Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

«Балхӕнӕ рӕстдзийнадӕ ӕма ’й ма рауӕйӕ кӕнӕ»

«Балхӕнӕ рӕстдзийнадӕ ӕма ’й ма рауӕйӕ кӕнӕ»

«Балхӕнӕ рӕстдзийнадӕ ӕма ’й ма рауӕйӕ кӕнӕ. Балхӕнӕ зунд, зундамунд ӕма лӕдӕргӕдзийнадӕ» (ӔМБ. 23:23).

ЗАРТӔ: 94, 96

1, 2. а) Царди дин тӕккӕ хъазардӕр ци ӕй? б) Библийӕй ци базудтан ӕма уой устур хӕзнабӕл цӕмӕн нимайӕн?

ЦАРДИ дин тӕккӕ хъазардӕр ци ӕй? Йегови Ӕвдесӕн ке дӕ, уомӕ гӕсгӕ, ӕвӕдзи, зӕгъдзӕнӕ, Йегови хӕццӕ дин ци лимӕндзийнадӕ ес, е. Уой мах некӕд нецӕбӕл баййевдзиан. Фал ма уомӕй уӕлдай аргъ кӕнӕн, Библийӕй ке базудтан, еци рӕстдзийнадӕн, уомӕн ӕма уой фӕрци иссан Йегови ӕмбӕлттӕ (Кол. 1:9, 10).

2 Йеговӕ ӕй нӕ Разамонӕг ӕма нин рӕстдзийнадӕ ӕргом кӕнуй ӕ Дзурд Библийӕй. Зӕгъӕн, Библий фӕрци нин раргом кодта ӕ ном ӕма ӕ дессаги менеугутӕ, удта нӕ куд берӕ уарзуй ӕма мах туххӕй ӕ хъазар Фурти ке равардта, уой. Уомӕй уӕлдай ма нин Йеговӕ балӕдӕрун кодта, Мессийи Паддзахадӕ ци ӕй, уой. Исӕрст киристӕнттӕн равардта нифс уӕларвон цардӕй, «ӕндӕр фустӕн» ба – зӕнхӕбӕл дзенети цардӕй (Иоан. 10:16). Йеговӕ ма нин лӕдӕрун кӕнуй, куд гъӕуама цӕрӕн, уой дӕр. Библийӕй цидӕриддӕр базудтан, уой устур хӕзнабӕл нимайӕн, уомӕн ӕма еци хӕзнай фӕрци ӕрбахӕстӕг ан не Сфӕлдесӕгмӕ ӕма нӕ царди фӕззиндтӕй нисан.

3. Дзурдбаст «балхӕнӕ рӕстдзийнадӕ» лӕдӕрун куд нӕ гъӕуй?

3 Йеговӕ хӕларзӕрдӕ Хуцау ӕй. Е мах туххӕй ӕ Фурти нивонди ӕрхаста. Йеговӕ ку фӕууинуй, адӕймаг рӕстдзийнадӕ ке агоруй, уой, уӕд ин ӕнӕмӕнгӕй банхус кӕнуй. Рӕстдзийнадӕ кӕмӕн райгон кӕнуй, уонӕй ӕхца некӕд байагоруй. Еухатт еу нӕлгоймаг Симон апостол Петурӕн ӕхца лӕвардта, цӕмӕй уой бон дӕр адтайдӕ иннети сугъдӕг хъаурӕй хайгин кӕнун. Петур ин уой туххӕй хъӕбӕр бауайдзӕф кодта, зӕгъгӕ, «де ’взестӕ дӕ хӕццӕ фесӕфӕд – ду Хуцауи ’стур лӕвар ӕхцайӕй балхӕнунмӕ гъавтай» (Гъуд. 8:18–20). Мадта уӕд дзурдбаст «балхӕнӕ рӕстдзийнадӕ» ци нисан кӕнуй?

НӔ БОН КУД ӔЙ РӔСТДЗИЙНАДӔ «БАЛХӔНУН»

4. Аци статьяй рӕстдзийнади туххӕй ци базондзиан?

4 Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 23:23. Рӕстдзийнадӕ базонуни туххӕй нӕ берӕ хъауритӕ исхарз кӕнун багъудӕй, ӕма ’й мах ӕндӕр естӕбӕл некӕд баййевдзиан. Рӕстдзийнадӕ ку «балхӕнӕн», гъома ’й ку базонӕн, уӕд гъӕуама лӕмбунӕг уӕн, цӕмӕй ӕй макӕд «рауӕйӕ» кӕнӕн, гъома ’й ма фесафӕн. Цума Библий рӕстдзийнадӕ «балхӕнӕн» куд ес, удта ӕ аргъ цӕхуӕн ӕй? Аци фарстабӕл дзуӕппитӕ нин банхус кӕндзӕнцӕ рӕстдзийнадӕн никки хъӕбӕрдӕр аргъ кӕнун ӕма ибӕл федар хуӕцун. Удта ’й хуӕздӕр лӕдӕрдзиан, Йеговӕй ка цӕуй, еци рӕстдзийнадӕй хъазардӕр ке неци ес?

5, 6. а) Нӕ бон куд ӕй ӕнӕ ’хцайӕй рӕстдзийнадӕ балхӕнун? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ. б) Рӕстдзийнадӕ ке базудтан, е нин ци пайда хӕссуй?

5 Ести дӕмӕ лӕварӕй ку ’рхауа, уӕд е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма ин аргъ нӕййес. Ӕмбесӕндти 23:23 дзурд «балхӕнун» ци дзиуиттаг дзурдӕй ратӕлмац кодтонцӕ, е ма нисан кӕнуй «исамал кӕнун». Аци дзурдтӕ сӕ дууӕ дӕр уомӕ амонунцӕ, ӕма адӕймаги цидӕр бакӕнун гъӕуй, цӕмӕй аргъ цӕмӕн кӕнуй, уой райса. Фал е алкӕд ӕхцайӕй кӕнгӕ нӕ фӕууй. Рӕстдзийнадӕ балхӕнӕн куд ес, уой хуӕздӕр балӕдӕруни туххӕй ӕрхӕссӕн еу цӕветтон. Зӕгъӕн, тукани лӕварӕй дӕттунцӕ банантӕ. Цума еци банантӕ сӕхегъӕди дӕ фингӕбӕл равзурдзӕнцӕ? Нӕъ. Уой туххӕй дӕ гъӕуй туканмӕ фӕццӕун ӕма сӕ ӕрбахӕссун. Мадта сӕбӕл кӕд ӕхца федун нӕ гъӕуй, уӕддӕр дӕ цидӕр ба гъӕуй бакӕнун. Уотӕ рӕстдзийнадӕбӕл дӕр ӕхца федун нӕ гъӕуй. Фал ӕй цӕмӕй базонай, уой туххӕй дӕ байархайун гъӕуй, кӕмидӕр ба дӕхе естӕмӕйти фӕццох кӕнун дӕр.

6 Бакӕсӕ Исаййи 55:1–3. Аци стихти фӕрци нин ӕй Йеговӕ лӕдӕрун кӕнуй, рӕстдзийнадӕ балхӕнун ци нисан кӕнуй, уой. Йеговӕ рӕстдзийнадӕ рабарста дон, ӕхсир ӕма сӕни хӕццӕ. Дон ӕдонуг куд сӕттуй ӕма хъауритӕ куд дӕттуй, уотӕ рӕстдзийнадӕ дӕр адӕймагмӕ нӕуӕг хъауритӕ бауадзуй. Ӕхсири фӕрци ба сувӕллон куд ирӕзуй ӕма куд федардӕр кӕнуй, уотӕ Библий рӕстдзийнади фӕрци дӕр адӕймаг Йеговӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕнуй. Йеговӕ ма ӕ Дзурд рабарста сӕни хӕццӕ, уомӕн ӕма сӕнӕ адӕймаги зӕрдӕ игъӕлдзӕг кӕнуй (Пс. 104:15). Мадта дзурдтӕ, «есетӕ сӕнӕ», зӕгъгӕ, уобӕл дзорӕг ӕнцӕ, ӕма Йегови унаффитӕмӕ гӕсгӕ ку цӕрӕн, уӕд амондгун уодзиан (Пс. 19:8). Аци рабарстити фӕрци нин Йеговӕ лӕдӕрун кӕнуй, рӕстдзийнадӕ ке базудтан ӕма нӕ цард уомӕ гӕсгӕ ке исаразтан, е нин цӕхуӕн устур пайда ӕрхаста, уой. Нур ба ӕркӕсӕн, цӕхуӕн фондз гъуддагемӕй нӕ бон ӕй «рӕстдзийнадӕ балхӕнун», уомӕ.

РӔСТДЗИЙНАДӔ ЦӔМӔЙ БАЛХӔДТАЙ

7, 8. а) Рӕстдзийнадӕ базонуни туххӕй рӕстӕг рахецӕн кӕнун цӕмӕн фӕгъгъӕуй? б) Еу ӕригон кизгӕ рӕстдзийнадӕ цӕмӕй балхӕдта ӕма ин е ци пайда ӕрхаста?

7 Рӕстӕг. Алкедӕр ни гъудӕй рӕстӕг рахецӕн кӕнун, цӕмӕй Паддзахади хабармӕ байгъустайанӕ, Библи ӕма Библибӕл арӕзт литературӕ кастайанӕ, Йегови Ӕвдесӕнти хӕццӕ Библи ахур кодтайанӕ, нӕхе ӕмбурдтӕмӕ цӕттӕ кодтайанӕ ӕма еци ӕмбурдтӕмӕ цудайанӕ. Цӕмӕй еци гъуддӕгтӕн рӕстӕг иссирдтайанӕ, уой туххӕй нӕ гъудӕй, уотӕ ӕхсидзгӕ ка н’ адтӕй, еци гъуддӕгтӕ фӕууадзун. (Бакӕсӕ Ефесӕгтӕмӕ 5:15, 16 ӕма феппайуйнаг.) Цӕйбӕрцӕ рӕстӕг нӕ гъӕуй, цӕмӕй Библий сӕйраг ахурӕдтӕ базонӕн? Е алли адӕймагӕн дӕр ӕхецӕй кӕнгӕ ’й. Ӕной уотӕ зӕгъӕн некӕд уодзӕй, ӕма Йегови туххӕй алцидӕр базудтан, уомӕн ӕма ӕ зунд ӕма гъуддӕгтӕ ӕнӕкӕрон ӕнцӕ (Ром. 11:33). «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги» фиццаг номери Библий рӕстдзийнадӕ барст цудӕй рӕсугъд дидинӕги хӕццӕ. Уоми финст адтӕй: «Рӕстдзийнади дидингутӕй еуебӕл ма ’рлӕууетӕ. Еу фагӕ ку адтайдӕ, уӕд иннетӕ н’ адтайуонцӕ. Ӕмбурд сӕ кӕнтӕ, ӕнӕрлӕугӕй сӕ агоретӕ». Мадта дӕхе бафӕрсӕ: «Йегови туххӕй цӕйбӕрцӕ зонун?» Ӕносмӕ цӕргӕй дӕр нин алкӕддӕр уодзӕй, Йегови туххӕй нӕуӕгӕй ци базонӕн, е. Абони уӕлдай ӕхсидзгӕдӕр ӕй рӕстӕгӕй раст пайда кӕнун, цӕмӕй Йегови туххӕй фулдӕр базонӕн. Ӕркӕсӕн, уотӕ ка архайуй, уони хабӕрттӕмӕ.

8 Японийӕй еу ӕригон кизгӕ Марико * Нью-Йоркмӕ ахур кӕнунмӕ рандӕ ’й. Еухатт ибӕл еу пионер хуӕрӕ хӕдзарӕй-хӕдзарӕмӕ игъосун кӕнгӕй рамбалдӕй. Марико цӕхуӕндӕр динбӕл хуӕст адтӕй, фал уӕддӕр еци хуӕри хӕццӕ Библи ахур кӕнун райдӕдта. Библийӕй ци базудта, е ӕ зӕрдӕмӕ уотӕ хъӕбӕр фӕццудӕй, ӕма хуӕрӕн загъта, цӕмӕй ӕ хӕццӕ къуӕре дууӕ хатти ахур кодтайдӕ. Кӕд ахур дӕр ӕма косгӕ дӕр кодта, уӕддӕр ӕмбурдтӕмӕ цӕун райдӕдта. Йегови туххӕй ӕй фулдӕр базонун ке фӕндадтӕй, уомӕ гӕсгӕ уолӕфунбӕл минкъийдӕр рӕстӕг харз кодта. Уой фӕрци Марико Йеговӕмӕ хӕстӕгдӕр кодта, ӕма ибӕл анз дӕр нӕ рацудӕй, уотемӕй донаргъуд райста. Ӕхсӕз мӕйи фӕсте ба, 2006 анзи, пионерӕй лӕггадӕ кӕнун райдӕдта ӕма абони уӕнгӕ дӕр лӕггадӕ кӕнуй.

9, 10. а) Адӕймаг рӕстдзийнадӕ ку базонуй, уӕд иннӕ гъуддӕгтӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсун райдайуй? б) Еу ӕригон кизгӕ рӕстдзийнадӕ цӕхуӕн аргъӕй балхӕдта ӕма уой туххӕй ци зӕгъуй?

9 Ци нӕмӕ ес, е. Рӕстдзийнадӕ базонуни туххӕй ни беретӕ аци дуйней хуарз куст кенӕ устур бунат ниууагътонцӕ. Зӕгъӕн, Петур ӕма Андрей адтӕнцӕ кӕсалгахӕсгутӕ, фал син Киристе ку загъта, цӕмӕй ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕ иссайуонцӕ, уӕд сӕ кӕсалгӕ ахӕссуни куст фӕууагътонцӕ (Матф. 4:18–20). Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма абони рӕстдзийнадӕ ка базудта, е гъӕуама ӕ куст ниууадза. Косун ӕма бийнонтӕ дарун ни алкедӕр гъӕуй (1 Тим. 5:8). Фал рӕстдзийнадӕ ку базудтай, уӕд ӕхцамӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсун райдӕдтай. Нур ӕй лӕдӕрис ӕцӕгӕйдӕр ӕхсидзгӕ ци ӕй, уой. Киристе загъта: «Зӕнхӕбӕл уӕхецӕн хӕзнатӕ мабал ӕмбурд кӕнтӕ... фал уӕхецӕн хӕзнатӕ ӕмбурд кӕнтӕ уӕлӕрвти» (Матф. 6:19, 20). Уотӕ архайдта еу ӕригон кизгӕ Марийӕ дӕр.

10 Марийӕ ма минкъий ку адтӕй, уӕд уарзта гольфӕй гъазун. Хестӕр кълӕсти ба никки хуӕздӕр гъазун райдӕдта ӕма ин университети ахур кӕнунмӕ стипенди равардтонцӕ. Марийӕн ӕ нисӕнттӕ еугурӕйдӕр гольфи хӕццӕ баст адтӕнцӕ ӕма ’й фӕндадтӕй никки ӕнтӕстгундӕр исун ӕма устур ӕхцатӕ косун. Фал еци рӕстӕг райдӕдта Йегови Ӕвдесӕнти хӕццӕ Библи ахур кӕнун. Ци базонидӕ, е ӕ зӕрдӕмӕ гъарун райдӕдта, ӕма архайгӕ дӕр уомӕ гӕсгӕ кодта. Марийӕ зӕгъуй: «Мӕ цард Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ куд аразгӕ цудтӕн, уотӕ никки амондгундӕр кодтон». Марийӕ балӕдӕрдтӕй, зин ин ке уодзӕй Хуцауи гъуддӕгти дӕр архайун ӕма спорти дӕр размӕ цӕун (Матф. 6:24). Уомӕ гӕсгӕ хуӕздӕр ци адтӕй, уой равзурста ӕма еци спорт ниууагъта. Нур Марийӕ пионерӕй лӕггадӕ кӕнуй ӕма ӕхуӕдӕг куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ абони берӕ амондгундӕр цард кӕнуй.

11. Рӕстдзийнадӕ ку базонӕн, уӕд нӕмӕ арӕх нӕ хеуӕнтти ӕма не ’мбӕлтти цӕстингас куд раййевуй?

11 Хеуӕнттӕ ӕма ӕмбӕлттӕ. Нӕ цард Библий рӕстдзийнадӕмӕ гӕсгӕ аразун ку райдайӕн, уӕд нӕмӕ арӕх не ’мбӕлттӕ ӕма хеуӕнттӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсун райдайунцӕ. Цума цӕмӕн? Еухатт Йесо ӕ ахуркӕнуйнӕгти туххӕй кувта: «Искӕдзос сӕ кӕнӕ рӕстдзийнади фӕрци. Дӕ дзурд ӕй рӕстдзийнадӕ» (Иоан. 17:17; феп.). Дзурдбаст «искӕдзос кӕнун» ма нисан кӕнуй «райеуварс кӕнун». Библий рӕстдзийнадӕмӕ гӕсгӕ цӕрун ку райдӕдтан, уӕд аци дуйнейӕй райеуварс ан, уомӕн ӕма мах ци уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрӕн, етӕ хецӕн кӕнунцӕ, фулдӕр адӕн куд цӕрунцӕ, уомӕй. Ӕма кӕд нӕхуӕдтӕ аллихузи дӕр фӕййархайӕн, цӕмӕй нӕ хеуӕнтти хӕццӕ лимӕнӕй цӕрӕн, уӕддӕр арӕх нӕ цард сӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕццӕуй, хатгай ба ма нӕ нихмӕ дӕр исунцӕ. Ӕма е дессаг нӕй, уомӕн ӕма Киристе уотӕ загъта: «Адӕймагӕн е знӕгтӕ уодзӕнцӕ ӕхе бийнонтӕ» (Матф. 10:36). Фал Йесо зӕрдӕ байвардта, рӕстдзийнади туххӕй цийфӕнди ма ниууадзӕн, уӕддӕр фӕстӕмӕ дзӕвгарӕ фулдӕр ке райсдзиан! (Бакӕсӕ Марки 10:28–30.)

12. Еу дзиуиттаг нӕлгоймаг рӕстдзийнадӕ балхӕнунбӕл цӕхуӕн аргъ бафиста?

12 Еу дзиуиттаг лӕг Аарон алкӕддӕр ӕууӕндтӕй, Хуцауи ном дзорун ке не ’нгъезуй, уобӕл. Фал ӕй Хуцауи туххӕй рӕстдзийнадӕ базонун ба уӕддӕр фӕндадтӕй. Еухатт ин Йегови Ӕвдесӕнтӕ балӕдӕрун кодтонцӕ, Хуцауи ном ци цуппар дамугъайӕй финст ӕй, уобӕл гъӕлӕсон дамугъатӕ ку бафтауай, уӕд си Йеговӕ ке рауайдзӕй. Аарон ӕ фур дессагӕй уой радзурдта синагоги раввинтӕн. Уотӕ имӕ кастӕй, ӕма етӕ дӕр уой ку базононцӕ, уӕд хъӕбӕр цийнӕ кӕндзӕнцӕ. Фал гъуддаг бустӕги ӕндӕрхузи рауадӕй. Раввинтӕ имӕ рамӕстгун ӕнцӕ, тутӕ кӕнун ибӕл райдӕдтонцӕ ӕма ’й синагогӕй ратардтонцӕ. Мадта ӕ бийнонтӕ дӕр нӕ бацийнӕ ’нцӕ. Фал Аарони неци бауорӕдта ӕма архайун райдӕдта, цӕмӕй Йегови туххӕй фулдӕр базудтайдӕ. Аарон иссӕй Йегови Ӕвдесӕн ӕма цалинмӕ цардӕй, уӕдмӕ Йеговӕн еузӕрдонӕй лӕггадӕ кодта. Мах дӕр гъӕуама цӕттӕ уӕн, рӕстдзийнадӕмӕ гӕсгӕ цӕрун ку райдайӕн, уӕд нӕ иннетӕ ке нӕ лӕдӕрдзӕнцӕ, уомӕ.

13, 14. Рӕстдзийнадӕ балхӕнунмӕ адӕймаги цӕхуӕн ӕййивддзийнӕдтӕ фӕгъгъӕуй искӕнун? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.

13 Цъумур сагъӕстӕ ӕма гъуддӕгтӕ. Рӕстдзийнадӕ ку базудтан ӕма Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрун ку райдӕдтан, уӕд цӕттӕ адтан нӕ зундахаст ӕма нӕ гъуддӕгтӕ раййевунмӕ. Апостол Петур финста: «Уотӕ коммӕгӕс сувӕллӕнттӕ ӕма, Хуцауи ку нӕма зудтайтӕ, уӕд ци монцти фӕдбӕл цудайтӕ, уони фӕдбӕл мабал цотӕ». Удта ма загъта: «Алли гъуддаги дӕр уотӕ кӕдзос» (1 Пет. 1:14, 15). Рагон горӕт Коринфи цӕргутӕ хъӕбӕр ихӕлд адтӕнцӕ. Ӕма си Йегови цӕсти кӕдзос цард кӕнун ке фӕндадтӕй, уони берӕ цидӕртӕ гъудӕй раййевун (1 Кор. 6:9–11). Абони рӕстдзийнадӕ ка базонуй, уонӕй дӕр беретӕ уӕхӕн ӕййивддзийнӕдтӕ искӕнунцӕ. Апостол Петур ниффинста: «Фагӕ уин ӕй, раздӕр аци дуйней адӕни зундмӕ гӕсгӕ ке цардайтӕ, е: ихӕлд миутӕ кодтайтӕ, уе ’нӕфсӕрмӕ монцти фӕдбӕл цудайтӕ, ниуӕзтӕй бӕрцӕ нӕ зудтайтӕ, ӕнӕуагӕ цӕлӕ-мийнасӕ кодтайтӕ, фудниуӕзт кодтайтӕ ӕма кодтайтӕ, закъони нихмӕ ка ӕй, еци гъуддаг – мӕнгӕхуцӕуттӕн кувтайтӕ» (1 Пет. 4:3).

14 Девинн ӕма Джасмин берӕ ӕнзти дӕргъи фудниуӕзт кодтонцӕ. Девинн бухгалтери куститӕмӕ хуарз арӕхстӕй, фал ӕ ниуӕзти туххӕй еунӕг кусти дӕр берӕ нӕ ниллӕуидӕ. Джасмини ба адӕн зудтонцӕ е ’нӕхатир ӕма ӕнахъӕл миутӕй. Еухатт ибӕл надбӕл, расуг адтӕй, уотемӕй, дууӕ миссионери рамбалдӕнцӕ ӕма ин загътонцӕ, кӕд дӕ фӕндуй, уӕд дӕмӕ иннӕ къуӕре ӕрбацӕудзиан ӕма дӕ хӕццӕ Библи ахур кӕнун райдайдзиан, зӕгъгӕ. Фал сӕмӕ ку ’рбацудӕнцӕ, уӕд сӕ расугӕй ӕрбаййафтонцӕ. Девинн ӕма Джасминӕй не ’руагӕс кодта, еци миссионертӕ сӕбӕл ӕцӕгӕй ке тухсунцӕ ӕма сӕмӕ ке ӕрбацӕудзӕнцӕ, е. Ӕма сӕмӕ дуккаг хатт ку ’рбацудӕнцӕ, уӕд сӕ дууӕ дӕр ӕрвонг адтӕнцӕ, ӕма Библий ахур кӕнунмӕ цӕттӕ адтӕнцӕ. Тагъд рӕстӕги Девинн ӕма Джасмин райдӕдтонцӕ сӕ царди ӕййивддзийнӕдтӕ кӕнун. Ӕртӕ мӕйи дӕр нӕ рацудӕй, уотемӕй сӕ ниуӕзтӕ ниууагътонцӕ, удта загс дӕр искодтонцӕ. Девинн ӕма Джасмин куд раййивтонцӕ, уой уингӕй ма берети бафӕндадтӕй Библи ахур кӕнун.

15. Рӕстдзийнади туххӕй зин ниууадзӕн ци фӕууй ӕма цӕмӕн?

15 Хуцауи зӕрдӕмӕ ка нӕ цӕуй, уӕхӕн ӕгъдӕуттӕ. Еуӕй-еуетӕ, Хуцауи зӕрдӕмӕ ка нӕ цӕуй, уӕхӕн ӕгъӕдӕуттӕ ӕнцонтӕй ниууадзунцӕ. Иннетӕн ба е ӕнцон нӕ фӕууй, уомӕн ӕма сӕмӕ сӕ бийнонтӕ, се ’мкосгутӕ ӕма се ’мбӕлттӕ цӕхуӕн цӕстӕй ракӕсдзӕнцӕ, уобӕл фӕттухсунцӕ. Етӕ ’й зонунцӕ, адӕн цӕхуӕндӕр ӕгъдӕуттӕбӕл куд федар хуӕст фӕуунцӕ, уой, зӕгъӕн, мӕрдтӕн ке фӕккӕнунцӕ, еци ӕгъдӕуттӕбӕл (Дук. з. 14:1). Цума нин ци банхус кӕндзӕй, Хуцауи зӕрдӕмӕ ка нӕ цӕуй, еци гъуддӕгтӕ ниууадзун? Ӕркӕсӕн, рагидзаманти Ефеси ка цардӕй, еци киристӕнттӕ Хуцауи зӕрдӕ рохс кӕнуни туххӕй сӕ царди ци раййивтонцӕ, уомӕ.

16. Ефеси киристӕнттӕ рӕстдзийнадӕ балхӕнуни туххӕй ци бакодтонцӕ?

16 Рагон горӕт Ефес дӕснифӕрсгутӕй идзаг адтӕй. Цума уонӕй киристӕнттӕ ка иссӕй, етӕ куд бакодтонцӕ? Библий финст ес: «Дӕснифӕрсгутӕй ба беретӕ сӕ киунугутӕ ӕрӕмбурд кодтонцӕ ӕма сӕ се ’гасей рази басугътонцӕ. Сӕ аргъ син ку банимадтонцӕ, уӕд рауадӕй фӕндзай мин ӕвзестӕ ’хцай. Гъе уӕхӕн хъаурӕ адтӕй Йегови дзурдӕн: хъӕбӕрӕй-хъӕбӕрдӕр парахат кодта ӕма уӕлахез кодта» (Гъуд. 19:19, 20). Еци еузӕрдон киристӕнттӕ сӕ хъазар киунугутӕбӕл ӕнӕвгъауӕй бандзарстонцӕ, ӕма син Йеговӕ уой туххӕй райарфӕ кодта.

17. а) Беретӕ ни рӕстдзийнадӕ цӕхуӕн аргъӕй балхӕнунцӕ? б) Иннӕ статьяй цӕхуӕн фарстатӕмӕ ӕркӕсдзиан?

17 Ду ба рӕстдзийнадӕ балхӕнуни туххӕй ци равардтай? Алкедӕр ни дӕттуй ӕ рӕстӕг. Еуӕй-еуетӕн ба сӕ бон адтӕй гъӕздуг цард кӕнун, фал рӕстдзийнадӕ равзурстонцӕ. Кӕмӕдӕрти ба ни нӕ хеуӕнттӕ ӕма ӕмбӕлттӕ ниффуд ӕнцӕ. Беретӕ раййивтонцӕ сӕ зундахаст ӕма сӕ гъуддӕгтӕ, удта ниууагътонцӕ, Йегови зӕрдӕмӕ ка нӕ цӕуй, еци ӕгъдӕуттӕ. Мах ӕй федарӕй зонӕн, Библий рӕстдзийнадӕ, цидӕриддӕр ниууагътан, уомӕй берӕ хъазардӕр ке ӕй. Уой фӕрци Йеговӕмӕ бахӕстӕг ан ӕма нин царди уомӕй хъазардӕр неци ес. Рӕстдзийнади фӕрци ци арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин ан, уобӕл ку фӕссагъӕс кӕнӕн, уӕд нин хъӕбӕр зин балӕдӕрӕн фӕууй, еуӕй-еуетӕ еци рӕстдзийнадӕ куд «рауӕйӕ кӕнунцӕ», уой. Цума уотӕ цӕмӕн рауайуй? Ӕма нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй нӕбӕл уӕхӕн хабар макӕд ӕрцӕуа? Аци фарстатӕбӕл дзурд цӕудзӕй иннӕ статьяй.

^ 8 абз. Аци статьяй кӕцидӕр нӕмттӕ ӕййивд ӕнцӕ.