Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

15 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йесой фӕнзетӕ ӕма уӕ зӕрди фарнӕ гъӕуай кӕнтӕ

Йесой фӕнзетӕ ӕма уӕ зӕрди фарнӕ гъӕуай кӕнтӕ

«Ӕма уин Хуцауи фарнӕ, зунд кӕбӕл нӕ хъӕртуй, еци фарнӕ... багъӕуай кӕндзӕй уӕ зӕрдитӕ» (ФИЛ. 4:7).

113 ЗАР Фарнӕ – нӕ хӕзна

РАЗДЗУРД *

1, 2. Йесойӕн ма зӕнхӕбӕл ӕ фӕстаг бон ку адтӕй, уӕд цӕбӕл тухстӕй?

ЙЕСОЙӔН ма зӕнхӕбӕл ӕ фӕстаг бон ку адтӕй, уӕд хъӕбӕр тухстӕй. Минкъий ма, ӕма гъӕуама фудгӕнгути къохӕй гъезӕмайраг мӕлӕт бавзурстайдӕ. Фал уобӕл уотӕ нӕ тухстӕй. Йесо ӕ уӕларвон Фиди берӕ уарзта ӕма ’й фӕндадтӕй ӕ зӕрдӕ рохс кӕнун. Зудта ӕй, еци уӕззау фӕлварӕни Хуцаубӕл еузӕрдонӕй ку байзайа, уӕд ин ӕ ном ке исрохс кӕндзӕй. Уомӕй уӕлдай ма Йесо адӕни дӕр уарзта ӕма ’й зудта, се ’носон цард, еузӕрдонӕй байзайдзӕй ӕви нӕ, уомӕй кӕнгӕ ке ӕй.

2 Кӕд Йесо хъӕбӕр тухст адтӕй, уӕддӕр ӕ зӕрди фарнӕ нӕ фесафта. Ӕ апостолтӕн дӕр ма загъта, «мӕ фӕсте уин фарнӕ уадзун», зӕгъгӕ (Иоан. 14:27). Йесойӕн ӕ зӕрди адтӕй «Хуцауи фарнӕ», гъома ӕ зӕрдӕ сабур адтӕй. Уӕхӕн фарнӕ адӕймаги зӕрди фӕууй, Йегови хӕццӕ ин федар лимӕндзийнадӕ ку фӕууй, уӕд. Йесойӕн дӕр ӕ зӕрдӕ еци фарнӕй идзаг адтӕй ӕма си тухст сагъӕстӕн бунат нӕбал адтӕй (Фил. 4:6, 7).

3. Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

3 Киристе ци фӕлварӕнтӕбӕл исӕмбалдӕй, уонӕбӕл, ӕвӕдзи, махӕй неке исӕмбӕлдзӕй, фал ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕй алкӕмӕдӕр ӕнгъӕлмӕ кӕсуй ӕхе фӕлварӕнтӕ (Матф. 16:24, 25; Иоан. 15:20). Еуӕй-еухатт мах дӕр Киристей хузӕн тухст сагъӕсти буни фӕууӕн. Ци нин банхус кӕндзӕй уӕхӕн уавӕри нӕ зӕрди фарнӕ багъӕуай кӕнун? Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, Киристейӕн ӕ зӕнхон лӕггади рӕстӕг ӕ зӕрди фарнӕ багъӕуай кӕнунмӕ цӕхуӕн ӕртӕ гъуддаги банхус кодтонцӕ ӕма махӕн дӕр ци банхус кӕндзӕй, уомӕ.

КИРИСТЕ АЛКӔДДӔР КУВТА

Нӕ зӕрди фарнӕ багъӕуай кӕндзиан, ковгӕ ку кӕнӕн, уӕд (кӕсӕ 4–7 абзацтӕ)

4. Киристе ӕ зӕнхон царди фӕстаг бон берӕ ке кувта, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй ӕма 1 Фессалоникӕгтӕмӕ 5:17 киристӕнттӕн цӕхуӕн унаффӕ ес?

4 Бакӕсӕ 1 Фессалоникӕгтӕмӕ 5:17. Киристе ӕ мӕлӕти бон берӕ фӕккувта. Имисӕн изӕрӕн бундор ку исӕвардта, уӕд дӕр дзол, уой фӕсте ба сӕнӕ радӕттуни размӕ искувта (1 Кор. 11:23–25). Комуадзӕн кӕми бӕрӕг кодтонцӕ, еци хӕдзарӕй цӕугӕ ку кодтонцӕ, уӕд дӕр искувтонцӕ (Иоан. 17:1–26). Оливӕбӕласи хонхмӕ ку исцудӕнцӕ, уӕд уоми дӕр Йеговӕмӕ цалдӕр хатти искувта (Матф. 26:36–39, 42, 44). Ӕ уод ку иста уӕд дӕр Йеговӕмӕ искувта (Лук. 23:46). Еци ӕхсидзгӕ бон ибӕл цидӕриддӕр хабӕрттӕ цудӕй, уой туххӕй Йеговӕн дзурдта.

5. Апостолтӕн нифсхастдзийнадӕ цӕмӕннӕ фагӕ кодта?

5 Киристе берӕ ке кувта ӕма ӕ Фидӕй ӕнхус ке курдта, уой фӕрци ин бантӕстӕй фӕлварӕнти федар фӕллӕуун. Фал апостолтӕй ба уотӕ зӕгъӕн н’ адтӕй, уомӕн ӕма еци ӕхсӕвӕ ниффунӕй ӕнцӕ. Уой туххӕй син фӕлварӕнти рӕстӕг нифсхастдзийнадӕ нӕ фагӕ кодта (Матф. 26:40, 41, 43, 45, 56). Зиндзийнӕдти рӕстӕг Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзайдзиан, ӕрмӕстдӕр Киристей ку фӕнзӕн ӕма ӕдзох ковгӕ ку кӕнӕн, уӕд. Фал цӕй туххӕй нӕ бон ӕй ковун?

6. Ӕууӕндундзийнади фӕрци нӕ зӕрди фарнӕ куд багъӕуай кӕндзиан?

6 Йеговӕмӕ ку ковӕн, уӕд си нӕ бон ӕй ракорун, цӕмӕй нин не ’ууӕндундзийнадӕбӕл бафтауа (Лук. 17:5; Иоан. 14:1). Ӕндӕрхузи нин гӕнӕн дӕр нӕййес, уомӕн ӕма Сайтан Киристей фӕдбӕлдзӕугутӕй алкедӕр фӕлваруй (Лук. 22:31). Ӕууӕндундзийнадӕ нин куд банхус кӕндзӕй, нӕ зӕрди фарнӕ багъӕуай кӕнун, нӕ зиндзийнӕдтӕн кӕрон ку нӕ уинӕн, уӕд дӕр? Ӕууӕндундзийнадӕ нӕмӕ ку уа, уӕд нӕ бон уодзӕй гъуддаг Йегови бӕрагӕ ниууадзун, махӕй кӕнгӕ ци адтӕй, уой ку бакӕнӕн, уӕд. Мах ӕй федарӕй зонӕн, ци кӕнгӕ ’й, уой Йеговӕ хуӕздӕр ке зонуй, ӕма уой фӕрци нӕ зӕрди ес фарнӕ (1 Пет. 5:6, 7).

7. Роберти хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

7 Цийфӕнди зиндзийнӕдтӕбӕл ма ӕмбӕлӕн, уӕддӕр Йеговӕмӕ ку ковӕн, уӕд нӕ зӕрди фарнӕ багъӕуай кӕндзиан. Ӕркӕсӕн, 80 анзи кӕбӕл цӕуй, еу уӕхӕн еузӕрдон хестӕр нӕлгоймаг Роберти хабармӕ. Роберт зӕгъуй: «Филиппӕгтӕмӕ 4:6, 7 финст дзурдтӕ мин ӕнхус кӕнунцӕ, царди зиндзийнӕдти сӕрти хезунмӕ. Еу рӕстӕги ӕхцайӕй хъӕбӕр тухст адтӕн, удта цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕг хестӕр нӕлгоймагӕй дӕр нӕбал лӕггадӕ кодтон». Цума Робертӕн ӕ зӕрди фарнӕ багъӕуай кӕнунмӕ ци банхус кодта? Роберт зӕгъуй: «Тухсгӕ бабӕй ке кӕнун, уой ку балӕдӕрун, уӕд Йеговӕмӕ ковун райдайун. Ӕз ӕй зонун, куд арӕхдӕр ӕма куд зӕрдиагдӕрӕй ковон, уотӕ мӕ зӕрди фарнӕ фулдӕр кӕндзӕй».

ЙЕСО ЗИНГЗӔРДӔЙ ИГЪОСУН КОДТА

Нӕ зӕрди фарнӕ нӕ фесӕфдзӕй, игъосун кӕнуни гъуддаги ку архайӕн, уӕд (кӕсӕ 8–10 абзацтӕ)

8. Иоанни 8:29 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Йесойӕн ӕ зӕрди фарнӕ багъӕуай кӕнунмӕ ци банхус кодта?

8 Бакӕсӕ Иоанни 8:29. Йесо ӕфхуӕрд ку ӕййафта, уӕддӕр ӕ зӕрди адтӕй фарнӕ, уомӕн ӕма ’й зудта, ӕ Фиди зӕрдӕ ке рохс кӕнуй, уой. Удта ин алкӕддӕр коммӕгӕс адтӕй, ӕнцон ин ку нӕ уидӕ, уӕддӕр. Йесо ӕ уӕларвон Фиди уарзта ӕма ин царди уомӕн лӕггадӕ кӕнунӕй сӕйрагдӕр неци адтӕй. Зӕнхӕмӕ ӕрцӕуни размӕ Йесо ӕ Фидӕн адтӕй «дӕсни косӕг» (Ӕмб. 8:30). Зӕнхӕмӕ ку ’рцудӕй, уӕдта адӕнӕн зингзӕрдӕй дзурдта рӕстдзийнадӕ ӕ уӕларвон Фиди туххӕй (Матф. 6:9; Иоан. 5:17). Еци куст ин хъӕбӕр устур цийнӕдзийнадӕ хаста (Иоан. 4:34–36).

9. Игъосун кӕнуни гъуддаги зингзӕрдӕй ку архайӕн, уӕд нин е нӕ зӕрди фарнӕ куд багъӕуай кӕндзӕй?

9 Мах бон дӕр ӕй Киристей фӕнзун ӕма Хуцауи гъуддаги берӕ хъиамӕт кӕнун (1 Кор. 15:58). Не ’гас хъауритӕ дӕр хуарз хабар игъосун кӕнунмӕ ку исаразӕн, уӕд нӕхе зиндзийнӕдтӕбӕл минкъийдӕр сагъӕс кӕндзиан (Гъуд. 18:5). Хатгай ци адӕнӕн фегъосун кӕнӕн, уонӕн сӕ уавӕр никки фуддӕр фӕууй. Фал Йегови ку базонунцӕ, ку ’й бауарзунцӕ ӕма Библий унаффитӕмӕ гӕсгӕ цӕрун ку райдайунцӕ, уӕд сӕ цард фӕххуӕздӕр уй ӕма амондгундӕр исунцӕ. Уӕхӕн адӕнмӕ кӕсгӕй уӕлдай хатт фӕууинӕн, Йеговӕ нӕбӕл куд тухсуй, уой. Ӕма уой фӕрци дӕр нӕ зӕрди фарнӕ не ’сӕфуй. Берӕ рӕстӕг депрессий хӕццӕ ка тох кӕнуй, еу уӕхӕн хуӕрӕ загъта: «Игъосун кӕнуни гъуддаги зингзӕрдӕй ку фӕййархайун, уӕд мӕ зӕрдӕ сабур фӕууй. Е, ӕвӕдзи, Йеговӕмӕ хӕстӕгдӕр ке фӕуун, уой фӕрци ӕй».

10. Бренди хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

10 Нур ба ӕркӕсӕн хуӕрӕ Бренди хабармӕ. Ӕхемӕ дӕр ӕма ӕ кизгӕмӕ дӕр ес, рассеянный склероз ке хонунцӕ, уӕхӕн нез. Брендӕ инвалидти коляскӕй нӕ истуй, ӕма уомӕ гӕсгӕ берӕ цидӕртӕ ӕ бон нӕй. Еуӕй-еухатт хӕдзарӕй-хӕдзарӕмӕ дӕр фегъосун кӕнуй, фал фулдӕр ба финстӕгутӕ фӕффинсуй. Брендӕ зӕгъуй: «Аци дуйней ме ’нӕнездзийнадӕ ке нӕ фӕххуӕздӕр уодзӕй, уой ку балӕдӕрдтӕн, уӕд ибӕл нӕбал тухстӕн ӕма мӕ хъауритӕ игъосун кӕнуни гъуддагмӕ исаразтон». Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнгӕй мӕ зиндзийнӕдтӕбӕл нӕ фӕссагъӕс кӕнун. Фулдӕр фӕссагъӕс кӕнун не ’мбурди территорий адӕнӕн куд банхус кӕнон уобӕл. Уой фӕрци нӕ иронх кӕнун, ци дессаги федӕн мӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уой».

ЙЕСО Е ’МБӔЛТТИ ӔНХУСБӔЛ АРАЗИ КОДТА

Нӕ зӕрди фарнӕ багъӕуай кӕндзиан, нӕ рӕстӕг еузӕрдон ӕмбӕлтти хӕццӕ ку ӕрветӕн, уӕд (кӕсӕ 11–15 абзацтӕ)

11–13. а) Апостолтӕ ӕма ӕндӕр еузӕрдон нӕлгоймӕгтӕ ӕма силгоймӕгтӕ Йесой ӕмбӕлттӕ куд иссӕнцӕ? б) Йесойӕн уӕхӕн ӕмбӕлттӕ ке адтӕй, е ин куд банхус кодта?

11 Киристе цалинмӕ зӕнхӕбӕл лӕггадӕ кодта, уӕдмӕ ин ӕ апостолтӕ адтӕнцӕ ӕцӕг ӕмбӕлттӕ. Уомӕй бавдистонцӕ, Библий дзурдтӕ, «фӕууй уӕхӕн ӕмбал, ӕма ӕнсувӕрӕй ӕновуддӕр фӕууй», зӕгъгӕ, раст ке ’нцӕ (Ӕмб. 18:24). Йесо уӕхӕн ӕмбӕлттӕн аргъ кодта. Ӕ зӕнхон лӕггади рӕстӕг ибӕл е ’нсувӕртӕй еу дӕр нӕ баууӕндтӕй (Иоан. 7:3–5). Еухатт ба ма си уотӕ дӕр загътонцӕ, ӕ сӕри зунд фӕццудӕй, зӕгъгӕ (Мар. 3:21). Ӕ еузӕрдон апостолтӕ ба алкӕддӕр ӕ хӕццӕ адтӕнцӕ, ӕма син уомӕ гӕсгӕ загъта: «Сумах мӕ фӕлварӕнти рӕстӕг адтайтӕ мӕ фарсмӕ» (Лук. 22:28).

12 Апостолтӕ рӕдуйгӕ дӕр кодтонцӕ, фал Йесо е ’ргом сӕ рӕдудтитӕмӕ не ’здахта. Зудта ӕй, куд ибӕл ӕууӕндтӕнцӕ, уой (Матф. 26:40; Мар. 10:13, 14; Иоан. 6:66–69). Ӕ мӕлӕти размӕ, еци ӕхсӕвӕ Йесо ӕ еузӕрдон апостолтӕн загъта: «Ӕз... уӕ хонун ме ’мбӕлттӕ, уомӕн ӕма, мӕ Фидӕй цидӕриддӕр фегъустон, уой уин раргом кодтон» (Иоан. 15:15). Бӕрӕг ӕй, Йесойӕн е ’мбӕлттӕ нифси хуасӕ ке адтӕнцӕ. Ӕ лӕггади ин куд ӕнхус кодтонцӕ, уомӕ кӕсгӕй ӕ зӕрдӕ цийнӕй байдзаг уидӕ (Лук. 10:17, 21).

13 Апостолтӕй уӕлдай ма Йесойӕн ӕндӕр ӕмбӕлттӕ дӕр адтӕй – игъосун кӕнуни гъуддаги ӕма ин ӕндӕр гъуддӕгти дӕр ка ӕнхус кодта, уӕхӕн нӕлгоймӕгтӕ ӕма силгоймӕгтӕ. Кӕдӕртӕ ’й баиуазӕг кӕниуонцӕ (Лук. 10:38–42; Иоан. 12:1, 2). Кӕдӕртӕ ба ӕ хӕццӕ балций рандӕ уайуонцӕ ӕма, сӕ бон цӕмӕй адтӕй, уомӕй ин ӕнхус кодтонцӕ (Лук. 8:3). Киристейӕн хуарз ӕмбӕлттӕ адтӕй, удта ӕхуӕдӕг дӕр хуарз ӕмбал адтӕй. Берӕ хуарздзийнӕдтӕ син кодта ӕма, сӕ бон ци н’ адтӕй, уой си нӕ агурдта. Кӕд Йесо ӕнхӕст адӕймаг адтӕй, уӕддӕр е ’нӕнхӕст ӕмбӕлттӕн аргъ кодта. Ӕма ин етӕ дӕр ӕ зӕрди фарнӕ гъӕуай кӕнунмӕ ӕнхус кодтонцӕ.

14, 15. Хуарз ӕмбӕлттӕ иссерӕн куд ес ӕма нин сӕ бон куд ӕй банхус кӕнун?

14 Ӕцӕг ӕмбӕлттӕ нин ӕнхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзайӕн. Цӕмӕй уӕхӕн ӕмбӕлттӕ иссерӕн, уой туххӕй нӕхуӕдтӕ дӕр гъӕуама хуарз ӕмбӕлттӕ уӕн (Матф. 7:12). Библи нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй нӕ рӕстӕг ӕма нӕ хъауритӕ иннетӕн ма ’вгъау кӕнӕн, уӕлдайдӕр ба, «гъӕуагӕ ка ӕййафуй», уонӕн (Еф. 4:28). Расагъӕс кӕнӕ, ӕмбурди кӕмӕн адтайдӕ дӕ бон банхус кӕнун. Ка ’й зонуй, кадӕр ӕндӕмӕ цӕун нӕ фӕразуй, ӕма ин дӕ бон ӕй туканмӕ бауайун. Кенӕ, ӕхцайӕй тухст ка ӕй, уони рӕфтад искӕнунмӕ ӕрбахонун. Кенӕ ба банхус кӕнун, сайтӕй jw.org® ӕма приложенийӕй JW Library® пайда кӕнун ка нӕ зонуй, уонӕн, цӕмӕй етӕ дӕр Библий хӕзнатӕ агорун базононцӕ. Иннетӕн ӕнхус кӕнгӕй нӕхуӕдтӕ дӕр амондгун фӕууӕн (Гъуд. 20:35).

15 Ӕмбӕлттӕ нин зиндзийнӕдти рӕстӕг фенхус кӕнунцӕ, цӕмӕй нӕ зӕрди фарнӕ ма фесӕфа. Иов ӕ мӕгур бӕнтти кой ку кодта, уӕд имӕ Елиуй куд игъуста, уотӕ нӕмӕ не ’мбӕлттӕ дӕр фегъосунцӕ, нӕ зиндзийнӕдти туххӕй син ку фӕдздзорӕн, уӕд (Иов 32:4). Гъӕуама не ’мбӕлттӕмӕ уомӕ ма ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн, ӕма унаффӕ нӕ бӕсти рахӕсдзӕнцӕ. Фал нин Библийӕй ци унаффӕ ратдзӕнцӕ, уомӕ байгъосун ба гъӕуй (Ӕмб. 15:22). Паддзах Давид дӕр сӕрниллӕгӕй е ’мбӕлтти ӕнхусбӕл исарази ӕй. Мах дӕр не ’мбӕлтти ӕнхус ку багъӕуа, уӕд нӕ гъӕуама сӕрбӕрзонддзийнадӕ ма бахъор кӕна еци ӕнхусбӕл исарази унмӕ (2 Сам. 17:27–29). Ӕцӕгӕйдӕр, хуарз ӕмбӕлттӕ ӕнцӕ Йегови лӕвар (Иак. 1:17).

ЗӔРДИ ФАРНӔ БАГЪӔУАЙ КӔНУН КУД ӔНГЪЕЗУЙ

16. Филиппӕгтӕмӕ 4:6, 7 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ нин Хуцауи фарнӕ иссерунмӕ ци банхус кӕндзӕй? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ.

16 Бакӕсӕ Филиппӕгтӕмӕ 4:6, 7. Библи уотӕ цӕмӕн зӕгъуй, ӕма «Хуцауи фарнӕ» ӕрмӕстдӕр «Йесо Киристей фӕрци» иссерӕн ес? Уомӕн ӕма, цӕмӕй еци фарнӕ иссерӕн ӕма ’й ма фесафӕн, уой туххӕй гъӕуама лӕдӕрӕн, Хуцау ӕ фӕндон Йесой фӕрци куд исӕнхӕст кӕндзӕй, уой ӕма ибӕл ӕууӕндӕн. Зӕгъӕн, Киристей нивонди фӕрци не ’гас тӕрегъӕдтӕ дӕр хатиргонд цӕунцӕ (1 Иоан. 2:12). Е нин уодӕнцойнӕ куд нӕ хӕссуй! Хуцауи Паддзахади паддзах Йесо, фӕд дӕр нӕбал ниууадздзӕй, Сайтан ӕма ӕ дуйне ци зиан ӕрхастонцӕ, уомӕй (Ис. 65:17; 1 Иоан. 3:8; Рарг. 21:3, 4). Еци рӕстӕгмӕ хъӕбӕр ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн! Кӕд нин Йесо ӕнцон гъуддаг нӕ баихӕс кодта, уӕддӕр нӕ хӕццӕ ӕй ӕма нӕ аци фӕстаг бӕнтти ӕнӕ ’нхусӕй нӕ ниууадздзӕй (Матф. 28:19, 20). Уой ке зонӕн, е дӕр нин нӕ нифс федар кӕнуй. Зӕрди фарнӕ багъӕуай кӕнунмӕ нӕ уодӕнцойнӕ, нифс ӕма лӕгдзийнадӕ ӕнӕмӕнгӕй гъӕунцӕ.

17. а) Нӕ зӕрди фарнӕ багъӕуай кӕнунмӕ нин ци банхус кӕндзӕй? б) Иоанни 16:33 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ нин ци бантӕсдзӕй?

17 Мадта нин уӕззау фӕлварӕнти рӕстӕг нӕ зӕрди фарнӕ багъӕуай кӕнунмӕ ци банхус кӕндзӕй? Йесойӕн ци ӕнхус кодта, е. Фиццаг: гъӕуама ӕдзох Йеговӕмӕ ковӕн. Дуккаг: гъӕуама Йеговӕмӕ игъосӕн ӕма зингзӕрдӕй лӕггадӕ кӕнӕн, ӕнцон ку нӕ уа, уӕддӕр. Ӕртиккаг: гъӕуама зиндзийнӕдти рӕстӕг не ’мбӕлтти ӕнхусбӕл арази кӕнӕн. Ӕма нин гъе уӕд Хуцауи фарнӕ нӕ зунд ӕма нӕ зӕрдитӕ гъӕуай кӕндзӕй ӕма цийфӕнди зиндзийнӕдти дӕр Йесой хузӕн федар фӕллӕудзиан. (Бакӕсӕ Иоанни 16:33.)

41 ЗАР О Хуцау, фегъосӕ мӕ

^ 5 абз. Алкедӕр ни ӕмбӕлуй, нӕ зӕрди фарнӕ ке туххӕй фесӕфуй, уӕхӕн зиндзийнӕдтӕбӕл. Аци статьяй дзурд цӕуй, Йесо Киристе уӕззау фӕлварӕнти дӕр ӕ зӕрди фарнӕ цӕй фӕрци багъӕуай кодта ӕма махӕн дӕр еци гъуддаги ци банхус кӕндзӕй, ӕртӕ уӕхӕн гъуддагебӕл.