Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

41 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Устур бӕллӕхи» рӕстӕг еузӕрдонӕй байзайетӕ

«Устур бӕллӕхи» рӕстӕг еузӕрдонӕй байзайетӕ

«Уарзетӕ Йегови, еузӕрдон ибӕл ка ӕй, етӕ уе ’гас дӕр. Йеговӕ гъӕуай кӕнуй, еузӕрдон ибӕл ка ӕй, уони» (ПС. 31:23).

129 ЗАР Федар лӕудзиан

РАЗДЗУРД *

1, 2. а) Хецауӕдтӕ тагъд рӕстӕги цӕхуӕн хабар фегъосун кӕндзӕнцӕ? б) Цӕхуӕн фарстатӕбӕл гъӕуй дзуапп базонун?

ДӔ ЦӔСТИТӔБӔЛ рауайун кӕнӕ: кӕдӕй-уӕдӕй дуйней хецауӕдтӕ фегъосун кодтонцӕ «сабурдзийнадӕ ӕма ӕдасдзийнади» хабар. Ӕвӕдзи, сӕхецӕй хъӕбӕр боз ӕнцӕ, нурмӕти зӕнхӕбӕл ка некӕдма адтӕй, уӕхӕн ӕдасдзийнадӕ искӕнун син ке бантӕстӕй. Ӕма нин дзорунцӕ, дуйней уавӕртӕ ке фӕххуӕздӕр кодтонцӕ. Фал идарддӕр ци хабӕрттӕ гъӕуама ӕрцӕуа, уонӕбӕл сӕ барӕ нӕ цӕудзӕй. Цума цӕмӕн? Уомӕн ӕма Библий пахампарадӕмӕ гӕсгӕ «ӕнӕнгъӕлти ӕрцӕудзӕй сӕ исӕфт... ӕма неци хузи райервӕздзӕнцӕ» (1 Фес. 5:3).

2 Нур ба бал нӕ гъӕуй базонун дзуапп аци ӕхсидзгӕ фарстатӕбӕл: «устур бӕллӕхи» рӕстӕг цӕхуӕн хабӕрттӕ цӕудзӕй? Еци рӕстӕги нӕмӕ Йеговӕ цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсдзӕй? Ӕма нӕ бон куд ӕй нӕхе абони бацӕттӕ кӕнун, цӕмӕй устур бӕллӕхи рӕстӕг еузӕрдонӕй байзайӕн? (Матф. 24:21).

«УСТУР БӔЛЛӔХИ» РӔСТӔГ ЦӔХУӔН ХАБӔРТТӔ ЦӔУДЗӔЙ?

3. Раргомади 17:5, 15–18 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Хуцау «Устур Вавилон» куд фесафдзӕй?

3 Бакӕсӕ Раргомадӕ 17:5, 15–18. «Устур Вавилон» исӕфт ӕрцӕудзӕй! Уӕлдӕр куд загътан, уотемӕй дуйней хецауӕдтӕн еци хабӕрттӕбӕл сӕ барӕ нӕ цӕудзӕй. Цӕмӕннӕ? Уомӕн ӕма син «Хуцау сӕ зӕрдити байвардта ӕ фӕндӕ исӕнхӕст кӕнун». Цӕхуӕн фӕндӕ? Дуйней мӕнгӕ динтӕ ниппурхӕ кӕнун, сӕ хӕццӕ ба ма киристон дин * дӕр. Хуцау еци гъуди ниввӕрдзӕй «сурх-сурхид сирдӕн» ӕ «дӕс сикъай» зӕрдити. Дӕс сикъай амонунцӕ «сурх-сурхид сирди», гъома Еугонд Нацити Организаций къох ка аразуй, еци хецауӕдтӕмӕ еугуремӕ дӕр (Рарг. 17:3, 11–13; 18:8). Сӕхе мӕнгӕ динтӕбӕл ку ниццӕвонцӕ, уӕд е уодзӕй, устур бӕллӕх ке райдӕдта, уой бӕрӕггӕнӕн. Еци ӕверхъау хабар зӕнхӕбӕл алли адӕймагбӕл дӕр бандавдзӕй.

4. а) Хецауӕдтӕ мӕнгӕ динтӕбӕл сӕхе цӕй рӕуонӕй ниццӕвдзӕнцӕ? б) Еци динтӕбӕл хуӕст ка адтӕй, еци адӕн сӕхе куд дардзӕнцӕ?

4 Мах ӕй нӕ зонӕн, дуйней хецауӕдтӕ сӕхе Устур Вавилонбӕл цӕмӕн ниццӕвдзӕнцӕ, уой. Гӕнӕн ес, ӕма сӕ баразӕнгард кӕна, зӕнхӕбӕл сабурдзийнадӕ искӕнунмӕ динтӕ хъори хуасӕ ке ’нцӕ, удта сӕхе политики гъуддӕгти ке фӕццӕвунцӕ, е. Кенӕ ба син рӕуонӕ исуодзӕй, динтӕ ӕгӕр берӕ гъӕздугдзийнӕдтӕ ке ӕрӕмбурд кодтонцӕ, е (Рарг. 18:3, 7). Мӕнгӕ динтӕ исӕфт ке ӕрцӕудзӕнцӕ, е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма еци динтӕбӕл хуӕст адӕн еугурӕйдӕр исӕфт ӕрцӕудзӕнцӕ. Исӕфт ӕрцӕудзӕнцӕ динтӕ сӕхуӕдтӕ. Еци динтӕ ку нӕбал уонцӕ, уӕд ӕй адӕн балӕдӕрдзӕнцӕ, сӕ дини разамонгутӕ сӕ сайгӕ ке кодтонцӕ, уой ӕма сӕхе уотӕ дардзӕнцӕ, цума сӕмӕ уони хӕццӕ еумӕйагӕй некӕд неци адтӕй.

5. Йеговӕ зӕрдӕ цӕмӕй байвардта ӕма цӕмӕн?

5 Устур Вавилон цӕйбӕрцӕ рӕстӕгмӕ исӕфт ӕрцӕудзӕй, уой туххӕй Библий бӕлвурдӕй неци финст ес, фал еци рӕстӕг ке нӕ ниддаргъ уодзӕй, уой ба зонӕн (Рарг. 18:10, 21). Йеговӕ зӕрдӕ байвардта, «ӕвзурстити», удта раст дини туххӕй еци бӕнттӕ ке фӕццубурдӕр кӕндзӕй (Мар. 13:19, 20). Фал устур бӕллӕхи райдайӕнӕй Армагеддони уӕнгӕ ци рӕстӕг уа, еци рӕстӕг нӕмӕ Йеговӕ цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсдзӕй?

РАСТ ДИНИ ФАРС ФЕДАРӔЙ ЛӔУУЕТӔ

6. Мӕнгӕ динтӕй нӕхе уотид еуварс дарун фагӕ цӕмӕннӕ ӕй?

6 Айразиккон статьяй куд базудтан, уотемӕй Йегови фӕндуй, цӕмӕй ӕ лӕггадгӕнгутӕн Устур Вавилони хӕццӕ еумӕйагӕй маци уа. Фал нӕхе мӕнгӕ динӕй райеуварс кӕнун фагӕ нӕй. Гъӕуама раст дини, гъома Йегови фарс федарӕй лӕууӕн. Ӕркӕсӕн е нин цӕй фӕрци бантӕсдзӕй, дууӕ уӕхӕн гъуддагемӕ.

Не ’мбурдтӕ макӕд цох кӕнӕн, сауӕнгӕ зиндзийнӕдти рӕстӕги дӕр (кӕсӕ 7 абзац) *

7. а) Нӕ бон куд ӕй Йегови раст уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрун? б) Дзиуиттӕгтӕмӕ 10:24, 25 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ нин еумӕ ӕмбурд кӕнун абони уӕлдай ӕхсидзгӕдӕр цӕмӕн ӕй?

7 Фиццагидӕр бал гъӕуама Йегови раст уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрӕн. Гъӕуама нӕхе гъӕуай кӕнӕн аци дуйней зунд ӕма ӕнӕгъдаудзийнадӕй. Зӕгъӕн, мах хӕтундзийнадӕмӕ ӕма ӕндӕр уӕхӕн ӕнӕгъдау гъуддӕгтӕмӕ хуарз цӕстӕй некӕд кӕсдзиан. Уомӕ хауй, дууӕ нӕлгоймаги кенӕ дууӕ силгоймаги сӕ цард ку байеу кӕнунцӕ, е дӕр (Матф. 19:4, 5; Ром. 1:26, 27). Дуккаги ба гъӕуама идарддӕр дӕр хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ еумӕ Йеговӕн лӕггадӕ кӕнӕн. Не ’мбурдтӕ фӕуунцӕ Зали, фадуат ку нӕ фӕууй, уӕдта Ӕвдесӕнтӕй еске хӕдзари кенӕ ба нӕ кӕми нӕ базондзӕнцӕ, уӕхӕн бунати. Цийфӕнди ма ’рцӕуа, уӕддӕр мах идарддӕр дӕр еумӕ ӕмбурд кӕндзиан. Ӕма «еци бон куд хӕстӕгдӕр кӕнуй, уой куд хуӕздӕр уинӕн», уотӕ нин еумӕ ӕмбурд кӕнун никки ӕхсидзгӕдӕр ӕй. (Бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 10:24, 25.)

8. Федӕни ци хабар игъосун кӕндзиан, уой туххӕй ци ес зӕгъӕн?

8 Устур бӕллӕх ку райдайа, уӕд ӕвӕдзи, бустӕги ӕндӕр хабар игъосун кӕндзиан. Нур бал игъосун кӕнӕн хуарз хабар Хуцауи Паддзахади туххӕй, удта нӕуӕг ахуркӕнуйнӕгтӕ агорӕн. Фал устур бӕллӕхи рӕстӕг ба, ӕвӕдзи, ӕндӕр хабар игъосун кӕндзиан. Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ еци хабар адӕнӕн уодзӕй, хъӕбӕр устур ех сӕбӕл цума ниууардта, уой хузӕн (Рарг. 16:21). Ка ’й зонуй, игъосун кӕндзиан, Сайтани дуйнейӕн ӕ кӕрон ке ’рцудӕй, уой туххӕй. Ӕ рӕстӕги ’й хуӕздӕр базондзиан, е цӕхуӕн хабар уодзӕй ӕма ’й куд игъосун кӕндзиан, уой. Цума сӕдӕ анземӕй фулдӕр кӕмӕй пайда кӕнӕн, еци мадзӕлттӕй пайда кӕндзиан ӕви ӕндӕртӕй? Ку бангъӕлмӕ кӕсӕн, уӕд ӕй базондзиан. Фал нифсгунӕй Йегови тӕрхони хабар ке игъосун кӕндзиан, е ба бӕрӕг ӕй! (Йез. 2:3–5).

9. Ци хабар хӕсдзиан, уомӕ хецауӕдтӕ цӕхуӕн цӕстӕй ракӕсдзӕнцӕ, фал мах федарӕй цӕбӕл ӕууӕндӕн?

9 Уӕхӕн хабар ке игъосун кӕндзиан, уой туххӕй, ӕвӕдзи, хецауӕдтӕ мӕстӕй тондзӕнцӕ ӕма байархайдзӕнцӕ, цӕмӕй нин нӕ игъосун кӕнуни гъуддаг ӕрлӕуун кӕнонцӕ. Ӕма нӕ уӕд гъӕудзӕй Йегови ӕнхусбӕл нӕ зӕрдӕ дарун, абони ибӕл нӕ лӕггади нӕ зӕрдӕ куд дарӕн, уотӕ. Нӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун, Йеговӕ нин ӕ фӕндон исӕнхӕст кӕнунмӕ хъаурӕ ке ратдзӕй (Мих. 3:8).

ХУЦАУИ АДӔНИ НИХМӔ КЕ РАЦӔУДЗӔНЦӔ, УОМӔ ЦӔТТӔ УОТӔ

10. Лукай 21:25–28 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ, устур бӕллӕхи рӕстӕг ци хабӕрттӕ цӕудзӕй, уой уингӕй адӕн куд уодзӕнцӕ?

10 Бакӕсӕ Лукай 21:25–28. Устур бӕллӕхи рӕстӕг ци хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕй, уонӕй адӕн арви цӕфау фӕууодзӕнцӕ. Сӕхе цӕститӕй ӕй фӕууиндзӕнцӕ, сӕ нифс цӕбӕл дардтонцӕ, етӕ еугурӕйдӕр – политикӕ, коммерци ӕма аци дуйней ӕндӕр хӕйттӕ – куд банкъусдзӕнцӕ ӕма си куд нецибал байзайдзӕй, уой. Еци рӕстӕг адӕн уодхарӕ кӕндзӕнцӕ ӕма сӕ цардӕн тӕрсдзӕнцӕ, уомӕн ӕма е уодзӕй адӕни историй тӕккӕ уӕззаудӕр рӕстӕг (Соф. 1:14, 15). Йегови лӕггадгӕнгутӕн дӕр еци рӕстӕг ӕнцон нӕ уодзӕй. Аци дуйнейӕй алкӕддӕр нӕхе еуварс ке дарӕн, уомӕ гӕсгӕ, гӕнӕн ес, ӕма аллихузи зиндзийнӕдтӕбӕл исӕмбӕлӕн. Ка ’й зонуй нин, цардӕн ӕнӕмӕнгӕй ка гъӕуй, уӕхӕн цидӕртӕ дӕр нӕ уодзӕй.

11. а) Хецауӕдтӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕбӕл сӕхе цӕмӕн ниццӕвдзӕнцӕ? б) Устур бӕллӕхӕй тӕрсун цӕмӕннӕ гъӕуй?

11 Мӕнгӕ динбӕл хуӕст ка адтӕй, еци адӕн ку фӕууинонцӕ, зӕнхӕбӕл ӕрмӕстдӕр Йегови Ӕвдесӕнти дин ке байзадӕй, уой, уӕд мӕстӕй тондзӕнцӕ. Уой туххӕй, ӕвӕдзи, змӕнтун райдайдзӕнцӕ ӕма нин нӕ кой кӕндзӕнцӕ интернети, телевизори ӕма радиой. Хецауӕдтӕ ӕма сӕ сӕргълӕууӕг Сайтан, махӕй се ’сӕфт фӕууиндзӕнцӕ, уомӕн ӕма зӕнхӕбӕл ӕрмӕстдӕр мах дин байзайдзӕй. Хецауӕдтӕ ’й балӕдӕрдзӕнцӕ, ӕгас динтӕ ке нӕ фесафтонцӕ ӕма сӕ нисан сӕ къохи ке нӕ бафтудӕй, уой. Уомӕ гӕсгӕ се ’ргом ӕгасӕйдӕр махмӕ ’здӕхт уодзӕй. Еци рӕстӕг ӕгас хецауӕдтӕ дӕр исуодзӕнцӕ Магоги зӕнхӕй ка ӕй, еци Гог *. Етӕ сӕ хъауритӕ байеу кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй сӕхе Йегови адӕнбӕл ниццӕвонцӕ (Йез. 38:2, 14–16). Еци рӕстӕгбӕл сагъӕс кӕнгӕй, ӕвӕдзи тухсун райдайӕн, уомӕн ӕма еугур хабӕрттӕ нӕ зонӕн. Фал еу гъуддаг ба бӕлвурдӕй зонӕн: устур бӕллӕхӕй тӕрсун нӕ гъӕуй. Йеговӕ нин дӕтдзӕй, ке фӕрци фӕййервӕздзиан, уӕхӕн амундтӕ (Пс. 34:19). Ӕма уӕд нӕ бон уодзӕй нӕхе исӕррӕстӕ кӕнун ӕма нӕ сӕртӕбӕл исхуӕцун, уомӕн ӕма ӕй зондзиан нӕ ервӕзундзийнадӕ ке ӕрхӕстӕг ӕй *.

12. «Ӕууӕнкгун ӕма зундгин цагъар» нӕ федӕни хабӕрттӕмӕ рагацау куд цӕттӕ кӕнуй?

12 «Ӕууӕнкгун ӕма зундгин цагъар» нӕ рагацау цӕттӕ кӕнуй, цӕмӕй устур бӕллӕхи рӕстӕг еузӕрдонӕй байзайӕн (Матф. 24:45). Уой туххӕй нин берӕ цидӕртӕ дӕттуй. Нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн 2016–2018 ӕнзти регионалон конгрессти программӕ. Еци конгрессти базудтан, Йегови бон хӕстӕг ке ӕй, уомӕ гӕсгӕ нӕ нӕ уодигъӕди цӕхуӕндӕр менеугутӕ идарддӕр дӕр федар кӕнун ке гъӕуй. Гъӕйдӕ мадта еци менеугутӕбӕл цубуртӕй радзубанди кӕнӕн.

ИДАРДДӔР ДӔР АРХАЙЕТӔ, ЦӔМӔЙ УАЙТӔ ЕУЗӔРДОН ФЕДАР ӔМА НИФСХАСТ

Цӕмӕй «устур бӕллӕхи» сӕрти бахезӕн, уой туххӕй гъӕуама нур цӕттӕ кӕнӕн нӕхе (кӕсӕ 13–16 абзацтӕ) *

13. Цӕмӕй Йеговӕбӕл никки еузӕрдондӕр уӕн, уой туххӕй нӕ ци кӕнун гъӕуй, ӕма уобӕл абони архайун цӕмӕн гъӕуй?

13 Еузӕрдондзийнадӕ. 2016 анзи регионалон конгресс хундтӕй «Йеговӕбӕл алкӕддӕр еузӕрдон уотӕ!». Еци конгресси дзурд цудӕй, Йеговӕмӕ хӕстӕг ке гъӕуама уӕн, цӕмӕй ибӕл еузӕрдонӕй байзайӕн. Ӕма имӕ цӕмӕй хӕстӕг кӕнӕн, уой туххӕй ба гъӕуй зӕрдибунӕй ковун ӕма ин ӕ Дзурд лӕмбунӕг ӕртасун. Уой фӕрци нӕмӕ фӕззиннуй хъауритӕ, цӕмӕй зиндзийнӕдти рӕстӕг федар фӕллӕууӕн. Сайтани дуйнейӕн ӕ кӕрон хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр ке кӕнуй, уомӕ гӕсгӕ никки фулдӕр фӕлварӕнтӕбӕл ӕмбӕлдзиан ӕма нин никки зиндӕр уодзӕй Хуцаубӕл ӕма ӕ Паддзахадӕбӕл еузӕрдонӕй байзайун. Иннетӕ нӕбӕл, ӕвӕдзи куд худтӕнцӕ, уотӕ идарддӕр дӕр ходдзӕнцӕ (2 Пет. 3:3, 4). Нӕ уавӕр, ка ’й зонуй фуддӕр кӕндзӕй, уомӕн ӕма аци дуйней гъуддӕгтӕй нӕхе еуварс дарӕн. Ӕма цӕмӕй устур бӕллӕхи рӕстӕг Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзайӕн, уой туххӕй еци менеуӕгбӕл абони архайун гъӕуй.

14. а) Хуцауи адӕнӕн разамунд ка дӕттуй, еци ӕнсувӕртӕн сӕ уавӕртӕ куд раййевдзӕнцӕ? б) Еци рӕстӕг Йеговӕбӕл еузӕрдон ун ӕхсидзгӕ цӕмӕн уодзӕй?

14 Устур бӕллӕхи рӕстӕг Хуцауи адӕнӕн разамунд ка дӕттуй, еци ӕнсувӕртӕн сӕ уавӕртӕ раййевдзӕнцӕ. Исӕрст киристӕнттӕй ма зӕнхӕбӕл ка байзайа, етӕ уӕлӕрвтӕмӕ ист ӕрцӕудзӕнцӕ, уомӕн ӕма етӕ дӕр Армагеддони тугъди тохдзӕнцӕ (Матф. 24:31; Рарг. 2:26, 27). Е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма Разамонӕг совет нӕ хӕццӕ зӕнхӕбӕл нӕбал уодзӕй. Фал, зӕнхӕбӕл цӕруни нифс кӕмӕн ес, еци киристӕнтти астӕу дӕр уодзӕй фӕлтӕрдгун ӕнсувӕртӕ, ӕма нин разамунд етӕ дӕтдзӕнцӕ. Гъе уӕд нӕ гъӕудзӕй, еци ӕнсувӕртӕн ӕнхус кӕнун ӕма нин Йеговӕ уони фӕрци ци амундтӕ дӕтдзӕй, уонӕмӕ гӕсгӕ архайун. Уотемӕй бавдесдзиан, Йеговӕбӕл еузӕрдон ке ан, уой, удта нӕ цард дӕр уомӕй кӕнгӕ уодзӕй!

15. Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй никки федардӕр уӕн ӕма е абони уӕлдай ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?

15 Федардзийнадӕ. 2017 анзи регионалон конгресс хундтӕй «Федар лӕууетӕ!». Еци конгресси базудтан, фӕлварӕнти федар фӕллӕуунмӕ нӕ ци гъӕуй, уой. Федар разиндзиан ӕви нӕ, е нӕ уавӕртӕй кӕнгӕ нӕй. Цӕмӕй федар уӕн, уой туххӕй гъӕуама нӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дарӕн (Ром. 12:12). Макӕд иронх кӕнтӕ, Йесо зӕрдӕ цӕмӕй байвардта, уой: «Кӕронмӕ федар ка фӕллӕууа, е фӕййервӕздзӕй» (Матф. 24:13). Ӕ дзурдтӕй бӕрӕг ӕй, цийфӕнди зин уавӕрти дӕр Йеговӕбӕл еузӕрдон ке гъӕуама уӕн. Нур кӕбӕл ӕмбӕлӕн, еци фӕлварӕнти федар ку лӕууӕн, уӕд не ’ууӕндундзийнадӕ федардӕр кӕндзӕй ӕма устур бӕллӕхмӕ хуӕздӕр цӕттӕ уодзиан.

16. Нӕ нифсхастдзийнадӕ цӕмӕй кӕнгӕ ’й ӕма нур нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй никки нифсхастдӕр уӕн?

16 Нифсхастдзийнадӕ. 2018 анзи регионалон конгресс хундтӕй «Нифсхаст уотӕ!». Еци конгресси базудтан, нӕ нифсхастдзийнадӕ нӕ искурдиӕдтӕй кӕнгӕ ке нӕй. Ӕцӕг нифсхастдзийнадӕ дӕр кӕнгӕ ’й, нӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дарӕн ӕви нӕ, уомӕй. Цӕмӕй нӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл никки хъӕбӕрдӕр дарун исахур уӕн, уой туххӕй нӕ ци кӕнун гъӕуй? Гъӕуй нӕ ӕ Дзурд алли бон дӕр кӕсун ӕма, рагидзаманти ӕ адӕни куд ервӕзун кодта, уобӕл сагъӕс кӕнун (Пс. 68:20; 2 Пет. 2:9). Устур бӕллӕхи рӕстӕг хецауӕдтӕ нӕ нихмӕ ку рацӕуонцӕ, уӕд нӕ гъӕудзӕй никки фулдӕр нифсхастдзийнадӕ бавдесун ӕма нӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл никки хъӕбӕрдӕр дарун (Пс. 112:7, 8; Дзиуит. 13:6). Нур нӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дарун ку зонӕн, уӕд нӕмӕ федӕни дӕр, Гог нӕ нихмӕ ку рацӕуа, уӕд фагӕ нифсхастдзийнадӕ разиндзӕй *.

УӔ ЕРВӔЗУНДЗИЙНАДӔМӔ ЗӔРДИАГӔЙ ӔНГЪӔЛМӔ КӔСЕТӔ

Йесо ӕма ӕ уӕларвон ӕфсад тагъд рӕстӕги рацӕудзӕнцӕ тугъд Армагедонмӕ ӕма Хуцауи знӕгти ниццӕгъддзӕнцӕ! (кӕсӕ 17 абзац)

17. Армагеддони тугъдӕй тӕрсун цӕмӕннӕ гъӕуй? (Кӕсӕ хузӕмӕ ӕндаг цъарӕбӕл.)

17 Айразиккон статьяй куд загътан, уотемӕй нӕ фулдӕремӕн се ’гас цард дӕр хауй фӕстаг бӕнттӕмӕ. Фал ма нин ес нифс, устур бӕллӕхи сӕрти ке бахездзиан ӕма уодӕгасӕй ке байзайдзиан. Аци цардӕвӕрдӕн ӕ кӕрон ӕрцӕудзӕй Армагеддони тугъди. Ӕма нӕ тӕрсун нӕ гъӕуй, уомӕн ӕма е уодзӕй Йегови тугъд (Ӕмб. 1:33; Йез. 38:18–20; Зах. 14:3). Йеговӕ бардзурд ку ратта, уӕд Йесо Киристе ӕ уӕларвон ӕфсӕдтӕ тугъдмӕ ракӕндзӕй. Ӕ хӕццӕ уодзӕнцӕ, ка райгас уа, еци исӕрститӕ ӕма дуйне изӕдтӕ. Етӕ еумӕ истохдзӕнцӕ Сайтани, ӕ лӕгъуз изӕдти ӕма сӕ зӕнхон ӕфсӕдти хӕццӕ (Дан. 12:1; Рарг. 6:2; 17:14).

18. а) Йеговӕ нин федарӕй ци зӕгъуй? б) Раргомади 7:9, 13–17 финст дзурдтӕ дин цӕхуӕн нифс дӕттунцӕ?

18 Йеговӕ нин федарӕй зӕгъуй: «Дӕ нихмӕ ци тохӕндзауматӕ конд ӕрцӕуа, уонӕй еу дӕр нӕ фӕррӕстмӕ уодзӕй» (Ис. 54:17). «Хъӕбӕр берӕ адӕн» устур бӕллӕхи фӕййервӕздзӕнцӕ. Етӕ ӕнцӕ, Йеговӕбӕл еузӕрдон ка ӕй, еци адӕн, ӕма ин идарддӕр дӕр лӕггадӕ кӕндзӕнцӕ. (Бакӕсӕ Раргомадӕ 7:9, 13–17.) Библи нин федӕнӕй федар нифс дӕттуй. Мах ӕй зонӕн, «Йеговӕ [ке] гъӕуай кӕнуй, еузӕрдон ибӕл ка ӕй, уони» (Пс. 31:23). Йеговӕ ӕ ном ку искӕдзос кӕна, уӕд ӕй ка уарзуй ӕма ин кадӕ ка кӕнуй, етӕ хъӕбӕр цийнӕ кӕндзӕнцӕ (Йез. 38:23).

19. Федӕни нӕмӕ цӕхуӕн дессаги цард ӕнгъӕлмӕ кӕсуй?

19 2 Тимофеймӕ 3:2–5 стихти, нӕуӕг дуйней ка цӕрдзӕй ӕма Сайтани барӕ кӕбӕл нӕбал цӕудзӕй, уӕхӕн адӕни туххӕй финст ку адтайдӕ, уӕд си цума цӕхуӕн дзурдтӕ адтайдӕ? (Кӕсӕ рамкӕ « Адӕн цӕхуӕн исуодзӕнцӕ».) Разамонӕг совети ка лӕггадӕ кодта, еу уӕхӕн ӕнсувӕр, Джордж Гангас *, еци рӕстӕги туххӕй загъта: «Еугурӕйдӕр хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ку уонцӕ, уӕд е цӕхуӕн дессаги дуйне уодзӕй! Тагъд рӕстӕги уӕмӕ уӕхӕн кадӕ ӕрхаудзӕй, ӕма цӕрдзиайтӕ нӕуӕг дуйней. Сумах цӕрдзиайтӕ, Йеговӕ цӕйбӕрцӕ цӕра, уойбӕрцӕ. Мах цӕрдзиан ӕносмӕ». Расагъӕс кӕнӕ, цӕхуӕн дессаги цард нӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй!

122 ЗАР Федар, ӕнӕфӕккеугӕ уотӕ!

^ 5 абз. Мах ӕй зонӕн, тагъд рӕстӕги «устур бӕллӕх» ке райдайдзӕй. Еци рӕстӕги Йегови лӕггадгӕнгутӕ цӕхуӕн уавӕри уодзӕнцӕ? Йеговӕ нӕмӕ цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсдзӕй? Абони нӕ цӕхуӕн менеугутӕбӕл косун гъӕуй, цӕмӕй еци зин рӕстӕги еузӕрдонӕй байзайӕн? Аци фарстатӕбӕл дзурд цӕудзӕй аци статьяй.

^ 3 абз. ЦИ НИСАН КӔНУЙ: киристон динмӕ хаунцӕ, сӕхе киристӕнттӕ ка хонуй, фал адӕнӕн, Йеговӕн ӕ уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ ковун куд гъӕуй, уой ка нӕ амонуй, еци динтӕ.

^ 11 абз. ЦИ НИСАН КӔНУЙ: дзурдбаст «Магоги зӕнхӕй ка ӕй, еци Гог» (цубуртӕй Гог) амонуй зӕнхон хецауӕдти цӕдесмӕ. Хецауӕдтӕ байеу уодзӕнцӕ ӕма устур бӕллӕхи кӕрон Йегови адӕнбӕл сӕхе ниццӕвдзӕнцӕ.

^ 11 абз. Армагеддони разӕй ци хабӕрттӕ цӕудзӕй, уой туххӕй фулдӕр базонӕн ес киунуги «Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!», 21 сӕр. Гог Хуцауи адӕни нихмӕ куд рацӕудзӕй ӕма Йеговӕ Армагеддони ӕ адӕни куд фӕййервӕзун кӕндзӕй, уой туххӕй фулдӕр бакӕсӕн ес 2015 анзи 15 июли «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги», 14–19 фӕрстӕ (ирон), ӕмӕ киунуги «Йегови кӕдзос дин ӕ къахбӕл ислӕудтӕй!», 17 ӕма 18 сӕртӕ (англ.).

^ 16 абз. 2019 анзи регионалон конгресс хундтӕй «Уарзондзийнадӕ алкӕддӕр уодзӕй». Ӕма ни еци конгресс нифс бауагъта, Йеговӕ нӕ ке гъӕуай кӕндзӕй ӕма нин тӕссаг ке нецӕмӕй уодзӕй (1 Кор. 13:8).

^ 19 абз. Кӕсӕ 1994 анзи декабри «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг», статья «Дела его идут вслед за ним».

^ 65 абз. ХУЗӔ. Устур бӕллӕхи рӕстӕг нифсхаст хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти минкъий къуар гъӕди ӕмбурд уадзунцӕ.

^ 67 абз. ХУЗӔ. «Хъӕбӕр берӕ адӕнмӕ» ка хауй, еци еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ устур бӕллӕхи сӕрти бахизтӕнцӕ ӕма цийнӕ кӕнунцӕ!