Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

5 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Нӕ фембӕлдтӕмӕ цӕунмӕ нӕ ци разӕнгард кӕнуй?

Нӕ фембӕлдтӕмӕ цӕунмӕ нӕ ци разӕнгард кӕнуй?

«Фегъосун кӕнтӕ нӕ Хецауи мӕлӕти туххӕй, цалинмӕ не ’рцӕуа, уӕдмӕ» (1 КОР. 11:26).

18 ЗАР Киристей нивонди туххӕй боз уӕн

РАЗДЗУРД *

1, 2. а) Милиуангай адӕн Имисӕн изӕрмӕ ку ’рбацӕунцӕ, уӕд си Йеговӕ ке фӕууинуй? (Кӕсӕ хузӕмӕ ӕндаг цъарӕбӕл.) б) Аци статьяй дзурд цӕбӕл цӕудзӕй?

ӔГАС дуйнебӕл дӕр милиуангай адӕн ӕрбацӕунцӕ Киристей мӕлӕт имисӕн изӕрмӕ. Йеговӕ си алкедӕр фӕууинуй. Йеговӕ уинуй, анзӕй-анзмӕ еци фембӕлдмӕ ка ӕрбацӕуй, уони. Кадӕртӕ си карз ӕфхуӕрд ӕййафунцӕ, фал уӕддӕр ӕрбацӕунцӕ. Кадӕртӕ ба ӕмбурдтӕмӕ нӕ фӕццӕунцӕ, фал Имисӕн изӕрмӕ ӕрбацӕун ба сӕ ихӕсбӕл нимайунцӕ. Уомӕй уӕлдай ма Йеговӕ уинуй, еци фембӕлдмӕ уотид ӕркӕсунмӕ фиццаг хатт ка ’рбацудӕй, уони дӕр.

2 Йеговӕн хъӕбӕр ӕхцӕуӕн фӕууй, Имисӕн изӕрмӕ уойбӕрцӕ адӕн ке ӕрбацӕуй, уой уинун (Лук. 22:19). Фал уомӕн сӕйрагдӕр ӕй, цал адӕймаги ӕрбацӕуй, е нӕ, фал цӕмӕн ӕрбацӕунцӕ, е. Аци статьяй ӕркӕсдзиан еу ӕхсидзгӕ фарстамӕ: Имисӕн изӕрӕй уӕлдай ма алли къуӕре дӕр, Йеговӕ ке ӕрцӕттӕ кӕнуй, еци фембӕлдтӕмӕ цӕмӕн ӕрбацӕуӕн?

Ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр милиуангай адӕн ӕрӕмбурд ӕнцӕ Имисӕн изӕр бӕрӕг кӕнунмӕ ӕма син хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ӕгассо зӕгъунцӕ (кӕсӕ 1, 2 абзацтӕ)

ГЪӔУАМА УӔН СӔРНИЛЛӔГ

3, 4. а) Ӕмбурдтӕмӕ цӕмӕн ӕрбацӕуӕн? б) Ӕмбурдтӕмӕ ке цӕуӕн, уомӕй ци ’вдесӕн? в) 1 Коринфӕгтӕмӕ 11:23–26 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Имисӕн изӕр цӕмӕн гъӕуама бӕрӕг кӕнӕн?

3 Ӕмбурдтӕмӕ фиццагидӕр цӕуӕн, е нӕ лӕггадӕмӕ ке хауй, уой туххӕй. Уомӕй уӕлдай мӕ нӕ Йеговӕ еци фембӕлдти фӕрци ахур дӕр кӕнуй. Сӕрбӕрзонд адӕн еске сӕ ахур кӕна, уой сӕ сӕрмӕ нӕ фӕххӕссунцӕ (3 Иоан. 9). Фал махӕн ба ӕхцӕуӕн ӕй, Йеговӕ ӕма нӕ ӕ организаци ке ахур кӕнунцӕ, е (Ис. 48:17, 18; Иоан. 6:45).

4 Ӕмбурдтӕмӕ ке ӕрбацӕуӕн, уомӕй ӕвдесӕн, сӕрниллӕг ӕма ахур кӕнунмӕ цӕттӕ ке ан. Имисӕн изӕрмӕ ӕрбацӕун нӕ ихӕс ке ӕй, айдагъ уой туххӕй не ’рбацӕуӕн. Уотемӕй сӕрниллӕгӕй ӕнхӕст кӕнӕн Киристей фӕдзӕхст: «Уотӕ кӕнтӕ мӕ имисуни туххӕй». (Бакӕсӕ 1 Коринфӕгтӕмӕ 11:23–26.) Еци ӕхсидзгӕ фембӕлди фӕрци нӕ исафӕн, федӕнӕй нин ци нифс ес, уой, удта нӕ иронх кӕнӕн, Йеговӕ нӕ куд хъӕбӕр уарзуй, уой дӕр. Йеговӕ ’й зонуй, нӕ нифс бафедар кӕнун нин анзмӕ еу хатт фагӕ ке нӕй. Уомӕ гӕсгӕ батухстӕй, цӕмӕй нин алли къуӕре дӕр фембӕлдтӕ уа, ӕма нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй сӕмӕ цӕуӕн. Уой туххӕй ба нӕ гъӕуй сӕрниллӕгдзийнадӕ. Цӕмӕй алли къуӕре дӕр нӕхе ӕмбурдтӕмӕ цӕттӕ кӕнӕн ӕма сӕмӕ цӕуӕн, уой туххӕй нӕ берӕ рӕстӕг багъӕуй.

5. Сӕрниллӕг адӕн Йеговӕмӕ цӕмӕн ӕрбацӕунцӕ?

5 Алли анз дӕр дуйне сӕрниллӕг адӕн Йеговӕмӕ ӕрбацӕунцӕ, цӕмӕй сӕ ахур кӕна (Ис. 50:4). Имисӕн изӕрмӕ фиццаг хатт ка ӕрбацӕуй, уонӕй беретӕ иннӕ фембӕлдтӕмӕ дӕр цӕун райдайунцӕ (Зах. 8:20–23). Ӕма махӕн дӕр ӕхцӕуӕн фӕууй сӕ хӕццӕ еумӕ «не ’нхусгӕнӕг ӕма нӕ Ервӕзунгӕнӕг» Хуцау Йеговӕй ахур кӕнун (Пс. 40:17). Йеговӕй ӕма ӕ уарзон Фурт Йесо Киристейӕй ахур кӕнун нӕ бон ке ӕй, уомӕй сӕйрагдӕр ӕма ӕхцӕуӕндӕр ци гъӕуама уа! (Матф. 17:5; 18:20; 28:20).

6. Еу нӕлгоймагӕн Имисӕн изӕрмӕ ӕрбацӕунмӕ сӕрниллӕгдзийнадӕ куд банхус кодта?

6 Алли анз дӕр фӕййархайӕн, цӕмӕй Имисӕн изӕрмӕ фулдӕр адӕн ӕрбахонӕн. Сӕрниллӕг адӕнӕй беретӕ ӕрбацӕунцӕ ӕма ибӕл нӕ рафӕсмон кӕнунцӕ. Ӕрхӕссӕн еу цӕветтон. Цалдӕр анзей размӕ не ’нсувӕр еу нӕлгоймагӕн Имисӕн изӕрмӕ хунди гӕгъӕди равардта. Нӕлгоймаг ӕй райста, фал загъта, ӕ бон ӕрбацӕун ке не ’суодзӕй. Расагъӕс кӕнӕ, ӕнсувӕр куд бадес кодта, еци нӕлгоймаги Имисӕн изӕри бон зали ку фӕууидта, уӕд! Ци цӕстӕй имӕ ракастӕнцӕ, е ӕ зӕрдӕмӕ уотӕ фӕццудӕй, ӕма алли къуӕре дӕр ӕмбурдтӕмӕ цӕун райдӕдта. Ӕгас анзмӕ ӕртӕ ӕмбурдемӕй ӕндӕр нӕ фӕццох кодта. Уӕхӕн хуарз ӕййивддзийнӕдтӕ искӕнунмӕ ин ци банхус кодта? Уойбӕрцӕ сӕрниллӕгдзийнадӕ имӕ разиндтӕй, ӕма ӕ гъуддӕгтӕ ӕндӕрхузи испълан кодта. Имисӕн изӕрмӕ ’й ци ’нсувӕр ӕрбахудта, е си фӕстӕдӕр загъта: «Хъӕбӕр сӕрниллӕг адӕймаг ӕй». Йеговӕ ’й ӕхемӕ ӕрбакодта ӕма нур донаргъуд ӕнсувӕр ӕй (2 Сам. 22:28; Иоан. 6:44).

7. Ӕмбурдти ӕма Библи кӕсгӕй ци базонӕн, е нин сӕрниллӕгдзийнадӕбӕл архайунмӕ куд ӕнхус кӕнуй?

7 Ӕмбурдти дӕр, удта Библи кӕсгӕй ци базонӕн, уой фӕрци нӕ бон ӕй сӕрниллӕгдзийнадӕбӕл архайун. Имисӕн изӕри размӕ цалдӕр къуӕрей дӕргъи ӕмбурдти арӕх фӕдздзорӕн Киристей туххӕй, удта ӕ цард нивонди ку ’рхаста, уӕд ци сӕрниллӕгдзийнадӕ бавдиста, уой туххӕй. Цалдӕр бони раздӕр ба фӕккӕсӕн Библийӕй скъуддзӕгтӕ, Йесо куд рамардӕй ӕма куд райгас ӕй, уой туххӕй. Еци рӕстӕг Киристей хабӕрттӕмӕ уотӕ ке ӕрлӕмбунӕг уӕн, уой фӕрци ӕ нивондӕн никки фулдӕр аргъ кӕнун райдайӕн. Боззӕрдӕ ку уӕн, уӕд мах дӕр фӕнддзӕй Киристей хузӕн сӕрниллӕгдзийнадӕ ӕвдесун ӕма Йегови фӕндон ӕнхӕст кӕнун, ӕнцон ку нӕ уа, уӕддӕр (Лук. 22:41, 42).

ГЪӔУЙ НӔ НИФСХАСТДЗИЙНАДӔ

8. Киристе нифсхастдзийнадӕ куд бавдиста?

8 Мах ма архайӕн, цӕмӕй Киристей хузӕн нифсхаст уӕн. Дӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнай куд нифсхаст адтӕй ӕ зӕнхон царди фӕстаг цалдӕр бони. Е ӕй хуарз лӕдӕрдтӕй, е знӕгти къохӕй имӕ ӕфхуӕрд, фуднад ӕма мӕлӕт ке ӕнгъӕлмӕ кӕсуй (Матф. 20:17–19). Фал уӕддӕр цӕттӕ адтӕй еци гъезӕмӕрттӕн ниббухсунмӕ. Рӕстӕг ку ’рхъӕрдтӕй, уӕд ӕ апостолтӕн Гефсиманий рӕзӕдони загъта: «Исистетӕ, цӕун нӕ гъӕуй. Уӕртӕ ӕрбацӕуй мӕ уӕйӕгӕнӕг» (Матф. 26:36, 46). Адӕн Киристей ӕрахӕссунмӕ тохӕндзаумати хӕццӕ ку фӕззиндтӕнцӕ, уӕд сӕмӕ размӕ рацудӕй ӕма син загъта, ке агоретӕ е ӕз дӕн, зӕгъгӕ, ӕфсӕддонтӕн ба загъта, цӕмӕй апостолти рауагътайуонцӕ (Иоан. 18:3–8). Расагъӕс кӕнӕ, цӕхуӕн нифсхаст адтӕй! Абони дӕр исӕрст киристӕнттӕ ӕма «ӕндӕр фустӕ» архайунцӕ, цӕмӕй еци гъуддаги Киристей фӕнзонцӕ. Кутемӕй?

Нифсхаст ку уӕн ӕма ӕмбурдтӕмӕ ку цӕуӕн, уӕд иннети нифс федар кӕндзиан (кӕсӕ 9 абзац) *

9. а) Еуӕй-еуети ни нифсхастдзийнадӕ цӕмӕн фӕгъгъӕуй, цӕмӕй ӕмбурдтӕ ма цох кӕнӕн? б) Ахӕстдони ка бадуй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти нӕ нифсхастдзийнадӕ куд федар кӕнуй?

9 Цӕмӕй ӕмбурдтӕ ма цох кӕнӕн, уой туххӕй нӕ хатгай нифсхастдзийнадӕ фӕгъгъӕуй. Кӕбӕлдӕр ни бӕллӕх ӕрцудӕй, кадӕр ӕхемӕ нийгъуста кадӕр ба ни уӕззау незӕй сӕйуй, фал уӕддӕр ӕдзох ӕмбурдтӕмӕ фӕццӕуӕн. Иннетӕн ба хецауадӕ кенӕ бийнонтӕй еске сӕ нихмӕ цӕуй. Расагъӕс кӕнӕ, нӕ нифсхастдзийнадӕ, ахӕстдони ка бадуй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти куд федар кӕнуй, уобӕл (Дзиуит. 13:3). Зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлгӕй дӕр Йеговӕн ке лӕггадӕ кӕнӕн, уой ку фегъосунцӕ, уӕд сӕмӕ хъауритӕ фӕззиннуй, цӕмӕй се ’ууӕндундзийнадӕ, сӕ нифсхастдзийнадӕ ӕма сӕ еузӕрдондзийнадӕ идарддӕр гъуддӕгтӕй ӕвдесонцӕ. Уой апостол Павел ӕхебӕл бавзурста. Роми ахӕст ку адтӕй, уӕд аллихатт дӕр хъӕбӕр фӕццийнӕ кӕнидӕ, ӕнсувӕртӕ Йеговӕн еузӕрдонӕй ке лӕггадӕ кӕнунцӕ, уой ку фегъосидӕ, уӕд (Фил. 1:3–5, 12–14). Павели ку нӕма исуӕгъдӕ кодтонцӕ, уӕд кенӕ уой хуӕдфӕсте дзиуиттӕгтӕмӕ финстӕг ниффинста. Еци финстӕги еузӕрдон киристӕнтти разӕнгард кодта: «Идарддӕр дӕр уӕ кӕрӕдзей ӕнсувӕрти хузӕн уарзетӕ». Удта ма син фӕдзахста, цӕмӕй ӕмбурдтӕ дӕр ма цох кодтайуонцӕ (Дзиуит. 10:24, 25; 13:1).

10, 11. а) Имисӕн изӕрмӕ ке гъӕуама хонӕн? б) Иннети цӕмӕн фӕххонӕн, уой туххӕй Ефесӕгтӕмӕ 1:7 ци финст ес?

10 Нифсхаст ке ан, уой ма февдесӕн, нӕ хӕстӕгути, ӕмкосгути ӕма синхонти Имисӕн изӕрмӕ ку фӕххонӕн, уӕд. Цума сӕ цӕмӕн хонӕн? Уомӕн ӕма Йеговӕ ӕма Йесо мах туххӕй ци искодтонцӕ, уомӕн устур аргъ кӕнӕн, ӕма син маци зӕгъай, уотӕ нӕ бон нӕй. Мах фӕндуй, цӕмӕй иннетӕ дӕр исхайгин уонцӕ, ӕ Фурти мах туххӕй ка равардта, еци Хуцауи хуарзӕнхӕй. (Бакӕсӕ Ефесӕгтӕмӕ 1:7; Рарг. 22:17.)

11 Ӕмбурдтӕмӕ ку ’рбацӕуӕн, уӕд ма еу ӕхсидзгӕ менеуӕг дӕр февдесӕн. Еци менеуӕг Йеговӕ ӕма Йесо куд ӕвдесунцӕ, уотӕ неке.

РАЗӔНГАРД НӔ КӔНУЙ УАРЗОНДЗИЙНАДӔ

12. а) Нӕ фембӕлдти фӕрци Йеговӕ ӕма Йесой фулдӕр уарзун куд райдайӕн? б) 2 Коринфӕгтӕмӕ 5:14, 15 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ нӕ Киристей фӕнзунмӕ ци разӕнгард кӕнуй?

12 Ӕмбурдтӕмӕ цӕунмӕ нӕ разӕнгард кӕнуй Йегови ӕма Йесой ке уарзӕн, е. Ӕма еци фембӕлдти ци базонӕн, уомӕй нӕ уарзондзийнадӕ федардӕр кӕнуй. Уоми алкӕддӕр фегъосӕн, Йеговӕ ӕма Йесо мах туххӕй ци искодтонцӕ, уой (Ром. 5:8). Имисӕн изӕр ба нин нӕ зӕрдӕбӕл уӕлдай хъӕбӕрдӕр лӕуун кӕнуй, адӕнмӕ ци уарзондзийнадӕ бавдистонцӕ, уой, сауӕнгӕ ма Киристей нивондӕн цӕхуӕн устур аргъ ес, уой ка нӕма лӕдӕруй, уонӕмӕ дӕр. Киристейӕй ӕ нивонди туххӕй боз ке ан, е нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй алли бон дӕр ӕ фӕдбӕл цӕуӕн. (Бакӕсӕ 2 Коринфӕгтӕмӕ 5:14, 15.) Уомӕй уӕлдай ма нӕ фӕндуй Йеговӕн кадӕ кӕнун, мах сӕрбӕл уӕхӕн устур аргъ ке бафиста, уой туххӕй. Кутемӕй? Зӕгъӕн, Хуцауи ке уарзӕн, уой нӕ бон ӕй ӕвдесун, ӕмбурдти дзуӕппитӕ ке дӕтдзиан, уомӕй.

13. Йеговӕ ӕма Йесой ке уарзӕн, уой ма нӕ бон куд ӕй ӕвдесун? Ба ’й лӕдӕрун кӕнӕ.

13 Йеговӕ ӕма Йесой куд хъӕбӕр уарзӕн, е бӕрӕг уодзӕй, уони туххӕй нӕхе цӕмӕйти фӕццох кӕнунмӕ цӕттӕ ан, уомӕй. Ӕмбурдтӕмӕ цӕуни туххӕй ни беретӕ сӕхе берӕ цӕмӕйдӕрти фӕццох кӕнунцӕ. Фулдӕр ӕмбурдтӕн еу фӕмбӕлд фӕууй косгӕ бӕнтти изӕрӕй, ӕма ни беретӕ еци рӕстӕгмӕ фӕллад фӕуунцӕ. Иннӕ фембӕлд ба фӕууй сабат кенӕ хуцаубони, иннетӕ уолӕфгӕ ку фӕккӕнунцӕ, уӕд. Цума ’й Йеговӕ уинуй, цийфӕнди фӕлладӕй дӕр ӕмбурдмӕ ке ӕрбацӕуӕн? Уинуй. Нӕ уарзондзийнадӕ бавдесунмӕ куд хъӕбӕрдӕр фӕййархайӕн, уотӕ нин Йеговӕ хъӕбӕрдӕр фӕййаргъ кӕнуй (Мар. 12:41–44).

14. Киристей уодуӕлдай уарзт нин фӕнзуйнаг цӕмӕн ӕй?

14 Йесо нин ӕй бавдиста, уодуӕлдай уарзт ци ӕй, уой. Е ӕ фӕдбӕлдзӕугути туххӕй айдагъ мӕлӕтмӕ цӕттӕ н’ адтӕй, фал ма алли гъуддаги дӕр фиццагидӕр уони сагъӕс кӕнидӕ, ӕхе сагъӕс нӕ, фал. Зӕгъӕн, хъӕбӕр фӕлладӕй дӕр ӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн рӕстӕг рахецӕн кӕнидӕ (Лук. 22:39–46). Удта фиццагидӕр сагъӕс кодта, ӕ бон раттун ци ӕй, уобӕл, райсун ци ӕй, уобӕл нӕ, фал (Матф. 20:28). Йегови, удта нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ку уарзӕн, уӕд нӕ бон цидӕриддӕр ӕй, уой кӕндзиан, цӕмӕй Имисӕн изӕрмӕ дӕр ӕма иннӕ фембӕлдтӕмӕ дӕр цӕуӕн.

15. Уӕлдай хъӕбӕрдӕр нӕ кӕмӕн фӕндуй банхус кӕнун?

15 Мах хъӕбӕр амондгун ан, ӕгас дуйнебӕл нин уойбӕрцӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ке ес, уой туххӕй! Ӕма иннети хонунмӕ нӕ рӕстӕг не ’вгъау кӕнӕн, уомӕн ӕма нӕ фӕндуй, цӕмӕй нӕмӕ етӕ дӕр ӕрбайеу уонцӕ. Фал нӕ уӕлдайдӕр ба фӕндуй банхус кӕнун, ӕмбурдтӕмӕ ӕма игъосун кӕнунмӕ ка нӕбал цӕуй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн (Гал. 6:10). Ке сӕ уарзӕн, уомӕ гӕсгӕ сӕ разӕнгард кӕнӕн ӕмбурдтӕмӕ цӕунмӕ, уӕлдайдӕр ба Имисӕн изӕрмӕ. Йеговӕ ӕма Киристей хузӕн махӕн дӕр нӕ цийнӕн кӕрон нӕ фӕууй, еске си нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Фиййау ӕма Фидӕмӕ ку раздӕхуй, уӕд (Матф. 18:14).

16. а) Нӕ бон куд ӕй кӕрӕдзей нифс федар кӕнун ӕма ӕмбурдтӕмӕ цӕун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй? б) Нур хуарз рӕстӕг цӕмӕн ӕй, цӕмӕй Иоанни 3:16 финст Киристей дзурдтӕ нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн?

16 Мадта аци къуӕрети байархайӕн, цӕмӕй 2019 анзи, 19 апрели, майрӕнбони ка уодзӕй, еци Имисӕн изӕрмӕ фулдӕр адӕн фӕххонӕн. (Кӕсӕ рамкӕ «Ӕгасейдӕр хонетӕ сӕрмагонд радзубандимӕ ӕма Имисӕн изӕрмӕ».) Анзи дӕргъи ба архайдзиан, цӕмӕй ӕмбурдтӕ ма цох кӕнӕн, ӕма уотемӕй кӕрӕдзей нифс федар кӕнӕн. Сайтани дуйнейӕн ӕ кӕрон куд хӕстӕгдӕр кӕнуй, уотӕ никки ӕхсидзгӕдӕр ӕй ӕмбурдтӕмӕ цӕун, уомӕн ӕма нин етӕ ӕнхус кӕнунцӕ, цӕмӕй сӕрниллӕг ӕма нифсхаст уӕн, удта иннети уарзӕн (1 Фес. 5:8–11). Гъӕйдӕ мадта гъуддӕгтӕй ӕвдесӕн, Йеговӕ ӕма нӕмӕ ӕ Фурт ци уарзондзийнадӕ бавдистонцӕ, уомӕй боз ке ан, уой. (Бакӕсӕ Иоанни 3:16.)

126 ЗАР Уӕн цӕттӕ, нифсхаст ӕма федар

^ 5 абз. 2019 анзи 19 апрели бӕрӕг кӕндзиан Киристей мӕлӕт имисӕн изӕр. Е анзи медӕг тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр фембӕлд ӕй, ӕма имӕ мах ӕрбацӕудзиан, уомӕн ӕма нӕ фӕндуй Йегови зӕрдӕ барохс кӕнун. Аци статьяй ӕркӕсдзиан, Имисӕн изӕрмӕ, удта иннӕ фембӕлдтӕмӕ цӕунмӕ дӕр нӕ ци разӕнгард кӕнуй, уомӕ.

^ 52 абз. ХУЗТӔ. Ахӕстдони ка бадуй, еци ӕнсувӕрмӕ ӕ хӕдзарӕй финстӕг ӕрбацудӕй. Ке ӕй нӕ байронх ӕнцӕ, уой уинуй. Ӕхцӕуӕн ин ӕй, ӕ бийнойнаг ӕма ӕ фурт Йеговӕн еузӕрдонӕй ке лӕггадӕ кӕнунцӕ, кӕд сӕ бӕсти уавӕр хуӕрзтӕй нӕй, уӕддӕр.