18 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Дӕ догъи кӕронмӕ бахъӕртӕ!
«Ӕз... мӕ догъи кӕронмӕ дӕр бахъӕрдтӕн» (2 ТИМ. 4:7).
129 ЗАР Федар лӕудзиан
РАЗДЗУРД *
1. Алкедӕр ни ци гъӕуама кӕна?
ДОГЪИ уайунбӕл исарази адтайсӕ, е куд зин ӕй, уой ку зудтайсӕ ӕма ма сӕйгӕ кенӕ хъӕбӕр фӕллад ку адтайсӕ, уӕд? Ӕвӕдзи, нӕ. Фал Апостол Павел куд загъта, уомӕ гӕсгӕ ӕцӕг киристӕнттӕ ӕгасӕйдӕр догъи уайунцӕ (Дзиуит. 12:1). Мадта ни алкедӕр, зӕронд уа ӕви ӕригон, хъаурӕгин уа ӕви ӕнӕхъаурӕ, гъӕуама кӕронмӕ ӕ надбӕл фӕразонӕй ледза, цӕмӕй райса, Йеговӕ нин ци хуӕрзеуӕг ӕрцӕттӕ кодта, уой (Матф. 24:13).
2. 2 Тимофеймӕ 4:7, 8 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Павели бон цӕмӕн адтӕй уӕхӕн унаффӕ раттун?
2 Павелӕн ӕ бон адтӕй иннетӕн уӕхӕн унаффӕ раттун, уомӕн ӕма ӕхуӕдӕг «ӕ надбӕл кӕронмӕ дӕр лигъдӕй». (Бакӕсӕ 2 Тимофеймӕ 4:7, 8.) Фал цума Павел цӕхуӕн догъи кой кодта?
ЦӔХУӔН НАДБӔЛ ЛЕДЗӔН?
3. Павел цӕхуӕн ериси кой кодта?
3 Апостол Павел цӕветтонӕн ӕрхаста, рагон Греций еристӕ куд цудӕнцӕ, уой, ӕма уотемӕй цӕхуӕндӕр ӕхсидзгӕ гъуддӕгтӕ балӕдӕрун кодта (1 Кор. 9:25–27; 2 Тим. 2:5). Киристони цард цалдӕр хатти рабарста ериси хӕццӕ (1 Кор. 9:24; Гал. 2:2, феп.; Фил. 2:16, феп.). Адӕймаг еци ериси ледзун райдайуй, ӕхе Йеговӕн ку иснивонд кӕнуй ӕма донаргъуд ку райсуй, уӕд (1 Пет. 3:21). Кӕронмӕ ба бахъӕртуй, Йеговӕ ин ӕ хуӕрзеуӕг – ӕносон цард – ку раттуй, уӕд (Матф. 25:31–34, 46; 2 Тим. 4:8).
4. Аци статьяй цӕбӕл радзордзиан?
4 Киристони цард даргъ надбӕл ериси хӕццӕ рабарӕн цӕмӕн ес? Ӕной си ӕмхузӕнӕй берӕ цидӕртӕ ес, фал мах ӕркӕсдзиан ӕрмӕстдӕр ӕртӕ гъуддагемӕ. Фиццаг: гъӕуама раст над равзарӕн. Дуккаг: ци хуӕрзеуӕг нӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уой гъӕуама ма иронх кӕнӕн. Ӕма ӕртиккаг: зиндзийнӕдтӕбӕл
ӕмбӕлгӕй дӕр гъӕуама кӕронмӕ бахъӕртӕн.РАСТ НАДБӔЛ ЛЕДЗӔ
5. Цӕхуӕн надбӕл гъӕуама ледзӕн ӕма цӕмӕн?
5 Цӕмӕй адӕймаг ӕнӕуой ериси хуӕрзеуӕг райса, уой туххӕй гъӕуама ӕ надӕй ма радзӕгъӕл уа. Уотӕ мах дӕр, цӕмӕй нӕ хуӕрзеуӕг – ӕносон цард – райсӕн, уой туххӕй гъӕуама ледзӕн киристон надбӕл, гъома царди надбӕл (Гъуд. 20:24; 1 Пет. 2:21). Фал Сайтани ӕма, ӕ фӕдбӕл ка цӕуй, уони фӕндуй, цӕмӕй ӕндӕр надмӕ рахезӕн ӕма сӕ хӕццӕ «ӕнӕгъдау миути цъимарай» ӕвдулӕн (1 Пет. 4:4). Мах ци царди над равзурстан, уобӕл ходгӕ кӕнунцӕ. Уотӕ сӕмӕ кӕсуй, ӕма, етӕ ци надбӕл цӕунцӕ, е хуӕздӕр ӕй ӕма син сӕребарӕдзийнадӕ дӕттуй. Фал хъӕбӕр рӕдуйунцӕ (2 Пет. 2:19).
6. Брайӕни хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?
6 Сайтани дӕлбарӕ ка ӕй, уони хӕццӕ еу догъи ка бафтуйуй, етӕ ’й хъӕбӕр тагъд балӕдӕрунцӕ, ци над равзурстонцӕ, е сӕ сӕребарӕдзийнадӕмӕ ке нӕ кӕнуй, фал си цагъартӕ ке уайун кӕнуй (Ром. 6:16). Ӕркӕсӕн Брайӕни хабармӕ. Ӕ ниййергутӕ ’й разӕнгард кодтонцӕ, цӕмӕй киристон царди над равзурстайдӕ. Фал еу минкъий ку фӕуустурдӕр ӕй, уӕд гурусхӕ кӕнун райдӕдта, еци над ӕй амондгун цардмӕ ке ӕркӕндзӕй, уобӕл. Гъема Сайтани зундбӕл ка цӕуй, уони хӕццӕ еу догъи бафтудӕй. «Уӕд ӕй нӕма лӕдӕрдтӕн, етӕ ци сӕребарӕдзийнади кой кодтонцӕ, е ми цагъар ке рауайун кӕндзӕй,– зӕгъуй Брайӕн.– Ӕз наркотиктӕбӕл фӕццӕфстӕн, удта ниуазун ӕма ихӕлд цард кӕнун райдӕдтон. Уой фӕсте ба цалдӕр анзей дӕргъи карзӕй-карздӕр наркотиктӕ ӕвзурстон ӕма си кӕцидӕртӕбӕл фӕййахур дӕн. Уонӕбӕл берӕ ӕхца гъудӕй, ӕма уомӕ гӕсгӕ мӕхуӕдӕг дӕр наркотиктӕ уӕйӕ кӕнун райдӕдтон». Фал фӕстагмӕ Брайӕн еци цард ниууагъта ӕма Йегови уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрун райдӕдта. Е раст надбӕл ӕрлӕудтӕй ӕма 2001 анзи донаргъуд райста. Еци над ке равзурста, уобӕл абони дӕр хъӕбӕр цийнӕ кӕнуй *.
7. Матфеййи 7:13, 14 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ нӕ рази цӕхуӕн дууӕ нади ес?
7 Мадта ’й уинӕн, раст надбӕл цӕун куд ӕхсидзгӕ ӕй, уой! Сайтани фӕндуй, цӕмӕй, цардмӕ ка кӕнуй, еци унгӕг надбӕл мабал ледзӕн, фал аци дуйней фулдӕр адӕн кӕбӕл цӕунцӕ, еци надмӕ рахезӕн. Еци над берети зӕрдӕмӕ цӕуй, удта ибӕл ӕнцондӕр цӕуӕн ӕй, фал «исӕфтмӕ... кӕнуй». (Бакӕсӕ Матфеййи 7:13, 14.) Цӕмӕй раст надӕй ма радзӕгъӕл уӕн, уой туххӕй нӕ гъӕуй нӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дарун ӕма нин е ци дзоруй, уомӕ игъосун.
РАЗМӔ ДӔ ХУӔРЗЕУӔГМӔ КӔСӔ ӔМА ДӔ КЪАХ МАЦӔБӔЛ ИСКЪУӔРӔ
8. Даргъ надбӕл ка фӕлледзуй, е ӕ къах ку искъуӕруй, уӕд ци фӕккӕнуй?
8 Даргъ надбӕл ка фӕлледзуй, етӕ фулдӕр размӕ фӕккӕсунцӕ, цӕмӕй сӕ къах мацӕбӕл искъуӕронцӕ. Фал хатгай уотӕ рауайуй, ӕма, ке хӕццӕ ерис кӕнунцӕ, етӕ сӕ ӕнӕбари бакъуӕрунцӕ кенӕ ба сӕхуӕдтӕ ести къуппӕбӕл сӕ къах искъуӕрунцӕ. Еске си ку ’рхауй, уӕддӕр фӕстӕмӕ исистуй ӕма идарддӕр ледзун райдайуй. Е фиццагидӕр, кӕронмӕ куд бахъӕрта ӕма ӕ хуӕрзеуӕг куд райса, уобӕл фӕссагъӕс кӕнуй, ӕ къах цӕй туххӕй искъуӕрдта, уобӕл нӕ, фал.
9. Нӕ къах ку искъуӕрӕн, уӕд нӕ ци кӕнун гъӕудзӕй?
9 Мах дӕр нӕ надбӕл еу ӕма дууӕ хатти нӕ къах не ’скъуӕрдзиан. Кӕмидӕр нӕхуӕдтӕ фӕррӕдуйдзиан,– дзурдӕй кенӕ гъуддагӕй,– кӕмидӕр ба, нӕ хӕццӕ ка ледзуй, етӕ естӕми фӕррӕдуйдзӕнцӕ ӕма уобӕл маст кӕндзиан. Фал нӕмӕ е гъӕуама дессаг ма кӕса. Ӕгасӕйдӕр ӕнӕнхӕст ан ӕма ледзӕн еци еу унгӕг надбӕл – цардмӕ ка кӕнуй, еци надбӕл. Уомӕ гӕсгӕ уотӕ рауайуй, ӕма нӕхе кӕрӕдзебӕл искъуӕрӕн. Павел дӕр дзурдта, нӕ астӕу зӕрдихудтӕ ке уодзӕй (Кол. 3:13). Фал уобӕл сагъӕс кӕнуни бӕсти, гъӕуама нӕ хуӕрзеуӕгбӕл сагъӕс кӕнӕн. Кӕд еске фудӕй нӕ къах искъуӕрдтан, уӕд гъӕуама исистӕн ӕма идарддӕр ледзӕн. Кӕбӕлдӕр нӕ зӕрдӕ ке рахудтӕй, уой туххӕй Йеговӕн ку нӕбал лӕггадӕ кӕнӕн, уӕд кӕронмӕ нӕ бахъӕртдзиан ӕма нӕ хуӕрзеуӕг нӕ райсдзиан. Уомӕй уӕлдай ба ма, еци унгӕг надбӕл ка ледзуй, уонӕн дӕр къахкъуӕрӕн исуодзиан.
10. Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй иннетӕн къахкъуӕрӕн ма исуӕн?
10 Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй иннетӕн къахкъуӕрӕн ма исуӕн? Гъӕуама иннетӕн дӕр над дӕттӕн, гъома нӕхе дзурдбӕл ма ниллӕууӕн (Ром. 14:13, 19–21; 1 Кор. 8:9, 13). Е нӕ хъӕбӕр хецӕн кӕнуй, ӕнӕуой догъи ка фӕлледзуй, уонӕй, уомӕн ӕма етӕ кӕрӕдзей хӕццӕ ерис фӕккӕнунцӕ, цӕмӕй цийфӕнди зинӕй дӕр хуӕрзеуӕг райсонцӕ. Етӕ фиццагидӕр сӕхе сагъӕс фӕккӕнунцӕ ӕма цӕмӕй иннети разӕй фӕууонцӕ, уой туххӕй кӕрӕдзей дӕр бакъуӕрунцӕ. Фал мах уони хузӕн кӕрӕдзей хӕццӕ ерис нӕ кӕнӕн (Гал. 5:26; 6:4). Нӕ нисан ӕй фулдӕр адӕнӕн банхус кӕнун, цӕмӕй нӕ хӕццӕ кӕронмӕ бахъӕртонцӕ ӕма райсонцӕ хуӕрзеуӕг – ӕносон цард. Мах архайӕн, апостол Павел Хуцауи разамундӕй ке ниффинста, еци унаффӕмӕ гӕсгӕ, ӕма нӕхецӕн куд хуӕздӕр ӕй, айдагъ уобӕл нӕ сагъӕс кӕнӕн, фал иннетӕн куд хуӕздӕр ӕй, уобӕл (Фил. 2:4).
11. Ерисгӕнӕг ӕ зӕрдӕбӕл ци фӕддаруй?
11 Даргъ надбӕл ка фӕлледзуй, еци ерисгӕнгутӕ размӕ фӕккӕсунцӕ, удта сӕ нисан ци ӕй, уой нӕ феронх кӕнунцӕ. Кӕд еци нисан уингӕ нӕма фӕккӕнунцӕ, уӕддӕр сӕ цӕститӕбӕл фӕууайуй, догъи кӕронмӕ куд бахъӕртдзӕнцӕ ӕма хуӕрзеуӕг куд райсдзӕнцӕ, е. Ӕма уой фӕрци сӕ бон фӕууй идарддӕр дӕр ледзун.
12. Йеговӕ нин зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕруй?
12 Йеговӕ зӕрдӕ ӕвӕруй, ӕ лӕггадгӕнгутӕй кӕронмӕ ка бахъӕрта, уонӕй алкӕмӕндӕр хуӕрзеуӕг ке ратдзӕй, кӕмӕндӕр ӕносон цард уӕлӕрвти, кӕмӕндӕр ба зӕнхӕбӕл. Цӕхуӕн цард нӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уой туххӕй финст ӕй Библий, ӕма ’й уой фӕрци нӕ бон ӕй нӕ цӕститӕбӕл уайун кӕнун. Йеговӕ нин зӕрдӕ кӕмӕй ӕвӕруй, еци федӕнбӕл идарддӕр дӕр ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд нин кӕронмӕ бахъӕртун ӕнцондӕр уодзӕй.
ЗИНДЗИЙНӔДТӔБӔЛ ӔМБӔЛГӔЙ ДӔР ДӔ КЪОХТӔ МА УАДЗӔ
13. Ӕнӕуой ерисгӕнгутӕй уӕлдай мах нӕ нифс кӕбӕл дарӕн?
13 Рагон Греций еристи ка архайдта, етӕ зиндзийнӕдтӕбӕл дӕр ӕмбалдӕнцӕ, зӕгъӕн, бафӕллайиуонцӕ кенӕ си цидӕр исресидӕ. Фал етӕ айдагъ сӕхе хъауритӕбӕл дардтонцӕ сӕ зӕрдӕ, удта ’й лӕдӕрдтӕнцӕ, еристӕмӕ сӕхе ку нӕ цӕттӕ кӕнонцӕ, уӕд син ке неци бантӕсдзӕй. Мах дӕр ахур кӕнӕн киристон надбӕл ледзун. Фал ӕнӕуой ерисгӕнгутӕй уӕлдай махӕн ес, ӕнӕкӕрон хъаури хецау ка ӕй, уӕхӕн Ӕнхусгӕнӕг. Йеговӕ нин зӕрдӕ ӕвӕруй, нӕ нифс ибӕл ку дарӕн, уӕд нӕ айдагъ ахур ке нӕ кӕндзӕй, фал ма нӕ федар дӕр ке кӕндзӕй (1 Пет. 5:10).
14. Зиндзийнӕдтӕбӕл ку исӕмбӕлӕн, уӕд нин 2 Коринфӕгтӕмӕ 12:9, 10 финст дзурдтӕ куд банхус кӕндзӕнцӕ?
14 Павел берӕ зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбалдӕй. Ӕфхуӕрӕн дзубандитӕ ин кодтонцӕ ӕма ӕ фӕдбӕл зилдӕнцӕ. Хатгай е ’уӕнгти хъаурӕ нӕбал уидӕ, удта ма ’й ӕ «бауӕри... синдзӕ» дӕр гъезӕмарӕй мардта (2 Кор. 12:7). Фал Павел ӕ къохтӕ не ’руагъта. Е ӕ зиндзийнӕдтӕ нимадта хуарз фадуатбӕл, цӕмӕй, ӕ нифс Йеговӕбӕл ке даруй, уой бавдистайдӕ. (Бакӕсӕ 2 Коринфӕгтӕмӕ 12:9, 10.) Уӕхӕн цӕстӕй сӕмӕ ке кастӕй, уой туххӕй ин Йеговӕ арфӕ кодта.
15. Зиндзийнӕдтӕмӕ Павели цӕстӕй ку кӕсӕн, уӕд ци фӕууиндзиан?
15 Ка ’й зонуй, мах дӕр нӕ дини туххӕй ӕфхуӕрунцӕ кенӕ нӕ фӕдбӕл зелунцӕ. Кенӕ ба нези хӕццӕ тох кӕнӕн ӕма не ’уӕнгти хъаурӕ нӕбал ес. Фал Павели ку фӕнзӕн, уӕд алли зин уавӕри дӕр нӕ бон уодзӕй фӕууинун, Йеговӕ нӕ куд уарзуй, ӕма нин куд ӕнхус кӕнуй, уой.
16. Де ’нӕнездзийнадӕ хуӕздӕргъӕуагӕ ку уа, уӕддӕр дӕ бон ци ӕй кӕнун?
16 Фал, зӕгъӕн, хъан сӕйгӕ дӕ кенӕ инвалиди каляскӕй нӕ истис. Кенӕ дин цӕун зин ӕй кенӕ ба цӕстӕй лӕгъуз уинис. Цума дӕ бон ӕй, ӕригон ӕма ӕнӕнез ка ӕй, уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ еумӕ ледзун? Ӕгӕр дӕр ма ӕй! Каргунтӕ кенӕ сӕйгӕ ка ӕй, уонӕй беретӕ ледзунцӕ, цардмӕ ка кӕнуй, еци надбӕл. Ӕма син е сӕхе хъаурити фӕрци не ’нтӕсуй. Етӕ сӕ нифс Йеговӕбӕл дарунцӕ. Зӕгъӕн, интернети фӕрци ӕмбурди фембӕлдтӕмӕ байеу унцӕ ӕма программӕмӕ байгъосунцӕ, ӕма сӕбӕл хъауритӕ бафтуйуй. Уомӕй уӕлдай ма игъосун кӕнунцӕ дохтиртӕн, удта сӕ хӕстӕгутӕн, ӕма уотемӕй архайунцӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнуни гъуддаги.
17. Йегови гъуддаги берӕ кӕнун ке бон нӕй, уонӕмӕ Йеговӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсуй?
Пс. 9:10). Никки хӕстӕгдӕр ма дӕмӕ исуодзӕй. Е нӕнездзийнадӕ хуарз уавӕри кӕмӕн нӕй, еу уӕхӕн хуӕрӕ зӕгъуй: «Мӕ уавӕр бонӕй-бонмӕ фуддӕр кӕнуй, ӕма мин уой туххӕй иннетӕн хуарз хабар радзорунмӕ минкъийдӕр фадуӕттӕ ес. Фал ӕй зонун, ци минкъий мин ӕнтӕсуй, уомӕй дӕр Йегови зӕрдӕ ке барохс кӕнун. Ӕма мӕхуӕдӕг дӕр хъӕбӕр фӕццийнӕ кӕнун». Дӕ нифс ку басӕттуй, уӕд расагъӕс кӕнисӕ, еунӕгӕй ке нӕ дӕ ӕма Йеговӕ дӕ фарсмӕ ке ӕй, уобӕл. Расагъӕс кӕнӕ Павели цӕветтонбӕл ӕма ӕ зӕрдӕфедаргӕнӕн дзурдтӕбӕл: «Мадта мин ӕхцӕуӕн ӕй, лӕмӕгъдзийнӕдтӕ мӕмӕ ке ес... Уомӕн ӕма лӕмӕгъ ку фӕуун, уӕд фӕуун хъаурӕгин» (2 Кор. 12:10).
17 Кӕд Йегови гъуддаги, цӕйбӕрцӕ дӕ фӕндадтайдӕ, уойбӕрцӕ кӕнун дӕ бон нӕй, уӕддӕр дӕ нифс ма сӕттӕд. Уотӕ дӕмӕ ма кӕсӕд, ӕма дӕмӕ, цардмӕ ка кӕнуй, еци надбӕл ледзунмӕ хъауритӕ нӕййес. Йеговӕ дӕ уарзуй де ’ууӕндундзийнади туххӕй ӕма ин берӕ ӕнзти еузӕрдонӕй ке лӕггадӕ кӕнис, уой туххӕй. Нур дӕ е ’нхус уӕлдай хъӕбӕрдӕр гъӕуй ӕма дӕ неци хузи ниууадздзӕй (18. Еуӕй-еу хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн уӕлдай зин цӕмӕн фӕууй?
18 Царди надбӕл ка ледзуй, еци киристӕнттӕй кадӕртӕ ба ӕмбӕлунцӕ ӕндӕр зиндзийнӕдтӕбӕл. Арӕх син сӕ иннетӕ уингӕ дӕр нӕ фӕккӕнунцӕ. Зӕгъӕн, беретӕмӕ фӕууй депресси кенӕ ба син тухст сагъӕстӕ ӕнцойнӕ нӕ фӕддӕттунцӕ. Еци хъазар хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн сӕ уавӕр уӕлдай зин цӕмӕн ӕй? Зӕгъӕн, еске ӕ къох ку басӕттуй кенӕ ӕ бон цӕун ку нӕбал фӕууй, уӕд ӕй иннетӕ фӕууинунцӕ ӕма ин, сӕ бон цӕмӕй ӕй, уомӕй банхус кӕнунцӕ. Фал адӕймаг ӕхемӕ ке нийгъуста кенӕ нервити незӕй ке сӕйуй, е ба алкӕд ӕндаг бакастӕй бӕрӕг нӕ фӕууй. Уотемӕй ба ӕ рист, ӕ къох кенӕ ӕ къах ка басаста, уой ристӕй минкъийдӕр нӕ фӕууй. Ӕма ин куд зин ӕй, уой иннетӕ ке нӕ фӕззонунцӕ, уой туххӕй ӕй неке бафедар кӕнуй.
19. Мемфивосфеййи хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?
19 Кӕд цӕхуӕндӕр зиндзийнӕдти туххӕй дӕ бон нӕй, цӕйбӕрцӕ дӕ фӕндадтайдӕ, уойбӕрцӕ лӕггадӕ кӕнун ӕма дӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма дӕ иннетӕ нӕ лӕдӕрунцӕ, уӕд дӕ Мемфивосфеййи хабар бафедар кӕндзӕй (2 Сам. 4:4). Ӕ дууӕ къахӕй дӕр къулух цудӕй. Удта паддзах Давид дӕр цидӕр раст ке нӕ балӕдӕрдтӕй, уой туххӕй ӕй ӕнӕфудӕй бафхуардта. Мемфивосфей уӕхӕн зиндзийнӕдтӕ ӕхе фудӕй не ’взурста. Фал уӕддӕр ӕхемӕ нӕ нийгъуста. Ӕ царди хуарзӕй ци адтӕй, уомӕй боз адтӕй. Давид ин уой разӕй ци хуарздзийнӕдтӕ искодта, уони дӕр нӕ байронх ӕй (2 Сам. 9:6–10). Ӕма ’й фӕстӕдӕр нецӕй туххӕй ку фӕффудгин кодта, уӕд Мемфивосфей лӕдӕргӕ разиндтӕй ӕма ӕ зӕрди маст нӕ ниддардта. Удта Йегови дӕр нӕ фудгин кодта. Мемфивосфеййӕн сӕйраг адтӕй Йегови исӕрст паддзахӕн, ӕ бон цӕмӕй адтӕй, уомӕй агъаз кӕнун (2 Сам. 16:1–4; 19:24–30). Йеговӕ Мемфивосфеййи хабар Библий ниффинсун кодта, цӕмӕй си абони мах ахур кӕнӕн (Ром. 15:4).
20. Еуӕй-еуетӕн зин ци фӕууй, фал сӕ зӕрдӕбӕл ци гъӕуама даронцӕ?
20 Еуӕй-еу хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн адӕни астӕумӕ рацӕун дӕр зин фӕууй ӕма хъӕбӕр фӕттухсунцӕ. Фал уӕддӕр ӕмбурдтӕмӕ ӕма конгресстӕмӕ цӕунцӕ. Кӕд син ӕнӕзонгӕ адӕни хӕццӕ дзорун зин ӕй, уӕддӕр хуарз хабар игъосун кӕнунцӕ. Кӕд ду дӕр уӕхӕн зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбӕлис, уӕд еунӕг нӕ дӕ. Уӕхӕн уавӕри беретӕ ’нцӕ. Иронх ди ма уӕд: Йеговӕ устур аргъ кӕнуй, ӕгас зӕрдӕй ин ке лӕггадӕ кӕнис, уомӕн. Дӕ къохтӕ ке не ’руагътай, айдагъ е дӕр уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма дин арфӕ кӕнуй, удта дин хъауритӕ дӕттуй * (Фил. 4:6, 7; 1 Пет. 5:7). Кӕд нези хӕццӕ тох кӕнгӕй дӕр Йеговӕн лӕггадӕ кӕнис, уӕд ӕй зонӕ, Йеговӕ ди арази ке ӕй.
21. Йегови фӕрци нин ци бантӕсдзӕй?
21 Ӕнӕуой ерис ӕма, Павел ке кой кодта, еци ерис алцӕмӕй ӕмхузӕн нӕ ’нцӕ. Ӕма е хуарз ӕй. Рагидзаманти ерисгӕнгутӕй хуӕрзеуӕг ӕрмӕстдӕр еунӕг адӕймаг райсидӕ. Киристон надбӕл ледзгӕй еузӕрдонӕй ка байзайа ӕма кӕронмӕ ка бахъӕрта, уонӕй ба алкедӕр райсдзӕй хуӕрзеуӕг – ӕносон цард (Иоан. 3:16). Ӕнӕуой еристи архайгутӕй алкедӕр гъӕуама адтайдӕ хъаурӕгин ӕма ӕнӕнез, кенӕ ба нӕ рамулдтайдӕ. Махӕй ба беретӕн не ’нӕнездзийнадӕ хуӕздӕр гъӕуагӕ ’й, фал уӕддӕр царди надбӕл фӕразонӕй ледзӕн (2 Кор. 4:16). Ӕма Йегови фӕрци не ’гасӕйдӕр кӕронмӕ бахъӕртдзиан!
144 ЗАР Дӕ цӕстити рази уӕд лӕвар!
^ 5 абз. Йегови лӕггадгӕнгутӕй абони беретӕн сӕ цард ӕнцон нӕй. Кӕбӕлдӕр ӕнзтӕ ӕруӕзӕ кӕнунцӕ, кадӕр ба уӕззау незӕй гъезӕмарӕ кӕнуй. Хатгай ба хъӕбӕр фӕллад фӕууӕн. Уӕхӕн уавӕри нӕмӕ ледзун ӕнцон нӕ фӕккӕсдзӕй. Аци статьяй радзубанди кӕндзиан, нӕ бон куд ӕй, апостол Павел ке кой кодта, еци царди надбӕл фӕразонӕй ледзун ӕма рамолун.
^ 6 абз. Кӕсӕ 2013 анзи 1 январи «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги» статья «Библия меняет жизнь».
^ 20 абз. Уӕхӕн зиндзийнӕдти хӕццӕ ка тох кӕнуй, уонӕн ци ӕнхус кӕнуй, уой туххӕй фулдӕр базонӕн ес 2019 анзи маййи программӕй, иссерӕн ӕй ес уруссагау сайти jw.org®. (Кӕсӕ БИБЛИОТЕКА > JW BROADCASTING®.)
^ 63 абз. ХУЗӔ. Каргун ӕнсувӕр игъосун кӕнуни гъуддаги зӕрдиагӕй ке архайуй, уой фӕрци идарддӕр дӕр киристон надбӕл ледзуй.
^ 65 абз. ХУЗӔ. Иннетӕн ку ниуазун кӕнӕн кенӕ нӕхуӕдтӕ ниуӕзтӕй бӕрцӕ ку нӕ зонӕн, уӕд син къахкъуӕрӕн исуодзиан.
^ 67 абз. ХУЗӔ. Ӕнсувӕр сӕйгӕдони хъанӕй дӕр киристон надбӕл ледзуй, ӕ дохтиртӕн игъосун кӕнуй, уотемӕй.