Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

Кӕсгути фарстатӕ

Кӕсгути фарстатӕ

Йесо Хестӕр саугин кӕд иссӕй? Удта нӕуӕг бадзурд федаргонд ку ’рцудӕй ӕ хъаури дӕр гъе уӕд бацудӕй?

Йесо саугин иссӕй нӕ эри 29 анзи, донаргъуд ку райста, уӕд. Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн? Донаргъуд ку райста, уӕд, зӕгъӕн ес, ӕма ӕ цард нивондхӕссӕнбӕл исӕвардта, гъома Хуцауи фӕндон исӕнхӕст кӕнунмӕ цӕттӕ ке ӕй, уой бавдиста (Гал. 1:4; Дзиуит. 10:5–10). Еци «нивондхӕссӕн» фӕззиндтӕй, Йесо донаргъуд ку райста, уӕд. Нивондхӕссӕн ковӕндони ӕхсидзгӕ хай ке адтӕй, уомӕ гӕсгӕ ба зӕгъӕн ес, ӕма устурдӕр ӕнӕуингӕ ковӕндонӕ гъе уӕд фӕззиндтӕй. Еци ӕнӕуингӕ ковӕндонӕ ӕй, адӕн Киристей нивонди фӕрци Йеговӕн ци ӕгъдаумӕ гӕсгӕ лӕггадӕ кӕнунцӕ, е (Матф. 3:16, 17; Дзиуит. 5:4–6).

Устурдӕр ӕнӕуингӕ ковӕндони дӕр гъӕуама уа хестӕр саугин. Ӕма си хестӕр саугинӕй ба Йеговӕ исӕвардта Йесой, ӕ «сугъдӕг хъаурӕй» ӕй байсарста, уотемӕй (Гъуд. 10:37, 38; Мар. 1:9–11). Фал ӕй кӕцӕй зонӕн, Йесо Хестӕр саугин ӕ мӕлӕти размӕ ке иссӕй, уой? Цӕмӕй ӕй балӕдӕрӕн, уой туххӕй ӕркӕсӕн, Аарон ӕма ӕ фӕсте хестӕр саугинтӕй ка лӕггадӕ кодта, уони хабармӕ.

Моисеййи Закъонмӕ гӕсгӕ сугъдӕг цатури (фӕстӕдӕр ба ковӕндони) Тӕккӕ сугъдӕгдӕр бунатмӕ бацӕуни барӕ адтӕй ӕрмӕстдӕр хестӕр саугинӕн. Ӕ бацӕуӕнбӕл адтӕй ӕмбӕрзӕн. Хестӕр саугин еци бунатмӕ бацӕуидӕ ӕрмӕстдӕр Кӕдзосгӕнӕн бон ку ’рцӕуидӕ, уӕд (Дзиуит. 9:1–3, 6, 7). Нӕдӕр Ааронӕн, нӕдӕр иннетӕн еци ӕмбӕрзӕни иннӕ фарсмӕ бацӕуни барӕ н’ адтӕй, цалинмӕ хестӕр саугинтӕ не ’ссӕнцӕ, уӕдмӕ. Мадта уӕд Киристе дӕр Йегови устур ӕнӕуингӕ ковӕндони Хестӕр саугинӕй ӕвӕрд ӕрцудӕй, ку нӕма рамардӕй, уӕд. Ӕма уой фӕсте уӕлӕрвтӕмӕ иссудӕй «ӕмбӕрзӕни бӕлти, ӕмбӕрзӕн ба ӕй ӕ бауӕр» (Дзиуит. 10:20). Апостол Павел дӕр уой туххӕй загъта, Киристе, Хестӕр саугин «ку фӕззиндтӕй, уӕд е кадгиндӕр ӕма ӕнхӕстдӕр цатурбӕл, адӕймаги къохӕй конд ка нӕй, уӕхӕн, гъома ӕндӕрхузи конд цатурбӕл» «комкоммӕ уӕларвмӕ» бацудӕй (Дзиуит. 9:11, 24).

Нӕуӕг бадзурд федаргонд ку ’рцудӕй, ӕ хъаури дӕр гъе уӕд бацудӕй. Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн? Йесо уӕларвмӕ ку иссудӕй, цӕмӕй мах туххӕй Хуцауӕн ӕнхӕст адӕймаги царди аргъ бафистайдӕ, уӕд нӕуӕг бадзурд цӕттӕ кӕнун райдӕдта. Цума бадзурд бацӕттӕ кӕнунмӕ ци хаудтӕй?

Фиццаг: Йесо Йегови рази ӕрлӕудтӕй. Дуккаг: нивонди ке ’рхаста, еци царди аргъ ин равардта. Ӕртиккаг: Йеговӕ еци нивонди аргъ райста. Цалинмӕ аци ӕртӕ гъуддаги нӕ сӕнхӕст ӕнцӕ, уӕдмӕ нӕуӕг бадзурд федаргонд нӕма ӕрцудӕй.

Библий финст нӕй Йеговӕ Йесой нивонд кӕд райста, е. Уомӕ гӕсгӕ нӕуӕг бадзурд ци бон федаргонд ӕрцудӕй ӕма ӕ хъаури ци бон бацудӕй, уой нӕ бон зӕгъун нӕй. Фал ӕй зонӕн, Йесо уӕлӕрвтӕмӕ, 33 анзи Фӕндзайӕймаг бонмӕ ма 10 бони ку гъудӕй, уӕд ке иссудӕй (Гъуд. 1:3). Мадта уӕд еци 10 боней дӕргъи Йесо ӕ нивонди аргъ Йеговӕмӕ равардта ӕма ’й Йеговӕ райста (Дзиуит. 9:12). Ӕма нӕуӕг бадзурд ӕ хъаури ке бацудӕй, е исбӕрӕг ӕй, Фӕндзайӕймаг бон ци хабӕрттӕ ӕрцудӕй, уонӕй (Гъуд. 2:1–4, 32, 33). Еци хабӕртти фӕсте некебал гурусхӕ кодта, нӕуӕг бадзурд федаргонд ке ’рцудӕй ӕма ӕ хъаури ке бацудӕй, уобӕл.

Мадта нӕуӕг бадзурд федаргонд ӕрцудӕй ӕма ӕ хъаури бацудӕй, Йеговӕ Йесой нивонд ку райста, уӕд. Еци бадзурди ӕхсӕнилӕг ба ӕй Хестӕр саугин Йесо (Дзиуит. 7:25; 8:1–3, 6; 9:13–15).