Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

14 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Ӕрбампурсдзӕнцӕ цӕгатӕй!

Ӕрбампурсдзӕнцӕ цӕгатӕй!

«Мӕ зӕнхӕмӕ ӕрбампурста, банимайӕн дӕр кӕмӕн нӕййес, уӕхӕн хъаурӕгин адӕн» (ИОИЛ 1:6).

95 ЗАР Рохс хъӕбӕрӕй-хъӕбӕрдӕр кӕнуй

РАЗДЗУРД *

1. Ӕнсувӕр Расселл ӕма е ’мбӕлттӕ Библи куд ӕртастонцӕ ӕма е хуарз мадзал цӕмӕн адтӕй?

ЕУ СӔДӔ анзей размӕ ӕнсувӕр Чарлз Тейз Расселл ӕма е ’мбӕлттӕ минкъий къуарӕй Хуцауи Дзурд ӕртасунмӕ ӕмбурд кӕнун райдӕдтонцӕ. Сӕ нисан адтӕй Библий рӕстдзийнадӕ базонун Йегови, Йесо Киристей, Киристей нивонд ӕма мӕлӕти туххӕй. Пайда кодтонцӕ хъӕбӕр хумӕтӕг мадзалӕй. Еске си фарста раттидӕ, уой фӕсте ба алкедӕр еци фарстай хӕццӕ баст стихтӕ иссеридӕ ӕма сӕбӕл радзубанди кӕниуонцӕ. Фӕстагмӕ ба ниффинсиуонцӕ, цӕхуӕн гъудимӕ ӕрцудӕнцӕ, уой. Йеговӕ еци кӕдзосзӕрдӕ киристӕнттӕн ке арфӕ кодта, уой фӕрци Библий сӕйраг ахурӕдтӕ балӕдӕрдтӕнцӕ. Еци ахурӕдтӕн абони уӕнгӕ дӕр мах устур аргъ кӕнӕн.

2. Библий пахампарӕдтӕ еуӕй-еухатт раст цӕмӕннӕ балӕдӕрӕн?

2 Фал тагъд рӕстӕги Библиртасгути къуар балӕдӕрдтӕнцӕ, пахампарӕдтӕ балӕдӕрун, сӕйраг ахурӕдтӕ балӕдӕрунӕй дзӕвгарӕ зиндӕр ке ӕй. Цума цӕмӕн? Фиццаг: арӕхдӕр Библий пахампарӕдтӕ бӕлвурдӕй балӕдӕрӕн фӕууй, ӕнхӕст ку фӕккӕнунцӕ, еци рӕстӕг кенӕ ку исӕнхӕст унцӕ, уой фӕсте. Дуккаг: цӕмӕй пахампарадӕ раст балӕдӕрай, уой туххӕй ин ӕ контекстмӕ ӕркӕсун гъӕуй. Пахампарадӕн ӕрмӕстӕдӕр ӕ кӕцидӕр хаймӕ ку кӕсӕн, ци ма си финст ес, уомӕ ба нӕ гъос ку не ’рдарӕн, уӕд, ӕвӕдзи, раст гъудимӕ не ’рцӕудзиан. Ӕма Иоили пахампаради хӕццӕ дӕр гъе уотӕ рауадӕй. Гъӕйдӕ мадта имӕ нӕуӕгӕй ӕркӕсӕн ӕма базонӕн, ӕндӕрхузи лӕдӕрун ӕй цӕмӕн гъӕуй, уой.

3, 4. Иоили 2:7–9 финст пахампарадӕ нурмӕти куд лӕдӕрдтан?

3 Бакӕсӕ Иоил 2:7–9. Иоил дзурдта, Израили зӕнхӕмӕ, бунхуӕрд ӕй ка бакӕндзӕй, уӕхӕн саринцха ке ӕрбампурсдзӕй. Еци саринцхайӕн, дан, сӕ дӕндӕгутӕ домбаййи дӕндӕгути хузӕн уодзӕнцӕ ӕма се ’фсӕртӕ дӕр домбаййи ӕфсӕрти хузӕн (Иоил 1:4, 6). Берӕ рӕстӕг уотӕ сагъӕс кодтан, ӕма бауорамӕн кӕмӕн нӕййес, еци саринцха амонуй, Хуцауи адӕн куд игъосун кӕнунцӕ, уомӕ. Уотӕ нӕмӕ кастӕй, ӕма ци гъуддаг кӕнунцӕ, е зиан хӕссуй «зӕнхӕн», гъома дини разамонгути дӕлбарӕ ка ӕй, еци адӕнӕн *.

4 Иоили 2:7–9 ци фист ес, айдагъ уомӕ ку кӕсӕн, уӕд ӕцӕгӕйдӕр ӕнгъезуй уотӕ расагъӕс кӕнун, ӕма еци дзурдтӕ Хуцауи адӕнмӕ хаунцӕ. Фал ин ӕ контекстмӕ ку ӕркӕсӕн, уӕдта ’й фӕууиндзиан, еци пахампарадӕ ӕндӕрхузи лӕдӕргӕ ке ӕй. Ӕма уомӕн ес цуппар бӕлвурдгӕнӕни.

ПАХАМПАРАДӔ ӔНДӔРХУЗИ ЛӔДӔРУН ЦӔМӔН ГЪӔУЙ?

5, 6. Цӕхуӕн фарстатӕ фӕззиннуй аци скъуддзӕгтӕ кӕсгӕй: а) Иоил 2:20? б) Иоил 2:25?

5 Ӕркӕсӕн фиццаг бӕлвурдгӕнӕнмӕ. Дӕ гъос ӕрдарай Йеговӕ саринцхай туххӕй ци загъта, уомӕ: «Цӕгатӕй уӕмӕ ка ’рцӕуа, уой расордзӕн» (Иоил 2:20). Йегови Ӕвдесӕнтӕ ӕнхӕст кӕнунцӕ Киристей фӕдзӕхст ӕма игъосун кӕнуни, удта ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнуни гъуддаги архайунцӕ. Ӕма кӕд саринцха уонӕмӕ амонуй, уӕд сӕ Йеговӕ цӕмӕн расордзӕй? (Йез. 33:7–9; Матф. 28:19, 20). Бӕрӕг ӕй, ами Йеговӕ ӕ еузӕрдон лӕггадгӕнгути кой ке нӕ кӕнуй, фал ин ӕ адӕни ка ӕфхуӕруй, уӕхӕн кедӕр кой.

6 Ӕркӕсӕн дуккаг бӕлвурдгӕнӕнмӕ. Иоили 2:25 Йеговӕ зӕгъуй: «Мӕ устур ӕфсад – саринцха, саринцхай бӕдӕлттӕ, хъӕндилтӕ ӕма уӕмӕ синтъитӕ ку рарветинӕ ӕма уин уӕ тиллӕг ку бахуӕриуонцӕ, еци ӕнзти ци зиан баййафтайтӕ, уой уин бафеддзӕн». Дӕ гъос ӕрдарай, ами Йеговӕ зӕрдӕ ӕвӕруй, саринцха ци зиан ӕрхаста, уой ке бафеддзӕй. Мадта саринцха, Паддзахади хабар ка игъосун кӕнуй, уонӕмӕ ку амудтайдӕ, уӕд уотӕ уайуй, ӕма еци хабар зиан хӕссуй. Фал Паддзахади хабар адӕни ервӕзун кӕнуй, удта сӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй сӕ лӕгъуз гъуддӕгтӕбӕл ӕрфӕсмон кӕнонцӕ (Йез. 33:8, 19). Е ба зиан нӕй, фал арфӕдзийнадӕ!

7. Иоили 2:28, 29 финст дзурдтӕ «уой фӕсте», зӕгъгӕ, нин ци лӕдӕрун кӕнунцӕ?

7 Бакӕсӕ Иоил 2:28, 29. Нур ба ӕркӕсӕн, Иоили пахампаради хабӕрттӕ куд цудӕнцӕ, уомӕ ӕма е уодзӕй ӕртиккаг бӕлвурдгӕнӕн. Дӕ гъос ӕрдарай, Йеговӕ уотӕ ке загъта, «уой фӕсте ӕз мӕ хъаурӕ ӕруадздзӕн», зӕгъгӕ, гъома саринцха ӕ гъуддаг ку исӕнхӕст кӕна, уой фӕсте. Кӕд саринцха игъосунгӕнгутӕмӕ амонуй, уӕд сӕбӕл Йеговӕ ӕ хъаурӕ, игъосун кӕнуни гъуддаг ку фӕууа, уой фӕсте цӕмӕн ӕруадздзӕй? Хуцауи адӕн дӕсгай ӕнзти дӕргъи игъосун кӕнуни гъуддаги архайунцӕ, кӕд сӕ нихмӕ дӕр фӕццӕунцӕ ӕма син сӕ гъуддаг дӕр нихгӕнунцӕ, уӕддӕр. Ӕнӕ Хуцауи хъаурӕй син е нӕ бантӕстайдӕ.

Ӕнсувӕр Джозеф Рутерфорд ӕма иннӕ исӕрст лӕггадгӕнгутӕ нифсгунӕй игъосун кодтонцӕ, Хуцау аци дуйнейӕн ци тӕрхон рахаста, уой (кӕсӕ 8 абзац)

8. Раргомади 9:1–11 финст пахампарадӕ саринцхай туххӕй кӕмӕ амонуй? (Кӕсӕ хузӕмӕ ӕндаг цъарӕбӕл.)

8 Бакӕсӕ Раргомадӕ 9:1–11. Нур ба ӕркӕсӕн цуппӕрӕймаг бӕлвурдгӕнӕнмӕ. Раздӕр Иоили пахампарадӕ игъосун кӕнуни гъуддаги хӕццӕ бастан, Раргомади киунуги дӕр уой хузӕн пахампарадӕ ке ес, уой туххӕй. Еци пахампаради саринцхабӕл адӕймаги цӕсгӕнттӕ адтӕй, «сӕ сӕртӕбӕл [ба] цума сугъзӕрийнӕ кадиходтӕ адтӕй», уотӕ (Рарг. 9:7). Етӕ гъезӕмарӕй мардтонцӕ, «сӕ тӕрнихтӕбӕл Хуцауи мухур ӕвӕрд кӕмӕн нӕййес, еци адӕни [Хуцауи знӕгти]». Еци хабар цудӕй фондз мӕйей дӕргъи, ӕма саринцха дӕр еу гъе уойбӕрцӕ цӕруй (Рарг. 9:4, 5). Аци пахампарадӕ Йегови исӕрст лӕггадгӕнгутӕмӕ амонуй. Етӕ Хуцауи тӕрхӕнттӕ нифсгунӕй игъосун кӕнунцӕ ӕма е тухсун кӕнуй, аци фуддуйнебӕл ка хуӕцуй, уони.

9. Иоил ке фӕууидта, еци саринцха цӕмӕй хецӕн кӕнуй, Иоанн ке фӕууидта, уомӕй?

9 Ӕцӕгӕйдӕр, Раргомади финст пахампарадӕ ӕма Иоили пахампарадӕ цӕмӕйдӕр ӕмхузӕн ӕнцӕ, фал уӕддӕр хъӕбӕр хецӕн кӕнунцӕ. Цӕмӕй? Иоили пахампаради саринцха, зӕнхӕбӕл цидӕриддӕр ӕрзадӕй, уой бунхуӕрд бакодта (Иоил 1:4, 6, 7). Иоанни цӕстӕбӕлуайӕни ба саринцхайӕн загъд адтӕй, цӕмӕй «знаггадӕ ма кӕнонцӕ... зӕнхон зайӕгойтӕн» (Рарг. 9:4). Иоил ке фӕууидта, еци саринцха цӕгатӕй рацудӕй (Иоил 2:20). Иоанн ке фӕууидта, е ба дӕлзӕнхӕй исхизтӕй (Рарг. 9:2, 3). Иоили пахампаради саринцхай Йеговӕ расурдта. Раргомади финст ка ӕй, уой ба Йеговӕ нӕ расурдта, фал ин барӕ равардта, цӕмӕй ӕ гъуддаг кӕронмӕ фӕууа. Удта си уӕхӕн финст некӕми ес, ӕма си Йеговӕ цӕмӕйдӕр арази н’ адтӕй. (Кӕсӕ рамкӕ « Пахампарӕдтӕ саринцхай туххӕй. Цӕмӕй хецӕн кӕнунцӕ?».)

10. Иоил ке фӕууидта, еци саринцха ӕма Раргомади дзурд кӕбӕл цӕуй, етӕ еу ке нӕ ’нцӕ, е Библийӕй куд зиннуй? Ӕрхӕссӕ цӕветтон.

10 Аци дууӕ пахампаради кӕрӕдземӕй уотӕ ке хецӕн кӕнунцӕ, е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма некуд баст ӕнцӕ. Мадта уӕд Иоил ке фӕууидта, еци саринцха ӕма Раргомади дзурд кӕбӕл цӕуй, етӕ еу нӕ ’нцӕ. Хатгай Библий еу цӕмӕндӕр фӕйнӕхузи нисанеуӕг фӕууй. Зӕгъӕн, Раргомади 5:5 Йесо хунд ӕй «домбай Иуди муггагӕй», 1 Петури 5:8 ба «богътӕгӕнагӕ домбай» Сайтан ӕй. Раздӕр Иоили пахампарадӕ куд лӕдӕрдтан, уомӕ гӕсгӕ цӕхуӕндӕр фарстатӕ ке фӕззиннидӕ, е уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма ’й ӕндӕрхузи лӕдӕрун гъӕуй. Цума куд?

ПАХАМПАРАДӔ ЦӔМӔ АМОНУЙ?

11. Иоили 1:6 ӕма 2:1, 8, 11 финст дзурдтӕ нин куд ӕнхус кӕнунцӕ, саринцха кӕмӕ амонуй, уой балӕдӕрунмӕ?

11 Иоили пахампаради ма ӕндӕр стихтӕмӕ дӕр нӕ гъос ку ’рдарӕн, уӕд ӕй фӕууиндзиан, ӕфсӕдтӕ куд ӕрбампурстонцӕ, уобӕл си дзурд ке цӕуй (Иоил 1:6; 2:1, 8, 11). Йеговӕ загъта, «устур ӕфсадӕй», гъома Вавилони ӕфсӕддонтӕй ке испайда кӕндзӕй, цӕмӕй ӕгоммӕгӕс израилӕгти бафхуӕра (Иоил 2:25). Еци ӕфсад «цӕгатӕй» ке рацудӕй, е ба уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма вавилойнӕгтӕ Израилмӕ гъӕуама уордиги ӕрбампурстайуонцӕ (Иоил 2:20). Еци ӕфсад дӕр саринцхай хузӕн ӕмбурдемӕй рацӕунцӕ. Иоил вавилойнӕгти туххӕй финста: «Кӕрӕдзей нӕ хъор кӕнунцӕ. Хъаурӕгин лӕги хузӕн цӕунцӕ сӕ надбӕл... Горӕтмӕ бампурсунцӕ, фарсбӕл иследзунцӕ, хӕдзӕртти сӕрмӕ ’схезунцӕ, абӕргути хузӕн къӕрӕзгитӕбӕл бабурунцӕ» (Иоил 2:8, 9). Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ: алкӕмидӕр вавилойнаг ӕфсӕддонтӕ пӕс-пӕс кӕнунцӕ ӕма си нӕдӕр баримӕхсӕн ес, нӕдӕр сӕ хъӕмайӕй райервӕзӕн.

12. Иоили пахампарадӕ саринцхай туххӕй куд исӕнхӕст ӕй?

12 Нӕ эри размӕ 607 анзи вавилойнӕгтӕ (кенӕ халдейтӕ) саринцхай хузӕн Йерусалиммӕ ӕрбампурстонцӕ. Библи зӕгъуй: «Уӕд син сӕ нихмӕ ракодта халдейти паддзахи, ӕма син е се ’ригон биццеути сӕ ковӕндони медӕг хъӕмайӕй рамардта. Ӕма нӕдӕр ӕригон биццеутӕбӕл байаурста, нӕдӕр кизгуттӕбӕл, нӕдӕр зӕрӕндтӕбӕл ӕма нӕдӕр, ӕ бон кӕмӕн нецибал адтӕй, уӕхӕн адӕнбӕл. Хуцау ин алцидӕр ӕ къохмӕ равардта. Ӕма ӕцӕг Хуцауи хӕдзарӕ басугъта ӕма Йерусалимӕн ӕ фарс ниппурхӕ кодта. Удта ин ӕ цӕрӕн мӕсгутӕ еугурейдӕр ӕма си хъазар дзаумайӕй цидӕриддӕр адтӕй, уони дӕр басугътонцӕ, гъема горӕтӕй нецибал ниууагътонцӕ» (2 Анз. 36:17, 19). Вавилойнӕгтӕ еци зӕнхӕн ци бакодтонцӕ, уой ка фӕууидтайдӕ, е загътайдӕ: «Айӕ ӕй ӕдзӕрӕг бӕстӕ, нӕдӕр си адӕн ес, нӕдӕр фонс, халдейти къохтӕмӕ лӕвӕрд ӕй» (Йер. 32:43).

13. Йеремий 16:16, 18 финст пахампарадӕ куд лӕдӕргӕ ’й?

13 Иоил ӕ пахампарадӕ ку ниффинста, уобӕл еу 200 анзи ку рацудӕй, уӕд ма Йеговӕ Йеремийӕн дӕр еци тугъди туххӕй цидӕртӕ ниффинсун кодта. Йереми загъта, фудгъуддӕгтӕ ка кӕнуй, еци израилӕгти ке агордзӕнцӕ ӕма сӕ уацари ке фӕккӕндзӕнцӕ. Йеремий 16:16, 18 финст ӕй: «Ӕз фӕдздзурдтон берӕ кӕсалгахӕсгутӕмӕ,– зӕгъуй Йеговӕ,– ӕма сӕ етӕ агордзӕнцӕ ӕма сӕ ахӕсдзӕнцӕ. Уой фӕсте фӕдздзордзӕн берӕ цауӕйнонтӕмӕ, ӕма сӕбӕл етӕ цауӕн кӕндзӕнцӕ алли хонхбӕл дӕр, алли къубурбӕл дӕр, удта къӕдзӕхти скъудти... Ӕз [син] ӕнхӕстӕй бафеддзӕн сӕ фудракӕндти туххӕй ӕма сӕ тӕрегъӕдти туххӕй». Сӕ тӕрегъӕдтӕбӕл ка нӕ фӕсмон кодта, еци израилӕгтӕ сӕхе вавилойнӕгтӕй некӕми баримахстайуонцӕ, нӕдӕр арф денгизи нӕдӕр тар гъӕди.

ЗӔНХӔ НӔУӔГӔЙ ДӔТДЗӔЙ БЕРӔ ТИЛЛӔГ

14. Иоили 2:28, 29 финст дзурдтӕ кӕд исӕнхӕст ӕнцӕ?

14 Фал Иоили киунуги хуарз хабӕрттӕ дӕр ес. Зӕнхӕ нӕуӕгӕй тиллӕг дӕттун райдайдзӕй (Иоил 2:23–26). Удта ӕрцӕудзӕй уӕхӕн рӕстӕг, ӕма ӕууӕндундзийнадӕ федаргӕнӕн хуӕруйнаг уодзӕй фӕндон. Йеговӕ загъта: «Ӕз мӕ хъаурӕ ӕруадздзӕн аллихузи адӕнбӕл, ӕма уӕ фурттӕ ӕма уӕ кизгуттӕ пахампареуӕг кӕндзӕнцӕ... Мӕ хъаурӕ ӕруадздзӕн сауӕнгӕ лӕггадгӕнӕг-нӕлгоймӕгтӕбӕл ӕма лӕггадгӕнӕг-силгоймӕгтӕбӕл дӕр» (Иоил 2:28, 29). Хуцау израилӕгтӕбӕл ӕ сугъдӕг хъаурӕ, Вавилонӕй ку раздахтӕнцӕ, уӕд не ’руагъта, фал дзӕвгарӕ фӕстӕдӕр. Е адтӕй нӕ эри 33 анзи, Фӕндзайӕймаг бон. Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн?

15. Гъуддӕгти 2:16, 17 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Петур Иоили 2:28 финст дзурдтӕ куд раййивта ӕма е цӕбӕл дзорӕг ӕй?

15 Хуцауи сугъдӕг хъаури разамундӕй апостол Петур Иоили 2:28, 29 финст пахампарадӕ рахаста, Фӕндзайӕймаг бон ци дессаги хабар ӕрцудӕй, уомӕ. Еци бон сӕумӕй еу 9 сахаттебӕл Хуцау дессаги хузи ӕ сугъдӕг хъаурӕ ӕруагъта Киристей ахуркӕнуйнӕгтӕбӕл, ӕма уой фӕсте «Хуцауи устур гъуддӕгти туххӕй» дзорун райдӕдтонцӕ (Гъуд. 2:11). Сугъдӕг хъаури разамундӕй Петур Иоили пахампаради дзурдтӕ еу минкъий раййивта. (Бакӕсӕ Гъуддӕгтӕ 2:16, 17.) Дӕ гъос ӕрдардтай еци ӕййивдтитӕмӕ? Дзурдбаст «уой фӕсте» Петур раййивта дзурдбастӕй «фӕстаг бӕнтти». Фӕстаг бӕнтти, гъома Йерусалими исӕфтмӕ ци рӕстӕг байзадӕй, еци рӕстӕг, дан, Хуцау ӕ сугъдӕг хъаурӕ ӕруадздзӕй «аллихузи адӕнбӕл». Мадта Иоили пахампарадӕ исӕнхӕст ӕй, цалдӕр ӕноси ку рацудӕй, уӕд.

16. Хуцау ӕ сугъдӕг хъаури фӕрци игъосун кӕнуни гъуддагӕн фиццаг ӕноси куд ӕнхус кодта, удта мах рӕстӕги дӕр куд ӕнхус кӕнуй?

16 Фиццаг ӕноси Хуцау киристӕнттӕбӕл ӕ сугъдӕг хъаурӕ ку ӕруагъта, уӕд игъосун кӕнун райдӕдтонцӕ ӕма сабургай еци гъуддаг ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр рапурхӕ ’й. Нӕ эри еу 61 анзи, апостол Павел колоссӕгтӕмӕ ӕ финстӕг ку ниффинста, уӕдмӕ, зӕгъӕн ес, ӕма «хуарз хабар игъустгонд ӕрцудӕй арви буни ӕгас адӕнӕн дӕр» (Кол. 1:23). Павели дзурдтӕ, «арви буни ӕгас адӕнӕн дӕр», зӕгъгӕ, амудтонцӕ, уӕди рӕстӕги адӕн ци дуйне зудтонцӕ, уомӕ. Абони дӕр Йегови сугъдӕг хъаури фӕрци игъосун кӕнуни куст ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр цӕуй, зӕгъӕн ес, ӕма «зӕнхи кӕрӕнттӕмӕ дӕр» бахъӕрдтӕй (Гъуд. 13:47). (Кӕсӕ рамкӕ « Ӕз мӕ хъаурӕ ӕруадздзӕн».)

ЦИ РАЙЙИВД ӔЙ?

17. Иоили пахампарадӕ саринцхай туххӕй куд райдӕдтан лӕдӕрун?

17 Ци раййивд ӕй? Нур ӕй бӕлвурдӕй зонӕн, Иоили 2:7–9 финст пахампарадӕ куд лӕдӕрун гъӕуй, уой. Аци стихти, куд зингзӕрдӕй игъосун кӕнӕн, уобӕл нӕ цӕуй дзурд, фал нӕ эри размӕ 607 анзи вавилойнӕгтӕ Йерусалиммӕ куд ӕрбампурстонцӕ, уобӕл.

18. Йегови адӕнӕн ци нӕ раййивд ӕй?

18 Ци нӕ раййивд ӕй? Йегови адӕн аллихузи мадзӕлтти фӕрци идарддӕр дӕр алкӕмидӕр хуарз хабар игъосун кӕнунцӕ (Матф. 24:14). Ӕма нин хецауадӕ нӕ гъуддаг кудфӕди ма ӕхгӕнонцӕ, уӕддӕр нӕ неци бауорамдзӕй. Йегови ӕнхуси фӕрци абони куд зингзӕрдӕй архайӕн, уотӕ некӕдма. Мах нифсгунӕй игъосун кӕнӕн Хуцауи Паддзахади хуарз хабар! Раздӕр куд адтӕй, уотӕ нур дӕр сӕрниллӕгӕй арази кӕнӕн, Библий пахампарӕдтӕ ӕрмӕстдӕр Йегови ӕнхуси фӕрци ке ес балӕдӕрӕн, удта ’й федарӕй зонӕн, ӕ рӕстӕги нин «рӕстдзийнадӕ кӕронмӕ» дӕр ке раргом кӕндзӕй (Иоан. 16:13).

97 ЗАР Адӕймаг цӕруй Хуцауи Дзурди фӕрци

^ 5 абз. Берӕ ӕнзти дӕргъи уотӕ сагъӕс кодтан, ӕма Иоили 1 ӕма 2 сӕри ци пахампарадӕ финст ӕй, е хауй мах рӕстӕги игъосун кӕнуни гъуддагмӕ. Фал Иоили пахампарадӕ ӕндӕрхузи лӕдӕрун райдӕдтан, ӕма уомӕн ес цуппар бӕлвурдгӕнӕни. Цума цӕхуӕнттӕ?

^ 3 абз. Кӕсӕ статья «Мудрость Иеговы видна в творении», 2009 анзи 15 апрели «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги», 14–16 абзацтӕ.