Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

29 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Лӕмӕгъ ку фӕуун, уӕд фӕуун хъаурӕгин»

«Лӕмӕгъ ку фӕуун, уӕд фӕуун хъаурӕгин»

«Ӕхцӕуӕн [мин] ӕй, лӕмӕгъдзийнӕдтӕ мӕмӕ ке ес, ке мӕ ӕфхуӕрунцӕ, гъӕуагӕ ке ӕййафун, мӕ фӕдбӕл ке зелунцӕ ӕма зиндзийнӕдтӕ ке ӕвзарун Киристей туххӕй» (2 КОР. 12:10).

38 ЗАР Хуцау дӕ бафедар кӕндзӕй

РАЗДЗУРД *

1. Апостол Павел ци нӕ римахста?

АПОСТОЛ Павел нӕ римахста, лӕмӕгъдзийнӕдтӕ имӕ ке адтӕй, уой. Е ӕргом финста, ӕ бауӕр «лӕмӕгъӕй-лӕмӕгъдӕр» ке кӕнуй, удта ин раст куд ӕй, уотӕ кӕнун алкӕд ӕнцон ке нӕ уидӕ. Уомӕй уӕлдай ма ин Йеговӕ ӕ кувдтитӕбӕл, е куд ӕнгъӕл адтӕй, уотӕ не ’сдзуапп кӕнидӕ (2 Кор. 4:16; 12:7–9; Ром. 7:21–23). Павел ма ӕргом дзурдта, е знӕгтӕ дӕр ӕй лӕмӕгъ адӕймагбӕл ке нимайунцӕ *. Фал Павел нӕ бауагъта, цӕмӕй е ’нӕнхӕстдзийнади кенӕ иннети цӕстингаси туххӕй ӕхемӕ нецӕййаг ӕркастайдӕ (2 Кор. 10:10–12, 17, 18).

2. 2 Коринфӕгтӕмӕ 12:9, 10 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Павел цӕхуӕн ӕхсидзгӕ гъуддаг балӕдӕрдтӕй?

2 Павел балӕдӕрдтӕй еу ӕхсидзгӕ гъуддаг: адӕймаг ӕхемӕ цийфӕнди лӕмӕгъ ма кӕса, уӕддӕр ӕ бон ӕй хъаурӕгин ун. (Бакӕсӕ 2 Коринфӕгтӕмӕ 12:9, 10.) Йеговӕ Павелӕн загъта: «Мӕ хъаурӕ ӕхе ӕнхӕстӕй ӕвдесуй дӕ лӕмӕгъдзийнади». Аци дзурдтӕй ин балӕдӕрун кодта, цӕйбӕрцӕ хъаурӕ ’й гъӕуа, уойбӕрцӕ ин ке дӕтдзӕй. Аци статьяй базондзиан, Павели хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн, уой. Фал бал фиццаг ӕркӕсӕн, нӕ нифс цӕмӕн гъӕуама ма сӕтта, не знӕгтӕ нӕбӕл ку ходонцӕ, уӕд.

ХОДГӔ НӔБӔЛ КУ ФӔККӔНУНЦӔ

3. Ӕфхуӕрд ку ӕййафӕн, уӕд нин е ӕхцӕуӕн цӕмӕн гъӕуама уа?

3 Некӕмӕн уодзӕй ӕхцӕуӕн, ходгӕ ибӕл ку кӕнонцӕ. Фал нӕбӕл не знӕгтӕ ци дзорунцӕ, уобӕл ӕгӕр ку тухсӕн, уӕд нӕ нифс басӕтдзӕй (Ӕмб. 24:10). Мадта цӕхуӕн цӕстӕй гъӕуама кӕсӕн уӕхӕн миутӕмӕ? Махӕн дӕр Павели хузӕн гъӕуама «ӕхцӕуӕн уа», ӕфхуӕрд ке ӕййафӕн, е (2 Кор. 12:10). Цӕмӕн? Уомӕн ӕма е, ӕцӕгӕйдӕр Киристей фӕдбӕлдзӕугутӕ ке ан, уобӕл дзорӕг ӕй (1 Пет. 4:14). Йесо дзурдта, ӕ фӕдбӕлдзӕугути ин ӕфхуӕргӕ ке кӕндзӕнцӕ (Иоан. 15:18–20). Фиццаг ӕноси дӕр уотӕ адтӕй. Уӕди рӕстӕги адӕн грекъаг ӕгъдӕуттӕбӕл хуӕст ке адтӕнцӕ, уой туххӕй киристӕнтти нимадтонцӕ къумух адӕнбӕл, ӕма дзиуиттӕгтӕй дӕр беретӕ уотӕ гъуди кодтонцӕ. Зӕгъӕн, еу хатт Петур ӕма Иоаннӕй загътонцӕ, хумӕтӕг ӕма ахур ка не ’скодта, уӕхӕн адӕн, дан, ӕнцӕ (Гъуд. 4:13). Берети цӕсти киристӕнттӕ адтӕнцӕ лӕмӕгъ ӕма, сӕ бон кӕмӕн неци адтӕй, уӕхӕн адӕн, уомӕн ӕма син хецауади кенӕ ӕфсади хӕццӕ еумӕйагӕй неци адтӕй. Адӕни цӕсти син кадӕ ӕппундӕр н’ адтӕй.

4. Фиццаг ӕноси киристӕнттӕ ӕфхуӕрд ке ӕййафтонцӕ, уомӕ цӕхӕуӕн цӕстӕй кастӕнцӕ?

4 Цума фиццаг киристӕнттӕ, се знӕгтӕ сӕмӕ уӕхӕн цӕстӕй ке кастӕнцӕ, уой туххӕй сӕ гъуддаг ниууагътонцӕ? Нӕ ниууагътонцӕ. Зӕгъӕн, апостолтӕ Петур ӕма Иоанн Киристей фӕдбӕлдзӕугутӕ ке адтӕнцӕ ӕма ӕ хабар адӕнӕн ке хастонцӕ, уой туххӕй ӕфхуӕрд ӕййафтонцӕ. Фал уой сӕхецӕн устур кадӕбӕл нимадтонцӕ (Гъуд. 4:18–21; 5:27–29, 40–42). Киристӕнтти ӕфсӕрми кӕнун нӕ гъудӕй. Еци сӕрниллӕг лӕггадгӕнгутӕ адӕнӕн дзӕвгарӕ фулдӕр пайда ӕрхастонцӕ, сӕ фӕдбӕл ка зилдӕй, уонӕй. Зӕгъӕн, кадӕртӕ си ниффинстонцӕ Библий киунугутӕй кӕцидӕртӕ ӕма етӕ абони дӕр милиуангай адӕнӕн устур ӕнхус ӕма нифси хуасӕ ӕнцӕ. Ци Паддзахади туххӕй игъосун кодтонцӕ, е ба уӕлӕрвти ӕвӕрд ӕрцудӕй ӕма тагъд рӕстӕги ӕгас адӕн дӕр ӕ дӕлбарӕ уодзӕнцӕ (Матф. 24:14). Ӕфхуӕргӕ сӕ ка кодта, еци хъаурӕгин паддзахадӕн ба ма ӕрмӕстдӕр ӕ кой байзадӕй. Уомӕй уӕлдай ма еци еузӕрдон лӕггадгӕнгутӕ абони Киристей хӕццӕ уӕлӕрвти паддзӕхтӕ ’нцӕ. Сӕ нихмӕ ка цудӕй, етӕ ба раги рамардӕнцӕ. Ӕма сӕ кӕд Хуцау федӕни райгас кӕна, уӕддӕр уодзӕнцӕ, ӕнӕуинон син ка адтӕй, еци киристӕнттӕ ке туххӕй игъосун кодтонцӕ, еци Паддзахади дӕлбарӕ (Рарг. 5:10).

5. Иоанни 15:19 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ аци дуйней адӕн Йегови лӕггадгӕнгутӕмӕ сӕрӕй бунмӕ цӕмӕн кӕсунцӕ?

5 Абони дӕр беретӕ Йегови лӕггадгӕнгутӕмӕ сӕрӕй бунмӕ кӕсунцӕ, ходунцӕ сӕбӕл ӕма сӕ лӕмӕгъ адӕнбӕл нимайунцӕ. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма адӕнӕн сӕ фулдӕр ци зундбӕл хуӕст ӕнцӕ, мах еци зундбӕл хуӕст нӕ ан. Мах архайӕн, цӕмӕй сӕрниллӕг ӕма коммӕгӕс уӕн. Аци дуйней зӕрдӕмӕ ба фулдӕр цӕунцӕ, сӕрбӕрзонд ӕма ӕхецӕй хъал ка ӕй, уӕхӕн адӕн. Удта кӕмифӕнди ма цӕрӕн, уӕддӕр политики гъуддӕгти нӕхе нӕ цӕвӕн, удта ӕфсадмӕ дӕр нӕ цӕуӕн. Аци дуйней адӕнӕй уотӕ ке хецӕн кӕнӕн, уомӕ гӕсгӕ нӕмӕ уӕхӕн ӕнӕнвӕрсон каст кӕнунцӕ. (Бакӕсӕ Иоанни 15:19; Ром. 12:2.)

6. Йегови ӕнхуси фӕрци ӕ адӕнӕн цитӕ ӕнтӕсуй?

6 Кӕд нӕбӕл аци дуйне ходгӕ кӕнуй, уӕддӕр Йеговӕ ба махӕй пайда кӕнуй, цӕмӕй устур гъуддӕгтӕ кӕна. Зӕгъӕн, мах фӕрци ӕгас зӕнхи цъарӕбӕл дӕр игъустгонд цӕуй хуарз хабар. Ӕ лӕггадгӕнгутӕ цӕйбӕрцӕ журналтӕ уадзунцӕ ӕма сӕ цӕйбӕрцӕ ӕвзӕгтӕмӕ тӕлмац кӕнунцӕ, уойбӕрцӕ аци дуйней некӕмӕн ӕнтӕсуй. Удта ма Библий фӕрци милиуангай адӕнӕн ӕнхус кӕнунцӕ, цӕмӕй амондгундӕр цард кӕнонцӕ. Уойбӕрцӕ цидӕртӕ, аци дуйне ходгӕ кӕбӕл кӕнуй, еци адӕнӕн Йегови фӕрци ӕнтӕсуй. Фал нин алкӕмӕй ба хецӕнӕй ци ес зӕгъӕн? Цума ни Йеговӕ алкӕмӕндӕр ратдзӕй хъаурӕ? Кӕд гъо, уӕд нӕ уой туххӕй ци кӕнун гъӕуй? Ӕркӕсӕн, Павели хабарӕй цӕхуӕн ӕртӕ гъуддагебӕл ахур кӕнӕн, уомӕ.

ДӔХЕБӔЛ ДӔ ЗӔРДӔ МА ДАРӔ

7. Павели хабарӕй фиццагидӕр цӕбӕл ахур кӕнӕн?

7 Апостол Павели хабарӕй фиццагидӕр цӕбӕл ахур кӕнӕн? Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй нӕ зӕрдӕ нӕхебӕл гъӕуама ма дарӕн. Павели бон адтӕй сӕрбӕрзонд ӕма, ӕ зӕрдӕ ӕхебӕл ка даруй, уӕхӕн адӕймаг исун. Цӕмӕн? Е исирӕзтӕй ромаг провинци Киликий сӕйраг горӕт Тарси. Тарс ба адтӕй гъӕздуг, удта берӕ ахургӕндтӕ кӕцӕй рацудӕй, уӕхӕн горӕт. Павел дӕр ахургонд адӕймаг адтӕй. Ахур ба кодта, дзиуиттӕгти астӕу хъӕбӕр кадгин ка адтӕй, уӕхӕн ахургӕнӕг Гамалиилмӕ (Гъуд. 5:34; 22:3). Еу рӕстӕг Павел дӕр дзиуиттӕгти астӕу устур бунат ахӕста. Е загъта: «Дзиуиттаг дини мӕнӕн ци бантӕстӕй, е мӕ адӕни ’хсӕн ме ’нгӕрттӕй беретӕн нӕ бантӕстӕй» (Гал. 1:13, 14; Гъуд. 26:4). Фал Павел ӕ зӕрдӕ ӕхебӕл нӕ дардта.

Павел Киристей фӕдбӕлдзӕуӕг ке иссӕй, уой устур кадӕбӕл нимадта, аци дуйней ци ниууагъта, етӕ ба ин бугътӕй уӕлдай н’ адтӕнцӕ (кӕсӕ 8 абзац) *

8. Филиппӕгтӕмӕ 3:8 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Павел ци цӕстӕй кастӕй, аци дуйней ци ниууагъта, уомӕ? Лӕмӕгъдзийнӕдтӕ имӕ ке адтӕй, е ин ӕхцӕуӕн цӕмӕн адтӕй?

8 Павел хъӕбӕр ӕнцонтӕй фӕууагъта, аци дуйней кадгинбӕл нимад ка адтӕй, еци гъуддӕгтӕ. Етӕ ӕ цӕсти бугътӕй ӕндӕр нецибал адтӕнцӕ. (Бакӕсӕ Филиппӕгтӕмӕ 3:8.) Павел берӕ зиндзийнӕдти сӕрти рахизтӕй, цӕмӕй Киристей фӕдбӕлдзӕуӕг иссайдӕ. Ци адӕнихаттӕй адтӕй, етӕ си се ’сӕфт уидтонцӕ (Гъуд. 23:12–14). Ромӕгтӕй ба над дӕр баййафидӕ, удта ’й ахӕстдонӕмӕ дӕр багӕлдзиуонцӕ (Гъуд. 16:19–24, 37). Уомӕй уӕлдай ма Павел ӕхе рӕдудтитӕй дӕр хъӕбӕр тухстӕй (Ром. 7:21–25). Фал Павел е знӕгти туххӕй кенӕ ӕ рӕдудтити туххӕй ӕ къохтӕ не ’руагъта. Лӕмӕгъдзийнӕдтӕ имӕ ке адтӕй, е ин ӕхцӕуӕн адтӕй. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма ’й уидта, ӕ лӕмӕгъдзийнӕдти ин Хуцау куд ӕнхус кӕнуй, уой (2 Кор. 4:7; 12:10).

9. Нӕхемӕ лӕмӕгъ ке туххӕй ӕркӕсӕн, еци гъуддӕгтӕмӕ ци цӕстӕй гъӕуама кӕсӕн?

9 Хъаурӕ, гъӕздугдзийнадӕ, уӕлдӕр ахур, удта ци адӕнихаттӕй ан, уомӕй кӕнгӕ нӕй, Хуцауи цӕсти нин ци аргъ уодзӕй, е. Хуцауи адӕни астӕу берӕ нӕ ’нцӕ, «адӕни цӕсти зундгин ка ӕй, хъаурӕгин ка ӕй, кенӕ кадгин муггагӕй ка ӕй, уӕхӕнттӕ». Хуцау равзурста, «дуйней цӕсти лӕмӕгъ ка ӕй, уони» (1 Кор. 1:26, 27). Мадта уӕлдӕр ке ранимадтан, уонӕй дӕмӕ ку неци уа, уӕд дӕмӕ уотӕ ма кӕсӕд, ӕма дӕ бон нӕй Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун. Е дин хуарз фадуат ӕй, цӕмӕй ӕй фӕууинай, Йеговӕ дин хъаурӕ куд дӕтдзӕй, уой. Зӕгъӕн, нӕ дини ахурӕдтӕбӕл ка фӕггурусхӕ кӕнуй, уони хӕццӕ дзорунмӕ дӕ нифс ку нӕ хӕссай, уӕд Йеговӕмӕ ковӕ, цӕмӕй, цӕбӕл ӕууӕндис, уой сӕрбӕл нифсгунӕй дзорай (Еф. 6:19, 20). Кенӕ ба кӕд уӕззау незӕй сӕйгӕ дӕ, уӕд Йеговӕй хъауритӕ корӕ, цӕмӕй ин дӕ бон уа идарддӕр дӕр лӕггадӕ кӕнун. Алли хатт дӕр дӕ царди Йегови ӕнхус ку уинай, уӕд де ’ууӕндундзийнадӕ федардӕр кӕндзӕй ӕма хъаурӕгиндӕр кӕндзӕнӕ.

БИБЛИЙ ХАБӔРТТӔЙ АХУР КӔНӔ

10. Хуцауи еузӕрдон лӕггадгӕнгути, удта Дзиуиттӕгтӕмӕ 11:32–34 ке туххӕй финст ес, уони хабӕрттӕбӕл сагъӕс кӕнун цӕмӕн гъӕуй?

10 Павел Финстадӕ лӕмбунӕг ӕртаста, ӕма си Йегови еузӕрдон лӕггадгӕнгути хабӕрттӕй берӕ цӕбӕлдӕрти исахур ӕй. Дзиуиттӕгтӕмӕ финстӕги Павел киристӕнтти разӕнгард кодта, цӕмӕй еци адӕни хабӕрттӕбӕл сагъӕс кодтайуонцӕ. (Бакӕсӕ Дзиуиттӕгтӕмӕ 11:32–34.) Еци адӕнӕй сӕ еу адтӕй паддзах Давид. Давид айдагъ е знӕгтӕй нӕ баййафта ӕфхуӕрд, фал ма кӕддӕр е ’мбӕлттӕбӕл ке нимадта, уонӕй дӕр. Мадта ӕркӕсӕн Давиди цӕветтонмӕ ӕма расагъӕс кӕнӕн, ӕ царди хабӕрттӕ Павели куд бафедар кодтайуонцӕ, уобӕл. Удта ма ӕркӕсӕн, нӕ бон Павели фӕнзун куд ӕй, уомӕ дӕр.

Кӕд Давид ӕригон адтӕй, удта тохагӕ лӕхъуӕн дӕр н’ адтӕй, уӕддӕр Голиафи нихмӕ ку рацудӕй, уӕд си нӕ тарстӕй, уомӕн ӕма ӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дардта ӕма ’й зудта, Голиафи рамарунмӕ ин хъаурӕ ке ратдзӕй (кӕсӕ 11 абзац)

11. Голиаф Давидмӕ ӕнӕнвӕрсон каст цӕмӕн бакодта? (Кӕсӕ хузӕмӕ ӕндаг цъарӕбӕл.)

11 Голиаф хъаурӕгин ӕфсӕддон адтӕй, ӕма Давиди ӕ нихмӕ рацӕугӕ ку фӕууидта, уӕд имӕ «еци ӕнӕнвӕрсон каст бакодта». Голиаф си дзӕвгарӕ бӕрзонддӕр адтӕй, удта тохӕндзаумайӕй дӕр рӕвдзӕ адтӕй. Давид ба ӕ рази минкъий биццеуи хузӕн адтӕй, удта имӕ тохӕндзаума дӕр н’ адтӕй. Фал ӕцӕгӕй ба Давид Голиафӕй берӕ хъаурӕгин дӕр адтӕй, уомӕн ӕма ӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дардта. Ӕма ин Йеговӕ дӕр еци хъаурӕ равардта, цӕмӕй ибӕл фӕууӕлахез адтайдӕ (1 Сам. 17:41–45, 50).

12. Давид ма цӕхуӕн зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбалдӕй?

12 Давид ма ӕндӕрхузи зиндзийнӕдтӕбӕл дӕр ӕмбалдӕй, ӕма уони туххӕй дӕр хатгай ӕхемӕ ӕнӕхъаурӕ ӕркӕсидӕ. Давид еузӕрдонӕй лӕггадӕ кодта Саулӕн, Йеговӕ Израили паддзахӕй ке равзурста, уомӕн. Фиццаг имӕ Саул хуарз цӕстӕй кастӕй, фал имӕ уой фӕсте ба ӕ сӕрбӕрзонддзийнади туххӕй соцъа кӕнун райдӕдта. Саул Давиди ӕфхуӕрун райдӕдта ӕма ма ’й рамарунмӕ дӕр гъавта (1 Сам. 18:6–9, 29; 19:9–11).

13. Давид ӕхе куд бадардта, Саул ӕй ку ӕфхуардта, уӕд?

13 Кӕд Саул Давидӕн уӕхӕн миутӕ кодта, уӕддӕр ӕй Давид нимадта, уомӕн ӕма Йеговӕй исӕрст паддзах адтӕй (1 Сам. 24:6). Удта Йегови дӕр нӕ фудгин кодта, фал ибӕл ӕ зӕрдӕ дардта. Давид ӕууӕндтӕй, Йеговӕ ин хъаурӕ ке ратдзӕй еци зиндзийнӕдти сӕрти рахезунмӕ (Пс. 18:1 ӕма раздзурд).

14. Павели уавӕр Давиди уавӕри хузӕн цӕмӕй адтӕй?

14 Апостол Павел дӕр уӕхӕн уавӕри бахаудтӕй. Е знӕгтӕ си берӕ хъаурӕгиндӕр адтӕнцӕ. Дини разамонгутӕ ӕма хецӕуттӕ ба си се ’сӕфт уидтонцӕ. Арӕх уони бардзурдмӕ гӕсгӕ Павели фӕннӕмиуонцӕ ӕма ’й ахӕстдонӕмӕ багӕлдзиуонцӕ. Давиди хузӕн Павел дӕр ӕфхуӕрд баййафта, федар ӕй ка гъӕуама кодтайдӕ, уонӕй, зӕгъӕн, еуӕй-еу киристӕнттӕ ӕ нихмӕ дӕр цудӕнцӕ (2 Кор. 12:11; Фил. 3:18). Фал Павел федар фӕллӕудтӕй. Цума цӕй фӕрци? Идарддӕр дӕр ке игъосун кодта, уой фӕрци. Удта хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти дӕр уарзта, кӕд ин ӕ зӕрдӕ фӕрресун кӕниуонцӕ уӕддӕр. Фал сӕйрагидӕр ба е ӕй, ӕма ӕ царди кӕронмӕ дӕр Хуцаубӕл еузӕрдонӕй байзадӕй (2 Тим. 4:8). Павел хъӕбӕр берӕ зиндзийнӕдти сӕрти рахизтӕй, ӕ зӕрдӕ ӕхебӕл нӕ, фал Йеговӕбӕл ке дардта, уой фӕрци.

Ӕвдесӕн ка нӕй, уони хӕццӕ дзоргӕй уӕздан ӕма хӕларзӕрдӕ уо (кӕсӕ 15 абзац) *

15. Цӕхуӕн уӕлахезмӕ гъӕуама тундзӕн ӕма е нӕ къохи цӕй фӕрци бафтуйдзӕй?

15 Ка ’й зонуй, ду дӕр цӕхуӕндӕр зиндзийнӕдтӕ ӕййафис. Зӕгъӕн, де ’мкъласонтӕ, де ’мкосгутӕ кенӕ дӕ хеуӕнттӕ дӕ ӕфхуӕрунцӕ, кенӕ дӕбӕл иннети ахъелунцӕ. Кенӕ ба дин, ка ’й зонуй, ӕмбурди кадӕр дӕ зӕрдӕ фӕрресун кодта. Кӕд уӕхӕн уавӕртӕбӕл ӕмбӕлис, уӕд Павел ӕма Давиди цӕветтонтӕбӕл сагъӕс кӕнӕ. Ду дӕр «лӕгъуздзийнадӕбӕл хуарздзийнадӕй уӕлахез кӕнӕ» (Ром. 12:21). Еске дӕ ку ӕфхуӕра, уӕд Давид Голиафи нихмӕ куд рацудӕй, уотӕ дӕ сӕ нихмӕ цӕун нӕ гъӕуй. Уой бӕсти син ӕнхус кӕнӕ, цӕмӕй Йегови ӕма Библий туххӕй базононцӕ. Е дӕ къохи бафтуйдзӕй, сӕ фарстатӕбӕл син Библий фӕрци дзуапп ку дӕттай, уӕд, удта сӕ хӕццӕ фӕлмӕнӕй ӕма уӕзданӕй ку дзорай, уӕд. Алкӕмӕндӕр хуарздзийнадӕ кӕнӕ, сауӕнгӕ де знӕгтӕн дӕр (Матф. 5:44; 1 Пет. 3:15–17).

ИННЕТИ ӔНХУСБӔЛ ӔНВӔРСӔ

16, 17. Павел ци нӕ иронх кодта?

16 Апостол Павел киристон ку нӕма иссӕй, уӕд Киристей ахуркӕнуйнӕгти фӕдбӕл зилдӕй ӕма адтӕй ӕдзӕсгон адӕймаг (Гъуд. 7:58; 1 Тим. 1:13). Ӕма не ’рсабур адтайдӕ, Йесо ӕй ӕхуӕдӕг ку нӕ бауорӕдтайдӕ, уӕд. Еци рӕстӕг ӕй адӕн Савлӕй зудтонцӕ. Йесо ӕ хӕццӕ уӕлӕрвтӕй дзурдта ӕма ’й бахъӕрӕу кодта. Ӕма цӕмӕй нӕуӕгӕй уинун райдӕдтайдӕ, уой туххӕй ӕй багъудӕй, ке фӕдбӕл зилдӕй, уонӕй ӕнхус ракорун. Гъема Павел Ананий ӕнхусбӕл сӕрниллӕгӕй исарази ӕй ӕма нӕуӕгӕй уинун райдӕдта (Гъуд. 9:3–9, 17, 18).

17 Фӕстӕдӕр Павел киристон ӕмбурди берӕ кадгин ихӕстӕ ӕнхӕст кодта, фал ин Киристе Дамаскмӕ надбӕл ци зунд байамудта, уой ба некӕд иронх кодта. Павел алкӕддӕр сӕрниллӕг адтӕй ӕма хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ӕнхусбӕл арази кодта. Ӕхуӕдӕг куд загъта, уомӕ гӕсгӕ ин етӕ «иссӕнцӕ устур ӕнхус ӕма нифси хуасӕ» (Кол. 4:10, 11).

18. Иннети ӕнхусбӕл ӕнвӕрсун нин хатгай зин цӕмӕн фӕууй?

18 Павели хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Йегови адӕни хӕццӕ фиццаг хатт ку базонгӕ ан, уӕд нин ӕнцон адтӕй се ’нхусбӕл исарази ун, уомӕн ӕма ’й лӕдӕрдтан, «киристон надбӕл ма сувӕллӕнттӕ» ке ан ӕма нӕ берӕ цидӕртӕ базонун ке гъӕуй (1 Кор. 3:1, 2). Нур ба ни ци ес зӕгъӕн? Кӕд Йеговӕн берӕ ӕнзти дӕргъи лӕггадӕ кӕнис ӕма фӕлтӕрдгун исдӕ, уӕд дин, ӕвӕдзи, уотӕ ӕнцон нӕбал фӕууй иннети ӕнхусбӕл исарази ун, уӕлдайдӕр ба донаргъуд дӕуӕй фӕстӕдӕр ка райста, уони ӕнхусбӕл. Фал Йеговӕ нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй арӕх испайда кӕнуй, цӕмӕй нӕ бафедар кӕна (Ром. 1:11, 12). Ӕма нӕ кӕд фӕндуй, цӕмӕй нин Йеговӕ хъауритӕ дӕтта, уӕд гъӕуама хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ӕнхусбӕл ӕнвӕрсӕн.

19. Павел ӕнтӕстгун цӕй фӕрци адтӕй?

19 Павел киристон ку иссӕй, уӕд берӕ дессаги гъуддӕгтӕ искодта. Цӕй фӕрци? Е ӕй лӕдӕрдтӕй, адӕймаг цӕйбӕрцӕбӕл ӕнтӕстгун уодзӕй, е хъаурӕй, ахурӕй, гъӕздугдзийнадӕй кенӕ ин адӕни цӕсти цӕхуӕн кадӕ ес, уомӕй кӕнгӕ ке нӕй. Адӕймаг ӕнтӕстгун уодзӕй, сӕрниллӕг ку уа ӕма ӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл ку дара, уӕд. Гъӕйдӕ мадта Павели фӕнзӕн ӕма ма иронх кӕнӕн аци ӕртӕ гъуддаги: 1) нӕ зӕрдӕ Йеговӕбӕл дарӕн, 2) Библий хабӕрттӕй ахур кӕнӕн ӕма 3) хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ӕнхусбӕл ӕнвӕрсӕн. Ӕма гъе уӕд нӕхемӕ цийфӕнди лӕмӕгъ ма кӕсӕн, уӕддӕр Йегови фӕрци исуодзиан хъаурӕгин!

71 ЗАР Мах ан Йегови ӕфсад!

^ 5 абз. Аци статьяй ӕркӕсдзиан апостол Павели цӕветтонмӕ ӕма ’й фӕууиндзиан, сӕрниллӕг ку уӕн, уӕд нин Йеговӕ фагӕ хъаурӕ ке ратдзӕй, цӕмӕй ин идарддӕр дӕр еузӕрдонӕй лӕггадӕ кӕнӕн, иннетӕ нӕбӕл ку ходонцӕ кенӕ нӕ лӕмӕгъдзийнӕдти хӕццӕ ку тох кӕнӕн, уӕд.

^ 1 абз. ЦИ НИСАН КӔНУЙ. Адӕймаг ӕхемӕ лӕмӕгъ аллихузи гъуддӕгти туххӕй ӕркӕсуй. Зӕгъӕн, ӕнӕнхӕст ке ӕй, мӕгур цард ке кӕнуй, цӕхуӕндӕр незӕй ке сӕйуй, ахур ке не ’скодта, кенӕ ’й знӕгтӕ ке ӕфхуӕрунцӕ, уой туххӕй.

^ 57 абз. ХУЗӔ. Павел Киристей туххӕй игъосун кӕнун ку райдӕдта, уӕд ӕ хӕццӕ нӕ райста, фарисей ма ку адтӕй, уӕдӕй имӕ ци дзаумӕуттӕ байзадӕй уони, зӕгъӕн, адӕни зундӕй финст ка адтӕй, еци тухтӕнттӕ, удта сӕ тӕрнихтӕбӕл ке дариуонцӕ, уӕхӕн къаропкитӕ Финстадӕй скъуддзӕгти хӕццӕ.

^ 61 абз. ХУЗӔ. Ӕнсувӕри е ’мкосгутӕ зӕрдиагӕй хонунцӕ кедӕр игурӕнбон исбӕрӕг кӕнунмӕ.