Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Кӕсгути фарстатӕ

Кӕсгути фарстатӕ

Сайтан Евӕн уотӕ ку загъта, хуарз ӕма лӕгъуз ци ӕй, уой зонуни бӕласӕй ку бахуӕрай, уӕд нӕ рамӕлдзӕнӕ, зӕгъгӕ, уӕд ин ӕнӕмӕлгӕ уоди кой кодта?

Куд зиннуй, уотемӕй нӕ. Сайтан Евӕн уотӕ нӕ загъта, ӕма, хуӕрӕн кӕмӕй н’ адтӕй, еци бӕласи рӕзӕй ку бахуӕра, уӕд ӕ бауӕр рамӕлдзӕй, ӕ уод ба идарддӕр кӕмидӕр цӕргӕ байзайдзӕй. Сайтан Евӕн хелаги цъухӕй загъта, бӕласи рӕзӕй ку бахуӕра, уӕд ке нӕ рамӕлдзӕй. Уотӕ ’й зӕгъун фӕндадтӕй, ӕма идарддӕр дӕр зӕнхӕбӕл цӕрдзӕй ӕма ӕнӕ Хуцауӕй амондгундӕр уодзӕй (Райд. 2:17; 3:3–5).

Абони беретӕ ӕууӕндунцӕ, адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уод ке ес, уобӕл. Мадта кӕд еци мӕнгӕ ахурадӕ Едеми нӕ фӕззиндтӕй, уӕд кӕд фӕззиндтӕй? Уой бӕлвурдӕй нӕ бон зӕгъун нӕй. Мах ӕй зонӕн, Ноййи рӕстӕги Дони хъиамӕти мӕнгӕ динӕй фӕд дӕр ке нӕбал байзадӕй. Уодӕгасӕй байзадӕнцӕ ӕрмӕстдӕр Ной ӕма ӕ бийнонтӕ – ӕцӕг Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ. Уонӕй ба мӕнгӕ ахурӕдтӕ неке парахат кодтайдӕ.

Мадта адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уод ке ес, еци ахурадӕ, ӕвӕдзи, фӕззиндтӕй Дони хъиамӕти фӕсте. Хуцау Вавилони адӕнӕн се ’взаг ку исхӕлӕмулӕ кодта ӕма ӕгас зӕнхи цъарӕбӕл ку ниппурхӕ ’нцӕ, уӕд, ӕвӕдзи, ӕнӕмӕлгӕ уоди туххӕй ахурадӕ дӕр рапурхӕ ’й (Райд. 11:8, 9). Аци ахурадӕ кудфӕнди ма фӕззиндтайдӕ, уӕддӕр федарӕй зӕгъӕн ес, ӕма е ’римисӕг ӕй «мӕнгӕдзийнади фидӕ», Сайтан Ибилис, ӕма ин ӕхцӕуӕн ӕй, еци ахурадӕ ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр ке ниппурхӕ ’й, е (Иоан. 8:44).