12 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Иннети лӕдӕретӕ
«Иннети рист уӕмӕ гъарӕд» (1 ПЕТ. 3:8).
90 ЗАР Кӕрӕдзей федар кӕнӕн
РАЗДЗУРД *
1. 1 Петури 3:8 финст дзурдтӕмӕ гӕсгӕ нӕ иннетӕ ку фӕллӕдӕрунцӕ, уӕд нин е ӕхцӕуӕн цӕмӕн фӕууй?
АЛКӔМӔНДӔР ни ӕхцӕуӕн фӕууй, иннетӕ нӕ ку фӕллӕдӕрунцӕ ӕма нӕ хуарзбӕл ку фӕттухсунцӕ, уӕд. Етӕ фӕййархайунцӕ, цӕмӕй сӕхе нӕ бунати исӕвӕронцӕ. Цӕхуӕн ӕнхус нӕ гъӕуй, уой балӕдӕрунцӕ ӕма уайтагъд нӕ фарсмӕ балӕуунцӕ, хатгай син зӕгъгӕ дӕр нецима фӕккӕнӕн, уотемӕй. Мах хъӕбӕр аргъ кӕнӕн, нӕ зин нин ка балӕдӕруй *, уонӕн. (Бакӕсӕ 1 Петури 3:8.)
2. Иннети лӕдӕрун алкӕд ӕнцон цӕмӕннӕ фӕууй?
2 Киристӕнттӕ ке ан, уомӕ гӕсгӕ ни алкедӕр гъӕуама иннети рист лӕдӕрун зона. Фал е, раст зӕгъгӕй, алкӕд ӕнцон нӕ фӕууй. Цӕмӕннӕ? Еу гъуддаг, уой медӕги ӕй, ӕма ӕнӕнхӕст ан (Ром. 3:23). Ӕма уой туххӕй фулдӕр нӕхе мӕтӕ фӕккӕнӕн. Уомӕ гӕсгӕ нӕ не ’гас хъауритӕй фӕгъгъӕуй архайун, цӕмӕй иннетӕбӕл тухсӕн. Кӕбӕлдӕрти ба рабӕрӕг уй, куд сӕ гъомбӕл кодтонцӕ, е кенӕ сӕбӕл царди ци хабӕрттӕ ӕрцудӕй, етӕ, ӕма син уой туххӕй зин фӕууй иннетӕн тӕрегъӕд кӕнун. Удта ма нӕбӕл хатгай рабӕрӕг уй, ци адӕни астӕу цӕрӕн, уони зундахаст дӕр. Аци фӕстаг бӕнтти беретӕ ӕнцӕ «хеуарзон», ӕма сӕмӕ иннети мӕтӕ ӕппундӕр нӕййес (2 Тим. 3:1, 2). Фал нин уӕддӕр иннети лӕдӕрунмӕ ци банхус кӕндзӕй?
3. а) Цӕмӕй иннети хуӕздӕр лӕдӕрӕн, уой туххӕй нин ци банхус кӕндзӕй? б) Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?
3 Цӕмӕй иннети хуӕздӕр лӕдӕрӕн, уой туххӕй гъӕуама Йеговӕ Хуцауи ӕма Йесо Киристей фӕнзӕн. Йеговӕ ӕй уарзӕгой Хуцау, ӕма нӕ е куд лӕдӕруй, уотӕ неке (1 Иоан. 4:8). Йесо ба алцӕмӕйдӕр ӕ Фиди хузӕн адтӕй (Иоан. 14:9). Зӕнхӕбӕл ку цардӕй, уӕд ӕй бавдиста, нӕ бон иннетӕн тӕрегъӕд кӕнун куд ӕй, уой. Аци статьяй бал фиццаг ӕркӕсдзиан, Йеговӕ ӕма Киристе иннети ке лӕдӕрдтӕнцӕ, уой куд бавдистонцӕ, уомӕ. Уой фӕсте ба радзордзиан, еци гъуддаги сӕ нӕ бон фӕнзун куд ӕй, уобӕл.
ЙЕГОВӔ АДӔНИ ЛӔДӔРУЙ
4. Исаййи 63:7–9 стихтӕй куд зиннуй, Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгути зин ке лӕдӕруй, е?
4 Библийӕй бӕрӕг ӕй, Йеговӕ ӕ адӕни ке лӕдӕруй, е. Расагъӕс кӕнӕ, израилӕгтӕ зиндзийнӕдтӕбӕл ку исӕмбӕлиуонцӕ, уӕд уомӕ Йеговӕ цӕхуӕн цӕстӕй кастӕй, уобӕл. Библи зӕгъуй: «Уонӕн зин ку адтӕй, уӕд зин адтӕй уомӕн дӕр». (Бакӕсӕ Исаййи 63:7–9.) Цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте Йеговӕ Захарий фӕрци балӕдӕрун кодта, ӕ лӕггадгӕнгути ку фефхуӕрунцӕ, уӕд ин цума ӕхе фефхуӕрунцӕ, уотӕ ин ке фӕууй. Йеговӕ загъта: «Сумахмӕ ка ӕвналуй, е мин мӕ цӕстигагумӕ ӕвналуй» (Зах. 2:8). Аци дзурдтӕй Йеговӕ бавдиста, ӕ лӕггадгӕнгути рист ӕ зӕрдӕмӕ ке есуй.
5. Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгутӕн куд банхус кӕнидӕ, бӕллӕхи ку бахауиуонцӕ, уӕд?
5 Йеговӕн ӕ лӕггадгӕнгутӕ гъезӕмӕрттӕ ку февзарунцӕ, уӕд син уотид тӕрегъӕд нӕ фӕккӕнуй, фал син ӕнхус дӕр бакӕнуй. Зӕгъӕн, израилӕгтӕ Египети цагъартӕ ку адтӕнцӕ, уӕд ӕй Йеговӕ уидта, куд гъезӕмарӕ кӕнунцӕ, уой, ӕма ’й фӕндадтӕй ӕ адӕни еци гъезӕмарӕй фӕййервӕзун кӕнун. Йеговӕ Моисеййӕн загъта: «Ӕз фӕууидтон, мӕ адӕн... куд гъезӕмарӕ кӕнунцӕ, уой, ӕма син фегъустон сӕ дзиназун... Зонун ӕй, куд уодхарӕ кӕнунцӕ. Ӕма цӕун, цӕмӕй сӕ египеттӕгти къохӕй фӕййервӕзун кӕнон» (Рац. 3:7, 8). Йеговӕ ӕ адӕнӕн фӕттӕрегъӕд кодта ӕма сӕ цагъайрадӕй исуӕгъдӕ кодта. Ӕностӕ фӕстӕдӕр израилӕгтӕ зӕрдӕвӕрд зӕнхӕбӕл ку цардӕнцӕ, уӕд сӕмӕ се знӕгтӕ арӕх балӕбориуонцӕ. Йеговӕ уомӕ цӕхуӕн цӕстӕй ракӕсидӕ? Е «игъуста, ка сӕ ӕфхуардта ӕма сӕ аллирдгӕй ка ӕлхъивта, уони ӕфсойни буни куд нӕтунцӕ, уой ӕма син тӕрегъӕд кодта». Йеговӕ ӕ адӕнӕн фӕттӕрегъӕд кӕнидӕ ӕма син тӕрхонгӕнгути раттидӕ, цӕмӕй сӕ се знӕгтӕй ервӕзун кодтайуонцӕ (Тӕрх. 2:16, 18).
6. Йеговӕн ӕ лӕггадгӕнгутӕ хатгай раст ку нӕ фӕуунцӕ, уӕддӕр сӕ ке фӕллӕдӕруй, е цӕхуӕн хабарӕй бӕрӕг ӕй?
6 Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгути лӕдӕруй, кӕд хатгай раст нӕ фӕуунцӕ, уӕддӕр. Ӕркӕсӕн Ионӕ 3:10–4:11). Рӕстӕг ку рацудӕй, уӕд Ионӕ ӕ рӕдуд балӕдӕрдтӕй, ӕма ин Йеговӕ еци хабар ниффинсун кодта, цӕмӕй си абони мах ахур кӕнӕн (Ром. 15:4) *.
пахампар Иони хабармӕ. Хуцау ӕй Ниневимӕ рарвиста, цӕмӕй уоми цӕрӕг адӕнӕн ӕ тӕрхон фегъосун кодтайдӕ. Фал етӕ сӕ лӕгъуз гъуддӕгтӕбӕл ӕрфӕсмон кодтонцӕ, ӕма сӕбӕл Хуцау бӕллӕх нӕбал ӕруагъта. Фал хабар уотӕ ке рауадӕй, е Иони зӕрдӕмӕ нӕ фӕццудӕй. Ионӕ хъӕбӕр рамӕстгун ӕй, ци тӕрхон син игъосун кодта, е ку нӕ исӕнхӕст ӕй, уӕд. Фал Йеговӕ Ионӕмӕ фӕразон адтӕй ӕма ин ӕ гъуди раййевунмӕ банхус кодта (7. Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгути хӕццӕ куд фӕййархайуй, е нин цӕбӕл дзорӕг ӕй?
7 Йеговӕ ӕ лӕггадгӕнгути хӕццӕ куд фӕййархайуй, е нин уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма син сӕ зин лӕдӕруй. Хуцау ӕй фӕззонуй, махӕй алкедӕр ци рист ӕма ци гъезӕмӕрттӕ февзаруй, уой. Йеговӕ «зонуй, адӕймаги зӕрди ци ес, уой» (2 Анз. 6:30). Е нин уинуй нӕ зӕрди арф гъудитӕ ӕма ӕнкъарӕнтӕ, удта нӕ лӕмӕгъдзийнӕдтӕ, ӕма нӕ лӕдӕруй. Йеговӕ нӕ бауаддзӕй, цӕмӕй бахауӕн, «нӕ бон бафӕразун ке нӕ бауа, уӕхӕн фӕлварӕни» (1 Кор. 10:13). Е нин нӕ нифс куд нӕ федар кӕнуй!
КИРИСТЕ ИННЕТИ ЛӔДӔРУЙ
8–10. Киристе адӕни хуӕздӕр цӕй фӕрци лӕдӕрдтӕй?
8 Йесо зӕнхӕбӕл ку адтӕй, уӕд адӕни хуарз лӕдӕрдтӕй. Цума цӕй фӕрци? Тӕккӕ минкъийдӕр ӕртӕ гъуддагей фӕрци. Фиццаг: минкъий раздӕр куд загътан, уотемӕй Киристе ӕ уӕларвон Фиди хузӕн адтӕй. Е дӕр ӕ Фиди хузӕн адӕни уарзта. Уӕлӕрвти ку адтӕй, уӕд Йеговӕ уой фӕрци цидӕриддӕр сфӕлдиста, уомӕ кӕсгӕй цийнӕ кодта, фал ӕ устурдӕр цийнӕ ба «адтӕнцӕ зӕнхон адӕн» (Ӕмб. 8:31). Киристе адӕни ке уарзта лӕдӕргӕ дӕр сӕ уой туххӕй кодта.
9 Дуккаг: Киристейӕн дӕр Йегови хузӕн ӕ бон адтӕй, адӕймаги зӕрди ци ес, уой фӕууинун. Зӕгъӕн, цӕбӕл сагъӕс кӕнуй кенӕ ’й цӕхуӕндӕр гъуддӕгтӕмӕ ци разӕнгард кӕнуй, уой (Матф. 9:4; Иоан. 13:10, 11). Уомӕ гӕсгӕ Киристей бон адтӕй адӕймаги бафедар кӕнун, нифссаст ке ӕй, уой ку балӕдӕридӕ, уӕд (Ис. 61:1, 2; Лук. 4:17–21).
10 Ӕртиккаг: Киристе ӕхуӕдӕг дӕр бавзурста, адӕн ци зиндзийнӕдтӕ февзарунцӕ, уони. Зӕгъӕн, е дӕр берети хузӕн ирӕзтӕй мӕгур бийнонти. Йесо ӕ фидӕн, Иосифӕн, ӕнхус кодта, ӕма ’й зудта, уӕззау куст кӕнун ци ӕй, уой (Матф. 13:55; Мар. 6:3). Йесо лӕггадӕ кӕнун ку райдӕдта, уӕдмӕ Иосиф, ӕвӕдзи, ӕгас нӕбал адтӕй. Мадта Йесо, уарзон адӕймаги мӕлӕт ци ӕй, уой дӕр бавзурста. Уомӕй уӕлдай ма ’й зудта, бийнонтӕй еске рӕстдзийнадӕмӕ е ’ргом ку нӕ фездахуй, уӕд е куд фӕууй, уой дӕр (Иоан. 7:5). Уӕхӕн зиндзийнӕдтӕ ке бавзурста, уомӕ гӕсгӕ хумӕтӕг адӕни хуӕздӕр лӕдӕрдтӕй.
11. Киристе иннети зин ке лӕдӕрдтӕй, е уӕлдай хъӕбӕрдӕр кӕд исбӕрӕг ӕй? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ. (Кӕсӕ хузӕмӕ ӕндаг цъарӕбӕл.)
11 Киристе иннети зин ке лӕдӕрдтӕй, е уӕлдай хъӕбӕрдӕр бӕрӕг адтӕй, дессӕгтӕ ке кодта, уомӕй. Гъезӕмарӕ ка кодта, уонӕн фиццагидӕр ӕнхус кодта, тӕрегъӕд син ке кодта, уой туххӕй, ӕ ихӕсбӕл ӕй ке нимадта, уой туххӕй нӕ, фал (Матф. 20:29–34; Мар. 1:40–42). Расагъӕс кӕнӕ, Киристей ци баразӕнгард кодтайдӕ, гъосӕй ка нӕ игъуста, еци адӕймаги адӕнӕй еуварс рахонун ӕма ’й исдзӕбӕх кӕнун кенӕ идӕдзӕ силгоймагӕн ӕ еунӕг фурти райгас кӕнун (Мар. 7:32–35; Лук. 7:12–15). Киристе син сӕ зин лӕдӕрдтӕй ӕма ’й фӕндадтӕй банхус кӕнун.
12. Иоанни 11:32–35 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Йесо Марфӕ ӕма Марийӕн сӕ рист ке лӕдӕрдтӕй, е цӕмӕй бӕрӕг адтӕй?
Иоанни 11:32–35.) Цума Йесойӕн ӕ зӕрдӕ, ӕ хуарз ӕмбали ке нӕбал фӕууиндзӕй, уой туххӕй исхъурмӕ ’й? Нӕ, уомӕн ӕма ’й зудта, Лазӕри ке райгас кӕндзӕй, уой. Йесойӕн ӕ зӕрдӕ исхъурмӕ ’й, е ’мбӕлттӕ куд маст кодтонцӕ, уой уингӕй.
12 Йесо Марфӕ ӕма Марийӕн ӕртӕрегъӕд кодта, се ’нсувӕр Лазӕрбӕл куд кудтӕнцӕ, уой ку фӕууидта, уӕд. Йесойӕн ӕхецӕн дӕр ӕ цӕстисугтӕ ӕруадӕнцӕ. (Бакӕсӕ13. Йесо адӕнӕн сӕ рист ке лӕдӕруй, е нӕ куд федар кӕнуй?
13 Йесо адӕнӕн сӕ рист ке лӕдӕрдтӕй, е мах дӕр хъӕбӕр федар кӕнуй. Удта адӕнмӕ цӕхуӕн зӕрдӕ даруй, уомӕн хъӕбӕр устур аргъ кӕнӕн, ӕма ’й уой туххӕй уарзӕн (1 Пет. 1:8). Киристе нур Хуцауи Паддзахади Паддзах ке ӕй, е нин устур цийни хуасӕ ӕй. Е ӕгас гъезӕмӕрттӕн дӕр тагъд рӕстӕги кӕрон искӕндзӕй. Адӕн Сайтани хецаудзийнади фудӕй цитӕ бавзурстонцӕ, уонӕй сӕ фӕййервӕзун кӕндзӕй. Ӕма син Киристейӕй хуӕздӕр неке банхус кӕндзӕй, уомӕн ӕма зӕнхӕбӕл ку адтӕй, уӕд ӕхуӕдӕг дӕр зиндзийнӕдтӕ ӕма гъезӕмӕрттӕ бавзурста. Ӕцӕгӕйдӕр, «нӕ лӕмӕгъдзийнӕдтӕ нин ка... лӕдӕруй», уӕхӕн Хецау нин ке ес, е махӕн устур арфӕдзийнадӕ ӕй! (Дзиуит. 2:17, 18; 4:15, 16).
ЙЕГОВӔ ӔМА ЙЕСОЙ ФӔНЗЕТӔ
14. Ефесӕгтӕмӕ 5:1, 2 стихтӕ нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕнунцӕ?
14 Йеговӕ ӕма Йесой цӕветтонтӕбӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд нӕ е дӕр разӕнгард кӕндзӕй, цӕмӕй иннети рист хуӕздӕр лӕдӕрӕн. (Бакӕсӕ Ефесӕгтӕмӕ 5:1, 2.) Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, мах Йеговӕ ӕма Йесой хузӕн, адӕни зӕрдити ци ес, уой нӕ уинӕн. Фал уӕддӕр нӕ бон ӕй, иннетӕ цӕбӕл тухсунцӕ, уой балӕдӕрун (2 Кор. 11:29). Аци дуйней хеуарзон адӕнӕй уӕлдай, мах гъӕуама архайӕн, цӕмӕй, нӕхецӕн «куд хуӕздӕр уа, айдагъ уобӕл ма сагъӕс кӕнӕн, фал иннетӕн куд хуӕздӕр уа, уобӕл дӕр» (Фил. 2:4).
15. Иннети зин лӕдӕрун уӕлдай хъӕбӕрдӕр ка гъӕуама зона?
15 Иннети зин лӕдӕрун уӕлдай хъӕбӕрдӕр гъӕуама зононцӕ хестӕр нӕлгоймӕгтӕ. Хуцау син сӕ барӕ ке бакодта, уони туххӕй сӕ ӕ рази дзуапп дӕттун гъӕудзӕй (Дзиуит. 13:17). Ӕма цӕмӕй хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ӕнхус кӕнун сӕ бон уа, уой туххӕй гъӕуама иннетӕн тӕрегъӕд кӕнун зононцӕ. Иннети рист сӕмӕ ке гъаруй, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй?
16. Тӕрегъӕдгӕнагӕ хестӕр нӕлгоймӕгтӕ цӕхуӕн гъӕуама уонцӕ ӕма е ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?
16 Тӕрегъӕдгӕнагӕ хестӕр нӕлгоймаг хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ӕ рӕстӕг нӕ февгъау кӕнуй. Сӕ хӕццӕ дзоргӕй сӕмӕ фарстатӕ фӕддӕттуй ӕма сӕмӕ удта лӕмбунӕг ӕма фӕразонӕй байгъосуй. Уотӕ архайун уӕлдай ӕхсидзгӕдӕр ӕй, нӕ хъазар хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй еске ӕ зӕрди сагъӕстӕ радзорун ку фӕндӕуа, фал ӕ бон дзурдтӕ иссерун ку нӕ уа, уӕд (Ӕмб. 20:5). Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн рӕстӕг ке не ’вгъау кӕнунцӕ, уой фӕрци сӕ астӕу ес уарзондзийнадӕ (Гъуд. 20:37).
17. Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй беретӕ хестӕр нӕлгоймӕгтӕн фулдӕр цӕй туххӕй аргъ кӕнунцӕ? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.
17 Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй беретӕ куд зӕгъӕунцӕ, уомӕ гӕсгӕ хестӕр нӕлгоймӕгтӕн фулдӕр аргъ кӕнунцӕ сӕ лӕдӕргӕдзийнади туххӕй. Цӕмӕн? Мӕнӕ ци загъта еу хуӕрӕ, Аделейд: «Уой фӕрци сӕ хӕццӕ дзорун ӕнцондӕр фӕууй, уомӕн ӕма ’й фӕззонис, ке дӕ балӕдӕрдзӕнцӕ, уой». Уой фӕсте ба ма загъта: «Ци син радзорис, уомӕ Ром. 12:15).
ци цӕстӕй ракӕсунцӕ, уомӕй бӕрӕг фӕууй, дӕ рист сӕмӕ ке гъаруй». Еу ӕнсувӕр ба загъуй: «Мӕ уавӕр еу хестӕр нӕлгоймагӕн ку радзурдтон, уӕд ӕ цӕститӕ дони райвулдӕнцӕ. Е ми некӕд феронх уодзӕй» (18. Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй иннети никки хуӕздӕр лӕдӕрӕн?
18 Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, иннети зин балӕдӕрунбӕл айдагъ хестӕр нӕлгоймӕгтӕ гъӕуама ма архайонцӕ. Махӕй алкӕмӕндӕр ӕ бон ӕй уобӕл архайун. Дӕ бийнонти, удта хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти зиндзийнӕдтӕ балӕдӕрунбӕл байархайӕ. Дӕ рӕстӕг ма ’вгъау кӕнӕ де ’мбурди ӕригӕнттӕн ӕма каргунтӕн, удта, сӕйгӕ ка ӕй ӕма зиан кӕбӕл ӕрцудӕй, уонӕн. Куд ӕнцӕ, уобӕл сӕ бафӕрсисӕ. Сӕ зӕрди ци ес, уой дин ку дзоронцӕ, уӕд сӕмӕ лӕмбунӕг байгъосисӕ. Бӕрӕг уӕд, ӕцӕгӕйдӕр сӕ ке лӕдӕрис, е. Дӕ бон цӕмӕй ӕй, уомӕй син банхус кӕнӕ. Уотемӕй бавдесдзӕнӕ, ӕцӕг уарзтӕй сӕ ке уарзис (1 Иоан. 3:18).
19. Иннетӕн банхус кӕнун нӕ ку фӕндӕуа, уӕд лӕдӕргӕй цӕмӕн гъӕуама архайӕн?
19 Иннетӕн нӕ банхус кӕнун ку фӕндӕуа, уӕд гъӕуама лӕдӕргӕй архайӕн. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма адӕн зиндзийнӕдтӕмӕ ӕмхузӕн цӕстӕй нӕ ракӕсунцӕ. Еуети фӕффӕндуй сӕ зиндзийнӕдти туххӕй ескӕмӕн радзорун, иннети ба – нӕ. Ӕма нӕ банхус кӕнун ку фӕндӕуа, уӕд дӕр гъӕуама адӕймаги ма фӕрсӕн, зин ин ка уа кенӕ кӕмӕй фефсӕрми уа, уӕхӕн цӕбӕлдӕрти (1 Фес. 4:11). Ӕма нин сӕ сагъӕстӕ ку радзоронцӕ, уӕд, ка ’й зонуй, сӕ хӕццӕ арази нӕ уодзиан. Фал уӕддӕр гъӕуама ма иронх кӕнӕн, етӕ уони сагъӕстӕ ке ’нцӕ. Дзорунмӕ тагъд ма кӕнӕ, фал адӕймагмӕ лӕмбунӕг байгъосӕ (Матф. 7:1; Иак. 1:19).
20. Иннӕ статьяй дзурд цӕбӕл цӕудзӕй?
20 Нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕрти зин лӕдӕрунӕй уӕлдай ма нӕ фӕндуй, кӕмӕн игъосун кӕнӕн, еци адӕни зин лӕдӕрун дӕр. Цума уомӕн куд ес гӕнӕн? Уобӕл ба дзурд цӕудзӕй иннӕ статьяй.
130 ЗАР Кӕрӕдземӕн хатир кӕнӕн
^ 5 абз. Йеговӕ ӕма Йесо иннети хуарз лӕдӕрунцӕ. Аци статьяй ӕркӕсдзиан, сӕ цӕветтонтӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн, уомӕ. Удта ма радзубанди кӕндзиан, иннети зин цӕмӕн гъӕуама лӕдӕрӕн ӕма уомӕн гӕнӕн куд ес, уобӕл.
^ 1 абз. ЦИ НИСАН КӔНУЙ. Иннети «зин лӕдӕрун» уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма сӕ гъӕуама балӕдӕрунбӕл байархайӕн ӕма син сӕ рист нӕ зӕрдӕмӕ райсӕн (Ром. 12:15).
^ 6 абз. Йеговӕ ма фӕттӕрегъӕд кодта, ӕ еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕй нифссаст ка адтӕй кенӕ цӕмӕйдӕр ка тарстӕй, уонӕн дӕр, зӕгъӕн, Аннӕн, Илийайӕн ӕма Авдемелехӕн (1 Сам. 1:10–20; 1 Пад. 19:1–18; Йер. 38:7–13; 39:15–18).
^ 65 абз. ХУЗТӔ. Ӕмбурди нин берӕ фадуӕттӕ фӕууй, иннетӕбӕл ке тухсӕн, уой бавдесунмӕ. Хузӕбӕл уинӕн: 1) хестӕр нӕлгоймаг ӕригон игъосунгӕнӕги хӕццӕ ӕма ӕ мади хӕццӕ фӕлмӕнӕй дзубанди кӕнуй; 2) фидӕ ӕма кизгӕ каргун хуӕрӕн машини уӕнгӕ бацӕунмӕ ӕнхус кӕнунцӕ; 3) дууӕ хестӕр нӕлгоймаги лӕмбунӕг игъосунцӕ, унаффӕ си ка коруй, уӕхӕн хуӕрӕмӕ.