуӕгбӕл ку архайӕн ӕма си ӕнхус ку корӕн, уӕд нин райарфӕ кӕндзӕй (Лук. 11:13).
АДӔН ХӔЛАРЗӔРДӔДЗИЙНАДӔН ФӔЙЙАРГЪ КӔНУНЦӔ
Апостол Павел ранимадта, Хуцауи лӕггадгӕнӕг ке ӕй, е цӕхуӕн менеугутӕй бӕрӕг ӕй, уой ӕма хӕларзӕрдӕдзийнади кой дӕр искодта (2 Кор. 6:3–6). Павел адӕнбӕл зӕрдиагӕй ке тухстӕй, е бӕрӕг адтӕй ӕ дзурдтӕй дӕр ӕма ӕ гъуддӕгтӕй дӕр, ӕма иннетӕ уомӕн аргъ кодтонцӕ (Гъуд. 28:30, 31). Мах дӕр хӕларзӕрдӕ ку уӕн, уӕд, ка ’й зонуй, иннети дӕр бафӕнддзӕй рӕстдзийнадӕ базонун. Алкӕмӕдӕр, сауӕнгӕ не ’фхуӕргутӕмӕ дӕр, хӕларзӕрдӕ ку уӕн, уӕд, гӕнӕн ес, сӕ зӕрдитӕ арфӕлмӕн уонцӕ ӕма сӕ «маст батайа» (Ром. 12:20, феп.) Ка ’й зонуй сӕ фӕстӕдӕр бафӕнддзӕй Библий туххӕй фулдӕр базонун.
Нӕуӕг дуйней ка райгас уа, етӕ сӕхебӕл бавзардзӕнцӕ, ӕцӕг хӕларзӕрдӕдзийнадӕ ци ӕй, уой, кадӕртӕ, ка ’й зонуй, фиццаг хатт. Ӕма уӕд сӕхе дӕр бафӕнддзӕй еци менеуӕг бавдесун. Хӕларзӕрдӕдзийнадӕ ӕвдесун ӕма иннетӕн ӕнхус кӕнун ке нӕ фӕндӕуа, уӕхӕн адӕнӕн Хуцауи Паддзахади дӕлбарӕ цӕруни фадуат нӕбал уодзӕй. Дзенети ӕносмӕ цӕрдзӕнцӕ, иннети ка уарза ӕма хӕларзӕрдӕ ка уа, ӕрмӕстдӕр етӕ (Пс. 37:9–11). Е уодзӕй, ӕгасӕйдӕр ӕдасӕй ӕма фӕрнӕй кӕми цӕрдзӕнцӕ, уӕхӕн дуйне. Фал цума абони ба еци менеуӕг ци пайда хӕссуй?
ХӔЛАРЗӔРДӔДЗИЙНАДӔ ЦИ ПАЙДА ХӔССУЙ
Библий финст ес: «Иннети ӕновуд уарзтӕй ка уарзуй, е ӕ уодӕн хуарз кӕнуй» (Ӕмб. 11:17). Иннети ӕновуд уарзтӕй ка фӕууарзуй, е фӕууй хӕларзӕрдӕ. Иннетӕ уӕхӕн адӕймагӕн фӕййаргъ кӕнунцӕ, ӕма ин ӕхемӕдӕр хӕларзӕрдӕ фӕуунцӕ. Йесо загъта: «Уӕхуӕдтӕ ци барӕнӕй барайтӕ, уӕхӕн барӕнӕй бардзӕнцӕ сумахӕн дӕр» (Лук. 6:38). Мадта хӕларзӕрдӕ адӕймаг ӕмбал ӕнцонтӕй иссеруй, ӕма цӕрӕнбонтӕмӕ фӕуунцӕ ӕмбӕлттӕ.
Апостол Павел Ефеси ӕмбурди киристӕнтти баразӕнгард кодта, зӕгъгӕ, «кӕрӕдземӕ уотӕ хӕларзӕрдӕ, уӕ кӕрӕдзей зин лӕдӕретӕ, ӕма... кӕрӕдземӕн... зӕрдӕй хатир кӕнтӕ» (Еф. 4:32). Ӕмбурди алкедӕр хӕларзӕрдӕ ку фӕууй, иннети балӕдӕрунбӕл ӕма син банхус кӕнунбӕл ку фӕййархайуй, уӕд е ӕмбурдӕн устур пайда ӕрхӕссуй. Уӕхӕн адӕн неке фудкой фӕккӕнунцӕ, удта зуст кенӕ ӕхсилкъӕ дзурд некӕмӕ фӕккӕнунцӕ. Етӕ фӕййархайунцӕ, цӕмӕй иннети дзурдӕй бафедар кӕнонцӕ (Ӕмб. 12:18). Ӕма уой фӕрци ӕмбурди еугурӕйдӕр Йеговӕн цийнӕгӕнгӕй фӕллӕггадӕ кӕнунцӕ.
Мадта хӕларзӕрдӕдзийнадӕ ӕй, дзурдӕй дӕр ӕма гъуддагӕй дӕр бӕрӕг ка фӕууй, уӕхӕн менеуӕг. Хӕларзӕрдӕ ку фӕууӕн, уӕд уотемӕй нӕ уарзӕгой ӕма рӕдау Хуцау Йегови фӕффӕнзӕн (Еф. 5:1). Ӕма уой фӕрци ӕмбурди ес еудзийнадӕ, удта иннети дӕр бафӕндуй Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун. Гъӕйдӕ мадта нӕ бон цидӕриддӕр ӕй, уой кӕнӕн, цӕмӕй иннетӕ уинонцӕ, Йегови лӕггадгӕнгутӕ хӕларзӕрдӕ ке ’нцӕ!
^ 13 абз. Хуардзийнадӕбӕл дзурд цӕудзӕй, Хуцауи сугъдӕг хъаури рӕзӕмӕ ци менеугутӕ хаунцӕ, уони фӕдбӕл ма ци статьятӕ уодзӕй, уонӕй еуеми.