Гъуди ма ’й кӕнис?
2019 анзи «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги» ци статьятӕ адтӕй, уонӕмӕ гӕсгӕ дӕ бон исуодзӕй аци фарстатӕбӕл дзуапп раттун?
Куд лӕдӕргӕ ӕй, Исаййи 54:17 ци зӕрдӕвӕрд ес, е: «Дӕ нихмӕ ци тохӕндзауматӕ конд ӕрцӕуа, уонӕй еу дӕр нӕ фӕррӕстмӕ уодзӕй»?
Нӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун, Йеговӕ нӕ не знӕгтӕй ке багъӕуай кӕндзӕй, «римӕхсӕн бунат сӕх-сӕх уарунӕй» куд фӕгъгъӕуай кӕнуй, уотӕ (Ис. 25:4, 5). Не знӕгтӕ нин, исраст кӕнӕн кӕмӕн нӕбал уа, уӕхӕн зиан не ’рхӕсдзӕнцӕ (w19.01 6, 7).
Хуцау рӕстӕй ке архайуй, е куд зиннуй, ханаайнӕгтӕн ӕма ӕгоммӕгӕс израилӕгтӕн куд адтӕй, уомӕй?
Йеговӕ ӕнӕфхуӕрдӕй нӕ ниууагъта, ихӕлд миутӕ ка кодта кенӕ силгоймӕгти ӕма сувӕллӕнтти ка ӕфхуардта, уони. Ка имӕ игъуста ӕма иннети хӕццӕ рӕстӕй ка архайдта, уонӕн ба арфӕ кодта (w19.02 22, 23).
Йеговӕн ка нӕ лӕггадӕ кӕнуй, уӕхӕн адӕймаг нӕ рази ку кова, уӕд куд гъӕуама бакӕнӕн?
Нӕ бон ӕй нӕхе уӕздан дарун ӕма маци дзорун, удта ӕ кувди фӕсте «амменӕ» ма зӕгъун. Еци рӕстӕг нӕ бон ӕй нӕхенимӕр раковун (w19.03 31).
Сувӕллонӕн тухмиуӕ бакӕнун устур тӕрегъӕд исхонӕн цӕмӕн ес?
Сувӕллонӕн тухмиуӕ бакӕнун устур тӕрегъӕд ӕй сувӕллони нихмӕ, ӕмбурди нихмӕ, хецауади нихмӕ ӕма Хуцауи нихмӕ. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ’й ку базонунцӕ, ӕмбурдӕй кадӕр сувӕллонӕн тухмиуӕ ке бакодта, уӕд закъонмӕ гӕсгӕ полицимӕ фӕххабар кӕнунцӕ (w19.05 9, 10).
Дӕ бон куд ӕй дӕ зундахаст раййевун?
Ӕртӕ гъуддаги дин банхус кӕндзӕнцӕ: Йеговӕмӕ ковӕ, фӕххуӕздӕр кӕнун дӕ бон ци ӕй, уобӕл сагъӕс кӕнӕ ӕма хуарз ӕмбӕлттӕ ӕвзарӕ (w19.06 11).
Нӕ бон куд ӕй, ӕфхуӕрд ке ӕййафдзиан, уомӕ нӕхе абони бацӕттӕ кӕнун?
Гъӕуама Йеговӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕнӕн. Гъӕуама федарӕй ӕууӕндӕн, Йеговӕ нӕ ке уарзуй ӕма нӕ ке некӕд ниууадздзӕй, уобӕл. Гъӕуама алли бон дӕр Библи кӕсӕн ӕма Хуцаумӕ ковӕн. Хуцауи Паддзахадӕ ци арфӕдзийнӕдтӕ ӕрхӕсдзӕй, уонӕбӕл гъӕуама федарӕй ӕууӕндӕн. Нӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕрдӕр ка цӕуй, еци стихтӕ нигъгъуди кӕнӕн ӕма нӕ зартӕ исахур кӕнӕн (w19.07 2–4).
Нӕ бон куд ӕй нӕ хеуӕнттӕн банхус кӕнун, цӕмӕй фӕййервӕзонцӕ?
Гъӕуама лӕдӕрӕн, ци гъуди кӕнунцӕ ӕма сӕ зӕрди ци ес, уой. Гъӕуама нӕ хуарз гъуддӕгтӕ нӕ бӕсти дзоронцӕ, фӕразон уӕн ӕма сӕ хӕццӕ фӕлмӕнӕй дзорӕн (w19.08 15–17).
Йесо нин ци гъуддаг баихӕс кодта, е нин уодӕнцойнӕ цӕмӕн хӕссуй? (Матф. 11:28)
Махӕн ес тӕккӕ хуӕздӕр хецӕуттӕ, тӕккӕ хуӕздӕр ӕмбӕлттӕ ӕма тӕккӕ хуӕздӕр куст (w19.09 23).
Хуцау нӕ куд бафедар кӕнуй, цӕмӕй нӕ ӕ фӕндон ӕнхӕст кӕнун фӕндгӕ дӕр кӕна ӕма архайгӕ дӕр кӕнӕн? (Фил. 2:13)
Хуцауи Дзурд ку фӕккӕсӕн ӕма ибӕл ку фӕссагъӕс кӕнӕн, уӕд Хуцауӕн ӕ бон фӕууй уотӕ бакӕнун, цӕмӕй нӕ ӕ фӕндон ӕнхӕст кӕнун фӕндгӕ дӕр кӕна ӕма архайгӕ дӕр кӕнӕн. Ӕ сугъдӕг хъаури фӕрци ӕ бон ӕй уотӕ бакӕнун, цӕмӕй ӕнӕуой дӕр ци гъуддӕгтӕмӕ арӕхсӕн, уонӕмӕ никки хуӕздӕр арӕхсун райдайӕн (w19.10 21).
Ӕхсидзгӕ унаффӕ рахӕссуни разӕй ци гъӕуй бакӕнун?
Гъӕуй фондз гъуддаги бакӕнун. Хуцауӕй лӕдӕргӕдзийнадӕ ракорӕ. Библи ӕма нӕ публикацитӕ лӕмбунӕг рартасӕ. Унаффӕ рахӕссунмӕ дӕ ци баразӕнгард кодта, уобӕл расагъӕс кӕнӕ. Дӕ рази бӕлвурд нисӕнттӕ исӕвӕрӕ. Лӕдӕргӕ уо (w19.11 27–29).
Сайтан Евӕн уотӕ ку загъта, нӕ рамӕлдзӕнӕ, зӕгъгӕ, уӕд ин ӕнӕмӕлгӕ уоди кой кодта?
Куд зиннуй, уотемӕй нӕ. Сайтан Евӕн уотӕ нӕ загъта, зӕгъгӕ, дӕ бауӕр рамӕлдзӕй, дӕ уод ба идарддӕр кӕмидӕр цӕргӕ байзайдзӕй. Дони хъиамӕти мӕнгӕ динтӕй ӕма мӕнгӕ ахурӕдтӕй фӕд дӕр нӕбал байзадӕй. Ӕнӕмӕлгӕ уоди туххӕй ахурадӕ, ӕвӕдзи, фӕззиндтӕй, Вавилони мӕсуг ка кодта, уони Хуцау ӕгас зӕнхи цъарӕбӕл ку ниппурхӕ кодта, уой разӕй (w19.12 15).