52 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Ниййергутӕ, уӕ сувӕллӕнтти ахур кӕнтӕ, цӕмӕй Йегови бауарзонцӕ
«Фурттӕ ӕнцӕ бунтӕ Йеговӕй» (ПС. 127:3).
134 ЗАР Сувӕллӕнттӕ Хуцауи лӕвар
РАЗДЗУРД *
1. Йеговӕ ниййергутӕн ци баихӕс кодта?
ЙЕГОВӔ фиццаг нӕлгоймаг ӕма силгоймаги уотӕ ’скодта, ӕма сӕ фӕндадтӕй, цӕмӕй син сувӕллӕнттӕ адтайдӕ. Библий финст ӕй: «Фурттӕ ӕнцӕ бунтӕ Йеговӕй» (Пс. 127:3). Цума е цӕбӕл дзорӕг ӕй? Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ, цума дӕмӕ де ’мбал устур ӕхцатӕ равардта, цӕмӕй бал сӕ дӕхемӕ бафснайай. Ӕвӕдзи дин хъӕбӕр ӕхцӕуӕн адтайдӕ, уотӕ дӕбӕл ке ӕууӕндуй, е. Фал тухсгӕ дӕр куд нӕ кодтайсӕ, хуӕздӕр сӕ кӕми бафснайай, уобӕл. Йеговӕ, нӕ хуӕздӕр Ӕмбал, ниййергутӕн сӕ барӕ бакодта, ӕхцайӕй берӕ хъазардӕр ци ӕй, уой – сӕ сувӕллӕнтти амонд, ӕма ’й фӕндуй, цӕмӕй сӕбӕл тухсонцӕ.
2. Цӕхуӕн фарстатӕмӕ ӕркӕсдзиан?
2 Лӕг ӕма уосӕн сувӕллӕнттӕ уодзӕй ӕви нӕ, удта кӕд, уой ка гъӕуама ниллух кӕна? Удта ниййергути бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй сӕ сувӕллӕнттӕ амондгун уонцӕ? Ӕркӕсӕн, лӕг ӕма уосӕн раст унаффитӕ рахӕссунмӕ ка банхус кӕндзӕй, цалдӕр уӕхӕн уагӕвӕрдемӕ Библийӕй.
ЛӔГ ӔМА УОСӔ ЦИ УНАФФӔ РАХАСТОНЦӔ, УОМӔН АРГЪ КӔНӔ
3. а) Лӕг ӕма уосӕн сувӕллӕнттӕ уодзӕй ӕви нӕ, уой ка гъӕуама ниллух кӕна? б) Хеуӕнттӕ ӕма ӕмбӕлттӕ сӕ зӕрдӕбӕл Библийӕй цӕхуӕн уагӕвӕрдтӕ гъӕуама даронцӕ?
3 Кӕцидӕр адӕнихӕттитӕн се ’гъдау уотӕ ’й, ӕма гъӕуама сӕ цард ка байеу кодта, етӕ зӕнӕг еци фӕдбӕл рауадзонцӕ. Гӕнӕн ес, ӕма сӕ сӕ бийнонтӕ, удта иннетӕ дӕр тагъд кӕнонцӕ. Азийӕй еу ӕнсувӕр Джетро загъта: «Ӕмбурди дӕр еуӕй-еу ниййергутӕ, сувӕллӕнттӕ кӕмӕн нӕййес, еци бийнонтӕн дзорун райдайунцӕ, зӕнӕги гъуддаг бакӕнтӕ, зӕгъгӕ». Гал. 6:5). Дзурд дӕр ибӕл нӕййес, се ’мбӕлттӕ ӕма сӕ хеуӕнтти зӕрдӕ син ӕрмӕстдӕр хуарз зӕгъуй. Фал алкедӕр гъӕуама ӕ зӕрдӕбӕл дара: еци унаффӕ ӕрмӕстдӕр лӕг ӕма уосӕ гъӕуама рахӕссонцӕ (1 Фес. 4:11).
Азийӕй ӕндӕр ӕнсувӕр Джеффри ба загъта: «Сувӕллӕнттӕ кӕмӕн нӕййес, уонӕн арӕх фӕззӕгъунцӕ, ку базӕронд уайтӕ, уӕд уӕмӕ ка кӕса, уӕхӕн дӕр нӕ уодзӕй, зӕгъгӕ». Фал лӕг ӕма уосӕ сӕхуӕдтӕ гъӕуама ниллух кӕнонцӕ сувӕллӕнттӕ син уодзӕй ӕви нӕ, уой, уомӕн ӕма еци унаффи хӕццӕ сӕхецӕн цӕргӕ уодзӕй (4, 5. Лӕг ӕма уосӕ цӕхуӕн фарстатӕбӕл гъӕуама радзоронцӕ ӕма кӕд? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ.
4 Сувӕллӕнттӕ ке гъӕуй, еци лӕг ӕма уосӕ гъӕуама дууӕ ӕхсидзгӕ фарстайебӕл расагъӕс кӕнонцӕ: кӕд сӕ фӕндуй зӕнӕг рауадзун ӕма цал уодзӕнцӕ? Аци фарстатӕбӕл радзорун хуӕздӕр кӕд уодзӕй? Ӕма уотӕ ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕнцӕ?
5 Ӕной аци фарстатӕбӕл рагацау радзорун хуӕздӕр уодзӕй, цалинмӕ лӕхъуӕн ӕма кизгӕ сӕ цард нӕма байеу кодтонцӕ, уӕдмӕ. Цума цӕмӕн? Уомӕн ӕма сӕ дууӕ дӕр гъӕуама еци гъуддаги фӕдбӕл ӕмхузӕн гъуди кӕнонцӕ. Удта гъӕуама расагъӕс кӕнонцӕ, сӕхемӕ уӕхӕн ихӕс райсунмӕ цӕттӕ ’нцӕ ӕви нӕ, уобӕл. Еуӕй-еу бийнонтӕ еу кенӕ дууӕ анзи бангъӕлмӕ кӕсунцӕ, цӕмӕй бал кӕрӕдзебӕл исахур уонцӕ, уомӕн ӕма сувӕллӕнттӕн берӕ рӕстӕг ӕма хъауритӕ гъӕуй. Ӕма сӕмӕ еци унаффӕ раст кӕсуй, уомӕн ӕма сӕ рӕстӕг фӕгъгъӕуй, цӕмӕй бийнонти цард ци ӕй, уой балӕдӕронцӕ ӕма кӕрӕдземӕ дӕр фӕххӕстӕгдӕр уонцӕ (Еф. 5:33).
6. Хъӕбӕр уӕззау рӕстӕги ке цӕрӕн, уомӕ гӕсгӕ еуӕй-еу бийнонтӕ цӕхуӕн унаффӕ рахастонцӕ?
6 Еуӕй-еу киристӕнттӕ ба Ноййи ӕртӕ фурти ӕма сӕ уостити бафӕнзунцӕ. Етӕ зӕнӕг рауадзунмӕ тагъд нӕ кодтонцӕ (Райд. 6:18; 9:18, 19; 10:1; 2 Пет. 2:5). Киристе мах рӕстӕг рабарста Ноййи рӕстӕгути хӕццӕ. Ӕма ӕцӕгӕйдӕр, мах «хъӕбӕр уӕззау рӕстӕги» цӕрӕн (Матф. 24:37; 2 Тим. 3:1). Уомӕ гӕсгӕ еуӕй-еу бийнонтӕ унаффӕ рахастонцӕ, сувӕллӕнттӕ син ке нӕ уодзӕй, цӕмӕй син Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунмӕ фулдӕр рӕстӕг уа.
7. Лукай 14:28, 29 ӕма Ӕмбесӕндти 21:5 ци уагӕвӕрдтӕ финст ес, етӕ лӕг ӕма уосӕн куд банхус кӕндзӕнцӕ?
7 Сувӕллӕнттӕ уин уодзӕй ӕви нӕ, удта цал уодзӕнцӕ, уой ниллух кӕнуни разӕй зундбӕл дзорӕг уодзӕй сувӕллнттӕ исхӕссунмӕ «цӕйбӕрцӕ багъӕудзӕй», уой «банимайун». (Бакӕсӕ Лукай 14:28, 29.) Сувӕллӕнттӕ ка ’схаста, еци ниййергутӕ ’й зонунцӕ, айдагъ ӕхца нӕ, фал ма сӕбӕл хъӕбӕр берӕ рӕстӕг ӕма хъауритӕ харз кӕнун дӕр ке гъӕуй. Мадта хуарз уайдӕ, лӕг ӕма уосӕ уӕхӕн фарстатӕбӕл ку расагъӕс кӕниуонцӕ: «Сувӕллӕнттӕ нин ку фӕззинна, уӕд нӕ дууей дӕр гъӕудзӕй косун? Нӕ дууӕ дӕр косгӕ ку кӕнӕн, уӕд нин нӕ сувӕллӕнттӕмӕ ка кӕсдзӕй? Сӕ зунд син ка араздзӕй ӕма ке фӕнздзӕнцӕ?» Аци фарстатӕ сабурбӕл ка ниллух кӕнуй, етӕ фӕййархайунцӕ, Ӕмбесӕндти 21:5 ци дзурдтӕ финст ес, уонӕмӕ гӕсгӕ. (Ба ’й кӕсӕ.)
8. Лӕг ӕма уосӕ цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлунцӕ ӕма, ӕ бийнойнаги ка уарзуй, уӕхӕн лӕг ци кӕндзӕй?
8 Алли сувӕллон дӕр уой аккаг ӕй, цӕмӕй ибӕл ӕ мадӕ дӕр ӕма ӕ фидӕ дӕр сӕ рӕстӕг ӕма сӕ хъауритӕ харз кӕнонцӕ. Уомӕ гӕсгӕ, лӕг ӕма уосӕн фӕд-фӕди цалдӕр сувӕллони ку райгура, уӕд син уотӕ ӕнцон нӕ уодзӕй сӕ сувӕллӕнттӕй алкӕмӕндӕр цӕйбӕрцӕ гъӕуй, уойбӕрцӕ рӕстӕг хецӕн кӕнун. Цалдӕр минкъий сувӕллони кӕмӕн ес, уӕхӕн ниййергутӕ арӕх фӕззӕгъунцӕ, хъӕбӕр ке бафӕллайунцӕ. Хатгай мадӕ уотӕ бафӕллайуй, ӕма имӕ Библи ахур кӕнунмӕ, ковунмӕ ӕма игъосун кӕнунмӕ хъауритӕ нӕбал байзайуй, удта ма ин ӕмбурдтӕмӕ цӕун ӕма лӕмбунӕг игъосун дӕр зин фӕууй. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, ӕ бийнойнаги ка уарзуй, уӕхӕн лӕг хӕдзари дӕр ӕма ӕмбурди дӕр ӕ бийнойнагӕн сувӕллӕнттӕмӕ кӕсун ӕнхус кӕндзӕй. Зӕгъӕн, ӕ бон ӕй хӕдзари куститӕ кӕнунмӕ фӕккӕсун. Уомӕй уӕлдай ма архайдзӕй, цӕмӕй сӕмӕ алли къуӕре дӕр уа, се ’гасемӕн дӕр пайда хӕсдзӕй, уӕхӕн бийнонти ахур. Удта ӕдзох ӕ бийнонти хӕццӕ игъосун кӕнунмӕ цӕудзӕй.
УӔ СУВӔЛЛӔНТТИ АХУР КӔНТӔ, ЦӔМӔЙ ЙЕГОВИ БАУАРЗОНЦӔ
9, 10. Сӕ сувӕллӕнттӕн банхус кӕнун ке фӕндуй, еци ниййергути ци кӕнун гъӕуй?
9 Ниййергутӕн сӕ бон куд ӕй сӕ сувӕллӕнттӕн банхус кӕнун, цӕмӕй Йегови бауарзонцӕ? Сӕ бон куд ӕй, аци фуддуйней син тӕссаг цӕмӕй ӕй, уомӕй сӕ багъӕуай кӕнун? Ӕркӕсӕн цалдӕр гъуддагемӕ.
10 Йеговӕй ӕнхус коретӕ. Расагъӕс кӕнӕн Самсони ниййергути цӕветтонбӕл. Маной ку базудта, биццеу син ке райгурдзӕй, уӕд Йеговӕн лигъстӕ кодта, цӕмӕй син байамудтайдӕ, куд гъомбӕл кӕнгӕ уодзӕй, уой.
11. Тӕрхонгӕнгути 13:8 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Маной Йеговӕй ци курдта ӕма ’й ниййергути бон куд ӕй фӕнзун?
11 Нихад ӕма Альмӕ ӕнцӕ Босни ӕма Герцеговинӕй. Маноййи цӕветтон син хъӕбӕр банхус кодта. Нихад ӕма Альмӕ загътонцӕ: «Мах фӕндтадтӕй, цӕмӕй хуарз ниййергутӕ адтайанӕ, ӕма Маноййи хузӕн Йеговӕй зунд курдтан. Йеговӕ нин нӕ кувдтитӕбӕл дзуапп лӕвардта Финстади, нӕ литератури, ӕмбурдти ӕма конгрессти фӕрци». (Бакӕсӕ Тӕрхонгӕнгути 13:8.)
12. Иосиф ӕма Марийӕ сӕ сувӕллӕнттӕн фӕнзуйнаг цӕмӕй адтӕнцӕ?
Дук. з. 4:9, 10). Иосиф алли анз дӕр ӕ бийнонтӕ Комуадзӕн бӕрӕг кӕнунмӕ Йерусалиммӕ фӕххонидӕ, кӕд Моисеййи закъонмӕ гӕсгӕ уордӕмӕ ӕгас бийнонтӕй цӕун ӕнӕмӕнгӕ н’ адтӕй, уӕддӕр (Лук. 2:41, 42). Ӕвӕдзи, нӕлгоймӕгтӕй алке ӕ бийнонти нӕ ракӕнидӕ, уомӕн ӕма ӕгас бийнонтӕй уӕхӕн идард балций цӕун ӕнцон н’ адтӕй, удта ибӕл берӕ рӕстӕг ӕма ӕхца бахарз кӕнун гъудӕй. Фал Иосиф Хуцауи гъуддӕгтӕн аргъ кодта ӕма ӕ сувӕллӕнтти дӕр уобӕл ахур кодта. Марийӕ дӕр ӕ сувӕллӕнттӕн фӕнзуйнаг адтӕй. Е Финстадӕ хуарз зудта. Ӕма федарӕй зӕгъӕн ес, сувӕллӕнтти дӕр Хуцауи Дзурд уарзунбӕл ке ахур кодта.
12 Фӕнзуйнаг син уотӕ. Сувӕллӕнттӕн ци амонетӕ, е ӕхсидзгӕ ’й, фал никки ӕхсидзгӕдӕр ба ӕй, уӕхе куд даретӕ, е. Дзурд дӕр ибӕл нӕййес, Иосиф ӕма Марийӕ сӕ сувӕллӕнттӕн, уой хӕццӕ ба ма Йесойӕн дӕр, алцӕмӕй дӕр фӕнзуйнаг ке адтӕнцӕ. Иосиф хъиамӕт кодта, цӕмӕй ӕ бийнонти дардтайдӕ. Удта ма син ӕнхус кодта, цӕмӕй Хуцауи гъуддӕгтӕн аргъ кодтайуонцӕ (13. Нихад ӕма Альмӕ Иосиф ӕма Мариййи куд бафӕнзтонцӕ?
13 Уӕлдӕр ке кой кодтан, еци Нихад ӕма Альмӕ дӕр Иосиф ӕма Мариййи хузӕн архайдтонцӕ. Е син куд банхус кодта, цӕмӕй сӕ фуртӕн Хуцауи бауарзун кодтайуонцӕ, ӕма ’й Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунмӕ баразӕнгард кодтайуонцӕ? Етӕ загътонцӕ: «Мах архайдтан, цӕмӕй нӕ биццеу махбӕл уидтайдӕ, Йегови уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрунӕй хуӕздӕр ке неци ес, уой». Нихад ма загъта: «Кӕд дӕ фӕндуй, цӕмӕй дӕ сувӕллон Хуцауи ӕмбал исуа, уӕд гъӕуама дӕхуӕдӕг дӕр Хуцуи ӕмбал уай».
14. Ниййергутӕ цӕмӕн гъӕуама зононцӕ, сӕ сувӕллӕнттӕ ке хӕццӕ лимӕн кӕнунцӕ, уой?
14 Уӕ сувӕллӕнттӕн ӕнхус кӕнтӕ хуарз ӕмбӕлттӕ иссерунмӕ. Мадӕ дӕр ӕма фидӕ дӕр гъӕуама зононцӕ, сӕ сувӕллон рӕстӕг ке хӕццӕ ферветуй ӕма ци фӕккосуй, уой. Зӕгъӕн, социалон сетьти ин ци ӕмбӕлттӕ ес, етӕ ка ’нцӕ, телефонӕй кӕмӕ фӕффинсуй, удта ин ӕхемӕ дӕр ка фӕффинсуй. Е ӕхсидзгӕ ’й, уомӕн ӕма сувӕллӕнттӕ се ’мбӕлтти фӕффӕнзунцӕ (1 Кор. 15:33).
15. Ниййергутӕн сӕ бон куд ӕй Джессий фӕнзун?
15 Кӕд ниййергутӕ компьютертӕ, планшеттӕ кенӕ телефонтӕн берӕ нӕ лӕдӕрунцӕ, уӕддӕр сӕ бон ци ӕй кӕнун? Филиппинтӕй еу ӕнсувӕр, Джесси, загъта: «Телефонтӕ ӕма планшеттӕй куд архайун гъӕуй, уой нӕ зудтан. Фал уӕддӕр нӕ сувӕллӕнттӕн лӕдӕрун кодтан, уӕхӕн дзаумӕуттӕ цӕмӕйдӕрти тӕссаг ке ӕнцӕ». Кӕд Джесси ӕхуӕдӕг телефонтӕ ӕма планшеттӕмӕ дзӕбӕх нӕ арӕхстӕй, уӕддӕр уотӕ нӕ загъта, некӕми уӕ гъӕунцӕ, зӕгъгӕ. Джесси зӕгъуй: «Сувӕллӕнттӕн дзоринӕ телефон кенӕ планшетти фӕрци сӕ бон ке ӕй нӕуӕг ӕвзаг ахур кӕнун, ӕмбурдтӕмӕ цӕттӕ кӕнун ӕма Библи алли бон дӕр кӕсун». Сайти jw.org® хаййи «Ӕригӕнттӕ» хуарз унаффитӕ ес СМС-ти туххӕй ӕма хузтӕ интернети ӕвӕруни туххӕй. Ӕма уин кӕд сувӕллӕнттӕ ес, уӕд уӕ сувӕллӕнтти хӕццӕ еци унаффитӕбӕл радзурдтайтӕ? Уӕ бон ма ӕй сӕ хӕццӕ бакӕсун видеороликтӕмӕ: «Ка ӕй дӕ хецау: ду ӕви дӕ телефон?» ӕма «Социалон сетьтӕй лӕдӕргӕй пайда кӕнӕ» * ӕма сӕбӕл радзубанди кӕнтӕ.
16. Ниййергутӕй беретӕ цӕбӕл фӕййархауйнцӕ ӕма е ци пайда ӕрхӕссуй?
16 Берӕ ниййергутӕ архайунцӕ, цӕмӕй сӕ сувӕллӕнттӕ рӕстӕг ӕрветонцӕ, Хуцауӕн ӕгас зӕрдӕй ка лӕггадӕ кӕнуй, уӕхӕн киристӕнтти хӕццӕ. Дени ӕма Бомин Кот-д’Ивуарӕй ӕнцӕ. Етӕ районон цӕстӕдарӕги арӕх баиуазӕг кӕниуонцӕ. Дени загъта: «Е нӕ
хестӕр биццеубӕл хуарзӕрдӕмӕ рабӕрӕг ӕй. Пионерӕй лӕггадӕ кӕнун райдӕдта, ӕма нур ӕй районон цӕстӕдарӕги хуӕдӕййевӕг». Сумах бон ба ӕй уотӕ архайун, цӕмӕй уӕ сувӕллӕнттӕ сӕ рӕстӕг уӕхӕн лӕггадгӕнгути хӕццӕ ӕрветонцӕ?17, 18. Ниййергутӕ сӕ сувӕллӕнтти гъӕуама кӕд райдайонцӕ ахур кӕнун?
17 Уӕ сувӕллӕнтти сӕ минкъийӕй фӕстӕмӕ ахур кӕнтӕ. Ниййергутӕ сӕ сувӕллӕнтти куд раздӕр райдайонцӕ ахур кӕнун, уотӕ хуӕздӕр (Ӕмб. 22:6). Расагъӕс кӕнӕн Тимофейбӕл. Ку исустур ӕй, уӕд апостол Павели хӕццӕ балций рандӕ уидӕ. Тимофеййи ӕ «минкъийӕй фӕстӕмӕ» ӕ мадӕ Евникӕ ӕма ӕ мадимадӕ Лоидӕ ахур кодтонцӕ (2 Тим. 1:5; 3:15).
18 Жан-Клод ӕма Паулӕ дӕр Кот-д’Ивуарӕй ӕнцӕ. Етӕ сӕ ӕхсӕз сувӕллонемӕн дӕр банхус кодтонцӕ, цӕмӕй Йегови бауарзтайуонцӕ ӕма ин лӕггадӕ кӕнун райдӕдтайуонцӕ. Цума син е цӕй фӕрци бантӕстӕй? Евникӕ ӕма Лоиди ке фӕнзтонцӕ, уой фӕрци. Сӕхуӕдтӕ уотӕ зӕгъунцӕ: «Мах архайдтан, цӕмӕй нӕ сувӕллӕнттӕн сӕ райгурцӕй фӕстӕмӕ сӕ зӕрдити Хуцауи Дзурд арф ниввардтайанӕ» (Дук. з. 6:6, 7).
19. Сувӕллони зӕрди Йегови Дзурд «арф ниввӕрун» ци нисан кӕнуй?
19 Цума сувӕллони зӕрди Йегови Дзурд «арф ниввӕрун» ци нисан кӕнуй? Дзурдбаст «арф ниввӕрун» нисан кӕнуй, адӕймаги ахур кӕнун ӕма ин цӕхуӕндӕр гъуддаг арӕх ӕ зӕрди ’фтаун. Цӕмӕй ниййергути бон уа уотӕ архайун, уой туххӕй гъӕуама сӕ сувӕллӕнтти хӕццӕ рӕстӕг ӕрветонцӕ. Сувӕллонӕн еци еу гъуддаги туххӕй цалдӕр хатти дзорун ку фӕгъгъӕуй, уӕд еуӕй-еу ниййергутӕн сӕ нифс расӕттуй. Фал уотемӕй ниййергути бон ӕй сӕ сувӕллӕнттӕн ӕнхус кӕнун, цӕмӕй Хуцауи Дзурд лӕдӕронцӕ ӕма си пайда кӕнонцӕ.
20. Псалом 127:4 сувӕллӕнтти гъомбӕл кӕнунмӕ куд хауй, уой балӕдӕрун кӕнӕ.
20 Уӕ сувӕллӕнтти гъӕуама хуарз зонайтӕ. 127 псалом сувӕллӕнтти баруй фӕтти хӕццӕ. (Бакӕсӕ Псалом 127:4.) Фӕттӕ аллихузи ӕрмӕгӕй конд фӕуунцӕ, удта си еуетӕ даргъдӕр фӕуунцӕ, иннетӕ ба – цубурдӕр. Уотӕ дууӕ ӕмхузӕн сувӕллони дӕр нӕ фӕууй. Мадта ниййергутӕ гъӕуама расагъӕс кӕнонцӕ, сӕ сувӕллӕнттӕй алкедӕр куд ахур кӕндзӕнӕ, уобӕл. Израилӕй еу бийнонтӕ сӕ дууӕ сувӕллони дӕр Хуцауи надбӕл исӕвардтонцӕ. Етӕ радзурдтонцӕ, ци син банхус кодта, уой туххӕй: «Нӕ биццеу ӕма кизги хӕццӕ Библи хецӕнтӕй ахур кодтан». Ӕной, бийнонти хестӕр гъӕуама ӕхуӕдӕг ниллух кӕна, ӕ сувӕллӕнттӕй алке хӕццӕ дӕр Библи хецӕнӕй ахур кӕндзӕй ӕви нӕ, уой.
ЙЕГОВӔ УИН БАНХУС КӔНДЗӔЙ
21. Йеговӕ ниййергутӕн куд банхус кӕнуй?
21 Ниййергутӕн еуӕй-еухатт хъӕбӕр зин фӕууй сӕ сувӕллӕнтти гъомбӕл кӕнун. Фал сувӕллӕнттӕ Йегови лӕвар ӕнцӕ ӕма е алкӕддӕр цӕттӕ фӕууй ниййергутӕн банхус кӕнунмӕ. Е син сӕ кувдтитӕмӕ зӕрдиагӕй фегъосуй ӕма син дзуапп раттуй Библий ӕма нӕ публикацити фӕрци. Удта ма син банхус кӕнуй, се ’мбурди ци фӕлтӕрдгун ниййергутӕ ес, уони цӕветтонтӕ ӕма унаффити фӕрци дӕр.
22. Ниййергутӕн сӕ бон ци ӕй сӕ сувӕллӕнттӕн дӕттун?
22 Кадӕртӕ уотӕ зӕгъунцӕ, ӕма, дан, сувӕллони 20 анзи гъӕуй гъомбӕл кӕнун. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, уой фӕсте дӕр ниййерӕг ниййерӕгӕй байзайуй. Фал цалинмӕ ниййергутӕн еци 20 анзи ес, уӕдмӕ гъӕуама сӕ сувӕллӕнттӕн дӕттонцӕ, хуӕздӕрӕй сӕмӕ ци ес, уой, зӕгъӕн, гъӕуама сӕ уарзонцӕ, сӕ рӕстӕг син ма ’вгъау кӕнонцӕ ӕма сӕ Библий унаффитӕмӕ гӕсгӕ Хуцауи надбӕл аразонцӕ. Ниййергути амундтӕ сувӕллӕнттӕ сӕ зӕрдӕмӕ ӕмхузӕн нӕ райсунцӕ. Фал Йегови ка уарзуй, уӕхӕн ниййергутӕ кӕмӕн ес, уонӕй беретӕ арази ӕнцӕ еу азиаг хуӕри Джоаннӕ-Мэййи дзурдти хӕццӕ: «Мӕ ниййергутӕ мӕ куд гъомбӕл кодтонцӕ, уобӕл ку расагъӕс кӕнун, уӕд си хъӕбӕр боз фӕуун, зунд мин ке амудтонцӕ ӕма мин Йегови ке бауарзун кодтонцӕ, уой туххӕй. Етӕ мин уотид цард нӕ равардтонцӕ, фал нисан кӕмӕн ес, уӕхӕн цард» (Ӕмб. 23:24, 25). Ӕма нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй уотӕ милиуантӕ гъуди кӕнунцӕ.
59 ЗАР Йаги кадгин кӕнӕ!
^ 5 абз. Лӕг ӕма уосӕн зӕнӕг уадзун гъӕуй ӕви нӕ? Кӕд гъо, уӕд цал сувӕллони? Сӕ бон куд ӕй сӕ сувӕллӕнтти ахур кӕнун, цӕмӕй Йегови бауарзонцӕ ӕма ин лӕггадӕ кӕнонцӕ? Аци фарстатӕбӕл дзуапп базондзиан аци статьяй. Удта ӕркӕсдзиан нӕ рӕстӕги цӕветтонтӕмӕ ӕма Библий уагӕвӕрдтӕмӕ.
^ 15 абз. Кӕсӕ ма киунугӕ «Ответы на твои вопросы», 1 том, 36 сӕр ӕма 2 том, 11 сӕр, удта 2018 анзи июни «Нӕ киристон цард ӕма лӕггадӕ. Косӕн тъетрад»-и статья «Социалон сетьтӕ – се ’скъӕппӕгутӕй дӕхе хезӕ».
^ 60 абз. ХУЗӔ. Киристон лӕг ӕма уосӕ дзубанди кӕнунцӕ, сувӕллӕнттӕ син уодзӕй ӕви нӕ, уобӕл. Сагъӕс кӕнунцӕ, е син цӕхуӕн цийнӕдзийнадӕ ӕрхӕсдзӕй, уобӕл дӕр ӕма син цӕхуӕн ихӕстӕ фӕззиндзӕй, уобӕл дӕр.
^ 64 абз. ХУЗӔ. Фидӕ ӕма мадӕ сӕ сувӕллӕнтти хӕццӕ Библи хецӕнтӕй ахур кӕнунцӕ; уотӕ кӕнунцӕ сӕ карӕмӕ гӕсгӕ ӕма си алкӕмӕндӕр ӕ бон цӕйбӕрцӕ ӕй балӕдӕрун, уомӕ гӕсгӕ.