Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

43 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Ӕрмӕстдӕр Йеговӕбӕл уо еузӕрдон

Ӕрмӕстдӕр Йеговӕбӕл уо еузӕрдон

«Йеговӕ Хуцау домуй, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр уобӕл уонцӕ еузӕрдон» (НАУМ 1:2).

51 ЗАР Нӕхе Хуцауӕн иснивонд кодтан!

РАЗДЗУРД *

1. Йеговӕ уой аккаг цӕмӕн ӕй, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр уобӕл уӕн еузӕрдон?

ЙЕГОВӔ нӕ Царддӕттӕг ӕма не Сфӕлдесӕг ке ӕй, уомӕ гӕсгӕ уой аккаг ӕй, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр уобӕл уӕн еузӕрдон (Рарг. 4:11). Фал е алкӕд ӕнцон нӕ фӕууй. Алкедӕр ни Йегови уарзуй ӕма ’й нимайуй. Фал нин уотемӕй дӕр, гӕнӕн ес, ӕма ӕндӕр цӕхуӕндӕр гъуддӕгтӕ сӕйрагдӕр исуонцӕ ӕма уой туххӕй Йеговӕн куд ӕмбӕлуй, уотӕ мабал лӕггадӕ кӕнӕн. Гъӕуама ’й лӕдӕрӕн, уотӕ куд рауайуй, уой. Фиццаг бал ӕркӕсӕн, ӕрмӕстдӕр Йеговӕбӕл ке ан еузӕрдон, е цӕмӕй бӕрӕг фӕууй, уомӕ.

2. Рацуди 34:14 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Йеговӕбӕл еузӕрдон ке ан, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй?

2 Библимӕ гӕсгӕ еузӕрдон адӕймаг Хуцауи ӕгас зӕрдӕй фӕууарзуй. Ӕрмӕстдӕр Йеговӕбӕл ку уӕн еузӕрдон, уӕд айдагъдӕр уомӕн ковдзиан. Ӕма нӕ зӕрди Йеговӕн ци бунат ес, еци бунат ӕндӕр некӕмӕн ӕма нецӕмӕн ратдзиан. (Бакӕсӕ Рацуд 34:14.)

3. Уотӕ зӕгъӕн цӕмӕн ес, ӕма нӕ еузӕрдондзийнадӕн ес бундор?

3 Нӕ еузӕрдондзийнадӕн ес бундор. Еци бундор ӕй, Йегови туххӕй ци базудтан, е. Ӕ дессаги менеугутӕбӕл сагъӕс кӕнун нӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цӕуй. Удта ’й зонӕн, ӕ зӕрдӕмӕ ци цӕуй ӕма ци нӕ цӕуй, уой, ӕма мах дӕр уой хузӕн сагъӕс кӕнӕн. Лӕдӕрӕн ӕй, Йегови уотӕ ке фӕндуй, цӕмӕй ин ӕносмӕ цийнӕгӕнгӕй лӕггадӕ кӕнӕн, ӕма уой туххӕй нӕ цард ӕ уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ аразӕн. Удта хъӕбӕр устур аргъ кӕнӕн, нӕ бон ӕ хӕццӕ лимӕн кӕнун ке ӕй, уомӕн (Пс. 25:14). Алли хатт дӕр не Сфӕлдесӕги туххӕй нӕуӕг ести ку базонӕн, уӕд имӕ никки хӕстӕгдӕр исуӕн (Иак. 4:8).

4. а) Сайтан куд архайуй, цӕмӕй нӕ Йеговӕй раидард кӕна? б) Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

4 Аци дуйне Сайтани къохи ӕй ӕма си уотӕ пайда кӕнуй, цӕмӕй адӕймаги зӕрдӕ ци фӕййагоруй, еци гъуддӕгтӕ нин ӕхсидзгӕдӕр исуонцӕ ӕма нин лӕгъуз фӕндти нихмӕ тох кӕнун зиндӕр уа (Еф. 2:1–3; 1 Иоан. 5:19). Ӕ нисан ӕй, цӕмӕй Йеговӕй уӕлдай ма нӕ зӕрди ӕндӕр естӕмӕнти дӕр бунат искӕнӕн. Ӕркӕсӕн, е цӕмӕй ӕ къохи бафтуйа, уой туххӕй цӕхуӕн дууӕ гъуддагемӕй пайда кӕнуй, уомӕ. Фиццаг: разӕнгард нӕ кӕнуй гъӕздуг цард кӕнунмӕ. Дуккаг: архайуй, цӕмӕй ’нӕбӕзгӕ ерхӕфсӕнтӕ ӕвзарӕн.

ӔХЦА УАРЗУН МА РАЙДАЙЕТӔ

5. Ӕхца уарзунӕй нӕхе цӕмӕн гъӕуама гъӕуай кӕнӕн?

5 Алкедӕр ни фӕндуй, цӕмӕй нин уа хуарз хъӕппӕлтӕ, дзӕбӕх хӕдзарӕ ӕма хуӕрзадӕ хуӕруйнӕгтӕ, ӕма уоми лӕгъузӕй неци ес. Фал гъӕуама нӕхе гъӕуай кӕнӕн, цӕмӕй ӕхца уарзун ма райдайӕн. Абони адӕн уарзунцӕ ӕхца ӕма ӕхцайӕй балхӕнӕн ци ес, уой (2 Тим. 3:2). Йесо ӕй зудта, ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн дӕр е къахкъуӕрӕн ке исуодзӕй, ӕма загъта: «Еу адӕймагӕн дӕр ӕ бон нӕй, цӕмӕй дууӕ хецауей цагъар уа – сӕ еуемӕй е ’сӕфт уиндзӕй, инней ба уарздзӕй, сӕ еуебӕл ӕновуд уодзӕй, инней ба нецӕмӕ дардзӕй. Уӕ бон нӕй, цӕмӕй Хуцауи цагъартӕ дӕр уайтӕ ӕма Гъӕздугдзийнади цагъартӕ дӕр» (Матф. 6:24). Йеговӕн ка лӕггадӕ кӕнуй ӕма фулдӕр ӕхца бакосунбӕл ӕгӕр берӕ рӕстӕг ӕма хъауритӕ ка харз кӕнуй, е зӕгъӕн ес, ӕма дууӕ хецауемӕн лӕггадӕ кӕнуй, ӕма Йеговӕбӕл ӕнхӕст еузӕрдон нӕбал ӕй.

Еуӕй-еу лаодикийӕгтӕ сӕхемӕ цӕхуӕн кастӕнцӕ... Йеговӕ ӕма Йесо ба сӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кастӕнцӕ (кӕсӕ 6 абзац)

6. Йесо Лаодикий ӕмбурдӕн ци загъта, уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

6 Нӕ эри фиццаг ӕноси кӕрон Лаодикий ӕмбурд сӕхе ӕстудтонцӕ: «Ӕз гъӕздуг дӕн, берӕ фӕллӕнттӕ ӕрӕмбурд кодтон ӕма цох ӕппундӕр нецӕмӕй дӕн». Фал Йеговӕ ӕма Йесой цӕсти ба адтӕнцӕ ӕнамонд, мӕгур, хъӕрӕу ӕма бӕгънӕг. Йесо син, гъӕздуг ке адтӕнцӕ, уой туххӕй нӕ бауайдзӕф кодта, фал гъӕздуг цард ке уарзтонцӕ ӕма Йеговӕй ке раидард ӕнцӕ, уой туххӕй (Рарг. 3:14–17). Ӕхца уарзун ке райдӕдтай, уой ку ӕрлӕдӕрай, уӕд ӕнӕ ракӕнӕ-бакӕнӕй байархайӕ, цӕмӕй дӕ гъуди раййевай (1 Тим. 6:7, 8). Кенӕ ба еузӕрдон нӕбал уодзӕнӕ ӕма дӕ лӕггадӕ Йегови зӕрдӕмӕ нӕбал цӕудзӕй. Йегови фӕндуй, цӕмӕй «ӕрмӕстдӕр уобӕл уӕн еузӕрдон» (Дук. з. 4:24). Цума киристон ӕхца уарзун куд райдайуй?

7–9. Дэвиди хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

7 Ӕркӕсӕн, Америки Еугонд Штаттӕй еу косагӕ хестӕр нӕлгоймаг Дэвиди хабармӕ. Дэвид хуарз косӕг адтӕй, ӕма ци компаний куста, уоми ин уӕлдӕр бунат равардтонцӕ, удта ин фулдӕр ӕхца федун райдӕдтонцӕ. Уомӕй уӕлдай ма нимад ӕрцудӕй бӕсти дӕснидӕр косгутӕй еуебӕл. «Еци рӕстӕг мӕмӕ уотӕ кастӕй, ӕма етӕ еугурӕйдӕр Йегови лӕвӕрттӕ ’нцӕ»,– зӕгъуй Дэвид. Фал цума е ӕцӕгӕйдӕр уотӕ адтӕй?

8 Дэвид ӕй лӕдӕрун райдӕдта ӕ куст ӕй еуварсмӕ ке хӕссуй ӕма Йеговӕй идарддӕргӕнгӕ ке цӕуй. «Ӕмбурди ӕма игъосун кӕнгӕй арӕх мӕ кустбӕл сагъӕс кӕнинӕ,– зӕгъуй Дэвид,– ӕной си хуарз ӕхца кустон, фал си тухсгӕ дӕр хъӕбӕр кодтон, удта мӕ бийнойнаги хӕццӕ дӕр нӕбал федудтон».

9 Дэвид ӕй балӕдӕрдтӕй, ӕ царди ӕхсидзгӕдӕр ци ӕй, уой ниллух кӕнун ӕй ке гъӕуй. «Мӕхецӕн федарӕй загътон, цидӕр раййевун мӕ ке гъӕуй»,– зӕгъуй Дэвид. Гъема ӕ кусти графикмӕ нӕуӕгӕй ӕркастӕй ӕма ’й раййевун ци фӕндадтӕй, уой хецауӕн радзурдта. Цума ’й е цӕмӕ ӕркодта? Кустӕй ӕй ратардтонцӕ! Уой фӕсте ба ци бацӕй? «Иннӕ бон ӕнхусгӕнӕг пионерӕй лӕггадӕ кӕнунмӕ курдиадӕ балӕвардтон»,– зӕгъуй Дэвид. Дэвид ӕма ӕ бийнойнаг ӕхца косун райдӕдтонцӕ, ӕфснайгӕ ке кодтонцӕ, уомӕй. Рӕстӕг рацудӕй, ӕма Дэвид пионерӕй лӕггадӕ кӕнун райдӕдта фӕстӕдӕр ба ӕ бийнойнаг дӕр. Бийнонтӕ ци куст иссирдтонцӕ, е кадгинбӕл нимад н’ адтӕй, фал сӕ е ӕппундӕр нӕ тухсун кодта. Ӕма кӕд ӕхца дӕс хатти минкъийдӕр истонцӕ, уӕддӕр син алли мӕйи хӕрзтӕн фагӕ кодта. Бӕрӕг ӕй, Йегови гъуддаг син царди фиццаг бунати ке ӕй. Етӕ ’й сӕхецӕй зонунцӕ, Паддзахади гъуддаг фиццаг бунати кӕмӕн ӕй, уонӕн Йеговӕ куд ӕнхус кӕнуй, уой (Матф. 6:31–33).

10. Нӕ бон куд ӕй нӕ зӕрдӕ гъӕуай кӕнун?

10 Алкедӕр ни гъӕуй ӕ зӕрдӕ гъӕуай кӕнун, фӕнди гъӕздуг уӕн, фӕнди – мӕгур. Цума нин е цӕй фӕрци ӕнтӕсдзӕй? Ма бауадзӕ, цӕмӕй ӕхцауарзагӕ исуай. Ӕма ма иронх кӕнӕ, куст гъӕуама Йеговӕн лӕггадӕ кӕнунӕй ӕхсидзгӕдӕр ма исуа. Ӕхцауарзагӕ дӕ ӕви нӕ, уой дӕ бон куд ӕй исбӕрӕг кӕнун? Дӕхе бафӕрсӕ: «Ӕмбурди кенӕ игъосун кӕнгӕй мӕ кустбӕл арӕх фӕссагъӕс кӕнун? Федӕни мӕхе цӕмӕй дардзӕн, уобӕл ӕгӕр нӕ фӕттухсун? Мулк ӕма ӕхцай туххӕй мӕ бийнонти хӕццӕ лӕгъуздӕр федаун нӕ райдӕдтон? Йеговӕн фулдӕр лӕггадӕ кӕнуни туххӕй мӕ бон ӕй, кадгинбӕл нимад ка нӕй, уӕхӕн кусти ниллӕуун?» (1 Тим. 6:9–12). Аци фарстатӕбӕл сагъӕс кӕнгӕй нӕ зӕрдӕбӕл дарӕн, Йеговӕ нӕ ке уарзуй ӕма ибӕл еузӕрдон ка ӕй, уомӕн зӕрдӕ ке ӕвӕруй: «Некӕд дӕ ниууадздзӕн ӕма дӕ некӕд феронх кӕндзӕн». Уомӕ гӕсгӕ апостол Павел ниффинста: «Царди медӕг ӕхцауарзагӕ ма уотӕ» (Дзиуит. 13:5, 6).

ЕРХӔФСӔНТӔ ӔВЗАРГӔЙ ЗУНДӔЙ АРХАЙӔ

11. Адӕймагбӕл ерхӕфсӕнтӕ куд рабӕрӕг унцӕ?

11 Йегови фӕндуй, цӕмӕй цардбӕл цийнӕ кӕнӕн. Ӕма нин ерхӕфсӕнтӕ берӕ цийнӕдзийнадӕ хӕссунцӕ. Хуцауи Дзурди финст ӕй: «Царди медӕг адӕймагӕн уомӕй хуӕздӕр неци ес, ӕма ку хуӕра, ку ниуаза, удта ӕ хъиамӕтӕй ӕ уодӕн хуарзӕй ести ку уинун кӕна» (Еккл. 2:24). Фал аци дуйней ес, устур зиан нин ка ӕрхӕсдзӕй, берӕ уӕхӕн ерхӕфсӕнтӕ. Еци ерхӕфсӕнтӕ адӕни хъӕбӕр ихалунцӕ ӕма сӕ разӕнгард кӕнунцӕ, цӕмӕй, Хуцауи Дзурдмӕ гӕсгӕ раст ка нӕй, уӕхӕн гъуддӕгтӕмӕ хуарз цӕстӕй кӕсун райдайонцӕ ӕма сӕ бауарзонцӕ.

Ерхӕфсӕнтӕ уин ка цӕттӕ кӕнуй? (кӕсӕ 11–14 абзацтӕ) *

12. 1 Коринфӕгтӕмӕ 10:21, 22 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ ерхӕфсӕнтӕ раст цӕмӕн гъӕуама ӕвзарӕн?

12 Мах фӕндуй, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр Йеговӕбӕл уӕн еузӕрдон. Уомӕ гӕсгӕ нӕ бон нӕй «Йегови фингӕй» дӕр ӕма «сайтӕнтти фингӕй» дӕр хуӕрун. (Бакӕсӕ 1 Коринфӕгтӕмӕ 10:21, 22.) Адӕн еу фингӕбӕл ку фӕббадунцӕ, уӕд е арӕхдӕр уобӕл дзорӕг фӕууй, ӕма ӕмбӕлттӕ ’нцӕ. Тухмиуӕ, спиритизм, ӕма ӕнӕгъдау гъуддӕгтӕ кӕми февдесунцӕ, удта бауӕри монцтӕ ӕфсадунмӕ кӕми фӕрразӕнгард кӕнунцӕ, уӕхӕн ерхӕфсӕнтӕ ку февзарӕн, уӕд зӕгъӕн ес, ӕма Хуцауи знӕгти хӕццӕ еу фингӕбӕл фӕббадӕн ӕма нин етӕ ци ӕрӕвардтонцӕ, уой фӕххуӕрӕн. Уотемӕй нӕхецӕн устур зиан хӕссӕн ӕма Йеговӕй дӕр нӕхе еуварс кӕнӕн.

13, 14. Иакови 1:14, 15 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ ерхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕй лӕмбунӕг цӕмӕн гъӕуама уӕн? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.

13 Ерхӕфсӕнтӕ хуӕруйнаги хӕццӕ рабарӕн цӕмӕн ес? Ести ку фӕххуӕрӕн, уӕд ци бахуӕрӕн, е нӕхе барӕ фӕууй. Фал нӕ комидзаг ку ранихъуӕрӕн, уӕд нин е куд батайдзӕй, уобӕл ба нӕ барӕ нӕбал фӕццӕуй. Хуарз хуӕруйнаг адӕймаги бауӕр федар кӕнуй, лӕгъуз ба ин зиан хӕссуй. Лӕгъуз хуӕруйнаг зиан еци фӕдбӕл ку не ’рхӕсса, уӕддӕр адӕймагбӕл фӕстӕдӕр ескуд рабӕрӕг уодзӕй.

14 Уотӕ ерхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕй дӕр нӕ сӕризунд цӕмӕйти идзаг кӕндзиан, е нӕхе бӕрагӕ ’й. Фал е уой фӕсте нӕ зӕрдӕ ӕма нӕ зундбӕл куд рабӕрӕг уодзӕй, уобӕл ба нӕ барӕ нӕбал цӕуй. Хуарз ерхӕфсӕнтӕ пайда ’нцӕ, лӕгъуз ерхӕфсӕнтӕ ба алкӕддӕр зиан хӕссунцӕ. (Бакӕсӕ Иакови 1:14, 15.) Лӕгъуз ерхӕфсӕнтӕ адӕймагбӕл алкӕд уайтагъд нӕ рабӕрӕг унцӕ, фал еу афони уӕддӕр рабӕрӕг уодзӕнцӕ. Библи дӕр нин уой туххӕй зӕгъуй: «Ма рӕдуйетӕ: Хуцау, кӕбӕл рагириз кӕнай, уӕхӕн нӕй. Адӕймаг ци байтауа, уой ӕркӕрддзӕй. Ӕ тӕрегъӕдгун бауӕри монцтӕ ӕфсадунмӕ ка итауй, уой ӕ тӕрегъӕдгун бауӕр ӕркӕндзӕй исӕфтмӕ» (Гал. 6:7, 8). Гъе уой туххӕй гъӕуама нӕхе еуварс дарӕн, Йеговӕ е ’сӕфт кӕмӕй уинуй, еци гъуддӕгтӕмӕ ка разӕнгард кӕнуй, уӕхӕн ерхӕфсӕнтӕй! (Пс. 97:10).

15. Йеговӕ нин цӕхуӕн лӕвар искодта?

15 Йегови лӕггадгӕнгутӕй берети зӕрдӕмӕ цӕуй нӕ интернет-телеуинунади программитӕмӕ кӕсун. Еу хуӕрӕ Мерилин зӕгъуй: «Нӕ интернет-телеуинунади естӕмӕ ку бакӕсун, уӕд мӕмӕ цӕрун ӕрцӕуй. Уоми алцӕмӕдӕр ӕнӕвзаргӕй ӕнгъезуй кӕсун. Еунӕгӕй ку фӕуун кенӕ мин ӕнкъард ку фӕууй, уӕд мӕхецӕн бакӕнун ести нифсфедаргӕнӕн радзубанди ӕма имӕ байгъосун. Уой фӕрци Йегови ӕма ӕ организаций хӕццӕ ӕнгомдӕр кӕнун. Нӕ интернет-телеуинунадӕ ку фӕззиндтӕй, уӕд мӕ цард дӕр раййивта». Йеговӕ дин уӕхӕн лӕвар ке искодта, уомӕн аргъ кӕнис? Алли мӕйӕ ци нӕуӕг программӕ рацӕуй, уомӕй уӕлдай ма сайти JW Broadcasting® ес берӕ аудио ӕма видео ӕрмӕг, удта берӕ нифсфедаргӕнӕн зартӕ дӕр.

16, 17. Ерхӕфсӕнтӕбӕл цӕйбӕрцӕ рӕстӕг харз кӕнӕн, уомӕ лӕмбунӕг кӕсун цӕмӕн гъӕуй ӕма нин еци гъуддаги ци банхус кӕндзӕй?

16 Цӕхуӕн ерхӕфсӕнтӕ ӕвзарӕн, айдагъ уомӕ нӕ гъӕуй лӕмбунӕг кӕсун, фал ма сӕбӕл цӕйбӕрцӕ рӕстӕг харз кӕнӕн, уомӕ дӕр. Кенӕ ба уотӕ рауайдзӕй, ӕма нин фулдӕр рӕстӕг ерхӕфсӕнтӕбӕл цӕудзӕй, нӕ лӕггадӕбӕл нӕ, фал. Беретӕн зин фӕууй сӕхе афойнадӕбӕл бауорамун. Еу 18-анздзуд хуӕрӕ Абигейл зӕгъуй: «Изӕрӕй кусти фӕсте еу минкъий рауолӕфунмӕ телевизори рази ӕрбадун. Фал ӕй хатгай лӕдӕргӕ дӕр нӕ бакӕнун, цалдӕр сахатти кӕсгӕ куд байзайун, уой». Ӕригон ӕнсувӕр Сэмюэл ба загъта: «Интернети цубур видеотӕмӕ мӕ бон цӕйбӕрцӕфӕнди дӕр ӕй кӕсун. Мӕ зӕрдтӕй, еу видеомӕ бакӕсдзӕн, фал ӕй лӕдӕргӕдӕр нӕ ракӕнун, ӕртӕ-цуппар сахатти бадгӕ куд байзайун, уой».

17 Ци дин банхус кӕндзӕй, ерхӕфсӕнтӕбӕл цӕйбӕрцӕ рӕстӕг харз кӕнис, уомӕ дӕ гъос дарун? Фиццаг бал исбӕрӕг кӕнӕ, ӕцӕгӕй сӕбӕл цӕйбӕрцӕ рӕстӕг цӕуй, уой. Куӕрей дӕргъи къӕлиндари фӕббӕрӕг кӕнисӕ телевизор, интернет кенӕ видеогъӕзтитӕбӕл дин цал сахатти рандӕ уй, уой. Ӕгӕр берӕ рӕстӕг сӕбӕл ке цӕуй, уой ку фӕууинай, уӕд дӕхецӕн график искӕнӕ. Фиццаг бал рӕстӕг рахецӕн кӕнӕ ӕхсидзгӕдӕр гъуддӕгтӕн, уой фӕсте ба – ерхӕфсӕнтӕн дӕр. Йеговӕмӕ ковӕ, цӕмӕй дин банхус кӕна дӕ графикмӕ гӕсгӕ цӕрун. Уотемӕй дин рӕстӕг ӕма хъауритӕ фӕззиндзӕй Библи ӕртасунмӕ, бийнонти ахурӕн, ӕмбурдтӕн, игъосун кӕнунмӕ ӕма ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнунмӕ. Удта уотӕ дӕр нӕ сагъӕс кӕндзӕнӕ, мӕ рӕстӕг дзӕгъӕли рандӕ ’й, зӕгъгӕ.

ӔРМӔСТДӔР ЙЕГОВӔБӔЛ УОТӔ ЕУЗӔРДОН

18, 19. Ӕрмӕстдӕр Йеговӕбӕл ке ан еузӕрдон, уой нӕ бон куд ӕй ӕвдесун?

18 Апостол Петур Сайтани дуйней кӕрони ӕма нӕуӕг дуйней туххӕй ку ниффинста, уӕд ма загъта: «Мӕ уарзон ӕнсувӕртӕ, уонӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсгӕй, ӕгас хъауритӕй архайетӕ, цӕмӕй фӕстагмӕ ӕ рази ӕрлӕууайтӕ ӕнаййеппӕй, кӕдзосӕй ӕма хӕларӕй цӕргӕй» (2 Пет. 3:14). Аци унаффӕмӕ ку игъосӕн ӕма Йегови куд фӕндуй, уотӕ ку цӕрӕн ӕма ку лӕггадӕ кӕнӕн, уӕд ӕвдесдзиан, ӕрмӕстдӕр Йеговӕбӕл ке ан еузӕрдон, уой.

19 Сайтан ӕма ӕ дуйне идарддӕр дӕр архайдзӕнцӕ, цӕмӕй ӕхсидзгӕдӕр ци ӕй, уой феронх кӕнӕн (Лук. 4:13). Гъӕйдӕ мадта федарӕй архайӕн, цӕмӕй нӕ зӕрди Йеговӕн ци бунат ес, уой макӕмӕн ӕма мацӕмӕн раттӕн. Нӕ федар фӕндӕ уӕд ӕрмӕстдӕр Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун! Ӕрмӕстдӕр е ӕй уой аккаг!

30 ЗАР Мӕ Фидӕ, мӕ Хуцау, ме ’Мбал

^ 5 абз. Мах нӕ цард Йеговӕн иснивонд кодтан. Фал цума ӕрмӕстдӕр уобӕл ан еузӕрдон? Е бӕрӕг ӕй, ци унаффитӕ фӕххӕссӕн, уомӕй. Ӕркӕсӕн, Йеговӕбӕл цӕйбӕрцӕбӕл еузӕрдон ан, уой цӕхуӕн дууӕ гъуддагемӕй ӕнгъезуй исбӕрӕг кӕнун, уомӕ.

^ 53 абз. ХУЗӔ. Цъумур къухний ке искодтонцӕ, уӕхӕн хуӕруйнагӕй нӕ бахуардтайанӕ. Мадта уӕд тухмиуӕ, спиритизм ӕма ихӕлд гъуддӕгтӕ кӕми ес, уӕхӕн цӕмӕдӕрти куд гъӕуама кӕсӕн?