Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

45 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ нин куд ӕнхус кӕнуй?

Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ нин куд ӕнхус кӕнуй?

«Алцидӕр мӕ бон ӕй, хъаурӕ мин ка дӕттуй, уой фӕрци» (ФИЛ. 4:13).

104 ЗАР Хуцауи лӕвар – ӕ сугъдӕг хъаурӕ

РАЗДЗУРД *

1, 2. а) Зиндзийнӕдти рӕстӕг нин федарӕй байзайунмӕ ци ӕнхус кӕнуй? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ. б) Аци статьяй дзурд цӕбӕл цӕудзӕй?

ЦӔХУӔНДӔР фӕлварӕни фӕсте ескӕд уотӕ расагъӕс кодтай: «Мӕхуӕдӕг ин неци хузи ниббухстайнӕ!» Ка ’й зонуй дӕмӕ уӕззау нез разиндтӕй кенӕ дӕ хеуӕнттӕй еске фӕззиан ӕй. Фӕстӕмӕ ракӕсгӕй ӕй фӕллӕдӕрис, Йеговӕ дин ӕ сугъдӕг хъаурӕ,– «адӕймагмӕ ка нӕййес, уӕхӕн хъаурӕ» ке лӕвардта, ӕма уой фӕрци федар ке фӕллӕудтӕ (2 Кор. 4:7–9).

2 Уомӕй уӕлдай ма нӕ Йегови сугъдӕг хъаурӕ гъӕуй, цӕмӕй аци дуйней зундахастӕй нӕхе еуварс дарӕн (1 Иоан. 5:19). Удта ма нӕ гъӕуй, «уӕлӕрвти ка ӕй, еци фудгӕнӕг изӕдти нихмӕ» дӕр тохун (Еф. 6:12). Уомӕ гӕсгӕ бал ӕркӕсӕн, Йеговӕ нин ӕ сугъдӕг хъаурӕй цӕхуӕн дууӕ гъуддагеми ӕнхус кӕнуй, уомӕ. Уой фӕсте ба радзубанди кӕндзиан, цӕмӕй нин Йеговӕ ӕ сугъдӕг хъаурӕй ӕнхус кӕна, уой туххӕй нӕ ци кӕнун гъӕуй, уобӕл.

ХУЦАУИ СУГЪДӔГ ХЪАУРӔ НИН ХЪАУРИТӔ ДӔТТУЙ

3. Йеговӕ нин зиндзийнӕдти рӕстӕг фиццагидӕр куд фенхус кӕнуй?

3 Йеговӕ нин дӕттуй ӕ сугъдӕг хъаурӕ, цӕмӕй зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлгӕй дӕр, ци ихӕстӕ нӕбӕл ӕвӕрд ес, уони ӕнхӕст кӕнӕн. Апостол Павел ӕй лӕдӕрдтӕй, «Киристей хъаурӕбӕл» ӕ зӕрдӕ ке дардта, ӕрмӕстдӕр ин уой фӕрци ке бантӕстӕй зиндзийнӕдти рӕстӕг дӕр Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун (2 Кор. 12:9). Ӕ дуккаг игъосун кӕнуни балций игъосун кӕнунӕй уӕлдай ма Павел косгӕ дӕр кодта, цӕмӕй естӕмӕйти цардайдӕ. Коринфи Акилӕ ӕма Прискиллӕмӕ цардӕй. Етӕ цатуртӕ худтонцӕ ӕма уомӕй цардӕнцӕ. Ӕма Павел дӕр еци кустмӕ хуарз ке арӕхстӕй, уомӕ гӕсгӕ кӕцидӕр бӕнтти сӕ хӕццӕ косидӕ (Гъуд. 18:1–4). Йегови сугъдӕг хъаури фӕрци Павелӕн ӕ бон косун дӕр адтӕй ӕма игъосун кӕнун дӕр.

4. 2 Коринфӕгтӕмӕ 12:7б–9 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Павел цӕхуӕн фӕлварӕнбӕл исӕмбалдӕй?

4 Бакӕсӕ 2 Коринфӕгтӕмӕ 12:7б–9. Павел уотӕ ку загъта, «мӕ бауӕри нахст ӕрцудӕй синдзӕ», зӕгъгӕ, уӕд цума цӕй кой кодта? Адӕймаги бауӕри ести синдзӕ ку ’снӕхсуй, уӕд ресгӕ фӕккӕнуй. Мадта Павели уой зӕгъун фӕндадтӕй, ӕма гъезӕмарӕ кӕмӕй кодта, уӕхӕн фӕлварӕнбӕл исӕмбалдӕй. Еци фӕлварӕн исхудта «Сайтани изӕд» ӕма ’й еци изӕд гъезӕмарӕй мардта. Ка ’й зонуй, Сайтан ӕма ӕ лӕгъуз изӕдтӕ Павелӕн еци гъезӕмӕрттӕ сӕхуӕдтӕ не ’взарун кодтонцӕ, фал ин ӕ бауӕри «синдзӕ» ку ниууидтонцӕ, уӕдта архайун райдӕдтонцӕ, цӕмӕй ин ӕй никки арфдӕр ниццавтайуонцӕ ӕма никки хъӕбӕрдӕр гъезӕмарӕ кодтайдӕ. Цума Павел ӕ уавӕрмӕ цӕхуӕн цӕстӕй ракастӕй?

5. Йеговӕ Павели кувдбӕл дзуапп куд равардта?

5 Павели фӕндадтӕй, цӕмӕй си Йеговӕ еци «синдзӕ» исластайдӕ. Е загъта: «Хуцауӕн ӕртӕ хатти лигъстӕ кодтон, цӕмӕй мӕ еци синдзӕй фӕййервӕзун кӕна». Фал си Павел уӕддӕр не ’суӕгъдӕ ’й. Цума е уобӕл дзорӕг адтӕй, ӕма ин Йеговӕ ӕ кувд нӕ фегъуста? Йеговӕ ма ин ӕ кувдбӕл дзуапп дӕр равардта. Кӕд ин еци «синдзӕ» ӕндӕ нӕ ракодта, уӕддӕр ин фагӕ хъаурӕ лӕвардта, цӕмӕй ӕ бон адтайдӕ ӕ хӕццӕ тох кӕнун. Йеговӕ ин загъта: «Мӕ хъаурӕ ӕхе ӕнхӕстӕй ӕвдесуй дӕ лӕмӕгъдзийнади» (2 Кор. 12:8, 9). Хуцауи ӕнхуси фӕрци Павел цийнӕгӕнгӕй лӕггадӕ кодта ӕма ӕ зӕрди адтӕй фарнӕ (Фил. 4:4–7).

6. а) Йегови бон куд ӕй нӕ кувдтитӕбӕл дзуапп раттун? б) Абзаци стихти ци зӕрдӕвӕрдтӕ ес, етӕ дин дӕ нифс куд федар кӕнунцӕ?

6 Ду ба Павели хузӕн Йеговӕн ескӕд лигъстӕ кодтай, цӕмӕй дӕ цӕхуӕндӕр фӕлварӕнӕй фӕййервӕзун кӕна? Кӕд дӕ гъуддаг нӕ фӕррӕстмӕ ’й кенӕ ба ма фуддӕр дӕр фӕцӕй, уӕд уотӕ нӕ расагъӕс кодтай, ӕвӕдзи ми Йеговӕ арази нӕбал ӕй, зӕгъгӕ? Кӕд гъо, уӕд расагъӕс кӕнӕ апостол Павели хабарбӕл. Йеговӕ ин ӕ кувдтитӕбӕл дзуапп куд равардта, уотӕ дӕу кувдтитӕбӕл дӕр ӕнӕмӕнгӕй дзуапп ратдзӕй! Гӕнӕн ес, ӕма дин Йеговӕ дӕ фӕлварӕн ма рандӕ кӕна, фал дин сугъдӕг хъаурӕ ратдзӕй, цӕмӕй алцидӕр исфӕразай (Пс. 61:3, 4). Ка ’й зонуй, ӕфхуӕрд ӕййафис, фал дӕ Йеговӕ нӕ ниууадздзӕй (2 Кор. 4:8, 9; Фил. 4:13).

ХУЦАУИ СУГЪДӔГ ХЪАУРӔ НИН ӔНХУС КӔНУЙ, ЦӔМӔЙ РАЗМӔ ЦӔУӔН

7, 8. а) Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ дунги хӕццӕ рабарӕн цӕмӕн ес? б) Сугъдӕг хъаурӕ куд архайуй, уой Петур куд балӕдӕрун кодта?

7 Йегови сугъдӕг хъаурӕ ма нин никкидӕр куд ӕнхус кӕнуй? Сугъдӕг хъаурӕ рабарӕн ес дунги хӕццӕ. Дунги фӕрци науӕ размӕ фӕццӕуй, денгиз сабур ку нӕ уа, уӕддӕр. Уотӕ мах дӕр сугъдӕг хъаурӕ размӕ хӕссуй, цӕмӕй зиндзийнӕдти рӕстӕг дӕр нӕ бон уа Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун, цалинмӕ зӕрдӕ кӕмӕй байвардта, еци нӕуӕг дуйне нӕ ралӕудтӕй, уӕдмӕ.

8 Апостол Петур кӕсалгахӕссӕг адтӕй ӕма денгизи арӕх цудӕй. Ӕма, ӕвӕдзи, сугъдӕг хъаурӕ куд архайуй, уой кой кӕнгӕй дӕр, уомӕ гӕсгӕ испайда кодта наути хӕццӕ баст ка адтайдӕ, уӕхӕн дзурдбастӕй. Петур ниффинста: «Пахампар-дзурд адӕймаги фӕндонмӕ гӕсгӕ загъд некӕд адтӕй, фал адӕн дзурдтонцӕ Хуцауи фӕндӕй, ӕ сугъдӕг хъаурӕ син куд амудта, уотӕ». Дзурдӕй «амудта» ци грекъаг дзурд ратӕлмац кодтонцӕ, е комкоммӕ нисан кӕнуй «хаста» (2 Пет. 1:21).

9. Петури дзурдтӕ, сугъдӕг хъаурӕ син куд «амудта», зӕгъгӕ, ка фегъустайдӕ, е цӕбӕл расагъӕс кодтайдӕ?

9 Петури дзурдтӕ, сугъдӕг хъаурӕ син куд «амудта», зӕгъгӕ, ка фегъустайдӕ, е цӕбӕл расагъӕс кодтайдӕ? Лука дӕр Гъуддӕгти киунуги еци грекъаг дзурдӕй испайда кодта (Петур си ци хузи испайда кодта, еци хузи), цӕмӕй балӕдӕрун кодтайдӕ, сӕ науӕ син дунгӕ куд «хаста», уой (Гъуд. 27:15). Еу ахургонд куд загъта, уомӕ гӕсгӕ Петур уотӕ ку загъта, Библи ка финста, етӕ, сугъдӕг хъаурӕ син куд «амудта», уотӕ дзурдтонцӕ, зӕгъгӕ, уӕд испайда кодта, «денгизбӕл цӕуни хӕццӕ баст ка адтӕй, уӕхӕн рӕсугъд рабарстӕй». Ӕндӕр дзурдтӕй, зӕгъӕн ес, ӕма Петур загъта, дунгӕ науӕ размӕ куд фӕххӕссуй, уотӕ сугъдӕг хъаурӕ дӕр Библи ка финста, уонӕн разамунд лӕвардта. Еци ахургонд ма загъта: «Библи ка финста, етӕ зӕгъӕн ес, ӕма сӕ наупӕлӕзтӕ исистонцӕ». Етӕ цӕттӕ адтӕнцӕ сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ архайун. Йеговӕ бакодта ӕхецӕй кӕнгӕ ци адтӕй, уой – равардта син «дунгӕ», гъома ӕ сугъдӕг хъаурӕ. Библи ка финста, етӕ ба сӕхецӕй кӕнгӕ ци адтӕй, уой кодтонцӕ – архайдтонцӕ сугъдӕг хъаури разамундмӕ гӕсгӕ.

ФИЦЦАГ ГЪУДДАГ: ӕдзох Хуцауи гъуддӕгти архайӕ (кӕсӕ 11 абзац)

ДУККАГ ГЪУДДАГ: Хуцауи гъуддӕгти ӕгас хъауритӕй архайӕ (кӕсӕ 11 абзац) *

10, 11. Цӕмӕй нин Йеговӕ ӕ сугъдӕг хъаурӕй ӕнхус кӕна, уой туххӕй нӕ цӕхуӕн дууӕ гъуддаги гъӕуй бакӕнун? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.

10 Йеговӕ адӕни Библий киунугутӕ финсунмӕ ӕ сугъдӕг хъаурӕй ку хайгин кодта, еци рӕстӕгутӕ раги райевгъудӕнцӕ. Фал абони уӕнгӕ дӕр ӕ сугъдӕг хъаури фӕрци ӕ лӕггадгӕнгутӕн разамунд дӕттуй. Абони дӕр Йеговӕ кӕнуй, ӕхецӕй кӕнгӕ ци ӕй, уой. Цума нин Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ кӕд ӕнхус кӕндзӕй? Нӕхецӕй кӕнгӕ ци ӕй, уой ку кӕнӕн, уӕд. Ӕма уотӕ архайӕн ӕви нӕ, уой нӕ бон куд ӕй исбӕрӕг кӕнун?

11 Ӕрхӕссӕн цӕветтон. Цӕмӕй наутӕрӕгӕн дунгӕ ести фӕййагъаз уа, уой туххӕй ӕй дууӕ гъуддаги бакӕнун гъӕуй. Фиццаг: гъӕуама денгизмӕ рацӕуа ӕма, дунгӕ кӕцирдӕмӕ кӕнуй, ецирдӕмӕ ӕ науӕ исараза. Уотӕ ку нӕ бакӕна, уӕд наулӕууӕни лӕугӕ байзайдзӕй. Дуккаг: гъӕуама наупӕлӕзтӕ исеса ӕма сӕ райтиндза, куд уӕрӕхдӕр, уотӕ хуӕздӕр. Науӕ размӕ цӕудзӕй, наупӕлӕзтӕ дунгӕй ку байдзаг уонцӕ, ӕрмӕстдӕр уӕд. Уотӕ махӕн дӕр нӕ бон уодзӕй Йеговӕн идарддӕр дӕр лӕггадӕ кӕнун, ӕ сугъдӕг хъаурӕй нин ку ӕнхус кӕна, ӕрмӕстдӕр уӕд. Уой туххӕй ба нӕ гъӕуй дууӕ гъуддаги бакӕнун. Фиццаг: гъӕуама денгизмӕ рацӕуӕн, дунгӕ кӕми кӕнуй, уордӕмӕ, гъома Йеговӕ ӕ сугъдӕг хъаурӕй разамунд кӕмӕн дӕттуй, еци гъуддӕгти архайӕн. Дуккаг: гъӕуама нӕ наупӕлӕзтӕ, нӕ бон куд ӕй, уотӕ уӕрӕх райтиндзӕн, гъома Хуцауи гъуддӕгти ӕгас хъауритӕй архайӕн (Пс. 119:32). Уотӕ ку кӕнӕн, уӕд нӕ сугъдӕг хъаурӕ размӕ хӕсдзӕй, нӕ нихмӕ ку цӕуонцӕ ӕма фӕлварӕнти ку бахауӕн, уӕддӕр ӕма нӕмӕ хъауритӕ уодзӕй, цӕмӕй Йеговӕн идарддӕр дӕр еузӕрдонӕй лӕггадӕ кӕнӕн, цалинмӕ нӕуӕг дуйне нӕ ралӕууа, уӕдмӕ.

12. Идарддӕр цӕбӕл радзубанди кӕндзиан?

12 Мах радзурдтан, Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ нин цӕхуӕн дууӕ гъуддагеми ӕнхус кӕнуй, уобӕл – хъауритӕ нин дӕттуй ӕма нин ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй фӕлварӕнти Хуцаубӕл еузӕрдонӕй байзайӕн. Йеговӕ ма нӕ ӕ сугъдӕг хъаури фӕрци размӕ кӕнуй, ӕма нин ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй ӕ фӕндон ӕнхӕст кӕнӕн ӕма ӕносон цардӕй исхайгин уӕн. Нур ба радзубанди кӕнӕн, цӕхуӕн цуппар гъуддаги гъӕуама кӕнӕн, цӕмӕй нин Йеговӕ ӕ сугъдӕг хъаурӕй никки хъӕбӕрдӕр ӕнхус кӕна.

ЦӔМӔЙ СУГЪДӔГ ХЪАУРӔЙ ӔНХӔСТӔЙ ХАЙГИН УӔН, УОЙ ТУХХӔЙ НӔ ЦИ КӔНУН ГЪӔУЙ

13. 2 Тимофеймӕ 3:16, 17 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ нин Библи куд ӕнхус кӕндзӕй, удта нӕхе дӕр ци кӕнун гъӕуй?

13 Фиццаг: Хуцауи Дзурд ӕртасетӕ. (Бакӕсӕ 2 Тимофеймӕ 3:16, 17.) Хуцау ӕ сугъдӕг хъаури фӕрци ӕ гъудитӕ ниввардта, Библи ка финста, уони зунди. Библи ку фӕккӕсӕн ӕма ’й ку фертасӕн, уӕд Хуцауи гъудитӕ нӕ зӕрдӕмӕ ӕма нӕ зундмӕ багъарунцӕ. Уой фӕрци нӕ цард Хуцауи фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕййевун райдайӕн (Дзиуит. 4:12). Фал нин цӕмӕй Йеговӕ ӕ сугъдӕг хъаурӕй никки хъӕбӕрдӕр ӕнхус кӕна, уой туххӕй гъӕуама рӕстӕг хецӕн кӕнӕн, цӕмӕй ӕдзох Библи ӕртасӕн ӕма ибӕл арф сагъӕс кӕнӕн. Хуцауи Дзурд нӕмӕ ӕрмӕстдӕр гъе уӕд гъардзӕй ӕма е нӕ дзурдтӕй, удта нӕ гъуддӕгтӕй дӕр бӕрӕг уодзӕй.

14. а) Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма нӕ фембӕлдти сугъдӕг хъаурӕ фӕууй? б) Сугъдӕг хъаурӕ нин нӕ фембӕлдти никки хъӕбӕрдӕр кӕд ӕнхус кӕндзӕй?

14 Дуккаг: Хуцауӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ еумӕ лӕггадӕ кӕнтӕ (Пс. 22:22). Зӕгъӕн ес, ӕма нӕ киристон фембӕлдти «дунгӕ» фӕккӕнуй, гъома си Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ фӕууй (Рарг. 2:29). Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн? Уомӕн ӕма нӕ фембӕлдти хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ Хуцауӕй ӕ сугъдӕг хъаурӕ фӕккорӕн, Хуцауи Дзурдбӕл арӕзт зартӕ фӕззарӕн ӕма фегъосӕн, сугъдӕг хъаури фӕрци нисангонд ка ’рцӕуй, еци ӕнсувӕрти амундтӕмӕ. Сугъдӕг хъаурӕ хуӕртӕн дӕр фенхус кӕнуй, цӕмӕй сӕ ихӕслӕвӕрдтӕ бацӕттӕ кӕнонцӕ ӕма сӕ радзоронцӕ. Фал нин цӕмӕй сугъдӕг хъаурӕ никки хъӕбӕрдӕр ӕнхус кӕна, уой туххӕй гъӕуама ӕмбурдтӕмӕ нӕхе цӕттӕ кӕнӕн ӕма дзуӕппитӕ дӕттӕн. Уотӕ ку архайӕн, уӕд зӕгъӕн уодзӕй, ӕма ӕмбурдмӕ хӕрдмӕ ист наупӕлӕзти хӕццӕ ӕрбацудан.

15. Игъосун кӕнгӕй нин сугъдӕг хъаурӕ куд фенхус кӕнуй?

15 Ӕртиккаг: игъосун кӕнтӕ. Игъосун кӕнгӕй ӕма ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнгӕй Библийӕй ку фӕппайда кӕнӕн, уӕд нин сугъдӕг хъаурӕ фенхус кӕнуй (Ром. 15:18, 19). Фал нин цӕмӕй сугъдӕг хъаурӕ никки хъӕбӕрдӕр ӕнхус кӕна, уой туххӕй гъӕуама ӕдзох игъосун кӕнӕн ӕма, фадуат кӕми уа, уоми Библийӕй пайда кӕнӕн. Цӕмӕй нин игъосун кӕнгӕй адӕни хӕццӕ дзубанди кӕнун уайа, уой туххӕй нӕ бон ӕй пайда кӕнун, «Нӕ цард ӕма лӕггадӕ. Косӕн тъетради» ци дӕнцӕгутӕ ес, уонӕй.

16. Цӕмӕй сугъдӕг хъаурӕй исхайгин уӕн, уой туххӕй нӕ фиццагидӕр ци кӕнун гъӕуй?

16 Цуппӕрӕймаг: Йеговӕмӕ коветӕ (Матф. 7:7–11; Лук. 11:13). Цӕмӕй сугъдӕг хъаурӕй исхайгин уӕн, уой туххӕй нӕ фиццагидӕр гъӕуй Йеговӕмӕ ковун. Йеговӕ нин алкӕддӕр нӕ кувдтитӕ игъосдзӕй ӕма нӕ ӕ сугъдӕг хъаурӕй хайгин кӕндзӕй, ӕма ’й неке ӕма неци бахъор кӕндзӕй – нӕдӕр ахӕстдони фӕрстӕ, нӕдӕр Сайтан (Иак. 1:17). Нӕ бон куд ӕй уотӕ ковун, цӕмӕй нин Йеговӕ ӕ сугъдӕг хъаурӕй никки хъӕбӕрдӕр ӕнхус кӕна? Уой туххӕй ӕркӕсӕн, Лукай Евангелий финст ка ӕрцудӕй, еци фӕсномуг хабармӕ *.

ӔДЗОХ КОВЕТӔ

17. Лукай 11:5–9, 13 финст ка ӕй, еци фӕсномуг хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

17 Бакӕсӕ Лукай 11:5–9, 13. Киристе ци фӕсномуг хабар ракодта, уомӕй бӕрӕг ӕй, Хуцауӕй сугъдӕг хъаурӕ корун куд гъӕуй, е. Еци фӕсномуг хабари нӕлгоймаг ци курдта, уой райста, уомӕн ӕма е ’мбали нӕбал исуӕгъдӕ кодта. Кӕд ӕнафонӕ адтӕй, уӕддӕр нӕ бафсӕрми кодта е ’мбалмӕ ӕрбацӕун ӕма си ӕнхус ракорун (Лук. 11:8) *. Киристе аци фӕсномуг хабар кувди хӕццӕ куд исбаста? Е загъта: «Коретӕ, ӕма уин ратдзӕнцӕ, агоретӕ, ӕма иссердзиайтӕ, хуайетӕ, ӕма уин райгон кӕндзӕнцӕ». Мадта си цӕбӕл ахур кӕнӕн? Цӕмӕй нӕ Хуцау ӕ сугъдӕг хъаурӕй исхайгин кӕна, уой туххӕй имӕ гъӕуама ӕдзох ковӕн.

18. Киристей фӕсномуг хабарӕй куд зиннуй Йеговӕ нин сугъдӕг хъаурӕ ке дӕтдзӕй, уобӕл федарӕй ӕууӕндун ке гъӕуй?

18 Киристей фӕсномуг хабарӕй ма базонӕн ес, Йеговӕ нин ӕ сугъдӕг хъаурӕ ӕнӕмӕнгӕй цӕмӕн ратдзӕй, уой дӕр. Фӕсномуг хабари нӕлгоймаг тухстӕй ӕнафонӕ имӕ ка ӕрбацудӕй, еци иуазӕгбӕл. Лӕдӕрдтӕй ӕй, фингӕ райвӕрун ин ке гъӕуй, фал имӕ неци адтӕй ӕма уомӕ гӕсгӕ ӕ синхонмӕ бацудӕй. Киристе куд загъта, уомӕ гӕсгӕ ӕ синхонмӕ ку нӕ ниллӕудтайдӕ, уӕд ин дзол нӕ равардтайдӕ. Йесо нин еци фӕсномуг хабарӕй ци балӕдӕрун кодта? Кӕд ма ӕнӕнхӕст адӕймаг дӕр, ка ин лигъстӕ кодта, еци синхонӕн банхус кодта, уӕд нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ уӕларвон Фидӕ ба куд нӕ банхус кӕндзӕй, ӕдзох си сугъдӕг хъаурӕ ка коруй, уонӕн! Мадта Йеговӕй ӕ сугъдӕг хъаурӕ ку корай, уӕд ӕппундӕр ма гурусхӕ кӕнӕ, ке дӕ фегъосдзӕй, уобӕл (Пс. 10:17; 66:19).

19. Федар ке фӕллӕудзиан, уобӕл цӕмӕннӕ гъӕуама дузӕрдуг кӕнӕн?

19 Кӕд Сайтан нӕ нихмӕ тох кӕнуй, уӕддӕр гъӕуама ма дузӕрдуг кӕнӕн, федар ке фӕллӕудзиан, уобӕл. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма нин сугъдӕг хъаурӕ дууӕ гъуддагеми ӕнхус кӕнуй. Фиццаг: хъауритӕ нин дӕттуй, цӕмӕй фӕлварӕнти федар лӕууӕн. Дуккаг: ӕнхус нин кӕнуй, цӕмӕй идарддӕр дӕр Йеговӕн лӕггадӕ кӕнӕн, ӕма нин нӕуӕг дуйней ци цард ӕрцӕттӕ кодта, уомӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсӕн. Гъӕйдӕ мадта архайӕн, цӕмӕй нин Йеговӕ ӕ сугъдӕг хъаури фӕрци никки хъӕбӕрдӕр ӕнхус кӕна!

41 ЗАР О Хуцау, фегъосӕ мӕ

^ 5 абз. Аци статья лӕдӕрун кӕнуй, Хуцау нин зиндзийнӕдти рӕстӕг ӕ сугъдӕг хъаурӕй куд ӕнхус кӕнуй, уой. Удта ма си дзурд цӕуй, нӕхе ци кӕнун гъӕуй, цӕмӕй нин Йеговӕ ӕ сугъдӕг хъаурӕ дӕтта.

^ 16 абз. Киристе Хуцаумӕ куд арӕх кувта, е тӕккӕ хуӕздӕр зиннуй Лукай Евангелийӕй (Лук. 3:21; 5:16; 6:12; 9:18, 28, 29; 18:1; 22:41, 44).

^ 17 абз. Кӕсӕ 2018 анзи июли «Уӕлӕнхасӕн ӕрмӕг „Нӕ цард ӕма лӕггади“ косӕн тъетрадмӕ», 9 фарс, дӕлсӕргонд «куы нал ӕмӕ куы нал уадза».

^ 60 абз. ХУЗТӔ. ФИЦЦАГ ГЪУДДАГ: хуӕрӕ ӕма ӕнсувӕр залмӕ ӕрбацудӕнцӕ. Уоми ӕнцӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти астӕу, ӕма си ес Йегови сугъдӕг хъаурӕ. ДУККАГ ГЪУДДАГ: сӕхе бацӕттӕ кодтонцӕ ӕма ӕмбурди дзуапп дӕттунцӕ. Ӕма киристӕнтти бон ӕй аци дууӕ гъуддагемӕ гӕсгӕ архайун, Хуцауи Дзурд ӕртасгӕй, игъосун кӕнгӕй, ӕма Йеговӕмӕ ковгӕй дӕр.