Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

4 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Еу хумӕтӕг ӕхсӕвӕрӕй нӕ уӕларвон Паддзахи туххӕй ци ес базонӕн?

Еу хумӕтӕг ӕхсӕвӕрӕй нӕ уӕларвон Паддзахи туххӕй ци ес базонӕн?

«Аци дзол нисан кӕнуй мӕ бауӕр... аци сӕнӕ нисан кӕнуй мӕ тог – „бадзурди тог“» (МАТФ. 26:26–28).

16 ЗАР Йеговӕн искадӕ кӕнӕ е ’вӕрд Паддзахи туххӕй

РАЗДЗУРД *

1, 2. а) Имисӕн изӕр куд бӕрӕг кӕнун гъӕуй, уой фӕдбӕл Киристе хумӕтӕг амундтӕ ке равардта, е дессаг цӕмӕннӕ ’й? б) Киристей менеугутӕй кӕцитӕбӕл радзубанди кӕндзиан?

КИРИСТЕЙ мӕлӕт имисӕн изӕр куд фӕббӕрӕг кӕнӕн? Нӕ фулдӕр ӕй ӕнцонтӕй радзордзӕнцӕ. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма ’й хъӕбӕр хумӕтӕгӕй фӕббӕрӕг кӕнӕн. Фал ин уотемӕй дӕр устур нисанеуӕг ес. Уомӕ гӕсгӕ кадӕр зӕгъдзӕй: «Мадта уӕд уӕхӕн хумӕтӕг цӕмӕн ӕй?»

2 Киристе зӕнхӕбӕл ку цардӕй, уӕд ӕй адӕн зудтонцӕ, ӕхсидзгӕ гъудитӕ хумӕтӕгӕй ка лӕдӕрун кодта, уӕхӕн адӕймагӕй (Матф. 7:28, 29). Ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн Имисӕн изӕр бӕрӕг кӕнун * куд гъӕудзӕй, уой ку лӕдӕрун кодта, уӕд дӕр син ӕхсидзгӕ, фал хумӕтӕг амундтӕ равардта. Гъӕйдӕ мадта лӕмбунӕгдӕр радзубанди кӕнӕн Имисӕн изӕрбӕл, удта Йесо ци дзурдта ӕма ци кодта, уобӕл дӕр. Уой фӕрци ’й хуӕздӕр балӕдӕрдзиан, Йесо куд сӕрниллӕг ӕма нифсхаст адтӕй ӕма адӕни куд уарзта, уой. Удта ма расагъӕс кӕндзиан, Киристей фӕнзун нин никки хуӕздӕр цӕй фӕрци уайдзӕй, уобӕл.

ЙЕСО АДТӔЙ СӔРНИЛЛӔГ

Имисӕн изӕри ци дзол ӕма сӕнӕ фӕууй, етӕ нин нӕ зӕрдӕбӕл лӕуун кӕнунцӕ, Йесо мах туххӕй ӕ цард ке равардта ӕма нур уӕлӕрвти Паддзах ке ӕй (кӕсӕ 3–5 абзацтӕ)

3. Имисӕн изӕр цӕйбӕрцӕбӕл хумӕтӕг адтӕй ӕма си ци хумӕтӕг нисӕнттӕ адтӕй, етӕ цӕмӕ амонунцӕ, е Матфеййи 26:26–28 финст дзурдтӕй куд зиннуй?

3 Киристе Имисӕн изӕрӕн бундор ку исӕвардта, уӕд ӕ 11 еузӕрдон апостоли ӕ хӕццӕ адтӕнцӕ. Комуадзӕни ӕхсӕвӕрӕй ма ци байзадӕй, уой райста ӕма син бавдиста, Имисӕн изӕр сӕ бӕрӕг кӕнун куд гъӕудзӕй, уой. (Бакӕсӕ Матфеййи 26:26–28.) Йесо райста ӕрмӕстдӕр къӕхигӕнӕ дзол ӕма сӕнӕ. Уой фӕсте ба син загъта, еци сӕнӕ ӕма дзол, минкъий фӕстӕдӕр уони туххӕй нивонди ке гъӕуама ӕрхастайдӕ, еци ӕнхӕст бауӕр ӕма тогмӕ ке амонунцӕ. Апостолтӕмӕ, ӕвӕдзи, дессаг нӕ фӕккастӕй, Йесо син уӕхӕн ӕхсидзгӕ гъуддаг бӕрӕг кӕнунмӕ хумӕтӕг амундтӕ ке равардта. Цума цӕмӕн?

4. Йесо Марфӕн ци загъта, е куд ӕвдесуй, Хецауи ӕхсӕвӕр уӕхӕн хумӕтӕг цӕмӕн адтӕй, уой?

4 Ӕргъуди кӕнӕн, Киристе зӕнхӕбӕл ӕртиккаг анз ку лӕггадӕ кодта ӕма ма ӕ мӕлӕтмӕ еу анзи ’рдӕги бӕрцӕ ку байзадӕй, уӕд ци хабар ӕрцудӕй уой. Йесо иуазӕгуати адтӕй ӕ хӕстӕг ӕмбӕлттӕмӕ – Лазӕр, Марфӕ ӕма Марийи хӕдзари. Уоми Йесо ахур кодта, хӕдзари ма ка адтӕй, уони. Марфӕ ба кадгин иуазӕгӕн аллихузи хуӕруйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнунбӕл фӕцӕй. Йесо ӕй ку фӕууидта, уӕд ин фӕлмӕнӕй балӕдӕрун кодта, алкӕд дессаги фингтӕ кӕнун ке нӕ гъӕуй (Лук. 10:40–42). Ӕма ӕ цард нивонди ӕрхӕссуни размӕ Йесо ӕхуӕдӕг дӕр бакодта, Марфӕн куд амудта, уотӕ, ӕма ӕ мӕлӕти хӕццӕ баст ӕхсӕвӕр хъӕбӕр хумӕтӕгӕй рарвиста. Аци хабарӕй Йесой туххӕй ци ес базонӕн?

5. Имисӕн изӕр хумӕтӕгӕй ке бӕрӕг кӕнӕн, е нин Киристей туххӕй цӕбӕл дзорӕг ӕй ӕма е Филиппӕгтӕмӕ 2:5–8 куд зиннуй?

5 Киристейӕн ӕ дзурдтӕй дӕр ӕма ӕ гъуддӕгтӕй дӕр ӕ сӕрниллӕгдзийнадӕ бӕрӕг адтӕй. Ӕма зӕнхӕбӕл фӕстаг бон ку цардӕй, уӕд дӕр устур сӕрниллӕгдзийнадӕ бавдиста (Матф. 11:29). Зудта ӕй, мӕнӕ-мӕнӕ историй ка байзайдзӕй, уӕхӕн гъуддаг ке искӕндзӕй адӕни туххӕй хъӕбӕр устур нивонд ке ӕрхӕсдзӕй, уой фӕсте ба ӕй Йеговӕ уӕларвон цардмӕ ке райгас кӕндзӕй ӕма ин паддзахи бартӕ ке ратдзӕй. Фал ӕй уӕддӕр ӕхемӕ уӕлдай ӕргом ӕздахун нӕ фӕндадтӕй ӕма уомӕ не ’нгъӕлмӕ кастӕй, цӕмӕй ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕ, ӕ мӕлӕт имисуни туххӕй дессаги цидӕртӕ кодтайуонцӕ. Йесо ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн загъта, цӕмӕй ин анзмӕ еу хатт ӕ мӕлӕт имисӕн изӕр хумӕтӕгӕй бӕрӕг кодтайуонцӕ (Иоан. 13:15; 1 Кор. 11:23–25). Имисӕн изӕр бӕрӕг кӕнун куд байамудта, уомӕй бӕрӕг ӕй сӕрбӕрзонддзийнадӕн имӕ ӕ кой дӕр ке н’ адтӕй. Уӕхӕн сӕрниллӕг уӕларвон Паддзах нин ке ес, е нин ӕхцӕуӕн куд нӕй! (Бакӕсӕ Филиппӕгтӕмӕ 2:5–8.)

6. Фӕлварӕнти нӕ бон куд ӕй Киристей хузӕн сӕрниллӕг ун?

6 Нӕ бон куд ӕй Киристей хузӕн сӕрниллӕг ун? Зӕгъӕн, фиццагидӕр гъӕуама иннетӕбӕл сагъӕс кӕнӕн, нӕхебӕл нӕ, фал (Фил. 2:3, 4). Расагъӕс кӕнӕ Йесой фӕстаг ӕхсӕвӕбӕл. Е ӕй зудта, гъезӕмайраг мӕлӕт ин ке бавзарун кӕндзӕнцӕ, фал уӕддӕр, ӕ апостолтӕ куд уодзӕнцӕ, уобӕл тухстӕй. Уомӕ гӕсгӕ сӕ хӕццӕ ӕгас ӕхсӕвӕ дӕр фӕдздзурдта, ахур ӕма сӕ федар кодта (Иоан. 14:25–31). Йесо ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕбӕл ке тухстӕй, ӕхебӕл нӕ, фал, уомӕй бӕрӕг адтӕй ӕ сӕрниллӕгдзийнадӕ, ӕма нин уомӕй фӕнзуйнаг ӕй.

ЙЕСО АДТӔЙ НИФСХАСТ

7. Киристе Хецауи ӕхсӕвӕр бӕрӕг кӕнун ку бафӕдзахста, уӕд уой фӕсте устур нифсхастдзийнадӕ куд бавдиста?

7 Киристе Хецауи ӕхсӕвӕр бӕрӕг кӕнун ку бафӕдзахста, уӕд уой фӕсте бавдиста, устур нифсхастдзийнадӕ. Цума кутемӕй? Ӕ Фиди фӕндон исӕнхӕст кодта, кӕд ӕй Хуцауи фауӕг ке исхондзӕнцӕ ӕма ’й фудмард ке ракӕндзӕнцӕ, уой зудта, уӕддӕр (Матф. 26:65, 66; Лук. 22:41, 42). Йесо Хуцаубӕл еузӕрдонӕй байзадӕй ӕма ин уотемӕй ӕ ном исрохс кодта, ӕ хецаудзийнади фарс ке ӕй, уой бавдиста, удта ӕ тӕрегъӕдтӕбӕл ка фӕсмон кӕнуй, уонӕн ӕносон цардмӕ над райгон кодта. Уомӕй уӕлдай ма ӕ фӕдбӕлдзӕугути дӕр фӕлварӕнтӕмӕ бацӕттӕ кодта.

8. а) Киристе ӕ еузӕрдон апостолтӕн ци загъта? б) Киристей фӕдбӕлдзӕугутӕ берӕ ӕнзти дӕргъи уой хузӕн нифсхастдзийнадӕ куд ӕвдистонцӕ?

8 Йесо нифсхаст ке адтӕй, е ма бӕрӕг ӕй, ци имӕ ӕнгъӕлмӕ кӕстӕй, уобӕл тухсуни бӕсти ӕ апостолти ке федар кодта, уомӕй. Иуди ку рарвиста, уӕд Имисӕн изӕри фӕдбӕл ци хумӕтӕг амундтӕ равардта, етӕ гъӕуама ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн сӕ зӕрдӕбӕл лӕуун кодтайуонцӕ, ӕ тог ке никкалдта, е ци арфӕдзийнӕдтӕ хӕссуй, уони ӕма сӕ хӕццӕ ци нӕуӕг бадзурд арӕзт ӕрцудӕй, уой (1 Кор. 10:16, 17). Цӕмӕй ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн банхус кодтайдӕ еузӕрдонӕй байзайун ӕма сӕ уӕларвон хуӕрзеуӕг райсун, уой туххӕй син Йесо балӕдӕрун кодта, ӕ Фидӕ сӕмӕ цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уой (Иоан. 15:12–15). Йесо ма син загъта, фӕлварӕнтӕ сӕмӕ ке ӕнгъӕлмӕ кӕсуй. Уой фӕсте ба сӕ баразӕнгард кодта: «Федар лӕууетӕ!» (Иоан. 16:1–4а, 33). Берӕ ӕнзти фӕсте дӕр ма ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕ уой хузӕн нифсхаст адтӕнцӕ. Етӕ аллихузи фӕлварӕнти кӕрӕдзей федар кодтонцӕ, кӕд син ӕфхуӕрд баййафунӕй тӕссаг адтӕй, уӕддӕр (Дзиуит. 10:33, 34).

9. Нӕ бон куд ӕй Киристей хузӕн нифсхаст ун?

9 Мах дӕр абони Киристей хузӕн багъӕуй нифсхастдзийнадӕ, зӕгъӕн, ке фӕдбӕл фӕззелунцӕ, еци ӕнсувӕртӕн ку фенхус кӕнӕн, уӕд. Кӕцидӕр бӕстити не ’нсувӕрти ахӕстдӕнтти дӕр исбадун кӕнунцӕ. Уӕхӕн хабар ку ’рцӕуа, уӕд гъӕуама нӕ бон цидӕриддӕр ӕй, уой кӕнӕн, цӕмӕй син банхус кӕнӕн, зӕгъӕн, уони туххӕй ковӕн, ку багъӕуа, уӕдта хецауади рази дӕр сӕ сӕрбӕл исдзорӕн (Фил. 1:14; Дзиуит. 13:19). Уомӕй уӕлдай ма нӕ игъосун кӕнуни гъуддаг ку нӕ уадзӕн, уӕд дӕр бӕрӕг уодзӕй, нифсхаст ке ан, е (Гъуд. 14:3). Махӕн дӕр Киристей хузӕн нӕ федар фӕндӕ ӕй Паддзахади хабар идарддӕр дӕр адӕнӕн игъосун кӕнун, уой туххӕй нӕ фӕдбӕл ку зелонцӕ, уӕддӕр. Фал нин хатгай нифсхастдзийнадӕ нӕ фӕффагӕ кӕнуй. Цума уӕд нӕ бон ци ӕй кӕнун?

10. Имисӕн изӕри размӕ ци кӕнун гъӕуй, ӕма е ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?

10 Цӕмӕй нифсхаст уӕн, уой туххӕй нӕ гъӕуй, Киристей нивонди фӕрци нин ци нифс фӕззиндтӕй, уобӕл сагъӕс кӕнун (Иоан. 3:16; Еф. 1:7). Имисӕн изӕри размӕ еци къуӕрети нӕ бон ӕй бавдесун, Киристей нивонди туххӕй боз ке ан, уой. Еци рӕстӕг нӕ бон ӕй Библийӕй кӕсун, ӕ мӕлӕти размӕ ци хабӕрттӕ цудӕй, уой ӕма сӕбӕл сагъӕс кӕнун. Ӕма Имисӕн изӕр ку бӕрӕг кӕнӕн, уӕд ӕй хуӕздӕр лӕдӕрдзиан, дзол ӕма сӕнӕ ци нивондмӕ амонунцӕ, уомӕн цӕхуӕн устур аргъ ес, уой. Йеговӕ ӕма Йесо мах туххӕй ци искодтонцӕ, уомӕй боз ку уӕн ӕма еци нивонд махмӕ, удта нӕ хӕстӕгутӕмӕ куд хауй, уой ку лӕдӕрӕн, уӕд нӕ нифс федардӕр кӕндзӕй, ӕма нӕ цийфӕнди зиндзийнӕдтӕ дӕр нӕ басӕтдзӕнцӕ (Дзиуит. 12:3).

11, 12. Имисӕн изӕр нин нӕ зӕрдӕбӕл ци лӕуун кӕнуй?

11 Куд ӕй фӕууидтан, уотемӕй нин Имисӕн изӕр нӕ зӕрдӕбӕл айдагъ Киристей нивонд нӕ лӕуун кӕнуй, фал ма куд сӕрниллӕг ӕма нифсхаст адтӕй, уой дӕр. Еци менеугутӕ Йесо нур дӕр ӕвдесуй уӕлӕрвти Хестӕр саугинӕй лӕггадӕ кӕнгӕй ӕма мах туххӕй «Хуцауӕн лигъстӕ кӕнгӕй» (Дзиуит. 7:24, 25). Ӕма си боз ке ан, уой цӕмӕй бавдесӕн, уой туххӕй гъӕуама Имисӕн изӕр бӕрӕг кӕнӕн, ӕхуӕдӕг куд бафӕдзахста, уотӕ (Лук. 22:19, 20). Бӕрӕг ба ’й фӕккӕнӕн 14 нисан кӕбӕл ӕрхауй, еци бон, ӕма нин е ӕй анзи медӕг тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр бон.

12 Хецауи ӕхсӕвӕр хъӕбӕр хумӕтӕг ке адтӕй, е ма Киристей менеугутӕй еуемӕ дӕр амонуй. Еци менеуӕг ӕй баразӕнгард кодта адӕни туххӕй ӕ цард раттунмӕ, удта ’й адӕн дӕр еци менеуӕгӕй зудтонцӕ. Цума е ци адтӕй?

ЙЕСО АДӔНИ УАРЗТА

13. Иоанни 15:9 ӕма 1 Иоанни 4:8–10 Йеговӕ ӕма Киристей уарзондзийнади туххӕй ци финст ес ӕма еци уарзондзийнадӕ ӕхебӕл ка лӕдӕруй?

13 Йесойӕн ӕ алли гъуддагӕй дӕр бӕрӕг адтӕй, адӕни, Хуцау сӕ куд уарзуй, уотӕ ке уарзта. (Бакӕсӕ Иоанни 15:9; 1 Иоанни 4:8–10.) Уомӕй уӕлдай ма адӕни туххӕй ӕ цард дӕр равардта. Еци нивонд Йегови ӕма Йесой уарзондзийнади бӕрӕггӕнӕн ӕй, ӕма еци уарзондзийнадӕ сӕхебӕл лӕдӕрунцӕ исӕрст киристӕнттӕ дӕр ӕма «ӕндӕр фустӕ» дӕр (Иоан. 10:16; 1 Иоан. 2:2). Имисӕн изӕри ци нисӕнттӕ фӕууй, етӕ дӕр хуарз ӕвдесунцӕ, Йесо ӕ фӕдбӕлдзӕугути ке уарзуй ӕма сӕбӕл ке тухсуй, уой. Цума куд?

Имисӕн изӕр цӕхуӕн ӕгъдаумӕ гӕсгӕ бӕрӕг кӕнун гъӕуй, е ӕй хумӕтӕг. Уой фӕрци ӕй киристӕнтти бон адтӕй бӕрӕг кӕнун сӕдӕгай ӕнзти дӕргъи ӕма аллихузи уавӕрти (кӕсӕ 14–16 абзацтӕ) *

14. Йесо ӕ фӕдбӕлдзӕугути сагъӕс ке кодта, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй?

14 Киристе ӕ исӕрст фӕдбӕлдзӕугути сагъӕс ке кодта, уой бавдиста, зинӕнхӕстгӕнӕн ӕгъдӕуттӕ ке не ’рфедар кодта, фал хумӕтӕг нисӕнттӕй ке испайда кодта, уомӕй. Имисӕн изӕр бӕрӕг кӕнун сӕ гъудайдӕ алли анз дӕр, удта аллихузи уавӕрти, сауӕнгӕ ма ахӕстдони дӕр (Рарг. 2:10). Цума син е ӕнтӕстӕй? Гъо.

15, 16. Еуӕй-еу киристӕнттӕ Имисӕн изӕр къундӕг уавӕрти дӕр куд бӕрӕг кодтонцӕ?

15 Фиццаг ӕносӕй абони уӕнгӕ ӕцӕг киристӕнттӕ Имисӕн изӕр исбӕрӕг кӕнун алкӕддӕр ӕхсидзгӕ гъуддагбӕл нимадтонцӕ. Цийфӕнди зин уавӕрти дӕр гӕнӕн ӕма амалӕй архайдтонцӕ, Киристе куд бафӕдзахста, уомӕ гӕсгӕ. Ӕркӕсӕн къуар цӕветтонемӕ. Харольд Кинг бадтӕй Китаййи ахӕстдони, еугӕйттӕй кӕми дардтонцӕ, уӕхӕн камери. Уоми ’й Имисӕн изӕр исбӕрӕг кӕнунмӕ сӕрӕндзийнадӕ багъудӕй. Харольд Кинг, куд ӕй маке базудтайдӕ, уотемӕй, ӕрцӕттӕ кодта, ци имӕ адтӕй уой, удта Имисӕн изӕр кӕци бонмӕ хаудтӕй, уой куддӕрти банимадта ӕма рӕстӕг ку ’рхъӕрдтӕй, уӕд зар разардта, ракувта ӕма радзубанди радзурдта.

16 Иннӕ хабар ба ӕрцудӕй дуккаг дуйнеуон тугъди рӕстӕг. Концлагери ка бадтӕй, еци хуӕртӕ Имисӕн изӕр ке бӕрӕг кодтонцӕ, уой туххӕй сӕ маргӕ дӕр ракодтайуонцӕ. Фал нисӕнттӕ хумӕтӕг ке ’нцӕ, уой фӕрци сӕ бон адтӕй Имисӕн изӕр уотӕ исбӕрӕг кӕнун, цӕмӕй сӕ маке фӕууидтайдӕ. Етӕ радзурдтонцӕ: «Къелабӕл уорс хъумац байтудтан, нисӕнттӕ ибӕл ӕрӕвардтан ӕма ӕ алливарс ислӕудтан. Цӕмӕй нӕ иннетӕ ма фӕууидтайуонцӕ, уой туххӕй цирагъи бӕсти цъилингай рохс искодтан. [...] Гъе уотемӕй бабӕй нӕ уӕларвон Фидӕн ӕгас зӕрдӕй расоми кодтан ӕ ном исрохс кӕнуни туххӕй нӕ хъауритӕбӕл ке некӕд ауӕрддзиан». Е дин ӕууӕндундзийнадӕ! Мадта Имисӕн изӕр цийфӕнди уавӕрти дӕр ӕнгъезуй исбӕрӕг кӕнун, Йесо ӕ фӕдбӕлдзӕугути сагъӕс ке бакодта, ӕма ’й хумӕтӕгӕй бӕрӕг кӕнун ке ниффӕдзахста, уой фӕрци.

17. Нӕхемӕ цӕхуӕн фарстатӕ нӕ бон ӕй раттун?

17 Имисӕн изӕр куд хӕстӕгдӕр кӕнуй, уотӕ нӕ бон ӕй нӕхе бафӕрсун: «Мӕ бон куд ӕй Киристей фӕнзун ӕма никки фулдӕр уарзондзийнадӕ ӕвдесун? Фулдӕр ке сагъӕс кӕнун, мӕхе ӕви иннети? Хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй ӕгӕр берӕ цӕмӕдӕрти не ’нгъӕлмӕ кӕсун? Лӕдӕрун ӕй, алци сӕ бон ке нӕй, уой?» Гъӕйдӕ мадта Киристей фӕнзӕн ӕма алкӕддӕр лӕдӕргӕ уӕн (1 Пет. 3:8).

ИМИСӔН ИЗӔР НИН ЦӔБӔЛ ДЗОРӔГ ӔЙ, УОЙ МА ИРОНХ КӔНТӔ

18, 19. а) Федарӕй ӕууӕндун нӕ бон цӕбӕл ӕй? б) Абони нӕ ци кӕнун гъӕуй?

18 Тагъд рӕстӕги Киристей мӕлӕт имисӕн изӕр нӕбал бӕрӕг кӕндзиан. Устур бӕллӕхи рӕстӕг Йесо ку «’рцӕуа», уӕд ӕ хӕццӕ паддзӕхтӕ ка уодзӕй, еци «’взурст адӕнӕй» ма зӕнхӕбӕл ка уа, уони ӕрӕмбурд кӕндзӕй. Уой фӕсте Имисӕн изӕр бӕрӕг кӕнун нӕбал гъӕудзӕй (1 Кор. 11:26; Матф. 24:31).

19 Фал еци хабари фӕсте дӕр Хуцауи адӕнӕн ӕхцӕуӕн уодзӕй, Йесой сӕрниллӕгдзийнадӕ, нифсхастдзийнадӕ ӕма уарзондзийнадӕбӕл дзорӕг ка адтӕй, еци Имисӕн изӕр куд хумӕтӕгӕй бӕрӕг кодтонцӕ, уой ӕргъуди кӕнун. Имисӕн изӕр ка бӕрӕг кодта, еци еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ, ӕвӕдзи, нӕуӕг дуйней иннетӕн дӕр дзордзӕнцӕ, куд ӕй бӕрӕг кодтонцӕ, уой. Цалинмӕ еци дуйне нӕма ’рцудӕй, уӕдмӕ ба бал Киристей хузӕн сӕрниллӕг ӕма нифсхаст уӕн ӕма иннети уарзӕн. Гъе уӕд нин Йеговӕ ӕнӕмӕнгӕй райарфӕ кӕндзӕй (2 Пет. 1:10, 11).

13 ЗАР Киристе махӕн ӕй фӕнзуйнаг

^ 5 абз. Тагъд рӕстӕги еумӕ ӕрӕмбурд уодзиан Хецауи ӕхсӕвӕрмӕ, цӕмӕй Киристей мӕлӕт имисӕн изӕр исбӕрӕг кӕнӕн. Еци хумӕтӕг ӕхсӕвӕр нин Киристей сӕрниллӕгдзийнадӕ, нифсхастдзийнадӕ ӕма уарзондзийнадӕбӕл дзорӕг ӕй. Аци статьяй радзубанди кӕндзиан, уӕхӕн менеугутӕ ӕвдесун нӕ бон куд ӕй, уобӕл.

^ 2 абз. ЦИ НИСАН КӔНУЙ. Бӕрӕг кӕнун нисан кӕнуй цӕхуӕндӕр бӕлвурд гъуддаг искӕнун, цӕмӕй адӕймаги кенӕ цидӕр ӕхсидзгӕ хабар ӕргъуди кӕнай.

^ 56 абз. ХУЗТӔ. Йегови еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ Имисӕн изӕр бӕрӕг кӕнунцӕ 1 ӕноси, 19 ӕноси, нацистити концлагери ӕма, фӕрстӕ кӕбӕл нӕййес, уӕхӕн зали Хонсар Америки гъар бӕститӕй еуеми.