Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

38 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Мӕнмӕ ӕрбацотӕ, ӕма уин ӕз уодӕнцойнӕ ратдзӕн»

«Мӕнмӕ ӕрбацотӕ, ӕма уин ӕз уодӕнцойнӕ ратдзӕн»

«Хъиамӕт ка кӕнуй ӕма уӕззау уаргъ ка хӕссуй,– ӕгасӕйдӕр мӕнмӕ ӕрбацотӕ, ӕма уин ӕз уодӕнцойнӕ ратдзӕн» (МАТФ. 11:28).

17 ЗАР «Фӕндуй мӕ»

РАЗДЗУРД *

1. Матфеййи 11:28–30 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Йесо зӕрдӕ цӕмӕй байвардта?

ЙЕСО, байгъосунмӕ имӕ ка ӕрбацудӕй, еци адӕнӕн зӕрдӕ байвардта: «Мӕнмӕ ӕрбацотӕ, ӕма уин ӕз уодӕнцойнӕ ратдзӕн». (Бакӕсӕ Матфеййи 11:28–30.) Ӕма етӕ уотид дзубандитӕ н’ адтӕнцӕ. Е бӕрӕг ӕй, уӕззау незӕй ка гъезӕмарӕ кодта, еци силгоймагӕн ци хуарздзийнадӕ искодта, уомӕй.

2. Йесо сӕйгӕ силгоймагӕн цӕхуӕн хуарздзийнадӕ искодта?

2 Еци силгоймаги ӕнхус хъӕбӕр гъудӕй. Хъӕбӕр берӕ дохтиртӕбӕл фӕззилдӕй, фал ин нецӕмӕй банхус кодтонцӕ. Ӕма гъе уотӕ 12 анзи фӕгъгъезӕмарӕ кодта. Моисеййи закъонмӕ гӕсгӕ ба ма уӕхӕн силгоймаг кӕдзос н’ адтӕй (Лев. 15:25). Ӕма Киристе сӕйгити ке дзӕбӕх кодта, уой ку фегъуста, уӕд ӕй агорӕг рандӕ ’й. Ку ӕй иссирдта, уӕд ин ӕ дарӕси кӕронбӕл рамбалдӕй ӕма еци фӕдӕй радзӕбӕх ӕй! Фал ӕй Йесо айдагъ незӕй не ’сдзӕбӕх кодта. Ӕ хӕццӕ куд радзурдта, уомӕй ин бавдиста, кадӕ ин ке кӕнуй ӕма уарзондзийнади аккаг ке ӕй, уой. Зӕгъӕн, фӕлмӕнӕй ӕма уӕзданӕй имӕ исдзурдта, «мӕ кизгӕ», зӕгъгӕ. Еци дзурдтӕ, ӕвӕдзи, силгоймаги хъӕбӕр бафедар кодтонцӕ ӕма имӕ нӕуӕг хъауритӕ бауагътонцӕ (Лук. 8:43–48).

3. Цӕхуӕн фарстатӕбӕл иссердзиан дзуапп?

3 Дӕ гъос ӕрдарай, еци силгоймаг Киристемӕ ӕхуӕдӕг бацудӕй, ӕма ’й уой туххӕй байархайун гъудӕй. Уотӕ абони мах дӕр гъӕуама нӕхуӕдтӕ байархайӕн, цӕмӕй Йесомӕ ӕрбацӕуӕн. Нури рӕстӕги Йесо, ка имӕ ӕрбацӕуй, уони сӕ незтӕй дессаги хузи не ’сдзӕбӕх кӕнуй. Фал ӕ зӕрдӕвӕрд, «мӕнмӕ ӕрбацотӕ, ӕма уин ӕз уодӕнцойнӕ ратдзӕн», зӕгъгӕ, махмӕ дӕр хауй. Аци статьяй дзуапп базондзиан фондз фарстайебӕл: нӕ бон куд ӕй Киристемӕ ӕрбацӕун? Йесой дзурдтӕ, «ме ’фсойнӕ уӕхебӕл исӕвӕретӕ», зӕгъгӕ, куд лӕдӕргӕ ’нцӕ? Йесой цӕветтонӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Киристе нин ци гъуддаг баихӕс кодта, е нин уодӕнцойнӕ цӕмӕн хӕссуй? Нӕ бон куд ӕй Киристей ӕфсойнӕ хӕсгӕй идарддӕр дӕр уодӕнцойнӕ ерун?

«МӔНМӔ ӔРБАЦОТӔ»

4, 5. Нӕ бон куд ӕй Йесомӕ ӕрбацӕун?

4 Йесомӕ ӕрбацӕунмӕ еу хуарз мадзал ӕй, цӕбӕл ахур кодта ӕма куд архайдта, уой лӕмбунӕг ӕртасун (Лук. 1:1–4). Еци гъуддаг нӕхецӕн кӕнгӕ ’й. Нӕ бӕсти нин ӕй неке искӕндзӕй. Уомӕй уӕлдай ма, Йесомӕ ӕрбацӕуӕн, донаргъуд райсун ку исфӕндӕ кӕнӕн ӕма ӕ фӕдбӕлдзӕуӕг ку исуӕн, уӕд.

5 Ӕмбурди Хестӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕнхус ку фӕккорӕн, уӕддӕр зӕгъӕн ес, ӕма Йесомӕ ӕрбацӕуӕн. Етӕ ӕнцӕ «лӕвӕрттӕ» Хуцауӕй ӕма Йесо уони фӕрци ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн ӕнхус кӕнуй (Еф. 4:7, 8, 11; Иоан. 21:16; 1 Пет. 5:1–3). Ӕрмӕст си ӕнхус ба гъӕуама нӕхуӕдтӕ ракорӕн. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ ’й нӕ базондзӕнцӕ, цӕбӕл сагъӕс кӕнӕн ӕма цӕбӕл тухсӕн, уой, ку син ӕй нӕ зӕгъӕн, уӕд. Еу ӕнсувӕр, Джулиан загъта: «Мӕ нези туххӕй мӕ багъудӕй Вефили лӕггадӕ ниууадзун. Ӕма мин ме ’мбӕлттӕй сӕ еу загъта, зӕгъгӕ, хестӕр нӕлгоймӕгтӕн зӕгъӕ, цӕмӕй дӕ бабӕрӕг кӕнонцӕ. Фиццаг мӕмӕ уотӕ кастӕй, ӕма мӕ хестӕр нӕлгоймӕгти ӕнхус нӕ гъӕуй, фал син фӕстӕдӕр ба уӕддӕр загътон, цӕмӕй мӕ бабӕрӕг кодтайуонцӕ. Е мин ӕцӕгӕйдӕр царди тӕккӕ устурдӕр лӕвар адтӕй». Уӕхӕн еузӕрдон хестӕр нӕлгоймӕгтӕ нин ӕнхус кӕнунцӕ, цӕмӕй «Киристе куд сагъӕс кодта», уой лӕдӕрӕн ӕма ’й фӕнзӕн (1 Кор. 2:16; 1 Пет. 2:21). Хестӕр нӕлгоймӕгти ӕнхус ӕцӕгӕйдӕр ӕй тӕккӕ хуӕздӕр лӕвӕрттӕй сӕ еу.

«МЕ ’ФСОЙНӔ УӔХЕБӔЛ ИСӔВӔРЕТӔ»

6. Йесой дзурдтӕ, «ме ’фсойнӕ уӕхебӕл исӕвӕретӕ», зӕгъгӕ, куд ӕнгъезуй балӕдӕрун?

6 Йесой дзурдтӕ, «ме ’фсойнӕ уӕхебӕл исӕвӕретӕ», ӕвӕдзи, нисан кӕнунцӕ, «уӕхе мӕн дӕлбарӕ бакӕнтӕ». Еци дзурдтӕй ма Йесой, ӕвӕдзи, уотӕ зӕгъун фӕндадтӕй: «Сумах дӕр мӕ хӕццӕ еу ӕфсойни буни балӕууетӕ ӕма еумӕ Йегови гъуддаг ӕнхӕст кӕнӕн». Кудфӕнди ма уа, уӕддӕр дзурд «ӕфсойнӕ» хъиамӕтмӕ амонуй.

7. Матфеййи 28:18–20 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ нин Йеговӕ цӕхуӕн куст баихӕс кодта ӕма нӕ бон цӕбӕл ӕй федарӕй ӕууӕндун?

7 Киристей ӕфсойнӕ нӕхебӕл исӕвӕрӕн, нӕ цард Йеговӕн ку иснивонд кӕнӕн ӕма донаргъуд ку райсӕн, уӕд. Йесо алкедӕр хонуй. Хуцауӕн лӕггадӕ кӕнун зӕрдиагӕй ке фӕндуй, уонӕй ӕхе некӕд рахатдзӕй (Иоан. 6:37, 38). Алли киристонмӕ дӕр уӕхӕн кадӕ ӕрхаудтӕй, ӕма ӕ бон ӕй, Йеговӕ Йесойӕн ке баихӕс кодта, еци кусти архайун. Нӕ бон ӕй федарӕй ӕууӕндун, Йесо алкӕддӕр нӕ хӕццӕ ке уодзӕй ӕма нин еци кусти ӕнхус ке кӕндзӕй. (Бакӕсӕ Матфеййи 28:18–20.)

«МӔНӔЙ ИСАХУР УОТӔ»

Йесо адӕнӕн уодӕнцойнӕ хаста. Ду дӕр уой хузӕн уо (кӕсӕ 8–11 абзацтӕ) *

8, 9. Сӕрниллӕг адӕн Йесомӕ цӕмӕн цудӕнцӕ? Нӕхемӕ цӕхуӕн фарстатӕ гъӕуама раттӕн?

8 Сӕрниллӕг адӕн Йесомӕ цудӕнцӕ (Матф. 19:13, 14; Лук. 7:37, 38). Цӕмӕн? Уомӕн ӕма фарисейти хузӕн н’ адтӕй. Уӕди рӕстӕги дини разамонгутӕ адтӕнцӕ дорзӕрдӕ ӕма сӕрбӕрзонд (Матф. 12:9–14). Йесо ба адтӕй фӕлмӕн ӕма сӕрниллӕг. Фарисейтӕн адӕни ’хсӕн кадгин бунат ке адтӕй, уой туххӕй сӕ сӕр бӕрзӕндти хастонцӕ. Йесо уӕхӕн сӕрбӕрзонддзийнади нихмӕ ӕргом дзурдта. Удта ӕ ахуркӕнуйнӕгти дӕр ахур кодта, цӕмӕй сӕхе уотӕ макӕд дардтайуонцӕ, фал адтайуонцӕ сӕрниллӕг ӕма иннетӕн лӕггадӕ кодтайуонцӕ (Матф. 23:2, 6–11). Адӕн фарисейтӕй тӕрсгӕ кодтонцӕ, уомӕн ӕма сӕмӕ ку нӕ байгъустайуонцӕ, уӕд сӕ хабар лӕгъуз адтайдӕ (Иоан. 9:13, 22). Йесо ба син фӕлмӕн дзурдӕй ӕма ӕ хуарз гъуддӕгтӕй уодӕнцойнӕ хаста.

9 Ду ба аци гъуддӕгти Йесойӕй ахур кӕнис? Дӕхе бафӕрсӕ: «Иннетӕ мӕ фӕлмӕн ӕма сӕрниллӕг адӕймагбӕл нимайунцӕ? Хумӕтӕг гъуддӕгти дӕр син балӕггадӕ кӕнунмӕ цӕттӕ фӕуун? Хӕларзӕрдӕ адӕймаг исхонӕн мӕ ес?»

10. Киристе ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн ахур кӕнунмӕ цӕхуӕн уавӕртӕ искӕнидӕ?

10 Йесойӕн ӕхцӕуӕн адтӕй ӕ ахуркӕнуйнӕгти ахур кӕнун ӕма ӕ размӕ тухсгӕ некӕд кодтонцӕ (Лук. 10:1, 19–21). Е сӕ фарстатӕ дӕттунмӕ разӕнгард кодта, удта син сӕ гъудимӕ дӕр байгъосидӕ (Матф. 16:13–16). Халсартӕн теплици хуарз уавӕртӕ куд фӕууй, уотӕ Йесо дӕр ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн хуарз уавӕртӕ искӕнидӕ, цӕмӕй ахур кодтайуонцӕ ӕма рӕзӕ лӕвардтайуонцӕ, гъома хуарз гъуддӕгтӕ кодтайуонцӕ.

Хӕларзӕрдӕ уо

Зингзӕрдӕй лӕггадӕ кӕнӕ

Сӕрниллӕг ӕма кустуарзагӕ уо *

11. Нӕхемӕ цӕхуӕн фарстатӕ гъӕуама раттӕн?

11 Иннетӕбӕл дӕ барӕ цӕуй? Кӕд гъо, уӕд дӕхе бафӕрсӕ: «Кусти кенӕ хӕдзари иннетӕмӕ цӕхуӕн зӕрдӕ дарун? Иннети хӕццӕ фӕрнӕй цӕрунбӕл архайун? Адӕймаг мӕмӕ ести фарстай хӕццӕ ӕнцонтӕй бацӕудзӕй? Иннети гъудимӕ байгъосун?» Мах нӕ фӕндуй фарисейти хузӕн ун. Фарисейтӕ хъӕбӕр фӕммӕстгун кӕниуонцӕ, еске сӕ естӕбӕл ку фӕрсидӕ, уӕд, удта уони хузӕн ка нӕ сагъӕс кодта, уони дӕр хъӕбӕр ӕфхуардтонцӕ (Мар. 3:1–6; Иоан. 9:29–34).

«УОДӔНЦОЙНӔ ИССЕРДЗИАЙТӔ»

12–14. Йесо нин ци куст баихӕс кодта, е нин уодӕнцойнӕ цӕмӕн хӕссуй?

12 Йесо нин ци куст баихӕс кодта, е нин уодӕнцойнӕ цӕмӕн хӕссуй? Ӕркӕсӕн цалдӕр гъуддагемӕ.

13 Махӕн тӕккӕ хуӕздӕр хецӕуттӕ ес. Дун-дуйней Йеговӕй уӕлдӕр неке ӕй, фал уӕддӕр карз ӕма ӕнӕбоз хецауи хузӕн некӕд фӕууй. Е нин нӕ хъиамӕтӕн устур аргъ кӕнуй (Дзиуит. 6:10). Уомӕй уӕлдай ма нин хъауритӕ дӕр раттуй, цӕмӕй нӕ бон уа, ци нин баихӕс кодта, уой ӕнхӕст кӕнун (2 Кор. 4:7; Гал. 6:5). Нӕ Паддзах Йесо Киристе нин ӕй бавдиста, иннетӕмӕ цӕхуӕн зӕрдӕ гъӕуама дарӕн, уой (Иоан. 13:15). Ӕма нин хестӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕнхус ку фӕккӕнунцӕ, уӕд фӕффӕнзунцӕ Йесой – «устур фиййауи» (Дзиуит. 13:20; 1 Пет. 5:2). Етӕ нӕ гъӕуай кӕнунцӕ, ахур нӕ кӕнунцӕ, удта нин зӕрдиагӕй ӕнхус кӕнунцӕ, цӕмӕй федар ӕма нифсхаст уӕн.

14 Ес нин тӕккӕ хуӕздӕр ӕмбӕлттӕ. Мах кӕрӕдзебӕл куд ӕнгом баст ан, уотӕ неке, удта ци куст хӕссӕн, уӕхӕн куст дӕр неке кӕнуй. Расагъӕс кӕнӕ: мах усхъӕй-усхъӕмӕ ӕмгуст кӕнӕн, хуӕрзӕгъдау цард ка кӕнуй ӕма иннетӕмӕ сӕрӕй бунмӕ ка нӕ кӕсуй, уӕхӕн адӕни хӕццӕ. Кӕд син берӕ цидӕртӕ бантӕсуй, уӕддӕр сӕхе нӕ фестаунцӕ, удта сӕхе иннетӕй уӕлдӕр нӕ февӕрунцӕ. Мах уотид ӕмкосгутӕ нӕ ан, фал кӕрӕдзей туххӕй ӕ цард дӕр ка нӕ бавгъау кӕндзӕй, уӕхӕн ӕмбӕлттӕ!

15. Ци куст кӕнӕн, уомӕ цӕхуӕн цӕстӕй гъӕуама кӕсӕн?

15 Ци куст кӕнӕн, е ӕй тӕккӕ хуӕздӕр куст. Мах адӕнӕн Йегови туххӕй рӕстдзийнадӕ амонӕн ӕма Сайтан ци мӕнгӕттӕ парахат кӕнуй, уони хормӕ калӕн (Иоан. 8:44). Сайтан адӕнбӕл хъӕбӕр уӕззау уаргъ исӕвардта. Зӕгъӕн, архайуй, цӕмӕй нӕмӕ уотӕ кӕса, цума нин Йеговӕ нӕ тӕрегъӕдтӕ некӕд ниххатир кӕндзӕй. Расагъӕс кӕнӕ, уӕхӕн гъудити хӕццӕ адӕймагӕн куд зин цӕрӕн ӕй! Адӕймаг Йесомӕ ку ’рбацӕуй, уӕд ӕ тӕрегъӕдтӕ хатиргонд ӕрцӕунцӕ. Удта ни Йеговӕ алкедӕр хъӕбӕр берӕ уарзуй (Ром. 8:32, 38, 39). Махӕн хъӕбӕр ӕхцӕуӕн ӕй, адӕнӕн Йегови туххӕй рӕстдзийнадӕ амонун ӕма сӕ цард куд хуӕздӕр кӕнуй, уой уинун.

КИРИСТЕЙ ӔФСОЙНӔ УИН ИДАРДДӔР ДӔР УОДӔНЦОЙНӔ ХӔССӔД

16. Киристе нӕбӕл ци уаргъ исӕвардта, е цӕмӕй хецӕн кӕнуй, царди ма ци уӕргътӕ хӕссӕн, уонӕй?

16 Киристей уаргъ, царди ма ци уӕргътӕ хӕссӕн, уони хузӕн нӕй. Зӕгъӕн, беретӕ ӕнӕуой кусти фӕсте айдагъ фӕллад нӕ фӕуунцӕ, фал ма нифссаст дӕр. Фал нӕ рӕстӕг Йеговӕн ӕма Йесойӕн лӕггадӕ кӕнгӕй ку рарветӕн, уӕдта нӕ зӕрдӕ цийнӕй байдзаг уй. Еуӕй-еухатт изӕрӕй кусти фӕсте фӕлладӕй ӕмбурдмӕ рандӕ уӕн, фал нӕхемӕ ба цийнӕйдзагӕй ӕма нӕуӕг хъаурити хӕццӕ фездӕхӕн. Ӕма уотӕ айдагъ ӕмбурди фӕсте нӕ фӕууӕн, фал игъосун кӕнуни фӕсте дӕр ӕма Библи ку фертасӕн, уой фӕсте дӕр. Ци нӕуӕг хъауритӕ нӕмӕ фӕззиннуй, етӕ дзӕвгарӕ фулдӕр фӕуунцӕ, ке бахарз кӕнӕн, уонӕй.

17. Ци гъӕуама ма иронх кӕнӕн ӕма лӕмбунӕг цӕмӕ гъӕуама кӕсӕн?

17 Фал нӕ хъауритӕ ӕнӕкӕрон нӕ ’нцӕ ӕма гъӕуама лӕмбунӕг кӕсӕн, цӕбӕл сӕ харз кӕнӕн, уомӕ. Зӕгъӕн, мулк ӕмбурд кӕнунбӕл ку фӕууӕн, уӕд, зӕгъӕн ес, ӕма нӕ хъауритӕ дзӕгъӕли харз кӕнӕн. Еухатт еу гъӕздуг ӕригон нӕлгоймаг Киристей бафарста: «Ци мӕ гъӕуй кӕнун, цӕмӕй ӕносон цардӕй хайгин уон?» Еци лӕг Закъон ӕнхӕст кодта, удта ӕнӕуой дӕр хуарз адӕймаг адтӕй. Марк куд ниффинста, уомӕ гӕсгӕ еци лӕг Йесой зӕрдӕмӕ хъӕбӕр фӕццудӕй. Йесо ин загъта: «Цо, цидӕриддӕр дӕмӕ ес, уой рауӕйӕ кӕнӕ... уой фӕсте ба раздӕхӕ ӕма цо мӕ фӕдбӕл». Еци ӕригон хецауи фӕндадтӕй Киристей фӕдбӕл цӕун, фал ӕй ӕ фӕллойнӕ уадзун ба нӕ фӕндадтӕй (Мар. 10:17–22). Ӕхебӕл Йесой «ӕфсойнӕ» исӕвӕруни бӕсти «гъӕздугдзийнади цагъарӕй» байзадӕй (Матф. 6:24). Ду ба куд бакодтайсӕ?

18. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нӕ ци фӕгъгъӕуй кӕнун ӕма цӕмӕн?

18 Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фӕгъгъӕуй, царди нин сӕйрагдӕр ци ӕй, уобӕл расагъӕс кӕнун. Цӕмӕн? Цӕмӕй ӕй зонӕн, нӕ хъауритӕ дзӕгъӕли ке нӕ харз кӕнӕн, уой. Еу ӕригон пионер Марк радзурдта: «Берӕ ӕнзти дӕргъи мӕмӕ уотӕ кастӕй, ӕма хумӕтӕг цард кӕнун. Ӕз пионерӕй лӕггадӕ кодтон, фал мӕ сагъӕстӕ ба алкӕддӕр адтӕнцӕ, мӕ цард куд фӕххуӕздӕр кӕнон, уобӕл. Мӕ цард мӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕннӕ цӕуй, уой нӕ лӕдӕрдтӕн. Фал ӕй фӕстӕдӕр балӕдӕрдтӕн, ме ’гас хъауритӕ дӕр мӕхебӕл ке харз кодтон, Йеговӕн ба ӕрмӕстдӕр ци рауӕлдай уидӕ, уой ке лӕвардтон». Марк ӕндӕрхузи сагъӕс кӕнун райдӕдта, удта Йеговӕн фулдӕр лӕггадӕ кӕнуни туххӕй ӕ царди дӕр цидӕртӕ раййивта. «Хатгай ӕхцайӕй дӕр батухсун,– зӕгъуй Марк,– фал Йеговӕ ӕма Йесой ӕнхуси фӕрци мин е мӕ лӕггадӕн къулумпий хуасӕ нӕ исуй».

19. Нӕ лӕггадӕмӕ раст цӕстӕй цӕмӕн гъӕуама кӕсӕн?

19 Цӕмӕй Киристей ӕфсойнӕ хӕсгӕй идарддӕр дӕр уодӕнцойнӕ ерӕн, уой туххӕй нӕ гъӕуй нӕ зӕрдӕбӕл ӕртӕ гъуддаги дарун. Фиццаг: дӕ лӕггадӕмӕ раст цӕстӕй кӕсӕ. Мах Йегови гъуддаг ӕнхӕст кӕнӕн ӕма ’й гъӕуама кӕнӕн, уой куд фӕндуй, уотӕ. Мах ан косгутӕ, Йеговӕ ба – нӕ Хецау (Лук. 17:10). Нӕхемӕ куд растдӕр кӕсуй, уотӕ ку архайӕн, уӕд нӕхецӕн зиндӕр кӕнӕн. Гал дӕр, ӕ хецау ӕй кумӕ аразуй, уордӕмӕ ку нӕ цӕуа, уӕд ӕхецӕн зиан ӕрхӕсдзӕй ӕма тагъд бафӕллайдзӕй. Фал Йегови куд фӕндуй, уотӕ ку архайӕн, уӕдта, нӕхецӕй ӕнгъӕл дӕр ке нӕ адтан, уӕхӕн гъуддӕгтӕ дӕр искӕндзиан, ӕма цийфӕнди зиндзийнӕдти сӕрти дӕр рахездзиан. Ма иронх кӕнӕ: Йегови ӕ фӕндон исӕнхӕст кӕнунмӕ неке бахъор кӕндзӕй (Ром. 8:31; 1 Иоан. 4:4).

20. Киристей ӕфсойнӕ хӕссунмӕ нӕ ци гъӕуама разӕнгард кӕна?

20 Дуккаг: раст зӕрдӕй лӕггадӕ кӕнӕ. Нӕ нисан ӕй нӕ уӕларвон Фиди кадгин кӕнун. Фиццаг ӕноси Киристемӕ ка ’рбацӕуидӕ, уонӕй кадӕртӕ цудӕнцӕ, цӕмӕдӕр имӕ ке ӕнгъӕлмӕ кастӕнцӕ, уой туххӕй. Фал уӕхӕн адӕн тагъд фӕффудӕнгъӕл уайуонцӕ ӕма Киристей ӕфсойнӕбӕл сӕ къох ракъуӕриуонцӕ (Иоан. 6:25–27, 51, 60, 66; Фил. 3:18, 19). Хуцауи ӕма адӕни ӕцӕгӕй ка уарзта, етӕ ба еци «ӕфсойнӕ» сӕхебӕл исӕвӕриуонцӕ ӕма цард-цӕрӕнбонти цийнӕгӕнгӕй Йеговӕн лӕггадӕ кодтонцӕ, удта син нифс адтӕй уӕлӕрвти дӕр ин ке лӕггадӕ кӕндзӕнцӕ. Махӕн дӕр нӕ лӕггадӕ кӕдзосзӕрдӕй ку уа, уӕд нин цийнӕдзийнадӕ хӕсдзӕй.

21. Матфеййи 6:31–33 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ федарӕй ци зонӕн?

21 Ӕртиккаг: федарӕй зонӕ Йеговӕ дин ке ӕнхус кӕндзӕй. Мах унаффӕ рахастан Хуцауӕн уодуӕлдаййӕй ке лӕггадӕ кӕндзиан. Йесо рагацау загъта ӕфхуӕрд ке ӕййафдзиан. Фал ӕй федарӕй зонӕн, Йеговӕ нин нӕ фӕлварӕнти хъауритӕ ке дӕтдзӕй. Ӕма куд фулдӕр фӕлварӕнти бафӕразӕн, уотӕ хъаурӕгиндӕр кӕнӕн (Иак. 1:2–4). Уомӕй уӕлдай ма ’й зонӕн, ӕнӕмӕнгӕй нӕ ци гъӕуа, уомӕй нӕ Йеговӕ цох ке нӕ уадздзӕй, Йесо нин разамунд ке дӕтдзӕй, удта нӕ нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕртӕ ке федар кӕндзӕнцӕ. (Бакӕсӕ Матффеййи 6:31–33; Иоан. 10:14; 1 Фес. 5:11.) Еу загъдӕй нин алцидӕр ес, цӕмӕй цийфӕнди зиндзийнӕдти дӕр федар фӕллӕууӕн?

22. Боз цӕй туххӕй ан?

22 Киристе ке исдзӕбӕх кодта, еци силгоймагӕн еци фӕдӕй фенцондӕр ӕй, фал цӕмӕй ӕносон уодӕнцойнӕ иссирдтайдӕ, уой туххӕй ба гъӕуама Киристей еузӕрдон ахуркӕнуйнаг иссайдӕ. Расагъӕс кӕнӕ: кӕд еци силгоймаг Йесой ӕфсойнӕ ӕхебӕл исӕвардта, уӕд нур ӕ хӕццӕ уӕлӕрвти лӕггадӕ кӕнуй! Киристей фӕдбӕл цӕугӕй ӕхе цӕмӕй фӕццох кодтайдӕ, уой рабарӕн дӕр нӕййес, ци хуӕрзеуӕгӕй исхайгин ӕй, уой хӕццӕ. Фӕнди нин уӕларвон нифс уа, фӕнди – зӕнхон, уӕддӕр не ’гас дӕр хъӕбӕр боз ан, Киристе нӕ ӕхемӕ ке ӕрбахудта, уой туххӕй!

13 ЗАР Киристе махӕн ӕй фӕнзуйнаг

^ 5 абз. Йесо нин зӕгъуй, цӕмӕй имӕ ӕрбацӕуӕн. Нӕ бон имӕ куд ӕй ӕрбацӕун? Аци фарстабӕл дзуапп базондзиан аци статьяй. Удта ма нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕндзиан, Киристей хӕццӕ ӕмгуст кӕнгӕй нӕ бон уодӕнцойнӕ иссерун куд ӕй, уой.

^ 60 абз. ХУЗӔ. Йесо ӕ дзурдтӕй дӕр ӕма ӕ гъуддӕгтӕй дӕр адӕнӕн уодӕнцойнӕ хаста.

^ 66 абз. ХУЗӔ. Ӕнсувӕр Киристей фӕнзуй ӕма иннетӕн уодӕнцойнӕ хӕссуй.