50 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Йеговӕ ци бакодта, цӕмӕй иссӕребарӕ уай?
«Фегъосун кӕнтӕ, уӕ зӕнхӕбӕл цӕрӕг адӕн се ’гас дӕр ке иссӕребарӕ уодзӕнцӕ» (ЛЕВ. 25:10).
22 ЗАР Хуцауи Паддзахадӕ ӕрфедар ӕй – ӕрцӕуӕд зӕнхӕмӕ дӕр!
РАЗДЗУРД *
1, 2. а) Еуӕй-еу бӕстити ци фӕббӕрӕг кӕнунцӕ ӕма Сӕребарӕдзийнади анз ци адтӕй? (Кӕсӕ рамкӕ « Сӕребарӕдзийнади анз ци адтӕй?».) б) Лукай 4:16–18 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Йесо цӕй кой кодта?
ЕУӔЙ-ЕУ бӕстити, цӕхуӕндӕр ӕхсидзгӕ хабарбӕл 50 анзи ку рацӕуй, уӕд уой номбӕл бӕрӕгбон искӕнунцӕ. Уӕхӕн бӕрӕгбон фӕццӕуй еу бон, къуӕре кенӕ ба никки фулдӕр. Фал бӕрӕгбонӕн еу афони ӕ кӕрон ӕрцӕуй, ӕма кӕд цийни хабар фӕууй, уӕддӕр ӕй уой фӕсте феронх кӕнунцӕ.
2 Рагидзаманти израилӕгтӕ дӕр алли фӕндзайӕймаг анз дӕр анзи дӕргъи бӕрӕг кодтонцӕ устур бӕрӕгбон. Е адтӕй Сӕребарӕдзийнади анз. Израилӕгтӕй цагъартӕ ка адтӕй, уони еци анз иссӕребарӕ кӕниуонцӕ. Цума мах еци анзи туххӕй фулдӕр базонун цӕмӕн гъӕуй? Уомӕн ӕма нин нӕ зӕрдӕбӕл лӕуун кӕнуй, Киристе ке кой кодта, еци ӕносон сӕребарӕдзийнадӕй цӕмӕй исхайгин уӕн, уой туххӕй Йеговӕ ци бакодта, уой. (Бакӕсӕ Лукай 4:16–18.)
3. Левити 25:8–12 ци финст ес, уомӕ гӕсгӕ Сӕребарӕдзийнади анз израилӕгтӕн ци пайда хаста?
3 Цума Йесо цӕхуӕн сӕребарӕдзийнади кой кодта? Цӕмӕй уой хуӕздӕр балӕдӕрӕн, уой туххӕй бал ӕркӕсӕн, Хуцау израилӕгтӕн ци бафӕдзахста, уомӕ. Йеговӕ син загъта: «Фӕндзайӕймаг анз ӕй табуйаг анз, ӕма фегъосун кӕнтӕ, уӕ зӕнхӕбӕл цӕрӕг адӕн се ’гас дӕр ке иссӕребарӕ уодзӕнцӕ. Е уин уодзӕй Сӕребарӕдзийнади анз, ӕма уи алкедӕр гъӕуама раздӕха ӕ зӕнхитӕмӕ ӕма ӕ бийнонтӕмӕ». (Бакӕсӕ Левит 25:8–12.) Айразиккон статьяйӕй базудтан, израилӕгтӕ сабатбони закъон ке ӕнхӕст кодтонцӕ, е син ци пайда хаста, уой. Сӕребарӕдзийнади анз ба син цума ци пайда хаста? Зӕгъӕн, израилаг нӕлгоймаг устур ӕфстау ку райсидӕ, уӕд ӕй еци ӕфстау бафедунмӕ ӕ зӕнхитӕ рауӕйӕ кӕнун багъӕуидӕ. Фал ин сӕ Сӕребарӕдзийнади анз ба гъӕуама фӕстӕмӕ равардтайуонцӕ. Уотемӕй ӕ бон адтӕй «ӕ зӕнхитӕмӕ» раздӕхун, ӕма сӕ фӕстӕдӕр ба ӕ цӕуӕтӕн ниууадзун. Кенӕ ба устур ӕфстау бафедуни туххӕй израилаг нӕлгоймаги еуӕй-еухатт багъӕуидӕ ӕхе кенӕ ба ӕ сувӕллони дӕр цагъарӕй рауӕйӕ кӕнун. Сӕребарӕдзийнади анз ба уӕхӕн цагъарӕн ӕ бон адтӕй фӕстӕмӕ «ӕ бийнонтӕмӕ» раздахун. Уой фӕрци адӕймаг цӕрӕнбонти цагъарӕй нӕ байзадайдӕ. Ӕцӕгӕйдӕр, Йеговӕ ӕ адӕнбӕл тухстӕй!
4, 5. Сӕребарӕдзийнади анзи туххӕй нӕ фулдӕр базонун цӕмӕн гъӕуй?
4 Сӕребарӕдзийнади анз ма израилӕгтӕн никкидӕр ци пайда хаста? Йеговӕ балӕдӕрун кодта: «Уӕ астӕу гъӕуама мӕгуртӕ ма уа, уомӕн ӕма дин Йеговӕ ӕнӕмӕнгӕй райарфӕ кӕндзӕй, дӕ Хуцау Йеговӕ дин бунӕн ке дӕттуй ӕма ке байахӕсдзӕнӕ, еци зӕнхӕбӕл» (Дук. з. 15:4). Аци дуйней ба хабар бустӕги ӕндӕр хузи ӕй. Гъӕздугутӕ гъӕздугдӕр кӕнунцӕ, мӕгуртӕ ба – мӕгурдӕр!
5 Киристӕнттӕ Моисеййи закъони дӕлбарӕ нӕ ’нцӕ ӕма сӕ Сӕребарӕдзийнади анз бӕрӕг кӕнун дӕр нӕ гъӕуй – нӕ сӕ гъӕуй цагъарти сӕребарӕ кӕнун ӕма кедӕр зӕнхитӕ фӕстӕмӕ дӕттун (Ром. 7:4; 10:4; Еф. 2:15). Фал Сӕребарӕдзийнади анзи кой дзӕгъӕли нӕ кӕнӕн. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма махӕн дӕр рагон израилӕгти хузӕн ес уӕхӕн фадуат, цӕмӕй иссӕребарӕ уӕн.
ЙЕСО ФЕГЪОСУН КОДТА СӔРЕБАРӔДЗИЙНАДИ ХАБАР
6. Адӕни цӕмӕй гъудӕй иссӕребарӕ кӕнун?
6 Не ’гас дӕр хъӕбӕр ӕнӕхатир хецауи цагъартӕ ан – тӕрегъӕди цагъартӕ, ӕма нӕ еци цагъайрадӕй иссӕребарӕ кӕнун гъӕуй. Тӕрегъӕдгун ке ан уой туххӕй зӕронд кӕнӕн, сӕйӕн ӕма мӕлӕн. Ӕма ни уой алкедӕр ӕхебӕл фӕууинуй, айдӕнӕмӕ ку бакӕсӕн кенӕ бабӕй нӕ дохтиртӕмӕ цӕун ку фӕгъгъӕуй, уӕд. Уомӕй уӕлдай ма тӕрегъӕд ку искӕнӕн, уӕд нӕ нифс басӕттуй. Апостол Павел дӕр ӕргом загъта, зӕгъгӕ, «ме ’уӕнгти... цӕруй... тӕрегъӕди закъон ӕма ми кӕнуй ӕ уацайраг». Удта ма ӕ дзурдтӕбӕл бафтудта: «Мӕнӕ ци мӕгур дӕн! Ка мӕ фӕййервӕзун кӕндзӕй, мӕлӕтмӕ мӕ ка кӕнуй, еци бауӕрӕй?» (Ром. 7:23, 24).
7. Пахампар Исай сӕребарӕдзийнади туххӕй ци ниффинста?
7 Фал Йеговӕ байархайдта, цӕмӕй нӕ тӕрегъӕди цагъайрадӕй исуӕгъдӕ кодтайдӕ ӕма еци гъуддаг бакодта Йесо Киристей фӕрци. Нӕ эри размӕ ӕстӕймаг ӕноси пахампар Исай Ис. 61:1). Аци пахампарадӕ кӕбӕл гъӕуама исӕнхӕст адтайдӕ?
дзурдта, адӕнӕн федӕни ци сӕребарӕдзийнадӕ гъӕуама лӕвӕрд ӕрцудайдӕ, уой туххӕй. Еци сӕребарӕдзийнадӕ берӕ хуӕздӕр ӕй, израилӕгтӕн алли фӕндзайӕймаг анз дӕр ци сӕребарӕдзийнадӕ лӕвӕрд цудӕй, уомӕй. Исай ниффинста: «Ӕз хайгин дӕн Дуйнедарӕг Хуцау Йегови хъаурӕй, уомӕн ӕма мӕ Йеговӕ байсарста, цӕмӕй сабур адӕнӕн хуарз хабар игъосун кӕнон. Е мӕ рарвиста, цӕмӕй зӕрдӕсаст адӕнӕн сӕ гъӕдгинтӕ бӕттон, цӕмӕй уацайрӕгтӕн игъосун кӕнон, ке иссӕребарӕ уодзӕнцӕ» (8. Исаййи пахампарадӕ кӕбӕл исӕнхӕст ӕй?
8 Еци ӕхсидзгӕ пахампарадӕ ӕнхӕст кӕнун райдӕдта, Йесо зӕнхӕбӕл лӕггадӕ кӕнун ку райдӕдта, уой фӕсте. Ӕ райгурӕн горӕт Назарети ӕмбурдгӕнӕнмӕ ку бацудӕй, уӕд си ка ӕрӕмбурд ӕй, еци дзиуиттӕгтӕн бакастӕй еци пахампаради дзурдтӕ: «Ӕз хайгин дӕн Йегови хъаурӕй, уомӕн ӕма мӕ е байсарста, цӕмӕй мӕгуртӕн хуарз хабар игъосун кӕнон. Е мӕ рарвиста, цӕмӕй уацайрӕгтӕн дзорон, ке иссӕребарӕ уодзӕнцӕ, ӕма хъӕрӕутӕн – цӕстӕй ке ракӕсдзӕнцӕ, цӕмӕй ӕфхуӕрд адӕни исуӕгъдӕ кӕнон, цӕмӕй игъосун кӕнон Йегови хуарзӕнхи анзи туххӕй». Уой фӕсте ба балӕдӕрун кодта, аци пахампарадӕ ӕхебӕл ке исӕнхӕст ӕй (Лук. 4:16–19). Цума кутемӕй?
ФИЦЦАГ КА ГЪӔУАМА ИССӔРЕБАРӔ АДТАЙДӔ?
9. Йесой дзамани беретӕ цӕхуӕн сӕребарӕдзийнадӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ?
9 Исаййи пахампарадӕ ӕнхӕст кӕнун райдӕдта фиццаг ӕноси, ӕма адӕн сӕребарӕ кӕнун райдӕдтонцӕ. Е бӕрӕг ӕй Йесой дзурдтӕй: «Нуртӕккӕ Финстадӕй ци дзурдтӕ фегъустайтӕ, етӕ абони исӕнхӕст ӕнцӕ» (Лук. 4:21). Йесомӕ ка игъуста, уонӕй беретӕ, ӕвӕдзи, сӕ зӕрдӕ дардтонцӕ Роми хецаудзийнадӕй ке исуӕгъдӕ уодзӕнцӕ. Йесой ахуркӕнуйнӕгтӕ дӕр, ӕвӕдзи, уотӕ сагъӕс кодтонцӕ, уомӕн ӕма Йесой туххӕй загътонцӕ: «Махмӕ ба уотӕ кастӕй, ӕма е, Израил ка гъӕуама иссӕребарӕ кӕна, еци адӕймаг ӕй» (Лук. 24:13, 21). Фал Йесо ӕ фӕдбӕлдзӕугути уомӕ некӕд разӕнгард кодта, цӕмӕй Роми хецаудзийнади нихмӕ исистадайуонцӕ. Е син загъта, «паддзахи ци ӕй, уой паддзахӕн дӕттетӕ», зӕгъгӕ (Матф. 22:21). Мадта уӕд Йесо адӕни цӕмӕй иссӕребарӕ кодта?
10. Йесо адӕни цӕмӕй иссӕребарӕ кодта?
10 Хуцауи Фурт зӕнхӕмӕ ӕрцудӕй, цӕмӕй адӕни дууӕ гъуддагемӕй исуӕгъдӕ кодтайдӕ. Фиццаг: Йесо адӕнӕн ӕнхус кодта, цӕмӕй иссӕребарӕ адтайуонцӕ, дини разамонгутӕ син ке амудтонцӕ ӕма син уаргъӕй ӕндӕр ка н’ адтӕй, еци ӕгъдӕуттӕй. Еци рӕстӕг дзиуиттӕгтӕй беретӕ адтӕнцӕ, адӕн сӕхуӕдтӕ ке ӕргъуди Матф. 5:31–37; 15:1–11). Дини разамонгутӕ адӕни гъӕуама раст надбӕл худтайуонцӕ, фал сӕхуӕдтӕ хъӕрӕу адтӕнцӕ. Мессийӕбӕл ӕма, ци рӕстдзийнадӕ амудта, уобӕл ке нӕ баууӕндтӕнцӕ, уой туххӕй идарддӕр дӕр адтӕнцӕ талинги, удта сӕ тӕрегъӕдтӕ хатиргонд не ’рцудӕнцӕ (Иоан. 9:1, 14–16, 35–41). Йесо адӕнӕн рӕстдзийнадӕ амудта, удта ӕхуӕдӕг дӕр еци рӕстдзийнадӕмӕ гӕсгӕ цардӕй, ӕма уотемӕй сӕрниллӕг адӕнӕн бавдиста, мӕнгӕ ахурӕдтӕй сӕ бон исуӕгъдӕ ун куд ӕй, уой (Мар. 1:22; 2:23–3:5).
кодтонцӕ, еци ӕгъдӕутти ӕма мӕнгӕ ахурӕдти уацари (11. Йесо ма адӕни никкидӕр цӕмӕй гъӕуама иссӕребарӕ кодтайдӕ?
11 Дуккаг: Йесо ӕрцудӕй, цӕмӕй адӕни иссӕребарӕ кодтайдӕ, сӕ тоги ке рахастонцӕ, еци тӕрегъӕди цагъайрадӕй. Киристей нивонди фӕрци Хуцау хатир кӕнуй, еци нивондбӕл ка баууӕндтӕй ӕма е ’ууӕндундзийнадӕ гъуддагӕй ка ӕвдесуй, уони тӕрегъӕдтӕ (Дзиуит. 10:12–18). Йесо загъта: «Мадта уӕ кӕд Фурт иссӕребарӕ кӕна, уӕд уодзиайтӕ ӕцӕг сӕребарӕ» (Иоан. 8:36). Еци сӕребарӕдзийнадӕ берӕ хуӕздӕр ӕй, израилӕгтӕн алли фӕндзайӕймаг анз дӕр ке лӕвардтонцӕ, еци сӕребарӕдзийнадӕй! Зӕгъӕн, алли фӕндзайӕймаг анз дӕр ке исуӕгъдӕ кӕниуонцӕ, еци израилӕгтӕн нӕуӕгӕй дӕр бахаудтайуонцӕ цагъайради, удта ӕнӕмӕлгӕ дӕр н’ адтӕнцӕ. Йесо ке дӕттуй, еци сӕребарӕдзийнадӕ ба ӕносмӕ ӕй.
12. Йесо ци сӕребарӕдзийнади туххӕй дзурдта, е фиццаг кӕмӕн ӕрцудӕй лӕвӕрд?
12 Нӕ эри 33 анзи Фӕндзайӕймаг бон Йеговӕ апостолти ӕма ма ӕндӕр еузӕрдон нӕлгоймӕгти ӕма силгоймӕгти дӕр ӕ сугъдӕг хъаурӕй байсарста. Хуцау сӕ «ӕхецӕн искодта фурттӕ» ӕма федӕни гъӕуама уӕларвон цардмӕ райгас адтайуонцӕ, цӕмӕй Йесой хӕццӕ паддзӕхтӕ уонцӕ (Ром. 8:2, 15–17). Йесо Назарети ӕмбурдгӕнӕни ци сӕребарӕдзийнади туххӕй фегъосун кодта, е фиццаг уонӕн ӕрцудӕй лӕвӕрд. Еци нӕлгоймӕгтӕ ӕма силгоймӕгтӕ дзиуиттаг дини разамонгути ӕримисгӕ ӕгъдӕутти ӕма мӕнгӕ ахурӕдти уацари нӕбал адтӕнцӕ. Уомӕй уӕлдай ма Хуцауи цӕсти иссӕнцӕ, мӕлӕтмӕ ка кӕнуй, еци тӕрегъӕдӕй ка исуӕгъдӕ ’й, уӕхӕн адӕн. Нӕ эри 33 анзи Йеговӕ Киристей фӕдбӕлдзӕугути ӕ сугъдӕг хъаурӕй ку байсарста, уӕд Киристӕнттӕн, зӕгъӕн ес, ӕма райдӕдта сӕребарӕдзийнади анз. Еци «анз» фӕууодзӕй, Киристей минанзон хецаудзийнадӕ кӕронмӕ ку ’рхъӕрта, уӕд. Цума ма еци рӕстӕг цӕхуӕн хуарз хабӕрттӕ ӕцӕудзӕй?
МИЛИУАНТӔ ИССӔРЕБАРӔ УОДЗӔНЦӔ
13, 14. Йесо ци сӕребарӕдзийнади туххӕй фегъосун кодта, е ма исӕрст киристӕнттӕй уӕлдай кӕмӕн ӕй лӕвӕрд?
13 Нӕ рӕстӕги хъӕбӕр берӕ кӕдзосзӕрдӕ адӕн хаунцӕ «ӕндӕр фустӕмӕ» ӕма ӕнцӕ Иоан. 10:16). Уони Хуцау уӕлӕрвти цӕрунмӕ нӕ равзурста ӕма Киристей хӕццӕ паддзӕхтӕ нӕ уодзӕнцӕ. Библимӕ гӕсгӕ син ес зӕнхӕбӕл ӕносмӕ цӕруни нифс. Дӕуӕн дӕр ес уӕхӕн нифс?
алли адӕнихӕттитӕй (14 Кӕд гъо, уӕд гъенур дӕр хайгин дӕ, исӕрст киристӕнттӕ ци хуарздзийнӕдтӕй ӕнцӕ хайгин, уонӕй кӕцидӕртӕй. Киристей нивондбӕл ке ӕууӕндис, уой фӕрци дӕ бон ӕй Йеговӕй корун, цӕмӕй дин дӕ тӕрегъӕдтӕ ниххатир кӕна. Ӕма дин уой фӕрци фадуат ес, цӕмӕй Хуцауи хуарзӕнхӕй хайгин уай ӕма ин кӕдзос цӕсгонӕй лӕггадӕ кӕнай (Еф. 1:7; Рарг. 7:14, 15). Удта ма расагъӕс кӕнӕ, мӕнгӕ ахурӕдтӕй ке иссӕребарӕ дӕ, уой фӕрци ци арфӕдзийнӕдтӕй хайгин дӕ, уонӕбӕл дӕр. Йесо загъта: «Базондзиайтӕ рӕстдзийнадӕ, ӕма уӕ рӕстдзийнадӕ иссӕребарӕ кӕндзӕй» (Иоан. 8:32). Мах ӕцӕгӕйдӕр хъӕбӕр амондгун ан, уӕхӕн сӕребарӕдзийнадӕ нин ке ес, уой туххӕй!
15. Федӕни цӕмӕй иссӕребарӕ уодзиан ӕма цӕхуӕн арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин уодзиан?
15 Фал ма федӕни фулдӕр цӕмӕйдӕрти иссӕребарӕ уодзиан. Тагъд Йесо мӕнгӕ динтӕ ӕма мӕнгард хецауӕдтӕй фӕд дӕр нӕбал ниууадздзӕй. Хуцау «хъӕбӕр берӕ адӕни» гъома ӕ лӕггадгӕнгути фӕййервӕзун кӕндзӕй ӕма сӕ дзенети ӕ арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин кӕндзӕй (Рарг. 7:9, 14). Еци рӕстӕг дуйне адӕн райгас уодзӕнцӕ ӕма син фадуат фӕззиндзӕй, цӕмӕй Адами тӕрегъӕди фӕстеугутӕй исуӕгъдӕ уонцӕ (Гъуд. 24:15).
16. Адӕнмӕ федӕни цӕхуӕн сӕребарӕдзийнадӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй?
16 Минанзон хецаудзийнади рӕстӕг Йесо
ӕма, ӕ хӕццӕ паддзӕхтӕ ка уодзӕй, етӕ адӕнӕн ӕнхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй исуонцӕ ӕнхӕст. Адӕнӕй, нез ци ӕй, е байронх уодзӕй, удта нӕуӕгӕй исуодзӕнцӕ Хуцауи сувӕллӕнттӕ. Алли фӕндзайӕймаг анз дӕр израилӕгтӕн сӕребарӕдзийнадӕ лӕвӕрд куд цудӕй, уотӕ Минанзон хецаудзийнади рӕстӕг дӕр адӕнӕн лӕвӕрд ӕрцӕудзӕй сӕребарӕдзийнадӕ. Йегови еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ еугурӕйдӕр исуодзӕнцӕ алцӕмӕй дӕр ӕнхӕст ӕма тӕрегъӕди уацари нӕбал уодзӕнцӕ.17. Исаййи 65:21–23 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ, Хуцауи адӕнмӕ цӕхуӕн цард ӕнгъӕлмӕ кӕсуй? (Кӕсӕ хузӕмӕ ӕндаг цъарӕбӕл.)
17 Исаййи 65:21–23 финст ес, федӕни зӕнхӕбӕл цӕхуӕн цард уодзӕй, уой туххӕй. (Ба сӕ кӕсӕ.) Кӕмӕдӕрти уотӕ кӕсуй, ӕма дзенети косун дӕр нӕбал гъӕудзӕй ӕма адӕн ӕрмӕстдӕр уолӕфгӕ кӕндзӕнцӕ. Фал Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ еци рӕстӕг Хуцауи адӕн кӕндзӕнцӕ сӕ зӕрдӕмӕ ка цӕуй ӕма пайда ка хӕсуй, уӕхӕн куст. Киристей минанзон хецаудзийнади кӕронмӕ Хуцауи сфӕлдистадӕ «иссӕребарӕ уодзӕнцӕ мӕлӕти цагъайрадӕй ӕма син уодзӕй, Хуцауи сувӕллӕнттӕн ци дессаги сӕребарӕдзийнадӕ ес, уӕхӕн сӕребарӕдзийнадӕ» (Ром. 8:21).
18. Дессаги федӕн нӕмӕ ке ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уобӕл федарӕй цӕмӕн ӕууӕндӕн?
18 Рагидзаманти Йеговӕ ӕ адӕнӕн бафӕдзахста сабатбони закъон ӕнхӕст кӕнун, цӕмӕй син Хуцауи гъуддӕгтӕн дӕр ӕма сӕ фӕллад исуадзунмӕ дӕр рӕстӕг адтайдӕ. Киристей минанзон хецаудзийнади рӕстӕг дӕр мах косгӕ дӕр ӕма уолӕфгӕ дӕр кӕндзиан. Удта нин Хуцауи гъуддӕгтӕн дӕр уодзӕй рӕстӕг. Цӕмӕй адӕймаг абони амондгун уа, уой туххӕй гъӕуама Хуцауӕн лӕггадӕ кӕна. Ӕма нӕуӕг дуйней дӕр уотӕ уодзӕй. Минанзон хецаудзийнади рӕстӕг Хуцауи еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ еугурӕйдӕр уодзӕнцӕ амондгун, уомӕн ӕма син уодзӕй, сӕ зӕрдӕ кӕмӕй рохс кӕндзӕй, уӕхӕн куст ӕма архайдзӕнцӕ Хуцауи гъуддӕгти.
142 ЗАР Нӕ нифсбӕл федар хуӕцӕн
^ 5 абз. Йеговӕ рагон Израили адӕнӕн бафӕдзахста, цӕмӕй алли фӕндзайӕймаг анз дӕр бӕрӕг кодтайуонцӕ Сӕребарӕдзийнади анз. Израилӕгтӕй цагъартӕ ка адтӕй, уони еци анз иссӕребарӕ кӕниуонцӕ. Киристӕнти Моисеййи закъон ӕнхӕст кӕнун нӕ гъӕуй, фал нӕ уӕддӕр Сӕребарӕдзийнади анзи туххӕй фулдӕр базонун гъӕуй. Аци статьяй базондзиан, Сӕребарӕдзийнади анз нин нӕ зӕрдӕбӕл куд лӕуун кӕнуй, Йеговӕ мах туххӕй ци искодта, уой, удта нин е ци пайда хӕссуй, уой дӕр.
^ 61 абз. ХУЗӔ. Цагъартӕ ка адтӕнцӕ, еци нӕлгоймӕгтӕ Сӕребарӕдзийнади анзи иссӕребарӕ ’нцӕ ӕма фӕстӕмӕ сӕ бийнонтӕмӕ ӕма сӕ зӕнхитӕмӕ раздахтӕнцӕ.