Йеговӕ, «амменӕ» ке фӕззӕгъис, уомӕн аргъ кӕнуй
ЙЕГОВӔ нӕ лӕггадӕн аргъ кӕнуй. Е ӕ лӕггадгӕнгутӕмӕ «лӕмбунӕг фегъосуй», ӕма ’й искадгин кӕнунмӕ цидӕриддӕр кӕнунцӕ, уомӕн аргъ кӕнуй, цийфӕнди минкъий гъуддаг ма уа, уӕддӕр (Мал. 3:16). Расагъӕс кӕнӕн, арӕх ке фӕззӕгъӕн, еци дзурдбӕл. Еци дзурд ӕй «амменӕ». Цума аци хумӕтӕг дзурдӕн Йегови цӕсти ести аргъ ес? Гъо! Ӕма цӕмӕн, уой базонуни туххӕй ӕркӕсӕн, ци нисан кӕнуй ӕма, Библий ке кой цӕуй, етӕ си куд пайда кодтонцӕ, уомӕ.
«АДӔН ЕУГУРӔЙДӔР ЗӔГЪДЗӔНЦӔ „АММЕНӔ!“»
Дзурд «амменӕ» нисан кӕнуй, «уотӕ уӕд» кенӕ «раст ӕй», зӕгъгӕ. Аци дзурд ци дзиуиттаг дзурдӕй равзурдӕй, е нисан кӕнуй, «еузӕрдон» кенӕ «ӕууӕнки аккаг» ун. Еци дзурдӕй арӕх пайда кодтонцӕ барадон фарстатӕ ӕвзаргӕй. Адӕймаг ку расоми кӕнидӕ, уӕд зӕгъидӕ «амменӕ», ӕма уотемӕй бавдесидӕ, ци загъта, е раст ке ӕй, удта ӕ соми цӕмӕ ӕркӕндзӕй, уой ке лӕдӕруй ӕма арази ке ӕй (Ним. 5:22). Ӕма адӕймаг иннети рази «амменӕ» ку зӕгъидӕ, уӕд ӕй е никки хъӕбӕрдӕр разӕнгард кодта ӕ дзурд исӕнхӕст кӕнунмӕ (Неем. 5:13).
Хуцауи лӕггадгӕнгутӕ дзурд «амменӕ»-й куд пайда кодтонцӕ, уомӕн еу цӕветтон финст ӕй Дуккаг закъони киунуги 27 сӕри. Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕнхӕмӕ ку бацудӕнцӕ, уӕд ӕрӕмбурд ӕнцӕ Гевали ӕма Гаризими хуӕнхти астӕу, цӕмӕй Закъонмӕ байгъустайуонцӕ. Етӕ гъӕуама Закъонмӕ айдагъ игъосгӕ ма кодтайуонцӕ, фал ма гъӕуама дзурд равардтайуонцӕ, ке ӕй ӕнхӕст кӕндзӕнцӕ, уой туххӕй. Ӕма ’й ку не ’нхӕст кӕнонцӕ, уӕд сӕмӕ ци ’нгъӕлмӕ кӕсуй, уой син ку бакастӕнцӕ, уӕд загътонцӕ «амменӕ» (Дук. з. 27:15–26). Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ, мингай нӕлгоймӕгтӕ, силгоймӕгтӕ ӕма сувӕллӕнттӕ еци дзурд гъӕрӕй куд дзорунцӕ! (Йес. Н. 8:30–35). Еци бон ци дзурд равардтонцӕ, уой, ӕвӕдзи, некӕд байронх ӕнцӕ. Еци израилӕгтӕ сӕ дзурд исӕнхӕст кодтонцӕ. Библий финст ӕй: «Цалинмӕ Йесо ӕгас адтӕй, уӕдмӕ Израили адӕн Йеговӕн лӕггадӕ кодтонцӕ. Лӕггадӕ ин кодтонцӕ, Йесой фӕсте дӕр ма ка цардӕй ӕма, Йеговӕ Израили туххӕй ци гъуддӕгтӕ искодта, уони ка зудта, еци хестӕр лӕгти рӕстӕги дӕр» (Йес. Н. 24:31).
Киристе дӕр дзурд «амменӕ»-й (ирон тӕлмаци «ӕцӕг ци ӕй») пайда кодта, ӕрмӕст еу минкъий ӕндӕрхузи. Йесо «амменӕ» еске дзурдти фӕсте нӕ фӕззӕгъидӕ, фал ӕхуӕдӕг ести зӕгъунмӕ ку гъавидӕ, уой размӕ. Ӕма уотемӕй бавдесидӕ, Матф. 5:18; Иоан. 1:51). Уотӕ федарӕй дзорунмӕ ин барӕ дӕр адтӕй, уомӕн ӕма Хуцау ӕ зӕрдӕвӕрдтӕ исӕнхӕст кӕнун уомӕн баихӕс кодта (2 Кор. 1:20; Рарг. 3:14).
ци дзоруй, уобӕл ӕууӕнкӕ ке ес, уой («АДӔН ЕУГУРӔЙДӔР ЗАГЪТОНЦӔ: „АММЕНӔ!“ ӔМА ЙЕГОВИ ИСКАДГИН КОДТОНЦӔ»
Израилӕгтӕ ма «амменӕ» дзурдтонцӕ, Йегови ку кадгин кӕниуонцӕ ӕма имӕ ку ковиуонцӕ, уӕд дӕр (Неем. 8:6; Пс. 41:13). Еске иннети номӕй ку исковидӕ, уӕд адӕн «амменӕ» зӕгъиуонцӕ, ӕма уотемӕй бавдесиуонцӕ, еци кувди дзурдти хӕццӕ арази ке ’нцӕ, уой. Зӕгъӕн ес, ӕма уотемӕй етӕ дӕр Йеговӕн лӕггадӕ кодтонцӕ, ӕма е се ’гасемӕндӕр цийнӕдзийнадӕ хаста. Хабар уотӕ адтӕй, паддзах Давид Йегови бадзурди кирӕ Йерусалиммӕ ку ӕрбахаста ӕма уой номбӕл бӕрӕгбон ку искодта, уӕд дӕр. Давид кувди дзурдтӕ ниффинста ӕма заргӕнгутӕн баихӕс кодта, цӕмӕй Йегови еци дзурдтӕй искадгин кодтайуонцӕ. Еци кувди дзурдтӕ бакӕсӕн ес 1 Анзфинстити 16:8–36. Адӕн еци дзурдтӕ ку фегъустонцӕ, уӕд «еугурӕйдӕр загътонцӕ: „Амменӕ!“ Ӕма Йегови искадгин кодтонцӕ». Ӕцӕгӕйдӕр, Йеговӕн еумӕ лӕггадӕ кӕнун син адтӕй устур цийнӕ.
Фиццаг ӕноси киристӕнттӕ дӕр Йегови кадгин кӕнгӕй дзурдтонцӕ «амменӕ». Библи ка финста, етӕ сӕ финстӕгути еци дзурдӕй арӕх пайда кодтонцӕ (Ром. 1:25; 16:27; 1 Пет. 4:11). Раргомади киунуги куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ ба, уӕлӕрвти ка ӕй, етӕ дӕр Йегови кадгин кӕнунцӕ уӕхӕн дзурдтӕй: «Амменӕ! Кадгин кӕнтӕ Йаги!» (Рарг. 19:1, 4). Фиццаг киристӕнттӕ «амменӕ» дзурдтонцӕ, ӕмбурди ку исковиуонцӕ, уӕд (1 Кор. 14:16). Фал еци дзурд зӕгъуни размӕ кувди дзурдтӕмӕ лӕмбунӕг байгъосун гъудӕй.
«АММЕНӔ» ДЗОРУН ӔХСИДЗГӔ ЦӔМӔН ӔЙ
Мадта фӕууидтан, Йегови лӕггадгӕнгутӕ «амменӕ» цӕхуӕн уавӕрти дзурдтонцӕ, уой, ӕма ’й нур лӕдӕрӕн, кувди фӕсте «амменӕ» зӕгъун куд ӕхсидзгӕ ’й, уой. Нӕхе кувди фӕсте «амменӕ» ку фӕззӕгъӕн, уӕд уомӕй бавдесӕн, нӕ зӕрди ци адтӕй, уой ке загътан. Иннети номӕй ка искувта, уой кувдбӕл «амменӕ» ку фӕззӕгъӕн, фӕнди гъӕрӕй, фӕнди хенимӕр, уӕд уомӕй ба бавдесӕн,
ӕ дзурдти хӕццӕ арази ке ан, уой. «Амменӕ» дзорун ма никкидӕр ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?Уотемӕй бӕрӕг фӕууй, нӕ лӕггадӕмӕ цидӕриддӕр хауй, уомӕ цийфӕнди цӕстӕй ке нӕ кӕсӕн. Кувди рӕстӕг ци фӕдздзорӕн, айдагъ е нӕй ӕхсидзгӕ, фал нӕхе куд фӕддарӕн, е дӕр. Цӕмӕй кувди фӕсте кӕдзос цӕсгонӕй «амменӕ» зӕгъӕн, уой туххӕй гъӕуама кувдмӕ раст цӕстӕй кӕсӕн ӕма лӕмбунӕг игъосӕн.
Уой фӕрци ан ӕмвӕндӕ ӕма ӕмзунд. Ӕмбурди ӕнсувӕр иннети номӕй ку фӕкковуй, уӕд ӕгасӕйдӕр еци еу дзурдтӕмӕ фегъосӕн, ӕма уой фӕрци ан ӕмвӕндӕ ӕма ӕмзунд (Гъуд. 1:14; 12:5). Еугурӕйдӕр «амменӕ» ку фӕззӕгъӕн, уӕд уой фӕрци ба никки ӕнгомдӕр исуӕн. «Амменӕ» ку фӕззӕгъӕн,– фӕнди гъӕрӕй, фӕнди нӕхенимӕр,– уӕд е Йегови баразӕнгард кӕнуй, цӕмӕй нин нӕ еумӕйаг кувдӕн дзуапп ратта.
Уотемӕй кадгин кӕнӕн Йегови. Йеговӕ аргъ кӕнуй, нӕ лӕггади цидӕриддӕр кӕнӕн, уомӕн (Лук. 21:2, 3). Е уинуй, цӕмӕдӕр нӕ ци разӕнгард кӕнуй ӕма нӕ зӕрди ци ес, уой. Кадӕртӕ сӕ уавӕртӕмӕ гӕсгӕ ӕмбурди программӕмӕ телефонӕй фегъосунцӕ, ӕма кувди фӕсте иннети хӕццӕ «амменӕ» ку фӕззӕгъунцӕ, уӕд Йеговӕ уони дӕр фегъосуй. Уотемӕй етӕ дӕр Йеговӕн иннети хӕццӕ кадӕ кӕнунцӕ.
Ка ’й зонуй нӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма мах «амменӕ» загъдӕн неци аргъ ес. Фал е уотӕ нӕй. Энциклопедий «Понимание Писания» куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ еци еунӕг дзурдӕй Хуцауи лӕггадгӕнгутӕн сӕ бон ӕй бавдесун, Хуцау сӕ ке фегъосдзӕй, уобӕл ӕппундӕр ке нӕ гурусхӕ кӕнунцӕ, кувди дзурдти хӕццӕ арази ке ’нцӕ ӕма сӕ зӕрди федар нифс ке ес. Гъӕйдӕ мадта ӕгасӕйдӕр «амменӕ» дзоргӕй Йеговӕн кадӕ кӕнӕн (Пс. 19:14).