Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

48 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Ци гъуддаг райдӕдтай, уой кӕронмӕ фӕууо

Ци гъуддаг райдӕдтай, уой кӕронмӕ фӕууо

«Гъуддаг... кӕронмӕ дӕр фӕууотӕ» (2 КОР. 8:10, 11).

35 ЗАР «Ӕхсидзгӕдӕр ци ӕй, уой исбӕрӕг кӕнтӕ»

РАЗДЗУРД *

1. Йеговӕ нин цӕхуӕн барӕ дӕттуй?

ЙЕГОВӔ нин барӕ дӕттуй, цӕмӕй нӕхуӕдтӕ ӕвзарӕн, куд цӕрдзиан, уой. Ахур нӕ кӕнуй раст унаффитӕ хӕссун. Ӕма уӕхӕн унаффитӕ ку фӕххӕссӕн, уӕд ни ӕ зӕрдӕ фӕррохс кӕнуй ӕма нин арфӕ кӕнуй (Пс. 119:173). Хуцауи Дзурдӕй ци базонӕн, уомӕ гӕсгӕ ку архайӕн, уӕд раст унаффитӕ хӕсдзиан (Дзиуит. 5:14).

2. Раст унаффӕ ку рахӕссӕн, уӕддӕр нин алкӕд ци нӕ фӕууайуй?

2 Фал хуарз унаффӕ ку рахӕссӕн, уӕддӕр нин алкӕд нӕ рауайуй, ци гъуддаг райдӕдтан, уой кӕронмӕ фӕуун. Ӕркӕсӕн цалдӕр цӕветтонемӕ. Ӕригон ӕнсувӕр исфӕндӕ кодта Библи ӕнӕгъӕнӕй дӕр бакӕсун. Гъема ’й цалдӕр къуӕрей фӕккастӕй, уой фӕсте ба ’й цидӕр бакъулумпи кодта. Хуӕрӕ исфӕндӕ кодта пионерӕй лӕггадӕ кӕнун, фал ацибон-исон кӕнуй. Хестӕр нӕлгоймӕгти совет унаффӕ рахаста, ӕмбурди фулдӕр хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти бӕрӕг кӕнун, фал мӕйтӕ рацудӕй, етӕ ба гъуддагмӕ нӕма равналдтонцӕ. Кӕд аци уавӕртӕ фӕйнӕхузи ’нцӕ, уӕддӕр цӕмӕйдӕр ӕмхузӕн ӕнцӕ. Еци киристӕнттӕй алкедӕр унаффӕ рахаста, фал ӕ унаффӕмӕ гӕсгӕ архайун нӕ райдӕдта. Фиццаг ӕноси Коринфи ка цардӕй, еци киристӕнттӕн дӕр сӕ хабар уотӕ адтӕй. Ӕркӕсӕн, сӕ хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн, уомӕ.

3. Коринфи киристӕнттӕ цӕхуӕн унаффӕ рахастонцӕ, фал ци нӕ бакодтонцӕ?

3 Нӕ эри еу 55 анзи Коринфи киристӕнттӕ ӕхсидзгӕ унаффӕ рахастонцӕ. Етӕ ’й базудтонцӕ, Йерусалими ӕма Иуди ӕнсувӕртӕ хъӕбӕр тухст уавӕри ке адтӕнцӕ ӕма син иннӕ ӕмбурдтӕ ӕхца ке ӕрӕмбурд кодтонцӕ. Коринфӕгтӕ хӕларзӕрдӕ ӕма рӕдау адтӕнцӕ ӕма исфӕндӕ кодтонцӕ се ’нсувӕртӕн банхус кӕнун. Етӕ апостол Павели бафарстонцӕ, сӕ бон син куд ӕй банхус кӕнун, уобӕл. Павел ӕмбурдӕн амундтӕ равардта ӕма Титӕн баихӕс кодта, цӕмӕй син нисайнӕгтӕ ӕрӕмбурд кӕнунмӕ банхус кодтайдӕ (1 Кор. 16:1; 2 Кор. 8:6). Фал цалдӕр мӕйи фӕсте Павел базудта, нисайнӕгтӕ ке не ’рӕмбурд кодтонцӕ, кӕд зӕгъгӕ кодтонцӕ, уӕддӕр. Уой туххӕй сӕ лӕвар афойнадӕбӕл не ’рцӕттӕ адтайдӕ ӕма син ӕй Йерусалиммӕ иннӕ ӕмбурдти нисайнӕгти хӕццӕ рарветун нӕ бантӕстайдӕ (2 Кор. 9:4, 5).

4. 2 Коринфӕгтӕмӕ 8:7, 10, 11 ци финст ес, уомӕ гӕсгӕ Павел коринфӕгти цӕмӕ баразӕнгард кодта?

4 Коринфи киристӕнттӕ хуарз унаффӕ рахастонцӕ ӕма сӕ Павел растудта сӕ федар ӕууӕндундзийнади туххӕй, удта сӕ зӕрдиагӕй банхус кӕнун ке фӕндадтӕй, уой туххӕй. Фал ма син загъта, цӕмӕй, ци гъуддаг райдӕдтонцӕ, уой кӕронмӕ фӕцайуонцӕ. (Бакӕсӕ 2 Коринфӕгтӕмӕ 8:7, 10, 11.) Сӕ хабарӕй бӕрӕг ӕй, еузӕрдон киристӕнттӕн дӕр еуӕй-еухатт ӕнцон ке нӕ фӕууй, ци унаффӕ рахастонцӕ, уомӕ гӕсгӕ архайун.

5. Цӕхуӕн фарстатӕбӕл радзубанди кӕндзиан?

5 Коринфӕгти хузӕн махӕн дӕр, ка ’й зонуй, зин фӕууй, ци унаффӕ рахӕссӕн, уомӕ гӕсгӕ архайун. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма ӕнӕнхӕст ан, ӕма уой туххӕй ацибон-исон фӕккӕнӕн. Кенӕ ба ӕнӕнгъӕлти ести ӕрцӕуй ӕма нӕ е бакъулумпи кӕнуй (Еккл. 9:11; Ром. 7:18). Нӕ бон куд ӕй балӕдӕрун, раздӕр ци унаффӕ рахастан, уой раййевун гъӕуй ӕви нӕ? Удта нин ци банхус кӕндзӕй, ци гъуддаг райдӕдтан, уой кӕронмӕ фӕуун?

УНАФФӔ РАХӔССУНИ РАЗӔЙ ЦИ ФӔГЪГЪӔУЙ БАКӔНУН?

6. Хатгай нӕ нӕ унаффитӕ раййевун цӕмӕн багъӕуй?

6 Еуӕй-еу ӕхсидзгӕ унаффитӕ некӕд феййевӕн. Зӕгъӕн, кӕддӕр унаффӕ рахастан, Йеговӕн ке лӕггадӕ кӕндзиан кенӕ нӕ цардӕмбалбӕл еузӕрдон ке уодзиан (Матф. 16:24; 19:6). Фал ӕндӕр унаффитӕ ба хатгай раййевун дӕр багъӕуй. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма уавӕртӕ ӕййевгӕ кӕнунцӕ. Мадта нин ци банхус кӕндзӕй, раст унаффитӕ хӕссун?

7. Хуцаумӕ цӕй туххӕй гъӕуама ковӕн ӕма цӕмӕн?

7 Хуцауӕй лӕдӕргӕдзийнадӕ корӕ. Йегови фӕндӕй Иаков ниффинста: «Кӕд ескӕмӕ зунд фагӕ нӕййес, уӕд корӕд Хуцауӕй,– уомӕн ӕма е алкӕмӕндӕр дӕттуй рӕдауӕй» (Иак. 1:5). Зӕгъӕн ес, ӕма еуӕй-еухатт не ’гасемӕ дӕр «зунд фагӕ» нӕ фӕууй. Мадта Йеговӕй ӕнхус корӕ унаффӕ ку хӕссай, уӕд дӕр ӕма дӕ дӕ унаффӕ раййевун ку гъӕуа, уӕд дӕр. Ӕма дин уӕд Йеговӕ раст унаффӕ рахӕссунмӕ банхус кӕндзӕй.

8. Унаффӕ рахӕссуни разӕй ци гъӕуама бакӕнӕн?

8 Гуддагмӕ аллирдигӕй дӕр ӕркӕсӕ. Хуцауи Дзурд ӕма нӕ публикацитӕ кӕсӕ, удта дӕ зӕрдӕ кӕбӕл дарис, уонӕй еске хӕццӕ радзорӕ (Ӕмб. 20:18). Е ӕхсидзгӕ фӕууй, зӕгъӕн, дӕ куст кенӕ дӕ цӕрӕнбунат раййевун ку исфӕндӕ кӕнай, уӕд. Кенӕ ба дӕ цӕхуӕндӕр ахур равзарун ку гъӕуа, цӕмӕй дӕ бон уа дӕхе дарун ӕма Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун.

9. Цӕхуӕндӕр унаффӕ цӕмӕн хӕссӕн, уобӕл лӕмбунӕг расагъӕс кӕнун цӕмӕн фӕгъгъӕуй?

9 Цӕхуӕндӕр унаффитӕ цӕмӕн рахастай, уобӕл расагъӕс кӕнӕ. Йеговӕ лӕмбунӕг кӕсуй, ци нӕ разӕнгард кӕнуй, уомӕ (Ӕмб. 16:2). Фӕндуй ӕй, цӕмӕй алли гъуддаги дӕр рӕстӕй архайӕн. Мадта дӕ цӕхуӕндӕр унаффӕ рахӕссунмӕ ци разӕнгард кӕнуй, уобӕл лӕмбунӕг расагъӕс кӕнӕ, цӕмӕй дӕхе рази дӕр ӕма иннети рази дӕр рӕстӕй архайай. Фал кӕмидӕр дӕхебӕл ку гурусхӕ кӕнай, уӕд дин зиндӕр уодзӕй дӕ унаффӕмӕ гӕсгӕ архайун. Зӕгъӕн, ӕригон ӕнсувӕр исфӕндӕ кодта пионерӕй лӕггадӕ кӕнун, фал цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте ба ин ӕ лӕггадӕ цийнӕдзийнадӕ нӕбал хаста. Ка ’й зонуй имӕ фиццаг уотӕ кастӕй, ӕма ’й пионерӕй лӕггадӕ кӕнунмӕ разӕнгард кӕнуй, Йегови зӕрдӕ рохс кӕнун ӕй ке фӕндуй, е. Фал ӕй ӕцӕгӕй ба, ӕвӕдзи, фӕндадтӕй ӕ ниййергути кенӕ ӕндӕр еске зӕрдӕ барохс кӕнун.

10. Цӕмӕй адӕймаг раййева, уой туххӕй ци гъӕуй?

10 Расагъӕс кӕнӕн еу цӕветтонбӕл. Библи ка ахур кӕнуй, е исфӕндӕ кодта ӕ тамаку ниууадзун. Кӕд ин ӕнцон н’ адтӕй, уӕддӕр дууӕ къуӕрей нӕ бадумдта, фал бабӕй удта исдумдта. Фӕстагмӕ ин уӕддӕр бантӕстӕй ӕ тамаку ниууадзун. Ӕма ин еци гъуддаги банхус кодта, Йегови ке уарзуй ӕма ’й ӕ зӕрдӕ рохс кӕнун ке фӕндадтӕй, е (Кол. 1:10; 3:23).

11. Нӕ рази бӕлвурд нисӕнттӕ цӕмӕн гъӕуама ӕвӕрӕн?

11 Дӕ рази бӕлвурд нисӕнттӕ ӕвӕрӕ. Дӕ рази бӕлвурд нисӕнттӕ ку ӕвӕрай, уӕд дӕ къохи ӕнцондӕртӕй бафтуйдзӕнцӕ. Зӕгъӕн, исфӕндӕ кодтай Библи алли бон дӕр кӕсун. Фал дӕхецӕн бӕлвурд график ку не ’скӕнай, уӕд дӕ фӕндӕ дӕ къохи зинтӕй бафтуйдзӕй *. Кенӕ, зӕгъӕн, хестӕр нӕлгоймӕгтӕ унаффӕ рахастонцӕ, ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти арӕхдӕр ке бӕрӕг кӕндзӕнцӕ. Фал рӕстӕг рацудӕй, ӕма еунӕг адӕймаги дӕр нӕма бабӕрӕг кодтонцӕ. Цӕмӕй сӕ нисан сӕ къохи бафтуйа, уой туххӕй сӕ бон адтайдӕ уӕхӕн фарстатӕбӕл расагъӕс кӕнун: «Хестӕр нӕлгоймӕгти ӕнхус хъӕбӕрдӕр ке гъӕуй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти список нӕмӕ ес? Кӕд сӕ бӕрӕг кӕндзиан, уомӕн график искодтан?»

12. Ка ’й зонуй нӕ ци гъӕудзӕй бакӕнун ӕма цӕмӕн?

12 Лӕдӕргӕ уо. Уойбӕрцӕ рӕстӕг ӕма хъауритӕ некӕмӕ ес, цӕмӕй ӕ бон уа, цидӕриддӕр ӕй фӕндуй, уой бакӕнун. Мадта гъӕуама лӕдӕргӕ уӕн. Ци унаффӕ рахастай, уомӕ гӕсгӕ архайун дӕ бон ке не ’суодзӕй, уой ку балӕдӕрай, уӕд дӕ унаффӕ раййевӕ (Еккл. 3:6). Фал, зӕгъӕн, дӕ унаффӕбӕл расагъӕс кодтай, раййевун си ци гъӕуй, уой раййивтай ӕма нур дӕ зӕрди ес, ци гъуддаг райдӕдтай, уой кӕронмӕ фӕуун. Ӕркӕсӕн, цӕхуӕн фондз гъуддаги дин банхус кӕндзӕй, уомӕ.

НӔ УНАФФӔМӔ ГӔСГӔ АРХАЙУН НИН ЦИ БАНХУС КӔНДЗӔЙ?

13. Ци нин банхус кӕндзӕй нӕ унаффӕмӕ гӕсгӕ архайун?

13 Хуцауӕй хъауритӕ корӕ. Хуцауи бон нин ӕй хъауритӕ раттун, цӕмӕй, ци унаффӕ рахастан, уомӕ гӕсгӕ архайӕн (Фил. 2:13). Мадта Йеговӕй ӕ сугъдӕг хъаурӕ ку корай, уӕд дин ратдзӕй, цӕйбӕрцӕ дӕ гъӕуа, уойбӕрцӕ. Уотӕ дӕмӕ ку кӕса, ӕма дин дӕ кувдтитӕн дзуапп нӕ дӕттуй, уӕддӕр имӕ идарддӕр дӕр ковӕ. Йесо загъта: «Коретӕ, ӕма уин [сугъдӕг хъаурӕ] ратдзӕнцӕ» (Лук. 11:9, 13).

14. Ӕмбесӕндти 21:5 ци уагӕвӕрд финст ес, е нин куд ӕнхус кӕндзӕй нӕ унаффитӕмӕ гӕсгӕ архайун?

14 Дӕ унаффӕмӕ гӕсгӕ куд архайдзӕнӕ, уой испълан кӕнӕ. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 21:5.) Цӕмӕй цийфӕнди гъуддаг дӕр кӕронмӕ фӕууай, уой туххӕй гъӕуй, куд ӕй кӕндзӕнӕ, уой испълан кӕнун, удта еци пъланмӕ гӕсгӕ архайун. Уотӕ унаффӕ ку фӕххӕссис, уӕд испълан кӕнисӕ, еци унаффӕмӕ гӕсгӕ куд архайдзӕнӕ, уой. Ести зин куст ку уа, уӕд ӕй цалдӕр дехи ракӕнӕ ӕма ибӕл минкъийгай архайӕ, цӕмӕй ӕй уинай ци дин бантӕстӕй, уой. Павел коринфӕгтӕн уӕхӕн унаффӕ равардта, цӕмӕй «къуӕрейӕн ӕ фиццаг бон», нисайнӕгтӕй ци дӕттуйнаг адтӕнцӕ, уой рахецӕн кодтайуонцӕ. Ӕма сӕмӕ ку ӕрцудайдӕ, уӕд сӕ ӕхца хӕлӕфӕй ӕмбурд кӕнун нӕбал гъудайдӕ (1 Кор. 16:2). Мадта зин куст минкъийгай ку кӕнай, уӕд дӕмӕ уой фӕрци уотӕ нӕбал кӕсдзӕй, ӕма ’й дӕ бон искӕнун не ’суодзӕй.

15. Дӕ унаффӕмӕ гӕсгӕ куд архайдзӕнӕ, уой ку испълан кӕнай, уӕд дӕ бон ци ӕй бакӕнун?

15 Ци испълан кодтай, уой ку ниффинсай, уӕд дин ӕнцондӕр уодзӕй дӕ унаффӕмӕ гӕсгӕ архайун (1 Кор. 14:40). Зӕгъӕн, хестӕр нӕлгоймӕгти советӕн уӕхӕн разамунд ес, еу хестӕр нӕлгоймаги равзаронцӕ ӕма е финса, ци унаффитӕ рахӕссунцӕ, уони ӕгасейдӕр. Уомӕй уӕлдай ма гъӕуама ниффинса, унаффӕ цӕй фӕдбӕл рахастонцӕ, еци гъуддаг ка гъӕуама искӕна ӕма ’й кӕдмӕ гъӕуама искӕна, уой дӕр. Еци разамундмӕ гӕсгӕ ка фӕййархайуй, еци хестӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕнцондӕр фӕууй, ци испълан кодтонцӕ, уой искӕнун (1 Кор. 9:26). Дӕу бон дӕр ӕй дӕхе гъуддӕгтӕ пълан кӕнгӕй уотӕ архайун. Зӕгъӕн, дӕ бон ӕй алли бон дӕр список кӕнун, бони дӕргъи дӕ ци гъуддӕгтӕ кӕнун гъӕуй искӕнун, уомӕн. Списокки райдайӕни ниффинсӕ, фиццагидӕр дӕ ци бакӕнун гъӕуй, уой. Уой фӕрци ци гъуддаг райдӕдтай, уой кӕронмӕ фӕууодзӕнӕ. Ӕма ма дин минкъийдӕр рӕстӕгмӕ фулдӕр гъуддӕгтӕ бакӕнун дӕр бантӕсдзӕй.

16. Цӕмӕй, ци гъуддаг райдӕдтай, уой кӕронмӕ фӕууай, уой туххӕй ци гъӕуй ӕма е Ромӕгтӕмӕ 12:11 финст дзурдтӕй куд зиннуй?

16 Ӕгас хъауритӕй архайӕ. Цӕмӕй ци испълан кодтай ӕма ци гъуддаг райдӕдтай, уой кӕронмӕ фӕууай, уой туххӕй архайун гъӕуй. (Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 12:11.) Павели фӕндадтӕй, цӕмӕй Тимофей хуӕздӕр ахургӕнӕг иссайдӕ. Ӕма имӕ ниффинста, цӕмӕй уобӕл «ӕгас хъауритӕй» архайдтайдӕ ӕма еци гъуддаги «алкӕддӕр» федар лӕудтайдӕ (1 Тим. 4:13, 16).

17. Ци испълан кодтан, уой бакӕнунмӕ нин Ефесӕгтӕмӕ 5:15, 16 финст дзурдтӕ куд банхус кӕндзӕнцӕ?

17 Дӕ рӕстӕг лӕдӕргӕй харз кӕнӕ. (Бакӕсӕ Ефесӕгтӕмӕ 5:15, 16.) Испълан кӕнӕ, дӕ унаффӕмӕ гӕсгӕ архайун кӕд райдайдзӕнӕ, уой ӕма дӕ рӕстӕг мабал раййевӕ. Ци исфӕндӕ кодтай, уой бакӕнунмӕ дин хуӕздӕр рӕстӕг кӕд фӕззиндзӕй, уомӕ ма ӕнгъӕлмӕ кӕсӕ. Ка ’й зонуй дин уӕхӕн рӕстӕг уогӕ дӕр некӕд фӕззиндзӕй (Еккл. 11:4). Дӕ рӕстӕг ӕма дӕ хъауритӕ, ӕхсидзгӕ ка нӕй, уӕхӕн гъуддӕгтӕбӕл ма харз кӕнӕ (Фил. 1:10). Уӕхӕн рӕстӕг равзарӕ, цӕмӕй дӕ иннетӕ ма хъор кӕнонцӕ. Дӕ бон син ӕй зӕгъун, цӕбӕлдӕр расагъӕс кӕнунмӕ дӕ рӕстӕг ке гъӕуй. Гӕнӕн ку уа, уӕд дӕ телефон дӕр ниххуссун кӕнӕ, дӕ электронон почтӕмӕ ӕма социалон сетьтӕмӕ ба фӕстӕдӕр ӕркӕсӕ *.

18, 19. Зин ку уа, уӕддӕр нин ци банхус кӕндзӕй нӕ унаффӕмӕ гӕсгӕ архайун?

18 Ци дин бантӕсдзӕй, уобӕл сагъӕс кӕнӕ. Ци унаффӕ рахастай, уой фӕрци дин ци бантӕсдзӕй, уой рабарӕн ес балций кӕрони хӕццӕ. Цӕмӕй цӕхуӕндӕр бунатмӕ бахъӕртай, уой туххӕй дӕ размӕ цӕун гъӕуй, ци надбӕл цӕуис, е ӕхгӕд ку разинна ӕма дӕ ӕндӕр надбӕл цӕун ку багъӕуа, уӕддӕр. Гъе уотӕ, дӕ унаффӕ ци пайда ӕрхӕсдзӕй, уобӕл ку сагъӕс кӕнай, уӕд дӕ нифс сӕттун нӕ бауадздзӕнӕ, зиндзийнӕдтӕбӕл ӕма къахкъуӕрӕнтӕбӕл ку исӕмбӕлай, уӕддӕр (Гал. 6:9).

19 Раст унаффӕ рахӕссун ӕнцон нӕ фӕууй, удта еци унаффӕмӕ гӕсгӕ архайун дӕр. Фал нин Йеговӕ зунд ӕма хъауритӕ ратдзӕй, цӕмӕй нӕ гъуддаг кӕронмӕ дӕр фӕууӕн.

65 ЗАР Размӕ цо!

^ 5 абз. Дӕ унаффитӕй ескӕцибӕл фӕсмон кӕнис? Кенӕ ба дин зин нӕ фӕууй раст унаффӕ рахӕссун ӕма еци унаффӕмӕ гӕсгӕ архайун? Еци гъуддаги дин банхус кӕндзӕй аци статья.

^ 11 абз. Библи кӕд кӕсдзӕнӕ, уой испълан кӕнунмӕ испайда кӕнӕ «Библи кӕсуни график»-ӕй, иссерӕн ӕй ес сайти jw.org®.

^ 17 абз. Рӕстӕгӕй хуӕздӕр испайда кӕнун дӕ бон куд ӕй, уой фӕдбӕл фулдӕр унаффитӕ иссерӕн ес 2010 анзи апрели «Пробудитесь!»-и, статья «20 способов высвободить время».