Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Аргъауӕг Иоанн ӕ цийнӕдзийнадӕ нӕ фесафта

Аргъауӕг Иоанн ӕ цийнӕдзийнадӕ нӕ фесафта

ӔВӔДЗИ дӕ фӕндуй, ӕмбурди дӕ зӕрдӕмӕ ка цӕуй, уӕхӕн ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнун, фал нур дӕ бон нӕма ӕй. Ка ’й зонуй сӕ нур ӕндӕр еске ӕнхӕст кӕнуй. Кенӕ ба фулдӕр ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнун дӕ бон нӕй, уомӕн ӕма дӕбӕл ӕнзтӕ сӕ уӕзӕ ӕруагътонцӕ, де ’нӕнездзийнадӕ хуӕздӕр гъӕуагӕ ’й, ӕхцайӕй тухст дӕ кенӕ дӕбӕл бийнонти берӕ ихӕстӕ ес. Кенӕ ба дӕ, ӕвӕдзи, дӕ зӕрдӕмӕ ка цудӕй, еци лӕггадӕ ниууадзун багъудӕй, организаций цидӕр ӕййивддзийнӕдтӕ ке ӕрцудӕй, уой туххӕй. Кудфӕнди ма уа, уӕддӕр дӕмӕ, ӕвӕдзи, уотӕ кӕсуй, ӕма ди нур нецибал пайда ес, ӕма дӕхемӕ нийгъустай. Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй маст ӕма зӕрдихудтӕ нӕ зӕрди едӕгтӕ ма рауадзонцӕ? Нӕ цийнӕдзийнадӕ цӕй фӕрци нӕ фесӕфдзӕй?

Аргъауӕг Иоанни цард хуарз ӕвдесуй, цӕмӕй нӕ цийнӕдзийнадӕ ма фесафӕн, уой туххӕй нин ци банхус кӕндзӕй, уой. Фал, ӕвӕдзи, сагъӕс дӕр некӕд ракодтайдӕ, ӕ цард уотӕ ке раййевдзӕй, уобӕл. Уой ӕнгъӕл кӕцӕй адтӕй, ӕма цӕйбӕрцӕ фӕллӕггадӕ кодта, уомӕй фулдӕр рӕстӕг ахӕстдони ке рарветдзӕй. Фал уӕддӕр Иоаннӕн ӕ зӕрди адтӕй цийнӕдзийнадӕ ӕма, цалинмӕ цардӕй, уӕдмӕ ’й нӕ фесафта. Цума ин ци банхус кодта? Ӕма махӕн дӕр ци банхус кӕндзӕй, цӕмӕй нӕ цийнӕдзийнадӕ ма фесӕфа, мах куд ӕнгъӕл адтан, цидӕр уотӕ ку нӕ рауайа, уӕд?

Ӕ ЛӔГГАДӔ ИН ЦИЙНӔДЗИЙНАДӔ ХАСТА

Нӕ эри 29 анзи, уалдзӕги, Иоанн райдӕдта, Йеговӕ ин ци гъуддаг баихӕс кодта, уой ӕнхӕст кӕнун – адӕни Мессийи ӕрцудмӕ цӕттӕ кӕнун. Е дзурдта: «Ӕрфӕсмон кӕнтӕ уӕ тӕрегъӕдтӕбӕл, уомӕн ӕма уӕларвон паддзахадӕ ӕрхӕстӕг ӕй» (Матф. 3:2; Лук. 1:12–17). Ӕма ин ӕ дзурдтӕ беретӕ сӕ зӕрдӕмӕ райстонцӕ. Адӕн имӕ байгъосунмӕ алкӕцӕй цудӕнцӕ, сауӕнгӕ ма идардӕй рауӕнтӕй дӕр. Ӕма беретӕ сӕ тӕрегъӕдтӕбӕл ӕрфӕсмон кӕниуонцӕ ӕма донаргъуд райсиуонцӕ. Уомӕй уӕлдай ма Иоанн, сӕхе цӕсти рӕстгӕнгутӕ ка адтӕнцӕ, еци дини разамонгутӕн нифсгунӕй дзурдта, сӕ цард ку нӕ раййевонцӕ, уӕд сӕмӕ карз тӕрхон ке ӕнгъӕлмӕ кӕсуй (Матф. 3:5–12). Нӕ эри 29 анзи, фӕззӕги, ӕрцудӕй ӕ лӕггади тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр хабар – Йесойӕн донаргъуд равардта. Ӕма уӕдӕй фӕстӕмӕ Иоанн адӕнӕн дзурдта, цӕмӕй Йесой фӕдбӕл цудайуонцӕ, уомӕн ӕма е адтӕй зӕрдӕвӕрд Мессийӕ (Иоан. 1:32–37).

Йеговӕ Иоаннӕн ӕхсидзгӕ гъуддаг баихӕс кодта ӕма си уомӕ гӕсгӕ Йесо загъта: «Силгоймагӕй ка райгурдӕй, уонӕй Аргъауӕг Иоаннӕй уӕлдӕр н’ адтӕй» (Матф. 11:11). Иоанн, ӕвӕдзи, хъӕбӕр цийнӕ кодта, ци арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин ӕй, уонӕбӕл. Абони дӕр беретӕ устур арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин унцӕ. Цӕветтонӕн ӕрхӕссӕн ӕнсувӕр Террий хабар. Ӕ бийнойнаг Сандри хӕццӕ ӕнхӕстрӕстӕг фӕллӕггадӕ кодтонцӕ 50 анземӕй фулдӕр. Терри зӕгъуй: «Лӕггадӕ кӕнунмӕ мин берӕ дессаги фадуӕттӕ адтӕй. Лӕггадӕ кодтон пионерӕй, Вефили, сӕрмагонд пионерӕй, районон цӕстӕдарӕгӕй, облӕстон цӕстӕдарӕгӕй, ӕма нур ба нӕуӕгӕй лӕггадӕ кӕнун сӕрмагонд пионерӕй». Организаций нин нӕ барӕ цӕхуӕндӕр ихӕстӕ ку бакӕнунцӕ, уӕд нин е устур цийни хуасӕ фӕууй. Фал Иоанни хабарӕй куд базондзиан, уомӕ гӕсгӕ, нӕ уавӕртӕ ку феййевунцӕ, уӕд нӕ фӕгъгъӕуй архайун, цӕмӕй нӕ цийнӕдзийнадӕ ма фесӕфа.

БОЗЗӔРДӔ УОТӔ

Аргъауӕг Иоанн ӕ кадгин ихӕстӕн алкӕддӕр аргъ кодта ӕма уой фӕрци ӕ цийнӕдзийнадӕ нӕ исафта. Зӕгъӕн, Йесой аргъуди фӕсте Иоанни фӕдбӕлдзӕугутӕ минкъийдӕр кӕнун райдӕдтонцӕ, Йесой фӕдбӕлдзӕугутӕ ба – фулдӕрӕй-фулдӕр. Ӕма Иоанмӕ ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ еци тухстӕй бацудӕнцӕ ӕма ин загътонцӕ: «[Йесо] донаргъуд дӕттуй ӕма адӕн еугурӕйдӕр уомӕ цӕунцӕ» (Иоан. 3:26). Иоанн ба син загъта: «Уосаг кӕмӕн ес, е ӕй уосгор. Уосгорӕн ба е ’мбал фӕллӕууй, ӕма ин ӕ гъӕлӕс ку фегъосуй, уӕд ӕ зӕрдӕ цийнӕй байдзаг уй. Уотӕ мӕн цийнӕн дӕр кӕрон нӕййес» (Иоан. 3:29). Иоанн Йесой хӕццӕ ерис нӕ кодта. Удта уотӕ дӕр нӕ сагъӕс кодта, зӕгъгӕ, кӕд Йесой лӕггадӕ ӕхсидзгӕдӕр ӕй, уӕд ма мӕн лӕггадӕй ци пайда ес. Иоанн аргъ кодта, «уосгорӕн е ’мбал» ке адтӕй, уомӕн, ӕма уой фӕрци ӕ зӕрди адтӕй цийнӕдзийнадӕ.

Уӕхӕн зундахаст имӕ ке адтӕй, уой фӕрци ӕ цардӕй алкӕддӕр зӕрдӕрохс адтӕй, кӕд ӕ ихӕс ӕнцон ӕнхӕстгӕнӕн н’ адтӕй, уӕддӕр. Иоанн ӕ райгурцӕй фӕстӕмӕ назорей адтӕй, ӕма ин сӕнӕ ниуазӕн н’ адтӕй (Лук. 1:15). Хъӕбӕр хумӕтӕг цард ке кодта, е бӕрӕг ӕй Йесой дзурдтӕй дӕр, «ӕрцудӕй Иоанн, ӕма нӕдӕр хуӕргӕ кӕнуй, нӕдӕр ниуазгӕ», зӕгъгӕ. Йесойӕн ӕма ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн ба фулдӕр сӕребарӕдзийнадӕ адтӕй (Матф. 11:18, 19). Удта Иоанн ӕхуӕдӕг еунӕг дессаг дӕр не ’скодта. Фал ӕй зудта, уӕхӕн хъаурӕ Йесой ахуркӕнуйнӕгтӕн лӕвӕрд ке ӕрцудӕй ӕма си кадӕртӕ раздӕр ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ ке адтӕнцӕ (Матф. 10:1; Иоан. 10:41). Фал Иоанн уӕхӕн цӕбӕлдӕрти нӕ сагъӕс кодта. Е идарддӕр дӕр зӕрдиагӕй ӕнхӕст кодта, Йеговӕ ин ци гъуддаг баихӕс кодта, уой.

Махӕн дӕр нӕ цийнӕдзийнадӕ нӕ фесӕфдзӕй, нур бал нин Йегови гъуддаги ци ихӕстӕ ес, уонӕн ку аргъ кӕнӕн, уӕд. Минкъий раздӕр ке кой кодтан, еци ӕнсувӕр Терри загъта: «Мӕ лӕггади ести ку раййевидӕ, уӕд алли хатт дӕр мӕ еугур сагъӕстӕ дӕр исаразинӕ мӕ нӕуӕг ихӕстӕмӕ». Терри ӕ цардбӕл ку фӕссагъӕс кӕнуй, уӕд ин ӕхцӕуӕн фӕууй ӕргъуди кӕнун, ӕнхӕстрӕстӕг куд лӕггадӕ кодта, уой, ӕма зӕгъуй, ӕппундӕр ке нецӕбӕл фӕсмон кӕнуй.

Хуцауи организаций нӕбӕл ци ихӕстӕ фӕууй, уонӕй алкӕцимӕндӕр цӕхуӕн устур аргъ ес, уобӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд нин нӕ лӕггадӕ никки фулдӕр цийнӕдзийнадӕ хӕсдзӕй. Цийфӕнди ихӕстӕ ӕнхӕст кӕнгӕй дӕр мах фӕууӕн «Хуцауи ӕмкосгутӕ», е ба устур кадӕ ӕй (1 Кор. 3:9). Зӕгъӕн, дӕ бийнонтӕн фидтӕлтӕй ести сугъзӕрийнӕ дзаума ку байзайа, уӕд имӕ зелдзӕнӕ, цӕмӕй куд адтӕй, уотӕ рӕсугъдӕй лӕууа. Уотӕ, Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнун дӕр ци устур кадӕ ӕй, уобӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд цидӕр рӕдуд гъудити туххӕй нӕ цийнӕдзийнадӕ нӕ фесафдзиан. Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй нӕхе цӕмӕйти фӕццох кодтан, уой нӕ бардзиан, иннетӕ сӕхе цӕмӕйти фӕццох кодтонцӕ, уой хӕццӕ. Удта уотӕ дӕр нӕ сагъӕс кӕндзиан, ӕма Йеговӕ иннетӕн ци баихӕс кодта, е ӕхсидзгӕдӕр ӕй, махӕн ци баихӕс кодта, уомӕй (Гал. 6:4).

НӔ САГЪӔСТӔ УӔНТӔ ХУЦАУИ ГЪУДДӔГТӔБӔЛ

Иоанн ӕй, ӕвӕдзи, зудта, ци ихӕс ибӕл адтӕй, уой берӕ рӕстӕг ке не ’нхӕст кӕндзӕй. Фал ӕ лӕггадӕ уотӕ тагъд ке фӕууодзӕй, уой ӕнгъӕл ба, ӕвӕдзи, н’ адтӕй (Иоан. 3:30). Нӕ эри 30 анзи, Йесойӕн донаргъуд ку равардта, уобӕл еу ӕхсӕз мӕйи ку рацудӕй, уӕд паддзах Ирод Иоанни ахӕстдони исбадун кодта. Фал Иоанн уӕддӕр гъосӕй нӕ лӕудтӕй ӕма идарддӕр дзурдта, Хуцауи цӕсти раст ци ӕй, уой туххӕй (Мар. 6:17–20). Ӕ царди уӕхӕн ӕййивддзийнӕдтӕ ку ӕрцудӕй, уӕд ин ци банхус кодта, цӕмӕй ӕ цийнӕдзийнадӕ ма фесафтайдӕ? Ӕ сагъӕстӕ раздӕри хузӕн адтӕнцӕ Хуцауи гъуддӕгтӕбӕл.

Иоанн ахӕстдони ку бадтӕй, уӕд имӕ хабӕрттӕ игъустӕй, Йесо цӕйбӕрцӕ гъуддӕгтӕ кодта, уой туххӕй (Матф. 11:2; Лук. 7:18). Йесо Мессийӕ ке ӕй, уой федарӕй зудта. Фал ма ’й, ӕвӕдзи, фӕндадтӕй базонун, Финстади Мессийи туххӕй цидӕриддӕр финст ес, уони еугурейдӕр Йесо куд исӕнхӕст кӕндзӕй, уой. Ӕвӕдзи, сагъӕс кодта: «Финстадӕмӕ гӕсгӕ Мессийӕ Паддзах исуодзӕй. Цума е тагъд уодзӕй? Йесо паддзах ку исуа, уӕд мӕ ахӕстдонӕй не ’суӕгъдӕ кӕндзӕй?» Иоанни фӕндадтӕй, Йесобӕл ци ихӕс адтӕй, уой хуӕздӕр балӕдӕрун ӕма имӕ ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕй дууей рарвиста, цӕмӕй ӕй бафарстайуонцӕ: «Ӕрцӕуйнаг ка ӕй, е ду дӕ, ӕви нин ӕндӕрмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсгӕ ’й?» (Лук. 7:19). Ӕма син Йесо загъта, зӕгъгӕ, цотӕ ӕма Иоаннӕн радзоретӕ: «Хъӕрӕутӕ цӕстӕй уинунцӕ, къулухтӕ къулух цуд нӕбал кӕнунцӕ, хъотургинтӕ сӕ незӕй дзӕбӕх кӕнунцӕ, къурутӕ игъосунцӕ, мӕрдтӕ игас кӕнунцӕ ӕма мӕгуртӕн игъустгонд цӕуй хуарз хабар» (Лук. 7:20–22). Иоанн ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕмӕ кунӕг лӕмбунӕг нӕ игъуста, Йесо ци дессӕгтӕ кӕнуй, уой ин ку дзурдтонцӕ, уӕд.

Иоанн ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕй ци хуарз хабӕрттӕ фегъуста, етӕ ’й куд нӕ бафедар кодтайуонцӕ. Еци хабӕрттӕй бӕрӕг адтӕй, Мессийи туххӕй пахампарӕдтӕ Йесобӕл ке ӕнхӕст кӕнунцӕ, е. Иоанн ӕй федарӕй зудта, ӕ лӕггадӕ дзӕгъӕли ке н’ адтӕй, кӕд ӕй ахӕстдонӕй не ’суӕгъдӕ кодтонцӕ, уӕддӕр. Ӕма ин е ӕ уӕззау уавӕрти адтӕй устур цийни хуасӕ.

Ӕгас дуйнебӕл хуарз хабар игъустгонд куд цӕуй, уой туххӕй ци хабӕрттӕ фегъосӕн, етӕ нин фӕуунцӕ цийни хуасӕ

Иоанни хузӕн махӕн дӕр нӕ сагъӕстӕ гъӕуама Хуцауи гъуддӕгтӕбӕл уонцӕ, уӕд нӕ бон уодзӕй цийнӕгӕнгӕй ӕма фӕразонӕй федар фӕллӕуун (Кол. 1:9–11). Уой туххӕй нӕ гъӕуй алли бон дӕр Библи кӕсун ӕма ибӕл сагъӕс кӕнун. Уой фӕрци нӕ иронх кӕндзиан, Хуцауи гъуддаги ци кӕнӕн, е дзӕгъӕли ке нӕй (1 Кор. 15:58). Сандрӕ зӕгъуй: «Алли бон дӕр Библийӕй еу сӕр ке бакӕсун, уой фӕрци ’й лӕдӕрун, Йеговӕмӕ хӕстӕгдӕр ке кӕнун, уой. Удта фиццагидӕр уой гъуддӕгтӕбӕл сагъӕс кӕнун, мӕхебӕл нӕ, фал». Нӕ бон ма ӕй ӕгас дуйнебӕл хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ Йегови гъуддаги куд архайунцӕ, уой туххӕй фулдӕр базонун. Ӕма уӕд айдагъ нӕхебӕл нӕ сагъӕс кӕндзиан, фал Йегови гъуддӕгтӕбӕл. Сандрӕ зӕгъуй: «Нӕ интернет-телеуинунади алли мӕйӕ дӕр ци программитӕ рацӕуй, уони фӕрци Хуцауи организацийӕн никки фулдӕр аргъ кӕнун райдайӕн, удта нин ӕнхус кӕнунцӕ, цӕмӕй нӕ ихӕстӕ идарддӕр дӕр цийнӕгӕнгӕй ӕнхӕст кӕнӕн».

Кӕд Аргъауӕг Иоанн берӕ нӕ ралӕггадӕ кодта, уӕддӕр лӕггадӕ кодта «Илийай зӕрди уагӕ ӕма хъаури хӕццӕ». Удта е дӕр «мах хузӕн адӕймаг адтӕй» (Лук. 1:17; Иак. 5:17). Мадта мах дӕр Иоанни хузӕн, Йеговӕ нин нӕ барӕ ци ихӕстӕ бакодта, уонӕн ку аргъ кӕнӕн ӕма нӕ сагъӕстӕ алкӕддӕр Хуцауи гъуддӕгтӕбӕл ку уонцӕ, уӕд идарддӕр дӕр цийнӕгӕнгӕй лӕггадӕ кӕндзиан, нӕ царди цийфӕнди ма раййева, уӕддӕр.