Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

«Ӕз цӕудзӕн дӕ раст надбӕл»

«Ӕз цӕудзӕн дӕ раст надбӕл»

«О Йеговӕ, исаразӕ мӕ дӕ надбӕл, ӕз цӕудзӕн дӕ раст надбӕл» (ПС. 86:11).

ЗАРТӔ: 31, 72

1–3. а) Библий рӕстдзийнадӕ нин цӕйбӕрцӕбӕл хъазар ӕй? Ӕрхӕссӕ цӕветтон. (Кӕсӕ хузӕмӕ статьяй райдайӕни.) б) Аци статьяй цӕхуӕн фарстатӕмӕ ӕркӕсдзиан?

АБОНИ арӕх фӕууй уотӕ, ӕма адӕн ести балхӕнунцӕ, уой фӕсте ба ’й фӕстӕмӕ раттунцӕ. Интернети ке балхӕнунцӕ, уони ба никки арӕхдӕр раздахунцӕ. Ка ’й зонуй, еци дзаума цӕхуӕн ӕнгъӕл адтӕнцӕ, уӕхӕн нӕ разиннуй кенӕ нӕ фӕббӕззуй. Уомӕ гӕсгӕ ’й кенӕ ӕндӕр естӕбӕл баййевунцӕ кенӕ ба се ’хца фӕстӕмӕ райсунцӕ.

2 Фал мах нӕ фӕндуй Библий рӕстдзийнадӕ дзаумай хузӕн фӕстӕмӕ раттун. Рӕстдзийнадӕ еу ӕлхӕд бакодтан, гъома ’й базудтан, ӕма нӕ нӕ фӕндуй, цӕмӕй ӕй ескӕд рауӕйӕ кӕнӕн, гъома ’й ниууадзӕн. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 23:23; 1 Тим. 2:4.) Айразиккон статьяй радзурдтан, рӕстдзийнадӕ цӕмӕй балхӕдтан, уобӕл. Зӕгъӕн, ӕндӕр гъуддӕгтӕбӕл бахарз кӕнун нӕ бон ке адтӕй, еци рӕстӕгӕй кенӕ, берӕ ӕхца бакосун нӕ бон кӕми адтӕй, уӕхӕн кустӕй. Уомӕй уӕлдай ма нӕмӕ, ка ’й зонуй, нӕ хеуӕнттӕ ӕма не ’мбӕлттӕ дӕр ниффуд ӕнцӕ. Удта нӕ зундахаст ӕма нӕ гъуддӕгтӕ раййивтан ӕма Хуцауи зӕрдӕмӕ ка нӕ цӕуй, еци ӕгъдӕуттӕ ниууагътан. Фал ӕй мах зонӕн, рӕстдзийнади фӕрци ци арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин ан, етӕ берӕ хъазардӕр ке ’нцӕ, ци аргъ сӕбӕл бафистан, уомӕй.

3 Уой балӕдӕрун кӕнуни туххӕй Киристе радзурдта згъӕрдортӕ агорӕг сӕудегери хабар. Еци сӕудегер еу хъазар дор ку иссирдта, уӕд еци фӕдбӕл рауӕйӕ кодта, цидӕриддӕр имӕ адтӕй, уой, цӕмӕй ӕй балхӕдтайдӕ. Еци згъӕрдор ӕй рӕстдзийнадӕ Хуцауи Паддзахади туххӕй. Аци цӕветтонӕй Киристе бавдиста, рӕстдзийнадӕ, ка ӕй иссеруй, уонӕн куд хъазар фӕууй, уой (Матф. 13:45, 46). Библий рӕстдзийнадӕ ку базудтан, зӕгъӕн, Хуцауи Паддзахади хабар, уӕд мах дӕр цӕттӕ адтан, еци рӕстдзийнади туххӕй алцидӕр раттунмӕ. Ӕма ин идарддӕр дӕр гъе уотӕ ку аргъ кӕнӕн, уӕд ӕй некӕд фесафдзиан. Гъигагӕн, Йегови лӕггадгӕнгутӕй кадӕртӕ байронх ӕнцӕ, рӕстдзийнадӕн цӕхуӕн аргъ ес, уой, ӕма ’й «рауӕйӕ кодтонцӕ». Мах нӕ фӕндуй, цӕмӕй ни ескӕбӕл уӕхӕн хабар ӕрцӕуа. Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ гъӕуама «идарддӕр дӕр рӕстдзийнадӕмӕ гӕсгӕ цӕрӕн». (Бакӕсӕ 3 Иоанни 2–4.) Е ба уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма ’й гъӕуама нӕ царди фиццаг бунати ӕвӕрӕн ӕма уой нӕ гъуддӕгтӕй ӕвдесӕн. Фал еуӕй-еуетӕ рӕстдзийнадӕ рауӕйӕ кӕнунцӕ, гъома ’й ниууадзунцӕ. Цума уотӕ куд рауайуй ӕма цӕмӕн? Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй нӕбӕл уӕхӕн хабар макӕд ӕрцӕуа? Удта нӕ бон куд ӕй «раст надбӕл» никки федардӕр къахдзӕфтӕй цӕун?

ЕУӔЙ-ЕУЕТӔ РӔСТДЗИЙНАДӔ КУД «РАУӔЙӔ» КӔНУНЦӔ ӔМА ЦӔМӔН

4. Киристей рӕстӕги еуӕй-еуетӕ рӕстдзийнади над цӕмӕн ниууагътонцӕ?

4 Киристей рӕстӕги еуӕй-еуетӕ ӕрлӕудтӕнцӕ рӕстдзийнади надбӕл, фал ӕй удта ниууагътонцӕ. Зӕгъӕн, Киристе хъӕбӕр берӕ адӕнӕн дессаги хузи ку бахуӕрун кодта, уӕд ма адӕн Галилейи денгизи иннӕ фарсмӕ дӕр ӕ фӕдбӕл ӕрбацудӕнцӕ. Фал син уӕд Йесо загъта, хъӕбӕр ӕнахур сӕмӕ ка фӕккастӕй, уӕхӕн дзурдтӕ: «Адӕймаги Фурти бауӕр ку нӕ хуӕрайтӕ ӕма ин ӕ тог ку нӕ ниуазайтӕ, уӕд цард нӕ фӕууиндзиайтӕ». Еци дзурдтӕ куд лӕдӕргӕ ’нцӕ, уобӕл бафӕрсуни бӕсти адӕн загътонцӕ: «Айӕ ци ӕнахур дзубандитӕ кӕнуй! Ке бон ӕй уӕхӕн цӕмӕдӕрти игъосун?» Ӕма «уой туххӕй ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕй беретӕ сӕ раздӕри гъуддӕгтӕмӕ раздахтӕнцӕ ӕма ӕ хӕццӕ нӕбал цудӕнцӕ» (Иоан. 6:53–66).

5, 6. а) Абони еуӕй-еуетӕ рӕстдзийнади надӕй цӕмӕн райеуварс унцӕ? б) Адӕймаги рӕстдзийнади надӕй кутемӕй рахӕссуй?

5 Гъигагӕн, мах рӕстӕги дӕр кадӕртӕ зонгӕ-зонгӕй рӕстдзийнади надӕй райеуварс унцӕ. Ка ’й зонуй син къулумпий хуасӕ иссӕй, Библийӕй кӕцидӕр стихтӕ ӕндӕрхузи лӕдӕрун ке райдӕдтан, е кенӕ ба бӕрнон ӕнсувӕртӕй кадӕр, ци загъта кенӕ ци бакодта, е. Кӕмӕндӕр ба къулумпий хуасӕ иссӕй, Библийӕй ин унаффӕ ке равардтонцӕ кенӕ ӕмбурди кедӕр хӕццӕ ке нӕ бафедудта, е. Кенӕ ба, ка ’й зонуй, райдӕдтонцӕ, раст дин ка ниууагъта ӕма нӕ нихмӕ ка рацудӕй, уонӕмӕ игъосун. Атӕ ӕнцӕ, адӕймаг Йеговӕй ӕма ӕмбурдӕй ке туххӕй раидард уй, еци гъуддӕгтӕй кӕцидӕртӕ (Дзиуит. 3:12–14). Апостол Петур нин хуарз цӕветтон ниууагъта. Иннетӕ Киристей ӕ дзурдти туххӕй ку ниууагътонцӕ, уӕд Йесо ӕ апостолтӕн загъта: «Ка ’й зонуй, сумах дӕр фӕндуй рандӕ ун». Фал ин Петур ба уотӕ: «Хецау, кӕмӕ гъӕуама рандӕ уӕн? Дӕумӕ ку ’нцӕ, ӕносон цардмӕ ка кӕнуй, еци дзурдтӕ» (Иоан. 6:67–69).

6 Иннетӕ ба рӕстдзийнади надӕй минкъийгай райеуварс унцӕ, лӕдӕргӕ дӕр ӕй нӕ бакӕнунцӕ, уотемӕй. Уӕхӕн адӕймаги рабарӕн ес, минкъийгай билӕй ке рахӕссуй, уӕхӕн лодкай хӕццӕ. Библи нин фӕдзӕхсуй, цӕмӕй нӕхемӕ лӕмбунӕг кӕсӕн ӕма нӕ «еуварс ма рахӕсса» (Дзиуит. 2:1). Арӕх ӕй адӕймаг лӕдӕргӕ дӕр нӕ бакӕнуй, еуварс ӕй куд рахӕссуй, уой. Уӕхӕн адӕймагӕн минкъийгай Йегови хӕццӕ ӕ лимӕндзийнадӕ ӕрлӕмӕгъ уй, ӕма си еу афони раидард уй. Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй нӕбӕл уӕхӕн хабар макӕд ӕрцӕуа?

НӔ БОН ЦИ ӔЙ КӔНУН, ЦӔМӔЙ РӔСТДЗИЙНАДӔ МАКӔД РАУӔЙӔ КӔНӔН

7. Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй рӕстдзийнадӕ макӕд рауӕйӕ кӕнӕн?

7 Цӕмӕй идарддӕр дӕр рӕстдзийнади надбӕл цӕуӕн, уой туххӕй гъӕуама игъосӕн, Йеговӕ нин цидӕриддӕр дзоруй, уомӕ. Рӕстдзийнадӕ нин царди фиццаг бунати гъӕуама уа, удта алли гъуддаги дӕр гъӕуама Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ архайӕн. Паддзах Давид Йеговӕмӕ ковгӕй загъта: «Ӕз цӕудзӕн дӕ раст надбӕл» (Пс. 86:11). Давидӕн е ӕ федар фӕндӕ адтӕй ӕма махӕн дӕр гъӕуама уотӕ уа. Уотӕ ку нӕ уа, уӕд, гӕнӕн ес, ӕма рӕстдзийнади туххӕй ци гъуддӕгтӕ ниууагътан, уонӕмӕ нӕуӕгӕй нӕ зӕрдӕ дзорун райдайдзӕй ӕма ма сӕмӕ фӕстӕмӕ дӕр раздӕхдзиан. Уомӕн гӕнӕн нӕййес, цӕмӕй Библий рӕстдзийнадӕй цидӕр нӕ зӕрдӕмӕ райсӕн, цидӕр ба нӕ. Рӕстдзийнадӕ гъӕуама ӕнӕгъӕнӕйдӕр райсӕн (Иоан. 16:13). Айразиккон статьяй ӕркастан, рӕстдзийнадӕ цӕхуӕн фондз гъуддагемӕй балхӕдтан, уомӕ. Гъӕйдӕ нур ба ӕркӕсӕн, нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй ци ниууагътан, уомӕ макӕдбал раздӕхӕн (Матф. 6:19).

8. Еуӕй-еуетӕ сӕ рӕстӕгӕй куд пайда кӕнунцӕ, уой туххӕй рӕстдзийнади надӕй куд райеуварс унцӕ? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.

8 Рӕстӕг. Цӕмӕй рӕстдзийнади надӕй макӕд райеуварс уӕн, уой туххӕй гъӕуама нӕ рӕстӕгӕй раст пайда кӕнӕн. Уотӕ ку нӕ кӕнӕн, уӕд нин уолӕфт, ерхӕфсӕнтӕ, интернет ӕма телевизорбӕл рандӕ уодзӕй. Кӕд еци гъуддӕгти лӕгъузӕй неци ес, уӕддӕр нӕ бон адтайдӕ еци рӕстӕг Библи ӕртасунбӕл кенӕ Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунбӕл бахарз кӕнун. Ӕркӕсӕн еу хуӕрӕ Эмми * хабармӕ. Минкъий ма ку адтӕй, уӕд бӕхтӕ берӕ уарзта. Фал ӕй лӕдӕрун райдӕдта, ӕгӕр берӕ рӕстӕг сӕбӕл ке харз кӕнуй, ӕма ’й бафӕндадтӕй ести раййевун. Уомӕй уӕлдай ма Эммӕ бакастӕй, догъон бӕхбӕл трюктӕ ка кодта, уӕхӕн хуӕрӕ Кори Уеллси хабармӕ *. Нур Эммӕ Йеговӕн фулдӕр рӕстӕг лӕггадӕ кӕнуй, удта ӕ бийнонтӕ ӕма е ’мбӕлтти хӕццӕ дӕр фулдӕр рӕстӕг ӕрветуй, ӕма етӕ дӕр Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунцӕ. Эммӕ ’й балӕдӕрдтӕй, Йеговӕмӕ никки хӕстӕгдӕр ке иссӕй, уой. Удта амондгун ӕй, уомӕн ӕма ’й зонуй, ӕ рӕстӕгӕй раст ке пайда кӕнуй.

9. Ӕхца ӕма дзаумӕуттӕ киристонӕн ӕхсидзгӕдӕр куд исунцӕ?

9 Ци нӕмӕ ес, е. Цӕмӕй нӕ бон уа идарддӕр рӕстдзийнади надбӕл цӕун, уой туххӕй гъӕуама нӕхемӕ лӕмбунӕг кӕсӕн, цӕмӕй нин ӕхца ӕма дзаумӕуттӕ фиццаг бунати ма исуонцӕ. Рӕстдзийнадӕ ку базудтан, уӕд ӕй балӕдӕрдтан, Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунӕй ӕхсидзгӕдӕр ке неци ес, ӕма уой туххӕй нӕхе берӕ цӕмӕйдӕрти фӕццох кӕнунмӕ дӕр цӕттӕ адтан. Фал рӕстӕг цӕуй, ӕма ’й уинӕн, беретӕ сӕхецӕн нӕуӕг цидӕртӕ ке ӕлхӕнунцӕ, зӕгъӕн, телефонтӕ ӕма ӕндӕр уӕхӕн дзаумӕуттӕ ӕма сӕбӕл цийнӕ кӕнунцӕ. Гӕнӕн ес, ӕма сӕмӕ хицӕ кӕнун райдайӕн, удта нӕмӕ ци ес, уомӕй арази мабал уӕн. Уотемӕй не ’ргом фулдӕр ӕздахун райдайдзиан ӕхца ӕма дзаумӕуттӕмӕ, Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунмӕ нӕ, фал. Уӕхӕн хабар ӕрцудӕй Димасбӕл. Димас апостол Павели хӕццӕ еумӕ лӕггадӕ кодта, фал аци дуйне уотӕ «бауарзта», ӕма ма Павели дӕр ниууагъта (2 Тим. 4:10). Ӕвӕдзи, Димас ӕхца ӕма ӕхцайӕй балхӕнӕн ци адтӕй, уой ӕ лӕггадӕй фулдӕр бауарзта. Кенӕ ба ’й, ӕвӕдзи, нӕбал фӕндадтӕй Павели хӕццӕ лӕггадӕ кӕнгӕй ӕхе цӕмӕйдӕрти цох кӕнун. Димаси хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Ка ’й зонуй, раздӕр аци дуйней гъуддӕгтӕ нӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цудӕнцӕ. Ӕма лӕмбунӕг ку нӕ уӕн, уӕд сӕмӕ, гӕнӕн ес, ӕма нӕ зӕрдӕ нӕуӕгӕй дзорун райдайа. Е ба уомӕ ӕркӕндзӕй, ӕма аци дуйней гъуддӕгтӕ рӕстдзийнадӕй фулдӕр уарзун райдайдзиан.

10. Лӕмбунӕг цӕмӕ гъӕуама уӕн?

10 Хеуӕнттӕ ӕма ӕмбӕлттӕ. Цӕмӕй идарддӕр рӕстдзийнади надбӕл цӕуӕн, уой туххӕй ма гъӕуама лӕмбунӕг уӕн, цӕмӕй еске туххӕй еци надӕй ма райеуварс уӕн. Рӕстдзийнадӕ ку базудтан, уӕд нӕмӕ, Ӕвдесӕн ка нӕй, еци хеуӕнттӕ ӕма ӕмбӕлттӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсун райдӕдтонцӕ. Ка ’й зонуй си еуетӕ уомӕ хуарз цӕстӕй ракастӕнцӕ, иннетӕ ба нӕ нихмӕ иссӕнцӕ (1 Пет. 4:4). Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, мах аллихузи дӕр архайӕн, цӕмӕй сӕ хӕццӕ лимӕнӕй царӕн. Фал син сӕ зӕрдӕ балхӕнуни туххӕй Йегови уагӕвӕрдти сӕрти нӕ хездзиан. 1 Коринфӕгтӕмӕ 15:33 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ не ’мбӕлттӕ гъӕуама уонцӕ, Йегови ка уарзуй, етӕ.

11. Нӕ бон куд ӕй нӕхе цъумур сагъӕстӕ ӕма гъуддӕгтӕй багъӕуай кӕнун?

11 Цъумур сагъӕстӕ ӕма гъуддӕгтӕ. Цӕмӕй нӕ бон уа рӕстдзийнади надбӕл цӕун, уой туххӕй гъӕуама Йегови цӕсти уӕн кӕдзос (Ис. 35:8; бакӕсӕ 1 Петури 1:14–16). Рӕстдзийнадӕ ку базудтан, уӕд нӕ царди берӕ цидӕртӕ Библий уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ раййивтан. Еуӕй-еуетӕ ни хъӕбӕр устур ӕййивддзийнӕдтӕ искодтонцӕ. Фал гъӕуама нӕхемӕ лӕмбунӕг кӕсӕн, цӕмӕй кӕдзос цард цъумур ӕма ӕнӕгъдау цардбӕл ма баййевӕн. Ести цъумур гъуддагмӕ нӕ ку иваза, уӕд нин ци банхус кӕндзӕй? Расагъӕс кӕнӕ, Йеговӕ ци бакодта, цӕмӕй нӕ искӕдзос кодтайдӕ. Е мах туххӕй равардта ӕ хъазар Фурт Йесо Киристей! (1 Пет. 1:18, 19). Гъема цӕмӕй Йегови цӕсти алкӕддӕр кӕдзос уӕн, уой туххӕй гъӕуама ма иронх кӕнӕн, Киристей нивондӕн цӕхуӕн устур аргъ ес, уой.

12, 13. а) Бӕрӕгбӕнттӕмӕ Йегови цӕстӕй цӕмӕн гъӕуама кӕсӕн? б) Идарддӕр цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

12 Хуцауи зӕрдӕмӕ ка нӕ цӕуй, уӕхӕн ӕгъдӕуттӕ. Гӕнӕн ес, ӕма нин нӕ бийнонтӕ, не ’мкосгутӕ кенӕ, ке хӕццӕ ахур кӕнӕн, етӕ дзоронцӕ, цӕмӕй сӕ хӕццӕ цӕхуӕндӕр бӕрӕгбон исбӕрӕг кӕнӕн. Цума нин ци банхус кӕндзӕй, цӕмӕй Йегови зӕрдӕмӕ ка нӕ цӕуй, уӕхӕн гъуддаг ма бакӕнӕн? Гъӕуама ’й бӕлвурдӕй зонӕн, еци бӕрӕгбон Йегови зӕрдӕмӕ цӕмӕннӕ цӕуй, уой. Нӕ бон ӕй нӕ публикацитӕй базонун, еци бӕрӕгбон кӕцӕй рацудӕй, уой. Ӕма цӕхуӕндӕр бӕрӕгбон цӕмӕннӕ бӕрӕг кӕнӕн, уобӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд ӕй зондзиан, «нӕ Хецауи зӕрдӕмӕ ци цӕуй», уой ке кӕнӕн (Еф. 5:10). Йеговӕбӕл ӕма ин ӕ Дзурдбӕл нӕ зӕрдӕ ку дарӕн, уӕд ни адӕн ци зӕгъдзӕнцӕ, уобӕл нӕ тухсдзиан (Ӕмб. 29:25).

13 Мах ӕносмӕ дӕр фӕндуй рӕстдзийнади надбӕл цӕун. Цума нин ци банхус кӕндзӕй, цӕмӕй еци надбӕл никки федардӕр къахдзӕфтӕй цӕуӕн? Ӕркӕсӕн, цӕхуӕн ӕртӕ гъуддаги нин банхус кӕндзӕнцӕ, уомӕ.

РӔСТДЗИЙНАДИ НАДБӔЛ НИККИ ФЕДАРДӔР КЪАХДЗӔФТӔЙ ЦО

14. а) Библи ку ’ртасӕн, уӕд нин е куд банхус кӕндзӕй, цӕмӕй рӕстдзийнади надбӕл никки федардӕр къахдзӕфтӕй цӕуӕн? б) Зунд, лӕдӕргӕдзийнадӕ ӕма зундамунд цӕмӕн гъӕунцӕ?

14 Фиццагидӕр гъӕуй идарддӕр дӕр Библи ӕртасун ӕма, ци базонис, уобӕл лӕмбунӕг сагъӕс кӕнун. Еци гъуддагӕн ӕдзох рӕстӕг хецӕн кӕнӕ. Куд фулдӕр ӕртасай, уотӕ рӕстдзийнадӕ фулдӕр уарздзӕнӕ ӕма дӕ еуварсмӕ некӕд рахӕсдзӕй. Ӕмбесӕндти 23:23 финст ӕй: «Балхӕнӕ рӕстдзийнадӕ ӕма ’й ма рауӕйӕ кӕнӕ. Балхӕнӕ зунд, зундамунд ӕма лӕдӕргӕдзийнадӕ». Библий рӕстдзийнадӕ айдагъ зонун фагӕ нӕй. Гъуама си нӕ царди дӕр пайда кӕнӕн. Лӕдӕргӕдзийнадӕ нӕмӕ ку уа, уӕд нӕ бон уодзӕй нӕуӕгӕй ци базудтан, уой, раздӕр ке базудтан, уой хӕццӕ исбӕттун. Зунд ба нӕ разӕнгард кӕндзӕй еци зонундзийнӕдтӕмӕ гӕсгӕ архайун. Уомӕй уӕлдай ма Библий иссерӕн зундамундтӕ дӕр, ӕма ’й фӕууинӕн, раййевун нӕ кӕми гъӕуй, уой. Ӕма уӕд гъӕуама еци фӕдбӕл архайун райдайӕн. Библи уӕхӕн зундамунд ӕвзестӕй хъазардӕр хонуй (Ӕмб. 8:10).

15. Рӕстдзийнадӕ нӕ ӕфсӕддони рони хузӕн куд гъӕуай кӕнуй?

15 Дуккаг, дӕ федар фӕндӕ уӕд бонӕй-бонмӕ дӕ цард рӕстдзийнадӕмӕ гӕсгӕ аразун. Библий рӕстдзийнадӕ барст цӕуй, ӕфсӕддони рони хӕццӕ (Еф. 6:14). Рагидзаманти ронӕ ӕфсӕддони тугъди рӕстӕг гъӕуай кодта. Фал еци ронӕ ӕнгом ӕлвӕст ку н’ адтайдӕ, уӕд ин неци фенхус адтайдӕ. Мах ба рӕстдзийнадӕ еци рони хузӕн куд гъӕуай кӕнуй? Библий рӕстдзийнадӕ алкӕддӕр нӕ зӕрдӕбӕл уотӕ ӕнгом баст ку уа, уӕд нин банхус кӕндзӕй раст сагъӕс кӕнун ӕма раст унаффитӕ хӕссун. Удта ести зиндзийнӕдтӕбӕл кенӕ фӕлварӕнтӕбӕл ку исӕмбӕлӕн, уӕд нӕ никки хъӕбӕрдӕр фӕнддзӕй, раст ци ӕй, уой кӕнун. Еунӕг ӕфсӕддон дӕр ӕнӕ ронӕй тугъди будурмӕ нӕ рацудайдӕ. Рӕстдзийнади ронӕн дӕр гъе уотӕ нӕдӕр ласӕн ес, нӕдӕр уӕгъдӕ кӕнӕн. Уомӕй уӕлдай ма ӕфсӕддонӕн ӕ бон адтӕй ӕ рони ӕ хъӕма дарун дӕр. Ӕркӕсӕн, е махмӕ куд хауй, уомӕ.

16. Иннети ке ахур кӕнӕн, е нин идарддӕр дӕр рӕстдзийнади надбӕл цӕунмӕ куд ӕнхус кӕнуй?

16 Ӕртиккаг гъуддаг: алли фадуатӕй дӕр пайда кӕнӕ, цӕмӕй Библий рӕстдзийнадӕ иннетӕн дӕр амонай. Хуарз ӕфсӕддон хъӕмабӕл куд федар фӕххуӕцуй, уотӕ мах дӕр гъӕуама федар хуӕцӕн Хуцауи Дзурдбӕл (Еф. 6:17). Алкедӕр ни фӕндуй, цӕмӕй уӕн, «рӕстдзийнади дзурд раст ка амонуй ӕма ’й раст ка лӕдӕрун кӕнуй», уӕхӕн ахургӕнгутӕ ӕма еци гъуддаги ӕнтӕстгундӕр кӕнӕн (2 Тим. 2:15). Иннети ахур кӕнунмӕ Библийӕй ку фӕппайда кӕнӕн, уӕд нӕхуӕдтӕ дӕр нӕуӕг еститӕ базонӕн ӕма рӕстдзийнадӕ никки фулдӕр бауарзӕн. Удта нӕ никки хъӕбӕрдӕр фӕффӕндуй идарддӕр дӕр рӕстдзийнади надбӕл цӕун.

17. Рӕстдзийнадӕн цӕмӕн аргъ кӕнис?

17 Рӕстдзийнадӕ ӕй хъазар лӕвар Йеговӕй. Уой фӕрци нӕ бон ӕй нӕ уӕларвон Фидӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕнун. Е ба алцӕмӕйдӕр хъазардӕр ӕй. Йеговӕ нӕ нур дӕр берӕ цӕбӕлдӕрти ахур кӕнуй, фал е ӕрмӕстдӕр райдайӕн ӕй! Йеговӕ нин зӕрдӕ ӕвӕруй, ӕносмӕ дӕр нӕ ке ахур кӕндзӕй. Мадта рӕстдзийнадӕн аргъ кӕнӕ, хъазар згъӕрдорӕн куд аргъ кодтайсӕ, уотӕ. Идарддӕр дӕр «ӕлхӕнӕ рӕстдзийнадӕ ӕма ’й ма рауӕйӕ кӕнӕ». Ӕма гъе уӕд дӕ бон уодзӕй Давиди хузӕн Йеговӕн дзурд раттун: «Ӕз цӕудзӕн дӕ раст надбӕл» (Пс. 86:11).

^ 8 абз. Ном ӕййивд ӕй.

^ 8 абз. Кӕсӕ нӕ интернет-телеуинунади видеороликмӕ «Кори Уеллс. Ӕцӕг цардмӕ бӕллыдтӕн» (ИНТЕРВЬЮТӔ ӔМӔ ЦАУТӔ > РӔСТДЗИНАД СЫН СӔ ЦАРД АИВТА).