Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Цума Йесо ӕ цард мӕн туххӕй дӕр равардта?

Цума Йесо ӕ цард мӕн туххӕй дӕр равардта?

БИБЛИЙ финст ес, мах хузӕн ӕнкъарӕнтӕ кӕмӕ адтӕй, уӕхӕн кӕдзосзӕрдӕ адӕни дзурдтӕ (Иак. 5:17). Зӕгъӕн, Павел ци дзурдтӕ загъта, етӕ махӕн дӕр ӕнцон балӕдӕрӕн ӕнцӕ: «Раст ци ӕй, уой бакӕнун мӕ ку фӕффӕндуй, уӕд мӕ рази ӕрбалӕууй лӕгъуздзийнадӕ. [...] Мӕнӕ ци мӕгур дӕн!» (Ром. 7:21–24). Е ’ргом дзурдтӕ нин нӕ лӕмӕгъдзийнӕдти хӕццӕ тох кӕнунмӕ хъӕбӕр ӕнхус кӕнунцӕ.

Фал Павелмӕ айдагъ уӕхӕн ӕнкъарӕнтӕ н’ адтӕй. Зӕгъӕн, Галатӕгтӕмӕ 2:20 финста: «[Киристе] мӕн... бауарзта ӕма мӕн туххӕй ӕ цард... равардта». Дӕу бон ба ӕй уотӕ зӕгъун? Ӕвӕдзи, алкӕд нӕ.

Кӕд раздӕри тӕрегъӕдти туххӕй нур дӕхемӕ нецӕййаг кӕсис, уӕд дин, ӕвӕдзи, зин баууӕндӕн ӕй, Йеговӕ дӕ ке уарзуй ӕма дин ке хатир кӕнуй, уобӕл. Мадта ӕ Фурти дӕу туххӕй дӕр ке равардта, уобӕл ба дин, ӕвӕдзи, никки зиндӕр баууӕндӕн ӕй. Фал, цума Киристей фӕндуй, цӕмӕй ӕй лӕдӕрай, ӕ нивонд дӕу туххӕй дӕр лӕвӕрд ке ’рцудӕй, уой? Кӕд гъо, уӕд дин ци банхус кӕндзӕй? Гъӕйдӕ аци дууӕ фарстай лӕмбунӕгдӕр рартасӕн.

ЙЕСО ЦИ ГЪУДИ КӔНУЙ

Йесой фӕндуй, цӕмӕй федарӕй ӕууӕндай, ӕ цард дӕу туххӕй дӕр ке равардта, уобӕл. Кӕцӕй ӕй зонӕн? Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ Лукай 23:39–43 финст хабар. Киристей рази гъезӕмӕртти гъӕдӕбӕл ке ӕрауигътонцӕ, еци лӕг, уӕззау тӕрегъӕд ке искодта, уобӕл састӕй. Ӕвӕдзи, хумӕтӕг цидӕр н’ адтӕй, кӕд ин уӕхӕн тӕрхон рахастонцӕ, уӕд. Еци адӕймаг хъӕбӕр истухстӕй ӕма Киристейӕн балигъстӕ кодта: «Паддзах ку исуай, уӕд мӕ ӕргъуди кӕнӕ».

Цума ин Киристе цӕхуӕн дзуапп равардта? Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ: уӕхӕн риститӕ ӕвзаргӕй дӕр Йесо ӕ сӕр уой ӕрдӕмӕ бахадта ӕма ин ӕ цӕститӕмӕ бакастӕй, удта имӕ фӕлмӕнӕй бахудтӕй ӕма ин загъта: «Ӕцӕгӕй дин зӕгъун абони: уодзӕнӕ мӕ хӕццӕ Дзенети». Киристей бон адтӕй еци лӕгӕн уотид зӕгъун, «Адӕймаги Фурт уой туххӕй ӕрцудӕй, цӕмӕй ӕ уод ратта берети балхӕнуни туххӕй», зӕгъгӕ (Матф. 20:28). Фал дӕ гъос ӕрдардтай, Йесо ин куд фӕлмӕнӕй балӕдӕрун кодта, ӕ цард уой туххӕй дӕр ке дӕттуй, уой? Йесо ин загъта, «уодзӕнӕ мӕ хӕццӕ», зӕгъгӕ, ӕма ин еци дзурдтӕй бавдиста, хӕларзӕрдӕ имӕ ке адтӕй, уой. Удта ма ин бӕлвурдӕй загъта, ци арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин уодзӕй, уой дӕр, гъома зӕнхӕбӕл дзенети ке цӕрдзӕй.

Йесой фӕндадтӕй, цӕмӕй еци нӕлгоймаг балӕдӕрдтайдӕ, ӕ нивонд уомӕн дӕр устур пайда ке ӕрхӕсдзӕй, уой. Еци фудгӕнӕгӕн уӕд фадуат нӕбал адтӕй, цӕмӕй Киристей фӕдбӕлдзӕуӕг иссайдӕ ӕма Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнун райдӕдтайдӕ. Ӕма кӕд Йесо еци фудгӕнӕгмӕ уӕхӕн зӕрдӕ дардта, уӕд, донаргъуд ка райста ӕма Хуцауӕн ка лӕггадӕ кӕнуй, еци киристӕнттӕмӕ ба уӕхӕн зӕрдӕ нӕ даруй? Кӕд раздӕр цидӕр тӕрегъӕдтӕ кодтай, уӕддӕр дин ци банхус кӕндзӕй, федарӕй ӕууӕндун, Киристей нивонд дӕуӕн дӕр пайда ке хӕссуй, уобӕл?

ПАВЕЛӔН ЦИ ӔНХУС КОДТА

Йесо Павелӕн хуарз хабар игъосун кӕнун ке баихӕс кодта, уомӕ гӕсгӕ ӕй Павел федарӕй зудта, Йесо уой туххӕй дӕр ке рамардӕй, уой. Павел финста: «Ӕз хъӕбӕр боз дӕн нӕ Хецау Йесо Киристейӕй, хъаурӕ мин ка равардта, уомӕй. Е мӕ исӕвардта лӕггадгӕнӕгӕй, ӕма мӕ уотемӕй еузӕрдонбӕл банимадта, кӕд кӕддӕр Хуцауи фаудтон, ӕ адӕни ин ӕфхуардтон ӕма ӕдзӕсгон адӕймаг адтӕн, уӕддӕр» (1 Тим. 1:12–14). Павел ӕй лӕдӕрдтӕй, Киристе ибӕл ӕ зӕрдӕ ку нӕ дардтайдӕ, ку ’й нӕ уарзтайдӕ ӕма имӕ хӕларзӕрдӕ ку н’ адтайдӕ, уӕд ин уӕхӕн гъуддаг ке нӕ баихӕс кодтайдӕ. Махӕн дӕр Йесо баихӕс кодта хуарз хабар игъосун кӕнун (Матф. 28:19, 20). Аци гъуди нӕ Киристей нивондмӕ раст цӕстӕй кӕсунмӕ гъӕуама ма разӕнгард кӕна?

Альберт ӕмбурдӕй цохгонд адтӕй 34 анзей дӕргъи, ӕма зӕгъуй: «Мӕ тӕрегъӕдтӕ алкӕддӕр мӕ цӕстити рази ’нцӕ. Фал иннетӕн хуарз хабар ку фӕдздзорун, уӕд ӕй фӕллӕдӕрун, ӕз дӕр апостол Павели хузӕн, Йесо мин ке баихӕс кодта, еци гъуддаг ке ӕнхӕст кӕнун. Е мин дӕттуй хъауритӕ ӕма уой фӕрци мӕ бон ӕй мӕхемӕ дӕр ӕма мӕ федӕнмӕ дӕр раст цӕстӕй кӕсун» (Пс. 51:3).

Библи ке хӕццӕ ахур кӕнтӕ, уонӕн ӕнхус кӕнтӕ, цӕмӕй ӕй лӕдӕронцӕ, Йесо сӕ ке уарзуй ӕма сӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ке ӕй, уой

Аллӕн раздӕр адтӕй фудгӕнӕг ӕма зӕгъуй: «Адӕнӕн цӕйбӕрцӕ гъезӕмӕрттӕ бавзарун кодтон, е ми иронх нӕй. Уой туххӕй мӕхемӕ хъӕбӕр ӕнамонд фӕккӕсун. Фал Йеговӕй хъӕбӕр боз дӕн, мӕн хузӕн тӕрегъӕдгун адӕймагӕн хуарз хабар игъосун кӕнун ке баихӕс кодта, уой туххӕй! Еци хабармӕ адӕн ци цӕстӕй ракӕсунцӕ, уой ку фӕууинун, уӕд расагъӕс кӕнун, Йеговӕ куд хӕларзӕрдӕ ӕма уарзӕгой Хуцау ӕй, уобӕл. Ӕма ’й фӕллӕдӕрун мӕн хузӕн цард ка кодта, уонӕн банхус кӕнунмӕ мӕнӕй ке пайда кӕнуй».

Хуарз хабар ку фегъосун кӕнӕн, уӕд нӕ хъауритӕ, кумӕ гъӕуй, уордӕмӕ арӕзт фӕуунцӕ ӕма, хуарз ци ӕй, уобӕл фӕссагъӕс кӕнӕн. Ӕма нин Йесо еци гъуддаг ке баихӕс кодта, е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма нӕбӕл ӕ зӕрдӕ даруй, уарзуй нӕ ӕма нин хатир кӕнуй.

ХУЦАУ НӔ ЗӔРДИТӔЙ УСТУРДӔР ӔЙ

Цалинмӕ Сайтани дуйне исӕфт не ’рцӕуа, уӕдмӕ нӕ зӕрди ӕфтуйдзӕнцӕ, раздӕр ци тӕрегъӕдтӕ кодтан, етӕ. Уӕхӕн ӕнкъарӕнти хӕццӕ куд тох кӕнгӕ ’й?

Джин ӕригонӕй дууӕ цардемӕй цардӕй ӕма уой туххӕй нур дӕр ӕхе фӕххуӕруй, фал уӕддӕр зӕгъуй: «Ци хуарз ӕй „Хуцау нӕ зӕрдитӕй устурдӕр [ке] ӕй“» (1 Иоан. 3:19, 20). Махӕн дӕр устур уодӕнцойнӕ хӕссуй, Йеговӕ ӕма Йесо мах хузӕн тӕрегъӕдгун адӕни нӕхецӕй хуӕздӕр ке лӕдӕрунцӕ, уой зонун. Иронх ди ма уӕд: Киристе ӕ цард ӕнхӕст адӕни туххӕй нӕ равардта, фал тӕрегъӕдгун ка ӕй ӕма ка ӕрфӕсмон кодта, уӕхӕн адӕни туххӕй (1 Тим. 1:15).

Цӕмӕй ни е ӕцӕгӕйдӕр байрагӕс уа, уой туххӕй гъӕуй ковун ӕма, Йесо ӕнӕнхӕст адӕнмӕ ци зӕрдӕ дардта, уобӕл сагъӕс кӕнун, удта нин ци гъуддаг баихӕс кодта, уой зӕрдиагӕй ӕнхӕст кӕнун. Уой фӕрци мах бон дӕр уодзӕй Павели хузӕн загъун: «[Йесо] мӕн... бауарзта ӕма мӕн туххӕй ӕ цард... равардта».