Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

16 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Мӕрдти туххӕй ци рӕстдзийнадӕ зонетӕ, уой сӕрбӕл дзоретӕ

Мӕрдти туххӕй ци рӕстдзийнадӕ зонетӕ, уой сӕрбӕл дзоретӕ

«Уӕхе гъӕуай кӕнтӕ, цӕмӕй уӕ... ревӕд ахурӕдтӕй маке расайа ӕма уӕ ма ӕрахӕсса. Етӕ Киристей ахурадӕбӕл не ’нцайунцӕ, фал адӕймаги ӕримисгӕ ӕгъдӕуттӕбӕл» (КОЛ. 2:8).

73 ЗАР Банхус нин кӕнӕ, цӕмӕй нифсхаст уӕн

РАЗДЗУРД *

Мах архайӕн, нӕ хеуӕнттӕй зиан кӕбӕл ӕрцудӕй, уони бафедар кӕнунбӕл, фал Хуцауи цӕсти раст ка нӕй, уӕхӕн ӕгъдӕуттӕ ба нӕ кӕнӕн (кӕсӕ 1 ӕма 2 абзацтӕ) *

1, 2. а) Сайтан адӕни куд сайуй? б) Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

САЙТАН ӕй «мӕнгӕдзийнади фидӕ», ӕма адӕн кӕдӕй цӕрунцӕ, уӕдӕй нурмӕ сӕ сайуй (Иоан. 8:44). Ӕ мӕнгӕттӕмӕ хаунцӕ аллихузи ахурӕдтӕ мӕлӕти ӕма, мӕрдти ци ес, уой туххӕй. Еци мӕнгӕ ахурӕдтӕй ба рацудӕнцӕ, берӕ адӕн хуӕст кӕбӕл ӕнцӕ, еци ӕгъдӕуттӕ. Ӕма гъе уой туххӕй берӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти се ’ууӕндундзийнади сӕрбӕл «ӕгас хъауритӕй тох кӕнун» фӕгъгъӕуй (Иуд. 3).

2 Уӕхӕн фӕлварӕнбӕл ку исӕмбӕлай, уӕд дин ци банхус кӕндзӕй Библий рӕстдзийнади сӕрбӕл дзорун? (Еф. 6:11). Нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй ескӕмӕн, Хуцауи цӕсти раст ка нӕй, уӕхӕн ӕгъдӕуттӕ ку кӕнун кӕнонцӕ, уӕд ӕй нӕ бон куд ӕй бафедар кӕнун? Аци статьяй ӕркӕсдзиан Библийӕй цалдӕр уагӕвӕрдемӕ. Фал бал фиццаг радзубанди кӕнӕн, Библий мӕлӕти туххӕй ци финст ес, уобӕл.

МӔРДТИ ЕСТИ ЕС?

3. Фиццаг мӕнгӕттӕ цӕмӕ ӕркодтонцӕ?

3 Хуцау адӕни ӕносмӕ цӕрунмӕ сфӕлдиста. Фал цӕмӕй Адам ӕма Евӕ ӕносмӕ цардайуонцӕ, уой туххӕй сӕ еу хумӕтӕг гъуддаг ӕнхӕст кӕнун гъудӕй. Йеговӕ Адамӕн бафӕдзахста: «Хуарз ӕма лӕгъуз ци ӕй, уой зонуни бӕласӕй ма бахуӕрӕ. Ци бон си бахуӕрай, еци бон рамӕлдзӕнӕ» (Райд. 2:16, 17). Фал Сайтан хелаги цъухӕй Евӕн загъта: «Нӕ, нӕ рамӕлдзиайтӕ». Гъигагӕн ибӕл Евӕ баууӕндтӕй ӕма еци бӕласи рӕзӕй бахуардта. Фӕстӕдӕр ба си Адам дӕр бахуардта (Райд. 3:4, 6). Гъе уотемӕй адӕн тӕрегъӕд ӕма мӕлӕти амӕттаг бацӕнцӕ (Ром. 5:12).

4, 5. Сайтан ӕ мӕнгӕттӕ идарддӕр дӕр куд парахат кодта?

4 Адам ӕма Евӕ рамардӕнцӕ, Хуцау куд загъта, уотӕ. Сайтан ба идарддӕр ӕ мӕнгӕттӕ парахат кодта. Рӕстӕг рацудӕй ӕма адӕн ӕууӕндун райдӕдтонцӕ, адӕймагӕн ӕ мӕлӕти фӕсте ӕ уод цӕргӕ ке байзайуй, уобӕл. Адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уод ке ес, уобӕл абони хъӕбӕр берӕ адӕн ӕууӕндунцӕ (1 Тим. 4:1).

5 Цума еци мӕнгӕттӕбӕл адӕн цӕмӕн ӕууӕндунцӕ? Уомӕн ӕма мӕлӕтӕй тӕрсунцӕ ӕма Сайтан дӕр уомӕй пайда кӕнуй. Йеговӕ нӕ ӕносмӕ цӕрунмӕ ке сфӕлдиста, уомӕ гӕсгӕ мӕлун неке фӕндуй (Еккл. 3:11). Мӕлӕт адӕнӕн се’ знаг ӕй (1 Кор. 15:26).

6, 7. а) Сайтанӕн бантӕстӕй, мӕрдтӕ ци уавӕри ’нцӕ, уой баримӕхсун? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ. б) Библий рӕстдзийнадӕ куд ӕнхус кӕнуй, мӕрдтӕй ка тӕрсуй, уонӕн?

6 Фал уотӕ зӕгъӕн нӕййес, ӕма Сайтанӕн ӕ гъуддаг фӕррӕстмӕ ’й. Абони хъӕбӕр берӕ адӕн Библийӕй базудтонцӕ, мӕрдтӕ ци уавӕри ’нцӕ ӕма син ци нифс ес, уой ӕма уой туххӕй иннетӕн дӕр дзорунцӕ (Еккл. 9:5, 10; Гъуд. 24:15). Еци зонундзийнӕдтӕ нин дӕттунцӕ уодӕнцойнӕ ӕма нифс. Мах мӕрдтӕй нӕбал тӕрсӕн, удта син уоми куд ӕй, уобӕл дӕр нӕбал тухсӕн. Зонӕн ӕй, адӕймаг ку рамӕлуй, уӕд ке некӕмибал фӕууй ӕма ескӕмӕн фудмиуӕ ракӕнун дӕр ӕ бон ке нӕй, уой. Зӕгъӕн ес, ӕма еци адӕймаг карз фунӕй ӕй (Иоан. 11:11–14). Уомӕй уӕлдай ма зонӕн, адӕймаг ку рамӕлуй, уӕд ин рӕстӕг ке ӕрлӕууй, уой дӕр. Мадта игас кӕнун ку райдайонцӕ, сауӕнгӕ, цалдӕр сӕдӕ анзей размӕ ка рамардӕй, етӕ дӕр, уӕддӕр ӕй нӕ лӕдӕрдзӕнцӕ, уойбӕрцӕ рӕстӕг ке рацудӕй, уой.

7 Ӕвӕдзи, исарази уодзӕнӕ, мӕрдти туххӕй Библи ци дзоруй, е раст ӕма ӕнцонлӕдӕрӕн ке ӕй. Ӕма Сайтан цитӕ ӕргъуди кодта, уой хӕццӕ ин еумӕйагӕй ӕппундӕр неци ес. Сайтан адӕни ке сайуй, уомӕй уӕлдай ма Сфӕлдесӕги дӕр ӕгадӕ кӕнуй. Цӕхуӕн устур зиан ӕрхаста, уой цӕмӕй балӕдӕрӕн, уой туххӕй ӕркӕсӕн аци фарстатӕмӕ: ӕ мӕнгӕттӕй Йегови ном куд ӕгадӕ кӕнуй? Ӕ мӕнгӕтти туххӕй адӕнӕн Киристей нивондбӕл баууӕндун зин цӕмӕн ӕй? Зиан кӕбӕл ӕрцудӕй, еци адӕни мастбӕл ма никкидӕр куд ӕфтауй?

САЙТАНИ МӔНГӔТТӔ ЦӔХУӔН ЗИАН ӔРХАСТОНЦӔ

8. Сайтан мӕрдти туххӕй ци мӕнгӕттӕ ӕргъуди кодта, е Йереми 19:5 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Йегови ном куд ӕгадӕ кӕнуй?

8 Сайтан мӕрдти туххӕй ци мӕнгӕттӕ ӕргъуди кодта, уомӕй Йегови ном ӕгадӕ кӕнуй. Зӕгъӕн, дуйней беретӕ ӕууӕндунцӕ, мӕрдтӕ зиндони ке фӕгъгъезӕмарӕ кӕнунцӕ, уобӕл. Еци ахурадӕ Хуцауи ӕгадӕ кӕнуй. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма уарзӕгой Хуцау адӕни цӕсти исуй Сайтанӕн ӕхе хузӕн (1 Иоан. 4:8). Ду ба еци гъуддагмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсис? Кенӕ, фуддзийнадӕй е ’сӕфт ка уинуй, еци Хуцау ӕхуӕдӕг уомӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсуй? (Бакӕсӕ Йереми 19:5.)

9. Иоанни 3:16 ӕма 15:13 ци нивонди кой цӕуй, уобӕл Сайтани мӕнгӕтти туххӕй зин баууӕндӕн цӕмӕн ӕй?

9 Сайтан мӕрдти туххӕй ци мӕнгӕттӕ ӕргъуди кодта, уой туххӕй адӕнӕн Киристей нивондбӕл баууӕндун зиндӕр ӕй (Матф. 20:28). Зӕгъӕн, адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уод ку адтайдӕ, уӕд уотӕ уайуй, ӕма еугур адӕн дӕр ӕносмӕ цӕрдзӕнцӕ. Ӕма ма уӕд Йесо ӕ цард цӕмӕн равардта? Иронх ди ма уӕд, Киристей нивонд уарзондзийнади тӕккӕ устурдӕр ӕвдесӕн ӕй. (Бакӕсӕ Иоанни 3:16; 15:13.) Расагъӕс кӕнӕ, еци устур нивондӕн Сайтани мӕнгӕттӕ ӕ аргъ дӕлӕмӕ ке кӕнунцӕ, уомӕ Йеговӕ ӕма Йесо ци цӕстӕй кӕсунцӕ!

10. Сайтани мӕнгӕттӕ адӕнӕн никки фулдӕр маст ӕма гъезӕмӕрттӕ куд хӕссунцӕ?

10 Адӕн ӕнӕуой дӕр маст ӕма гъезӕмӕрттӕ ӕвзарунцӕ, Сайтани мӕнгӕттӕ ба ма син сӕ уавӕр никки фуддӕр кӕнунцӕ. Еуӕй-еухатт, сӕ сувӕллон кӕмӕн рамӕлуй, уӕхӕн ниййергутӕн уотӕ фӕззӕгъунцӕ, Хуцауи ма, дан, уӕлӕрвти еу ма изӕд багъудӕй. Куд дӕмӕ кӕсуй, ниййерӕгӕн уӕхӕн дзубандитӕмӕ игъосун ӕнцон ӕй? Ӕви ма ин ӕ рист зӕрдӕ никки хъӕбӕрдӕр къахунцӕ? Мадта дини разамонгутӕн ба зиндони ахурадӕ хуарз рӕуонӕ адтӕй, аргъауӕни ахурӕдти нихмӕ ка дзурдта, уонӕн фудмиутӕ кӕнунмӕ. Зӕгъӕн, кедӕрти си гъӕдӕбӕл дӕр басодзиуонцӕ. Киунуги «Испанская инквизиция» куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ, еци ӕнӕхатир миутӕ ка кодта, уонӕй кадӕртӕ дзурдтонцӕ, зӕгъгӕ, дан, уотемӕй еретиктӕн фадуат дӕттӕн, зиндони арт цӕхуӕн ӕй, уой бавзарунмӕ, цӕмӕй, дан, сӕ бон уа сӕ мӕлӕти размӕ ӕрфӕсмон кӕнун ӕма зиндонӕй фӕййервӕзун. Кӕцидӕр бӕстити ба адӕн ковунцӕ, ка син рамардӕй, еци фиддӕлтӕн, кадӕ син кӕнунцӕ, удта син сӕ хуарзӕнхӕ иссерунбӕл фӕййархайунцӕ. Хатгай ба син ести хуарз ракӕнунмӕ дӕр фӕгъгъавунцӕ, цӕмӕй сӕ ма бафхуӕронцӕ. Гъигагӕн, мӕлӕти хӕццӕ баст ахурӕдтӕ адӕнӕн уодӕнцойнӕ нӕ хӕссунцӕ, фал ма сӕ уӕлдай тухстити бафтаунцӕ ӕма ма сӕ сауӕнгӕ тӕрсун дӕр кӕнунцӕ.

БИБЛИЙ РӔСТДЗИЙНАДИ СӔРБӔЛ ДЗОРЕТӔ

11. Хеуӕнттӕ кенӕ зонгитӕ нӕ Хуцауи Дзурди сӕрти куд фӕххезун кӕнунцӕ?

11 Хуцауи ӕма ин ӕ Дзурд ке уарзӕн, уой фӕрци нӕ бон фӕууй, е куд зӕгъуй, уотӕ бакӕнун, нӕ хеуӕнттӕ кенӕ зонгитӕ нин аци дуйней ӕгъдӕуттӕ ку фӕккӕнун кӕнунцӕ, уӕд, кӕд уотӕ сӕ хуарз зӕрдӕй кӕнунцӕ, уӕддӕр. Ка ’й зонуй, уобӕл дӕр архайдзӕнцӕ, цӕмӕй нӕхецӕй фефсӕрми уӕн. Зӕгъӕн, фудгин нӕ кӕндзӕнцӕ, ка нин рамардӕй, уони ке нӕ нимайӕн ӕма мах фудӕй, етӕ дӕр уонӕй ӕфхуӕрд ке баййафдзӕнцӕ. Цума нӕ бон куд ӕй уӕхӕн уавӕри Библий рӕстдзийнади сӕрбӕл дзорун? Ӕркӕсӕн Библийӕй цалдӕр уагӕвӕрдемӕ.

12. Хуцауи цӕсти цӕхуӕн ӕгъдӕуттӕ нӕ ’нцӕ раст?

12 Хуцауи цӕсти раст ка нӕй, еци ӕгъдӕуттӕй уӕхе еуварс даретӕ (2 Кор. 6:17). Кариби сакъадӕхтӕй еуебӕл ци адӕн цӕруй, уонӕй беретӕ ӕууӕндунцӕ, адӕймагӕн ӕ мӕлӕти фӕсте ӕ уод кӕмидӕр хӕстӕг ке фӕууй, ӕма имӕ лӕгъуз зӕрдӕ ка дардта, уони ӕ бон бафхуӕрун ке ӕй, уобӕл. Еу статьяй куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ ба ма ӕ бон ӕй «ӕнӕгъӕнӕ гъӕубӕстӕ ралгъетун дӕр». Африки бӕститӕй кӕцидӕрти ба уӕхӕн ӕгъдау ес, ӕма хӕдзари ӕгас айдӕнтӕ дӕр нимбӕрзунцӕ кенӕ ка рамардӕй, уой хузтӕ фарсмӕ исхатунцӕ. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма, дан, мард гъӕуама ӕхе ма фӕууина. Мах Йегови Ӕвдесӕнтӕ ан, ӕма уӕхӕн цӕбӕлдӕрти не ’ууӕндӕн, удта мӕнгӕ ӕгъдӕуттӕ дӕр нӕ кӕнӕн, уомӕн ӕма етӕ еугурӕйдӕр Сайтанӕй цӕунцӕ (1 Кор. 10:21, 22).

Библи ку ӕртасӕн ӕма нӕ хеуӕнтти хӕццӕ ӕргом ку дзорӕн, уӕд, хилӕмӕ ка ӕркӕнуй, уӕхӕн уавӕртӕй нӕхе багъӕуай кӕндзиан (кӕсӕ 13 ӕма 14 абзацтӕ) *

13. Иакови 1:5 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ цӕхуӕндӕр ӕгъдау Библимӕ гӕсгӕ раст ӕй ӕви нӕ, уой ку нӕ зонай, уӕд дӕ ци кӕнун гъӕуй?

13 Цӕхуӕндӕр ӕгъдау Библимӕ гӕсгӕ раст ӕй ӕви нӕ, уой ку нӕ зонай, уӕд Йеговӕй зунд корӕ. (Бакӕсӕ Иакови 1:5.) Уой фӕсте ба ӕркӕсӕ, нӕ литератури ци финст ес, уомӕ. Ку багъӕуа, уӕдта еци фарстай фӕдбӕл хестӕр нӕлгоймӕгти хӕццӕ дӕр радзорӕ. Етӕ дин комкоммӕ нӕ зӕгъдзӕнцӕ, ци дин кӕнгӕ ’й, уой, фал дин Библийӕй бавдесдзӕнцӕ, еци фарстамӕ ка хауй, уӕхӕн уагӕвӕрдтӕ. Зӕгъӕн, аци статьяй дзурд кӕбӕл цӕуй, уони. Аци къахдзӕфти фӕрци исахур уодзӕнӕ зундӕй архайун ӕма дӕ бон уодзӕй, «раст ци ӕй ӕма ци нӕй, уой лӕдӕрун» (Дзиуит. 5:14).

14. Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй иннетӕн къулумпий хуасӕ ма исуӕн?

14 «Алцидӕр кӕнтӕ Хуцауи кадӕн» ӕма «къулумпий хуасӕ» макӕмӕн уотӕ (1 Кор. 10:31, 32). Цӕхуӕндӕр ӕгъдау кӕндзиан ӕви нӕ, уой ниллух кӕнуни размӕ бал гъӕуама расагъӕс кӕнӕн, е иннетӕбӕл, уӕлдайдӕр ба нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕртӕбӕл куд рабӕрӕг уодзӕй, уобӕл. Неке ни фӕндуй ескӕмӕн къахкъуӕрӕн исун (Мар. 9:42). Удта нӕ нӕ фӕндуй ӕнӕргъуди дзурдтӕй кенӕ миутӕй, Ӕвдесӕн ка нӕй, уони зӕрдихудти бацӕун дӕр. Сӕ хӕццӕ тухдзурд кӕнун кенӕ син се’ гъдӕуттӕбӕл ходун нӕ гъӕуй. Ма иронх кӕнӕ: уарзондзийнадӕн устур хъаурӕ ес. Е нӕ разӕнгард кӕнуй адӕни хӕццӕ уӕзданӕй дзорун, ӕма уотемӕй Йеговӕн кадӕ кӕнун. Нӕ нихмӕ ка дзоруй, уонӕмӕ уарзондзийнадӕ ку ’вдесӕн, уӕд син, ка ’й зонуй, сӕ зӕрдитӕ ӕрфӕлмӕн кӕндзиан.

15, 16. а) Цӕбӕл ӕууӕндӕн, уой иннетӕ ку зононцӕ, уӕд е хуарз цӕмӕн ӕй? Ӕрхӕссӕ цӕветтон. б) Павел Ромӕгтӕмӕ 1:16 ци унаффӕ равардта, уомӕй нӕ бон куд ӕй испайда кӕнун?

15 Йегови Ӕвдесӕн ке дӕ, уой иннетӕн зӕгъӕ (Ис. 43:10). Дӕ хеуӕнттӕ ӕма ’й дӕ синхӕнттӕ ку зононцӕ, Йегови Ӕвдесӕн ке дӕ, уой, уӕд дин ӕнцондӕр уодзӕй, хилӕмӕ ка ’ркӕнуй, уӕхӕн уавӕртӕй дӕхе бахезун. Мозамбикӕй еу ӕнсувӕр Франсишку загъта: «Мӕ бийнойнаг Каролини хӕццӕ рӕстдзийнадӕ ку базудтан, уӕд нӕ хеуӕнттӕн балӕдӕрун кодтан, мӕрдтӕн ке фӕккӕнунцӕ, еци ӕгъдӕутти сӕ хӕццӕ ке нӕбал архайдзиан. Каролинӕн ӕ хуӕрӕ ку рамардӕй, еци рӕстӕг нин ӕнцон н’ адтӕй, уомӕн ӕма кӕми цӕрӕн, уоми уӕхӕн ӕгъдау ес: мард ци дони ниртайунцӕ, уой кӕми ракалунцӕ, еци бунати гъӕуама хӕстӕгдӕр хеуӕнттӕй еске фӕд-фӕди ӕртӕ ӕхсӕви ниххусса. Уони гъудимӕ гӕсгӕ син уотемӕй, ка рамардӕй, еци адӕймаги уод лӕгъузӕй неци ракӕндзӕй. Ӕма хеуӕнтти фӕндадтӕй, цӕмӕй еци ӕгъдау Каролинӕ исӕнхӕст кодтайдӕ».

16 Цума аци лӕг ӕма уосӕ куд бакодтонцӕ. Франсишку зӕгъуй: «Мах уарзӕн Йегови, ӕма нӕ уой зӕрдӕ рохс кӕнун ке фӕндуй, уой туххӕй еци ӕгъдау исӕнхӕст кӕнунбӕл не ’сарази ан. Каролини хеуӕнттӕ фурмӕстӕй тонгӕ кодтонцӕ. Фудгин кӕнун нӕ райдӕдтонцӕ, ка рамардӕй, уой нӕ нимайетӕ, зӕгъгӕ, ӕма, дан, уӕмӕ некӕдбал ӕрбацӕудзиан ӕма уин нецӕмӕйбал ӕнхус кӕндзиан. Уой размӕ син ӕй балӕдӕрун кодтан, цӕбӕл ӕууӕндӕн, уой ӕма цалинмӕ мӕстгун адтӕнцӕ, уӕдмӕ уобӕл нӕбал дзурдтан. Кадӕртӕ ба си нӕ сӕрбӕл дӕр исдзурдтонцӕ, атӕ уин сӕ гъуди ку балӕдӕрун кодтонцӕ, зӕгъгӕ. Цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте нӕ хеуӕнттӕ ӕрсабур ӕнцӕ ӕма сӕ хӕццӕ бафедудтан. Кадӕртӕ ба ма нӕмӕ нӕхемӕ дӕр ӕрбацудӕнцӕ ӕма ни Библибӕл арӕзт публикацитӕ ракурдтонцӕ». Мадта мӕрдтӕ ци уавӕри ’нцӕ, уой дзорунмӕ некӕд ӕфсӕрми кӕндзиан! (Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 1:16.)

ЗИАН КӔБӔЛ ӔРЦУДӔЙ, УОНИ ФАРСМӔ БАЛӔУУЕТӔ

Ӕцӕг ӕмбӕлттӕ бафедар кӕнунцӕ, зиан кӕбӕл ӕрцудӕй, уой ӕма ӕ фарсмӕ балӕуунцӕ (кӕсӕ 17–19 абзацтӕ) *

17. Нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕртӕн сӕ хеуӕнттӕй еске ку рамӕлуй, уӕд ци гъӕуама кӕнӕн?

17 Нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕртӕн сӕ хеуӕнттӕй еске ку рамӕлуй, уӕд гъӕуама уӕн «ӕцӕг ӕмбал... зин сахат адӕймаги фарсмӕ балӕуунмӕ ка райгуруй, уӕхӕн ӕнсувӕр» (Ӕмб. 17:17). Нӕ бон куд ӕй хуӕрӕ кенӕ ӕнсувӕри фарсмӕ балӕуун, уӕлдайдӕр ба син, Хуцауи цӕсти раст ка нӕй, уӕхӕн ӕгъдӕуттӕ ку кӕнун кӕнонцӕ, уӕд? Ӕркӕсӕн дууӕ уагӕвӕрдемӕ Библийӕй.

18. Йесо цӕмӕн искудтӕй ӕма нӕ е цӕбӕл ахур кӕнуй?

18 «Кӕугӕ ка кӕнуй, уони хӕццӕ... кӕуетӕ» (Ром. 12:15). Еуӕй-еухатт ӕй адӕймаг зонгӕ дӕр нӕ фӕккӕнуй, зиан кӕбӕл ӕрцудӕй, уомӕн ци зӕгъа, уой. Фал ибӕл дӕ зӕрдӕ куд ресуй, уой ба цӕстисугӕй хуӕздӕр неци бавдесдзӕй. Киристейӕн е ’мбал Лазӕр ку рамардӕй, уӕд ибӕл ӕ хуӕртӕ Марийӕ ӕма Марфӕ хъӕбӕр маст кодтонцӕ. Йесо цуппар боней фӕсте ӕрбацудӕй ӕма сӕ кӕугӕ ку фӕууидта, уӕд ӕхе цӕстисугтӕ дӕр ӕруадӕнцӕ, уотемӕй ба ’й зудта, Лазӕри ке райгас кӕндзӕй, уой (Иоан. 11:17, 33–35). Киристейӕн еци хабар куд зин адтӕй, уотӕ зин адтӕй Йеговӕн дӕр. Удта ма ке искудтӕй, уомӕй бӕрӕг адтӕй, еци бийнонти берӕ ке уарзта. Марфӕ ӕма Марийӕн е уодӕнцойнӕ куд не ’рхастайдӕ. Абони дӕр зин сахат хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти фарсмӕ ку балӕууӕн, уӕд ӕй уиндзӕнцӕ, берӕ сӕ ке уарзӕн ӕма еунӕгӕй ке нӕ ’нцӕ, уой.

19. Екклесиасти 3:7 финст уагӕвӕрд нин куд банхус кӕндзӕй, зиан кӕбӕл ӕрцудӕй, уӕхӕн адӕймаги бафедар кӕнун?

19 «Ес рӕстӕг гъосӕй лӕуунмӕ ӕма рӕстӕг дзорунмӕ» (Еккл. 3:7). Хӕстӕг адӕймаг кӕмӕн рамардӕй, уой ма куд ӕнгъезуй бафедар кӕнун? Зӕгъӕн, нӕ бон имӕ ӕй лӕмбунӕг байгъосун. Уадзӕ ма ӕ зӕрди ци ес, уой радзора. «Ӕнӕзунд дзурдтӕ» ку кӕна, уӕд ибӕл дӕ зӕрдӕ ма ходӕт (Иов 6:2, 3). Ка ’й зонуй, рӕстдзийнади ка нӕй, еци хеуӕнттӕ ’й сӕ разӕй ке искодтонцӕ, уой туххӕй ин дууӕ хатти зиндӕр ӕй. Еумӕ Йеговӕмӕ раковетӕ. «Кувдтитӕ ка игъосуй», еци Хуцауӕй ракорӕ, цӕмӕй ин хъауритӕ ӕма лӕдӕргӕдзийнадӕ ратта (Пс. 65:2). Гӕнӕн ку уа, уӕд еумӕ бакӕсетӕ Библи кенӕ нӕ публикацитӕй ести, зӕгъӕн, ка ’й бафедар кӕндзӕй, уӕхӕн биографи.

20. Иннӕ статьяй дзурд цӕбӕл цӕудзӕй?

20 Мах Хуцауӕй хъӕбӕр боз ан, мӕрдтӕ ци уавӕри ’нцӕ ӕма сӕмӕ ци ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уой ке зонӕн, уой туххӕй (Иоан. 5:28, 29). Гъӕйдӕ мадта дзурдӕй дӕр ӕма гъуддагӕй дӕр Библий рӕстдзийнади сӕрбӕл дзорӕн ӕма, фадуат ку фӕззиннуй, уӕд ӕй иннетӕн дӕр амонӕн. Иннӕ статьяй дзурд цӕудзӕй Сайтани мӕнгӕттӕй ма еуебӕл дӕр. Е ӕй спиритизм. Мах базондзиан, спиритизми хӕццӕ баст гъуддӕгтӕй нӕхе еуварс цӕмӕн гъӕуама дарӕн, уой.

24 ЗАР Исцӕуӕн Йегови хонхмӕ

^ 5 абз. Сайтан ӕма ӕ лӕгъуз изӕдтӕ, мӕрдтӕ ци уавӕри ’нцӕ, уой туххӕй мӕнгӕттӕ парахат кӕнунцӕ, ӕма уотемӕй адӕни сайунцӕ. Уой туххӕй нибберӕ ’нцӕ, мӕрдти хӕццӕ баст ка ӕй ӕма Библимӕ гӕсгӕ раст ка нӕй, уӕхӕн ӕгъдӕуттӕ. Аци статья дин банхус кӕндзӕй Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзайун, дӕу дӕр уӕхӕн гъуддӕгти ку архайун кӕнонцӕ, уӕд.

^ 55 абз. ХУЗӔ. Йегови Ӕвдесӕнтӕ федар кӕнунцӕ, сӕ хӕстӕгутӕй зиан кӕбӕл ӕрцудӕй, уой.

^ 57 абз. ХУЗӔ. Ӕнсувӕр рартаста, зиани хӕццӕ баст ӕгъдӕуттӕ Библимӕ гӕсгӕ раст ӕнцӕ ӕви нӕ, уой ӕма ӕ гъуди ӕ хеуӕнттӕн лӕдӕрун кӕнуй.

^ 59 абз. ХУЗӔ. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ, зиан кӕбӕл ӕрцудӕй, уӕхӕн ӕнсувӕри федар кӕнунцӕ.