23 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
«Уӕхе гъӕуай кӕнтӕ, цӕмӕй уӕ... маке расайа»!
«Уӕхе гъӕуай кӕнтӕ, цӕмӕй уӕ зундгин дзубандитӕй ӕма хийнӕйдзаг, ревӕд ахурӕдтӕй маке расайа ӕма уӕ ма ӕрахӕсса» (КОЛ. 2:8).
96 ЗАР Хуцауи киунугӕ – устур хӕзна
РАЗДЗУРД *
1. Колоссӕгтӕмӕ 2:4, 8 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ ни Сайтан ӕ цагъартӕ искӕнунбӕл куд архайуй?
САЙТАНИ уотӕ фӕндуй, цӕмӕй Йеговӕй раидард уӕн. Ӕма цӕмӕй еци нисан ӕ къохи бафтуйа, уой туххӕй архайуй, цӕмӕй, уой куд фӕндуй, уотӕ сагъӕс кӕнун райдайӕн. Ӕндӕр загъдӕй ӕй уотӕ фӕндуй, цӕмӕй ӕ цагъартӕ исуӕн ӕма, е ци зӕгъуй, уой кӕнӕн. Сайтан ӕй зонуй, расайун нӕ цӕмӕй ӕнгъезуй, уой. (Бакӕсӕ Колоссӕгтӕмӕ 2:4, 8.)
2, 3. а) Колоссӕгтӕмӕ 2:8 финст фӕдзӕхст нӕ зӕрдӕбӕл цӕмӕн гъӕуама дарӕн? б) Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?
2 Цума нин Сайтани скъӕппӕги бахаунӕй ӕцӕгӕйдӕр тӕссаг ӕй? Гъо. Иронх ди ма уӕд, Павел Колоссӕгтӕмӕ 2:8 финст фӕдзӕхст ниффинста, сугъдӕг хъаурӕй исӕрст ка адтӕй, еци киристӕнттӕмӕ, Хуцаубӕл ка не ’ууӕндтӕй, уонӕмӕ нӕ, фал (Кол. 1:2, 5). Уӕди рӕстӕги киристӕнттӕн тӕссаг адтӕй Сайтани скъӕппӕги бахаунӕй, фал махӕн ба абони никки тӕссагдӕр ӕй (1 Кор. 10:12). Цума цӕмӕн? Уомӕн ӕма Сайтан зӕнхӕмӕ гӕлст ӕрцудӕй ӕма е ’гас хъауритӕ дӕр исаразта Хуцауи еузӕрдон лӕггадгӕнгути сайунмӕ (Рарг. 12:9, 12, 17). Уомӕй уӕлдай ма, лӕгъуз ӕма мӕнгард адӕн «фуддӕрӕй-фуддӕр» кӕми кӕнунцӕ, уӕхӕн рӕстӕги цӕрӕн (2 Тим. 3:1, 13).
3 Аци статьяй базондзиан, Сайтан «ревӕд ахурӕдтӕй» куд пайда кӕнуй, цӕмӕй ӕндӕрхузи сагъӕс кӕнун райдайӕн. Ӕ «хийнӕмиутӕй» ин еу цалдӕремӕ ӕркӕсдзиан (Еф. 6:11). Иннӕ статьяй ба базондзиан, нӕ бон куд ӕй нӕ зундахаст исраст кӕнун, кӕд нӕмӕ Сайтани дуйней зундӕй ести багъардта, уӕд. Нур ба бал ӕркӕсӕн, израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕнхӕмӕ ку бацудӕнцӕ, уӕд сӕ Сайтан куд сайдта ӕма еци хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн, уомӕ.
МӔНГӔ ХУЦӔУТТӔН КОВУН ЦӔЙ ТУХХӔЙ РАЙДӔДТОНЦӔ
4–6. Дуккаг закъони 11:10–15 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ израилӕгтӕ цӕбӕл гъӕуама исахур адтайуонцӕ, Зӕрдӕвӕрд зӕнхӕмӕ ку бацудӕнцӕ, уӕд?
4 Сайтан хийнӕй израилӕгти мӕнгӕ хуцӕуттӕмӕ рахадта. Цума ин е куд бантӕстӕй? Сайтан ӕй зудта, хуӕрун сӕ ке гъӕуй, уой ӕма уомӕй испайда кодта, цӕмӕй сӕ ӕ фӕдбӕл расайдтайдӕ. Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕнхӕмӕ ку бацудӕнцӕ, уӕд сӕ уоми зӕнхикуст ӕндӕрхузи кӕнун гъудӕй. Египети ку адтӕнцӕ, уӕд сӕ будуртӕ донхуаруг кодтонцӕ Нили цӕугӕдонӕй. Фал Зӕрдӕвӕрд зӕнхӕбӕл ба гъуддаг бустӕги ӕндӕрхузи адтӕй. Уоми уӕхӕн цӕугӕдон н’ адтӕй ӕма зӕнхитӕ донхуаруг кодтонцӕ, уарунти афони ӕма ци ӕртӕх ӕрбадидӕ, уомӕй. (Бакӕсӕ Дуккаг закъон 11:10–15; Ис. 18:4, 5.) Уомӕ гӕсгӕ израилӕгти зӕнхикуст кӕнунмӕ нӕуӕг мадзӕлттӕ базонун гъудӕй. Е ба ӕнцон н’ адтӕй, уомӕн ӕма еци куст кӕнун ка зудта, уонӕй сӕ фулдӕр рамардӕнцӕ, ӕдзӕрӕг будури ма ку адтӕнцӕ, уӕд.
5 Йеговӕ ӕ адӕнӕн балӕдӕрун кодта, сӕ уавӕртӕ ке раййевдзӕнцӕ, уой. Ӕма сӕ бафӕдзахста: «Уӕхемӕ кӕсетӕ, цӕмӕй уӕ зӕрдитӕ ма фӕссайди уонцӕ ӕма ма радзӕгъӕл уайтӕ, ӕндӕр хуцӕуттӕн ковун ма райдайайтӕ ӕма сӕ рази уӕ уӕргутӕбӕл ма ӕрлӕууайтӕ» (Дук. з. 11:16, 17). Фиццаг бакастӕй аци дзурдтӕ зӕнхикусти хӕццӕ баст ӕппундӕр н’ адтӕнцӕ. Цума зӕнхикуст кӕнунмӕ нӕуӕг мадзӕлтти кой кӕнгӕй, Йеговӕ мӕнгӕ хуцӕутти кой цӕмӕн искодта?
6 Йеговӕ ’й зудта, зӕнхикуст кӕнун куд гъӕуй, уой туххӕй израилӕгти фулдӕр базонун ке фӕнддзӕй, сӕ рази ка цардӕй, еци адӕнӕй. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, етӕ еци гъуддаги дӕснидӕр адтӕнцӕ, ӕма Хуцауи адӕн уонӕй берӕ цидӕртӕ базудтайуонцӕ. Фал е тӕссаг адтӕй. Ханаайнӕгтӕ кувтонцӕ Ваалӕн, ӕма сӕмӕ сӕхе ӕгъдӕуттӕ адтӕй. Етӕ ӕууӕндтӕнцӕ, Ваал уӕлӕрвти хецау ке ӕй ӕма уарунтӕ е ке дӕттуй, уобӕл. Ӕма Йегови нӕ фӕндадтӕй, цӕмӕй еци сайд ахурӕдтӕ ӕ адӕни дӕр бахъӕрӕу кодтайуонцӕ. Фал еу хаттӕй иннӕ хатмӕ израилӕгтӕ Ваалӕн ковун райдайиуонцӕ (Ним. 25:3, 5; Тӕрх. 2:13; 1 Пад. 18:18). Ӕркӕсӕн, Сайтанӕн е кутемӕй бантӕстӕй, уомӕ.
САЙТАН ИЗРАИЛӔГТИ КӔМӔЙ РАСАЙДТА, ӔРТӔ УӔХӔН МАДЗАЛИ
7. Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕнхӕмӕ ку бацудӕнцӕ, уӕд се ’ууӕндундзийнадӕ фӕлвӕрд куд ӕрцудӕй?
7 Фиццаг: Сайтан испайда кодта, лӕгъуз ка н’ адтӕй, уӕхӕн фӕндтӕй. Израилӕгти фӕндадтӕй сӕ зӕнхитӕ донӕфсесӕй уинун, ӕма уоми лӕгъузӕй неци адтӕй. Зӕрдӕвӕрд зӕнхӕбӕл апрелӕй сентябрмӕ уарунтӕ минкъий фӕууидӕ. Ӕма зӕнхӕ тиллӕг ратдзӕй ӕви нӕ, е кӕнгӕ адтӕй, октябри ци уарунтӕ райдадтайдӕ, уонӕй. Гъема Сайтан израилӕгти баууӕндун кодта, сӕ рази ка цардӕй, еци адӕни ӕгъдӕуттӕ ӕнхӕст кӕнун сӕ ке гъудӕй, цӕмӕй сӕ зӕнхитӕ хуарз тиллӕг лӕвардтайуонцӕ. Еци адӕн ба ӕууӕндтӕнцӕ, уарунтӕ хуцӕуттӕ ке дӕттунцӕ, ӕма сӕ уой туххӕй ба цӕхуӕндӕр бӕлвурд ӕгъдӕуттӕ кӕнун ке гъӕуй, уобӕл. Ӕма Йеговӕбӕл федарӕй ка не ’ууӕндтӕй, еци израилӕгтӕ Ваалӕн ковун райдӕдтонцӕ, цӕмӕй сухӕ рӕстӕг ӕгӕр ма ниддаргъ адтайдӕ.
8. Сайтан ма цӕхуӕн мадзалӕй испайда кодта? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ.
8 Дуккаг: Сайтан син се ’нӕгъдау фӕндтӕ исцирен кодта. Израилӕгти синхаг адӕн сӕ хуцӕуттӕн ковгӕй хъӕбӕр ихӕлд ӕма илгъаг миутӕ кодтонцӕ. Сӕ ковӕндони адтӕй хӕтагӕ нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕма хӕтагӕ силгоймӕгтӕ дӕр. Гомосексуализм ӕма ӕндӕр ихӕлд гъуддӕгтӕн айдагъ бухсгӕ нӕ кодтонцӕ, фал ма сӕ ӕгъдаубӕл нимайун дӕр райдӕдтонцӕ (Дук. з. 23:17, 18; 1 Пад. 14:24). Еци адӕн ӕууӕндтӕнцӕ, ихӕлд ӕгъдӕуттӕ ке кӕнунцӕ, уой фӕрци син сӕ хуцӕуттӕ бӕркадгундӕр тиллӕг ке ратдзӕнцӕ. Берӕ израилӕгти зӕрдӕмӕ цудӕнцӕ еци цъумур ӕгъдӕуттӕ, ӕма етӕ дӕр уони хуцӕуттӕн ковун райдӕдтонцӕ, ӕма уотемӕй Сайтани цагъартӕ иссӕнцӕ.
9. Оси 2:16, 17 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Сайтан ци бакодта, цӕмӕй израилӕгтӕ мабал лӕдӕрдтайуонцӕ, Йеговӕ ка ӕй, уой?
9 Ӕртиккаг: Сайтан уотӕ бакодта, цӕмӕй израилӕгтӕ мабал лӕдӕрдтайуонцӕ, Йеговӕ ка ӕй, уой. Пахампар Йеремий рӕстӕги Йеговӕ фегъосун кодта, мӕнгӕ пахампартӕ уобӕл ке архайунцӕ, цӕмӕй ин ӕ адӕн «Ваали туххӕй» ӕ ном байронх кодтайуонцӕ (Йер. 23:27). Ӕвӕдзи, израилӕгтӕ Хуцауи номӕй нӕбал пайда кодтонцӕ, ӕма ’й раййивтонцӕ Ваали номӕй. Ваал ном ба нисан кӕнуй «хецау». Рӕстӕг цудӕй, ӕма ’й израилӕгтӕ нӕбал лӕдӕрдтӕнцӕ, Йеговӕ Ваалӕй цӕмӕй хецӕн кӕнуй, уой, ӕма син ӕнцондӕр адтӕй сӕ дууемӕн дӕр ковун. (Бакӕсӕ Оси 2:16, 17.)
САЙТАНИ МАДЗӔЛТТӔ АБОНИ
10. Абони Сайтан цӕхуӕн мадзӕлттӕй пайда кӕнуй?
10 Сайтан ӕ мадзӕлттӕ абони дӕр нӕ раййивта. Абони дӕр адӕни фӕндтӕй гъазуй,
ӕнӕгъдау цардмӕ сӕ разӕнгард кӕнуй ӕма син сӕ сӕр дзӕгъӕл кӕнуй, цӕмӕй Йеговӕ ка ӕй, уой ма лӕдӕронцӕ. Фиццаг бал ӕркӕсӕн, фӕстаг мадзалмӕ.11. Сайтан куд архайуй, цӕмӕй адӕн мабал лӕдӕронцӕ, Йеговӕ ка ӕй, уой?
11 Сайтан архайуй, цӕмӕй адӕн мабал лӕдӕронцӕ, Йеговӕ ка ӕй, уой. Апостолти мӕлӕти фӕсте, ӕхе киристон ка худта, уонӕй кадӕртӕ мӕнгӕ ахурӕдтӕ парахат кӕнун райдӕдтонцӕ (Гъуд. 20:29, 30; 2 Фес. 2:3). Еци адӕн Хуцауи туххӕй рӕстдзийнадӕ исусхъуммӕ кодтонцӕ. Зӕгъӕн, Библийӕй Хуцауи ном рандӕ кодтонцӕ ӕма ’й баййивтонцӕ дзурдӕй «Хецау». Уой туххӕй Библи ка кастӕй, уони бон н’ адтӕй Хуцауи ном базонун ӕма, Йеговӕ иннӕ «хуцӕуттӕй» цӕмӕй хецӕн кӕнуй, уой балӕдӕрун (1 Кор. 8:5). Йегови дӕр ӕма Киристей дӕр Хецау ке худтонцӕ, уомӕ гӕсгӕ адӕнӕн зин балӕдӕрӕн адтӕй, Йеговӕ ӕма Киристе еу ке нӕ ’нцӕ, уой (Иоан. 17:3). Алцидӕр гъе уотӕ ке ниххӕлӕмулӕ кодтонцӕ, уой туххӕй фӕззиндтӕй Троици ахурадӕ дӕр, кӕд уой туххӕй Библий неци финст ес, уӕддӕр. Удта адӕни цӕсти Хуцау иссӕй, базонӕн кӕмӕн нӕййес, уӕхӕн кадӕр. Ӕцӕгӕйдӕр, Сайтан адӕни куд басайдта! (Гъуд. 17:27).
12. Мӕнгӕ динтӕ адӕни цӕхуӕн зундбӕл аразунцӕ ӕма Ромӕгтӕмӕ 1:28–31 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ е цӕмӕ ӕркӕнуй?
12 Сайтан адӕни разӕнгард кӕнуй ӕнӕгъдаудзийнадӕмӕ. Рагидзаманти Сайтан мӕнгӕ динӕй пайда кодта, цӕмӕй Хуцауи адӕни тӕрегъди бафтудтайдӕ. Ӕма абони дӕр уотӕ архайуй. Зӕгъӕн, мӕнгӕ динтӕ ихӕлд миутӕмӕ лӕгъуз цӕстӕй нӕ кӕсунцӕ ӕма адӕни дӕр уӕхӕн зундбӕл аразунцӕ. Уой туххӕй беретӕ, Хуцау ӕгъдауӕн ци уагӕвӕрдтӕ исӕвардта, уонӕмӕ гӕсгӕ нӕбал цӕрунцӕ, кӕд сӕхе Хуцауӕн ковӕг адӕн хонунцӕ, уӕддӕр. Апостол Павел ромӕгтӕмӕ финстӕги ниффинста, Хуцауи раст уагӕвӕрдти сӕрти ка хезуй, уони е цӕмӕ ӕркӕнуй, уой туххӕй. (Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 1:28–31.) Павел ци ӕнаккаг миути кой кодта, уонӕмӕ хаунцӕ еугур ихӕлд гъуддӕгтӕ дӕр, зӕгъӕн, гомосексуализм (Ром. 1:24–27, 32; Рарг. 2:20). Мадта бӕрӕг ӕй, Библий кӕдзос ахурӕдтӕбӕл федар хуӕцун ӕхсидзгӕ ке ӕй!
13. Сайтан ма цӕхуӕн мадзалӕй пайда кӕнуй?
1 Тим. 5:8). Ӕма е дӕ къохи бафтуйдзӕй, скъолай дзӕбӕх ку ахур кӕнай, уӕд. Фал гъӕуама лӕмбунӕг уай. Берӕ бӕстити скъолати царди ка багъӕудзӕй, айдагъ уӕхӕн цӕбӕлдӕрти нӕ ахур кӕнунцӕ, фал ма аци дуйней зундбӕл дӕр. Ӕма сувӕллӕнттӕ гурусхӕ кӕнун райдайунцӕ, Хуцау ке ес ӕма Библибӕл ӕууӕнкӕ ке ес, уобӕл. Фӕдздзорунцӕ син, цард ӕхегъӕди ке фӕззиндтӕй, уой (Ром. 1:21–23). Фал нӕ Хуцау ӕндӕрхузи ахур кӕнуй (1 Кор. 1:19–21; 3:18–20).
13 Сайтан адӕни фӕндтӕй гъазуй. Естӕбӕл исахур кӕнун, ӕма дӕ уой фӕрци ба дӕхе ӕма дӕ бийнонтӕ дарун ке фӕндуй, уоми лӕгъузӕй неци ес (14. Аци дуйней зунд цӕмӕ разӕнгард кӕнуй?
14 Аци дуйней зунд Хуцауи раст уагӕвӕрдти нихмӕ арӕзт ӕй. Е Хуцауи сугъдӕг хъаури менеугутӕбӕл архайунмӕ нӕ разӕнгард кӕнуй, фал «тӕрегъӕдгун бауӕри гъуддӕгтӕмӕ» (Гал. 5:19–23). Ӕма аци дуйней зундбӕл хуӕст ка ӕй, еци адӕн исунцӕ сӕрбӕрзонд, сӕхецӕй хъал ӕма «хеуарзон» (2 Тим. 3:2–4). Аци менеугутӕн, Хуцау ӕ лӕггадгӕнгутӕй ке агоруй, еци сӕрниллӕгдзийнади хӕццӕ еумӕйагӕй неци ес (2 Сам. 22:28). Уӕлдӕр ахурмӕ ка бацудӕй, еци киристӕнттӕй беретӕ аци дуйней зундбӕл рацудӕнцӕ ӕма, Хуцау ци зӕгъуй, уой байронх ӕнцӕ. Ӕркӕсӕн еу хабармӕ.
15, 16. Еу хуӕри хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?
15 15 анземӕй фулдӕр ӕнхӕстрӕстӕг ка лӕггадӕ кӕнуй, еу уӕхӕн хуӕрӕ загъта: «Йеговӕн лӕггадӕ кодтон ӕма ’й зудтон, уӕлдӕр ахурмӕ бацӕун цӕмӕй тӕссаг ӕй,
уой. Фал мӕмӕ уотӕ кастӕй, ӕма е мӕнмӕ нӕ хауй». Цума ’й уӕхӕн сагъӕстӕ цӕмӕ ӕркодтонцӕ? Хуӕрӕ зӕгъуй: «Ахурбӕл берӕ рӕстӕг харз кодтон, удта уотӕ бафӕллаинӕ, ӕма рӕстмӕ раковун дӕр мӕ бон нӕбал уидӕ. Фурфӕлладӕй мӕмӕ нӕбал цудӕй нӕдӕр адӕни хӕццӕ Библибӕл дзорун, нӕдӕр мӕхе ӕмбурдтӕмӕ цӕттӕ кӕнун. Фал ӕй еу афони балӕдӕрдтӕн, ахури туххӕй Йеговӕй ке раидард дӕн, уой, ӕма университет ниууагътон».16 Цума еци хуӕрӕбӕл аци дуйней зунд куд рабӕрӕг ӕй, ахур ма ку кодта, уӕд? Хуӕрӕ загъта: «Адӕнӕн фулдӕр се ’нӕнхӕстдзийнадӕмӕ кӕсун райдӕдтон, уӕлдайдӕр ба нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ӕнӕнхӕстдзийнадӕмӕ. Ӕгӕр берӕ цӕмӕдӕрти си ӕнгъӕлмӕ кастӕн ӕма мӕхе иннетӕй еуварс дардтон. Дзӕвгарӕ рӕстӕг мӕ багъудӕй, цӕмӕй ӕндӕрхузи сагъӕс кӕнун райдӕдтайнӕ. Нур ӕй лӕдӕрун, нӕ уӕларвон Фидӕ ӕ организаций фӕрци ци унаффитӕ дӕттуй, уони сӕрти хезун куд тӕссаг ӕй, уой. Йеговӕ ’й мӕнӕй хуӕздӕр зудта, пайда мин ци уодзӕй, уой. Фал имӕ, гъигагӕн, нӕ байгъустон».
17. а) Нӕ федар фӕндӕ ци гъӕуама уа? б) Иннӕ статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?
17 Сайтанӕн еци барӕ ма дӕттӕ, цӕмӕй ди «зундгин дзубандитӕй» ӕма «ревӕд ахурӕдтӕй» ӕ цагъар искӕна. Хийнӕй дӕбӕл ма рацӕуӕд (1 Кор. 3:18; 2 Кор. 2:11). Ма бауадзӕ, цӕмӕй Йеговӕ ка ӕй, е ди феронх уа. Кӕдзос цард кӕнунмӕ ци уагӕвӕрдтӕ ӕрфедар кодта, уонӕмӕ гӕсгӕ цӕрӕ. Йегови унаффитӕмӕ игъосӕ. Фал дӕмӕ кӕд Сайтани дуйней зунд багъардта, уӕдта? Иннӕ статьяй дзурд цӕудзӕй, нӕ уодигъӕди арф ка ниббадтӕй, еци сагъӕстӕ ӕма гъуддӕгтӕй Хуцауи Дзурди фӕрци куд ӕнгъезуй исуӕгъдӕ ун, уобӕл (2 Кор. 10:4, 5).
49 ЗАР Йегови зӕрдӕн цийнӕ хӕссӕн
^ 5 абз. Сайтан адӕни сайунмӕ хъӕбӕр дӕсни ӕй. Беретӕ федарӕй ӕууӕндунцӕ, сӕребарӕ адӕн ке ’нцӕ, уобӕл, фал ӕцӕгӕй ба ӕнцӕ Сайтани цагъартӕ. Аци статьяй ӕркӕсдзиан, Сайтан адӕни сайунмӕ цӕхуӕн мадзӕлттӕй пайда кӕнуй, уонӕй цалдӕремӕ.
^ 48 абз. ХУЗӔ. Израилӕгтӕ рӕстӕг ӕрветунцӕ ханаайнӕгти хӕццӕ, ӕма сӕ бафӕндадтӕй, Ваалӕн ковгӕй ци ихӕлд гъуддӕгтӕ кодтонцӕ, уони кӕнун.
^ 51 абз. ХУЗӔ. Гомосексуалистити сӕхемӕ ка хонуй, уӕхӕн аргъауӕни плакат.
^ 53 абз. ХУЗТӔ. Ӕригон хуӕрӕ ахур кӕнуй университети. Иннӕ ахуркӕнуйнӕгти хӕццӕ лӕмбунӕг игъосуй, наукӕ ӕма нӕуӕг технологити фӕрци адӕни цард куд фӕххуӕздӕр уодзӕй, уӕхӕн лекцимӕ. Ӕмбурди ин ӕнкъард ӕй ӕма хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕмӕ сӕ рӕдудтити туххӕй мӕстгун кӕнуй.