46 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Де «’ууӕндундзийнади устур уартмӕ» дзӕбӕх зелис?
«Райсетӕ ӕууӕндундзийнади устур уарт» (ЕФ. 6:16).
119 ЗАР Гъӕуама нӕмӕ уа ӕууӕндундзийнадӕ
РАЗДЗУРД *
1, 2. а) Ефесӕгтӕмӕ 6:16 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ нӕ «ӕууӕндундзийнади устур уарт» цӕмӕн гъӕуй? б) Цӕхуӕн фарстатӕмӕ ӕркӕсдзиан?
«ӔУУӔНДУНДЗИЙНАДИ устур уарт» дӕмӕ ес? (Бакӕсӕ Ефесӕгтӕмӕ 6:16.) Ке дӕмӕ ес, е дузӕрдуггаг нӕй. Устур уарт ӕфсӕддони бауӕрӕн ӕ фулдӕр хай куд гъӕуай кодта, уотӕ мах дӕр не ’ууӕндундзийнадӕ гъӕуай кӕнуй аци дуйней лӕгъуз гъуддӕгтӕй, зӕгъӕн, ӕнӕгъдаудзийнадӕй, фуддзийнадӕй ӕма ма Хуцауи зӕрдӕмӕ ка нӕ цӕуй, ӕндӕр уӕхӕн гъуддӕгтӕй дӕр.
2 Фал цалинмӕ «фӕстаг бӕнтти» цӕрӕн, уӕдмӕ не ’ууӕндундзийнадӕ фӕлвӕрд цӕудзӕй (2 Тим. 3:1). Мадта не ’ууӕндундзийнади уарт федар ӕй ӕви нӕ, уой нӕ бон куд ӕй исбӕрӕг кӕнун? Удта нӕ ци кӕнун гъӕуй, цӕмӕй ибӕл идарддӕр дӕр федар хуӕцӕн? Ӕркӕсӕн аци фарстатӕмӕ.
ДЕ ’УУӔНДУНДЗИЙНАДИ УАРТМӔ ДЗӔБӔХ ЗЕЛӔ
3. Ӕфсӕддон ӕ уартмӕ куд зелидӕ ӕма цӕмӕн?
3 Рагидзаманти ӕфсӕддонтӕмӕ уидӕ сӕрак конд кӕбӕл адтӕй, уӕхӕн уарт. Ӕфсӕддон ӕ уарт сойнӕй байсӕрдидӕ, цӕмӕй сӕрак ма хускъӕ кодтайдӕ ӕма уарти ӕфсӕйнаг хӕйттӕ ма изгӕ кодтайуонцӕ. Ӕ уарт кӕнуйнаг ке ӕй, уой ку фӕууинидӕ, уӕд ӕй еци фӕдбӕл барӕвдзӕ кӕнидӕ, ӕма уой фӕрци тохмӕ алкӕддӕр цӕттӕ адтӕй.
4. Не ’ууӕндундзийнади уартмӕ цӕмӕн гъӕуама зелӕн ӕма уомӕн куд ес гӕнӕн?
4 Рагидзаманти ӕфсӕддон ӕ уартмӕ куд зелидӕ, уотӕ мах дӕр гъӕуама алкӕддӕр зелӕн не ’ууӕндундзийнади уартмӕ, цӕмӕй алкӕддӕр тохмӕ цӕттӕ уӕн. Киристӕнттӕ ке ан, уомӕ гӕсгӕ мах тох кӕнӕн фудгӕнӕг изӕдти нихмӕ Еф. 6:10–12). Не ’ууӕндундзийнади уартмӕ нӕ бӕсти неке зелдзӕй. Не ’ууӕндундзийнадӕ фӕлварӕнтӕмӕ цӕттӕ ӕй ӕви нӕ, уой нӕ бон куд ӕй исбӕрӕг кӕнун? Фиццагидӕр гъӕуама Хуцаумӕ ковӕн, цӕмӕй нин банхус кӕна, удта Хуцауи Дзурд ӕртасӕн, цӕмӕй нӕхемӕ, Хуцау нӕмӕ ци цӕстӕй кӕсуй, уӕхӕн цӕстӕй кӕсӕн (Дзиуит. 4:12). Библий финст ӕй: «Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕйдӕр дарӕ Йеговӕбӕл ӕма дӕхе зундӕй нифсгун ма уо» (Ӕмб. 3:5, 6). Расагъӕс кӕнӕ, ӕрӕги ци унаффитӕ рахастай, уонӕбӕл. Ка ’й зонуй, ӕхцайӕй хъӕбӕр батухстӕ. Еци рӕстӕг дӕ зӕрди, Дзиуиттӕгтӕмӕ 13:5 финст Йегови дзурдтӕ не ’рифтудӕнцӕ, «некӕд дӕ ниууадздзӕн ӕма дӕ некӕд феронх кӕндзӕн», зӕгъгӕ? Дӕ зӕрдӕ дардтай, Йеговӕ дин ке банхус кӕндзӕй, уобӕл? Кӕд гъо, уӕд е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма де ’ууӕндундзийнади уарт федар ӕй.
(5. Де ’ууӕндундзийнадӕ ци уавӕри ӕй, уобӕл ку расагъӕс кӕнай, уӕд, ка ’й зонуй, ци фӕууиндзӕнӕ?
5 Де ’ууӕндундзийнадӕ ци уавӕри ӕй, уобӕл лӕмбунӕг ку расагъӕс кӕнай, уӕд дӕмӕ, ӕвӕдзи, цидӕртӕ дессаг фӕккӕсдзӕй. Ка ’й зонуй, дӕхемӕ фӕууиндзӕнӕ, раздӕр ке нӕ уидтай, уӕхӕн лӕмӕгъдзийнӕдтӕ. Зӕгъӕн, цитӕ нӕбӕл ӕримисунцӕ, уомӕ ке фегъосис, цӕхуӕндӕр гъуддӕгтӕбӕл ӕгӕр ке фӕттухсис, удта кӕмидӕр дӕ нифс дӕр ке басастӕй. Дӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй де ’ууӕндундзийнадӕ багъӕуай кӕнай?
ДЕ ’УУӔНДУНДЗИЙНАДӔ ГЪӔУАЙ КӔНӔ ЗӔРАН ИН КА ХӔССУЙ, УӔХӔН ЦӔМӔЙДӔРТИ
6. Мӕтӕ кӕнун алкӕд лӕгъуз цӕмӕннӕ ’й?
6 Цӕхуӕндӕр гъуддӕгтӕбӕл мӕтӕ кӕнун лӕгъуз нӕй, зӕгъӕн, Йеговӕ ӕма Киристей зӕрдӕ куд барохс кӕнӕн, уобӕл (1 Кор. 7:32). Уӕззау тӕрегъӕд ка искӕнуй, е ба фӕммӕтӕ кӕнуй, фӕстӕмӕ Хуцаумӕ куд ӕрбахӕстӕг уа, уобӕл (Пс. 38:18). Уомӕй уӕлдай ма фӕммӕтӕ кӕнӕн нӕ цардӕмбали зӕрдӕ куд барохс кӕнӕн кенӕ, нӕ бийнонтӕн ӕма нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн куд банхус кӕнӕн, уобӕл (1 Кор. 7:33; 2 Кор. 11:28).
7. Ӕмбесӕндти 29:25 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ адӕнӕй тӕрсун цӕмӕннӕ гъӕуй?
7 Фал цӕбӕлдӕрти ӕгӕр ку мӕтӕ кӕнӕн, уӕд е не ’ууӕндундзийнадӕн зӕран ӕрхӕсдзӕй. Зӕгъӕн, хуӕруйнаг ӕма уӕледарӕсбӕл ӕгӕр арӕх фӕммӕтӕ кӕнӕн (Матф. 6:31, 32). Уотемӕй, гӕнӕн ес, ӕма мулк ӕмбурд кӕнунбӕл фӕууӕн ӕма ма, ка ’й зонуй, ӕхцауарзагӕ дӕр исуӕн. Хабар уотӕ ку рауайа, уӕд Йеговӕбӕл нӕ зӕрдӕ нӕбал дардзиан ӕма си раидард уодзиан (Мар. 4:19; 1 Тим. 6:10). Кенӕ ба ӕгӕр мӕтӕ кӕнӕн, иннетӕ нӕбӕл ци сагъӕс кӕнунцӕ, уобӕл. Уотемӕй ба, гӕнӕн ес, ӕма тӕрсун райдайӕн адӕн нӕбӕл ке ходдзӕнцӕ кенӕ нӕ ке ӕфхуӕрдзӕнцӕ, уомӕй, Йегови зӕрдихудтӕй нӕ, фал. Цӕмӕй нӕбӕл уӕхӕн хабар ма ’рцӕуа, уой туххӕй гъӕуама Йеговӕй ӕууӕндундзийнадӕ ӕма нифсхастдзийнадӕ корӕн. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 29:25; Лук. 17:5.)
8. Мӕнгӕттӕмӕ ци цӕстӕй гъӕуама кӕсӕн?
8 Сайтан ӕй «мӕнгӕдзийнади фидӕ» ӕма ӕ барӕ кӕбӕл цӕуй, уони разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй Йегови, удта нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти туххӕй мӕнгӕттӕ парахат кӕнонцӕ (Иоан. 8:44). Зӕгъӕн, раст дин ка ниууагъта, етӕ Йегови организаций туххӕй ӕргом мӕнгӕттӕ, удта ке исӕсхъуммӕ кӕнунцӕ, уӕхӕн хабӕрттӕ фӕппарахат кӕнунцӕ интернети, газзетти, телевизори ӕма радиой. Еци мӕнгӕттӕ ӕнцӕ Сайтани «содзгӕ фӕттӕ» (Еф. 6:16). Еске уӕхӕн мӕнгӕттӕ ку дзора, уӕд нин нӕхе куд даргӕ ’й? Гъӕуама сӕмӕ ма игъосӕн! Цӕмӕннӕ? Уомӕн ӕма мах Йеговӕбӕл ӕма не ’нсувӕртӕбӕл ӕууӕндӕн. Раст дин ка ниууагъта, уони хӕццӕ ба нин еумӕйагӕй неци ес. Кафӕнди кенӕ нӕ нӕ цийфӕнди ма рӕдуйун кӕна, удта раст дин ка ниууагъта, етӕ ци дзорунцӕ, е нӕмӕ цийфӕнди дессаг ку кӕса, уӕддӕр сӕмӕ некӕд игъосдзиан ӕма сӕ хӕццӕ некӕд буцӕу кӕндзиан.
9. Адӕймагӕн ӕ нифс ку басӕтта, уӕд ибӕл е куд рабӕрӕг уодзӕй?
9 Нӕ нифс ку басӕтта, уӕд е дӕр не ’ууӕндундзийнадӕбӕл лӕгъузӕрдӕмӕ бӕрӕг кӕндзӕй. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, нӕхе уотӕ дӕр гъӕуама ма дарӕн, цума алцидӕр хуарз ӕй. Удта е ӕнӕуой дӕр раст нӕй. Хатгай зиндзийнӕдти рӕстӕг нӕ нифс басӕттуй. Фал раст нӕ уодзӕй ӕхсӕвӕй-бонӕй уобӕл сагъӕс кӕнун. Кенӕ ба ни гӕнӕн ес, ӕма Йеговӕ ци арфӕдзийнӕдтӕй зӕрдӕ байвардта, етӕ феронх уонцӕ (Рарг. 21:3, 4). Нифссаст ку уӕн, уӕд нӕмӕ хъауритӕ нӕбал байзайдзӕй ӕма Йеговӕн нӕбал лӕггадӕ кӕндзиан (Ӕмб. 24:10). Фал гъӕуама ма бауадзӕн, цӕмӕй нӕбӕл уӕхӕн хабар ӕрцӕуа.
10. Еу хуӕрӕ ӕ финстӕги ци ниффинста, е цӕбӕл дзорӕг ӕй?
10 Ӕркӕсӕн, Америки Еугонд Штатти ка цӕруй, уӕхӕн хуӕри хабармӕ. Еци хуӕрӕ е ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнунбӕл хъӕбӕр архайуй, кӕд ӕ сӕрихецау уӕззау незӕй сӕйуй ӕма имӕ кӕсун гъӕуй, уӕддӕр. Хуӕрӕ Йегови Ӕвдесӕнти сӕйраг хайадӕмӕ ниффинста: «Хатгай уӕхӕн тухст уавӕри фӕууӕн ӕма нӕхемӕ нийгъосӕн. Фал нӕ нифс уӕддӕр нӕ сӕттуй. Йеговӕй хъӕбӕр боз дӕн, не ’ууӕндундзийнадӕ ӕма нин нӕ нифс бафедар кӕнунмӕ цидӕриддӕр дӕттуй, уой туххӕй. Ӕ унаффитӕ ӕма нӕ ӕ зӕрдӕфедаргӕнӕн дзурдтӕ хъӕбӕр гъӕунцӕ. Уой фӕрци Йеговӕн идарддӕр дӕр лӕггадӕ кӕнӕн ӕма нӕ Сайтан ци фӕлварӕнти багӕлдзуй, уонӕми федар фӕллӕууӕн». Аци хуӕри дзурдтӕй бӕрӕг ӕй, нӕ нифс ку басӕтта, уӕддӕр нӕ бон ке ӕй фӕстӕмӕ нӕ къӕхтӕбӕл ислӕуун. Уой туххӕй гъӕуама ма иронх кӕнӕн, нӕ фӕлварӕнтӕ Сайтанӕй ке ’нцӕ, уой. Йеговӕ дин уодӕнцойнӕ ке ратдзӕй, уобӕл ма дузӕрдуг кӕнӕ, удта устур аргъ кӕнӕ, не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнунмӕ нин ци хуӕруйнаг дӕттуй, уомӕн.
11. Цӕхуӕн фарстатӕбӕл гъӕуама расагъӕс кӕнӕн, цӕмӕй базонӕн, не ’ууӕндундзийнадӕ федар ӕй, ӕви нӕ, уой?
11 Расагъӕс кӕнӕ: ескӕци гъуддаги дӕ де ’ууӕндундзийнадӕ бафедар кӕнун нӕ гъӕуй? Фӕстаг цалдӕр мӕйи дӕргъи дин рауадӕй минкъийдӕр мӕтӕ кӕнун? Уайуй дин,
раст дин ка ниууагъта, уони мӕнгӕттӕй ӕма сӕ хӕццӕ буцӕу кӕнунӕй дӕхе гъӕуай кӕнун? Дӕ нифс ку басӕттуй, уӕд дӕ бон исуй фӕстӕмӕ дӕ къӕхтӕбӕл ислӕуун? Кӕд гъо, уӕд де ’ууӕндундзийнадӕ федар ӕй. Фал гъӕуама къӕрцгъос уӕн, уомӕн ӕма ма Сайтанмӕ ӕндӕр тохӕндзаумӕуттӕ дӕр ес. Гъӕйдӕ мадта си еуемӕ ӕркӕсӕн.ДӔХЕ ХЕЗӔ МУЛК ӔМБУРД КӔНУНӔЙ
12. Мулкуарзагӕ ку уӕн, уӕд нин тӕссаг цӕмӕй уодзӕй?
12 Мулкуарзагӕ ку уӕн, уӕд не ’ууӕндундзийнадӕ ӕрлӕмӕгъ уодзӕй ӕма Йегови гъуддаги фагӕ нӕбал архайдзиан. Апостол Павел загъта: «Еунӕг ӕфсӕддон дӕр ӕндӕр гъуддӕгти фӕдбӕл ӕхца бакосуни туххӕй нӕ рацӕудзӕй, цӕмӕй си, ӕфсадмӕ ’й ка райста, уой зӕрдӕ рохс кӕна» (2 Тим. 2:4). Ромаг ӕфсӕддонӕн еци барӕ н’ адтӕй, цӕмӕй ма ӕндӕр куст дӕр кодтайдӕ. Фал цума еци бардзурдмӕ ку нӕ байгъустайдӕ, удта ци адтайдӕ?
13. Ӕфсӕддонӕн ӕхцай куст кӕнӕн цӕмӕннӕ адтӕй?
13 Нӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕн: ӕфсӕддонтӕ сӕумӕ раги хъӕматӕй тохунбӕл ахур кӕнунцӕ, сӕ еу ба не ’рбацудӕй. Е горӕти базари хуӕруйнӕгтӕ уӕйӕ кӕнуй. Изӕрӕй ба ӕфсӕддонтӕ сӕ тохӕндзаумӕуттӕ цӕттӕ кӕнунцӕ, удта сӕ хъӕматӕ циргъ кӕнунцӕ. Хуӕруйнӕгтӕ ка уӕйӕ кӕнуй, еци ӕфсӕддон ба иннӕ бонмӕ уӕйӕ кӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнуй. Фал сӕмӕ дуккаг бон ӕнӕнгъӕлти знаг ӕрбампурста. Тугъдмӕ кӕци ӕфсӕддон уодзӕй цӕттӕ ӕма ӕ хецауи зӕрдӕ ка барохс кӕндзӕй? Еци тугъди ку адтайсӕ, уӕд дӕ кӕци ӕфсӕддони фарсмӕ тохун фӕндадтайдӕ: ӕхе ка цӕттӕ кодта, уой фарсмӕ ӕви ӕхе хабӕрттӕ ка кодта, уой фарсмӕ?
14. Киристей ӕфсӕддонтӕ ке ан, уомӕ гӕсгӕ фиццагидӕр цӕбӕл гъӕуама архайӕн?
14 Хуарз ӕфсӕддонти хузӕн мах дӕр фиццагидӕр гъӕуама уобӕл архайӕн, цӕмӕй не ’фсади Хецӕутти, Йеговӕ ӕма Йесо Киристей зӕрдитӕ рохс кӕнӕн. Е берӕ ӕхсидзгӕдӕр ӕй, Сайтани дуйней нин цидӕриддӕр бантӕса, уомӕй. Мах архайӕн, цӕмӕй нин фагӕ рӕстӕг ӕма хъауритӕ уа Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунмӕ, удта не ’ууӕндундзийнади уарт ӕма ма нин Хуцау ци тохӕндзаумӕуттӕ дӕттуй, уони федар кӕнунмӕ дӕр.
15. Павел нӕ цӕмӕй бафӕдзахста ӕма цӕмӕн?
1 Тим. 6:9, 10). Дзурдбаст «радзӕгъӕл уодзӕнцӕ» амонуй, адӕймаг ӕнӕгъӕугӕ дзаумӕуттӕ ӕлхӕнунбӕл ку фӕууй, уомӕ. Уӕхӕн адӕймагӕн тӕссаг ӕй «берӕ... ӕнӕзунд ӕма фидбилиз фӕндтӕ» имӕ ке фӕззиндзӕй, уомӕй. Фал гъӕуама ма иронх кӕнӕн, еци фӕндтӕй Сайтан ке пайда кӕнуй, цӕмӕй нин не ’ууӕндундзийнадӕ ӕрлӕмӕгъ кӕна.
15 Гъӕуама алкӕддӕр къӕрцгъос уӕн! Цӕмӕн? Апостол Павел бафӕдзахста: «Гъӕздугдзийнадӕмӕ ка тундзуй, етӕ... ӕууӕндундзийнади надӕй радзӕгъӕл уодзӕнцӕ» (16. Марки 10:17–22 ци хабар финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ цӕхуӕн фарстатӕбӕл гъӕуама расагъӕс кӕнӕн?
16 Зӕгъӕн, ес нӕмӕ фагӕ ӕхца берӕ цидӕртӕ балхӕнунмӕ. Цума нӕ зӕрдӕмӕ ка цӕуй, фал нӕ ӕнӕмӕнгӕй ка нӕ гъӕуй, уӕхӕн дзаумӕуттӕ ку ӕлхӕнӕн, уӕд уоми лӕгъузӕй ести ес? Нӕййес. Фал расагъӕс кӕнӕн: кӕд нӕ бон цӕхуӕндӕр дзаума балхӕнун ӕй, уӕд нӕмӕ фагӕ рӕстӕг ӕма хъауритӕ ба уодзӕй, цӕмӕй си пайда кӕнӕн ӕма имӕ зелӕн? Удта уотӕ нӕ рауайдзӕй, ӕма еци дзаумӕуттӕ ӕгӕр бауарзтан? Уӕд уодзиан, Киристе ци ӕригон нӕлгоймаги хӕццӕ дзурдта, уой хузӕн. Киристе ин загъта, цӕмӕй Хуцауи гъуддаги фулдӕр архайдтайдӕ, фал ӕй нӕ бафӕндадтӕй. (Бакӕсӕ Марки 10:17–22.) Цӕйбӕрцӕбӕл хуӕздӕр ӕй хумӕтӕг цард кӕнун, удта нӕ рӕстӕг ӕма нӕ хъауритӕ Хуцауи фӕндон ӕнхӕст кӕнунбӕл харз кӕнун!
ДЕ ’УУӔНДУНДЗИЙНАДИ УАРТБӔЛ ФЕДАР ХУӔЦӔ
17. Нӕ зӕрдӕбӕл ци гъӕуама дарӕн?
17 Гъӕуама ма иронх кӕнӕн, тугъди ке ан ӕма тохунмӕ алли бон дӕр цӕттӕ ке гъӕуама уӕн, уой (Рарг. 12:17). Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ не ’ууӕндундзийнади уарт нӕ бӕсти нӕ хӕсдзӕнцӕ. Гъӕуама не ’ууӕндундзийнадӕ нӕхуӕдтӕ федар кӕнӕн.
18. Рагидзаманти ӕфсӕддон ӕ уартбӕл федар цӕмӕн хуӕцидӕ?
18 Рагидзаманти тугъди будури лӕгдзийнадӕ ка бавдесидӕ, уӕхӕн ӕфсӕддонӕн устур кадӕ кодтонцӕ. Фал тугъдӕй ӕнӕ уартӕй ку ӕрбаздахтайдӕ, уӕд фӕхходуйнаг адтайдӕ. Ромаг историк Тацит ниффинста: «Ӕфсӕддон ӕ уарт ескӕми ку ниууадза, уӕд е устур ходуйнаг ӕй». Уомӕ гӕсгӕ тохи рӕстӕг ӕфсӕддон ӕ уартбӕл алкӕддӕр федар хуӕстӕй.
19. Не ’ууӕндундзийнади уартбӕл федар кӕд хуӕцдзиан?
19 Не ’ууӕндундзийнади уартбӕл федар кӕд хуӕцдзиан? Ӕмбурдтӕ ку нӕ цох кӕнӕн ӕма иннетӕн Йегови номи туххӕй ӕма ӕ Паддзахади туххӕй ку дзорӕн, уӕд (Дзиуит. 10:23–25). Уомӕй уӕлдай ма гъӕуама Хуцауи Дзурд алли бон дӕр кӕсӕн ӕма Йеговӕй ӕнхус корӕн, цӕмӕй, ци базонӕн, уомӕ гӕсгӕ архайӕн (2 Тим. 3:16, 17). Уӕд, Сайтан нӕ нихмӕ ци тохӕндзаумӕуттӕй пайда кӕнуй, уонӕй нин еу дӕр уӕхӕн зӕран не ’рхӕсдзӕй, цӕмӕй ин исраст кӕнӕн мабал уа (Ис. 54:17). «Не ’ууӕндундзийнади устур уарт» нӕ гъӕуай кӕндзӕй. Нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕрти хӕццӕ усхъӕй-усхъӕмӕ нифсгунӕй лӕггадӕ кӕндзиан. Ӕма еци тугъди ке фӕууӕлахез уодзиан, уомӕй уӕлдай ма нӕмӕ уӕхӕн кадӕ дӕр ӕрхаудзӕй, ӕма Киристей фарс лӕудзиан, Сайтан ӕма ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕбӕл ку фӕууӕлахез уа, уӕд (Рарг. 17:14; 20:10).
118 ЗАР «Бафтауӕ нин не ’ууӕндундзийнадӕбӕл»
^ 5 абз. Ӕфсӕддони ӕ уарт тохи рӕстӕг гъӕуай кӕнидӕ. Не ’ууӕндундзийнадӕ дӕр ӕнгъезуй уарти хӕццӕ рабарун. Ӕфсӕддони ӕ уартмӕ зелун куд гъудӕй, уотӕ мах ба гъӕуй не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнун. Аци статьяй ӕркӕсдзиан, нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй «не ’ууӕндундзийнади устур уарт» федар уа.