БИОГРАФИ
Мӕ ихӕс ци адтӕй, уой бакодтон
ДОНАЛЬД РИДЛИ адтӕй адвокат. 30 анземӕй фулдӕр Йегови Ӕвдесӕнти бартӕбӕл тох кодта. Хъӕбӕр берӕ искодта, тог уадзун ке нӕ фӕндадтӕй, уонӕн цӕмӕй еци барӕ адтайдӕ, уой туххӕй. Ридлий фӕрци Америки Еугонд Штатти уӕлдӕр тӕрхондӕнтти берӕ гъуддӕгтӕ рамулдтан. Е ’мбӕлттӕ ’й худтонцӕ Дон. Дон адтӕй кустуарзагӕ, сӕрниллӕг ӕма уодуӕлдай адӕймаг.
2019 анзи имӕ иссирдтонцӕ, исдзӕбӕх кӕнӕн кӕмӕн н’ адтӕй, уӕхӕн нез, ӕма 2019 анзи 16 августи Дон рамардӕй. Айӕ ӕй ӕ царди хабар.
Ӕз райгурдтӕн 1954 анзи Сент-Поли (штат Миннисотӕ, АЕШ). Мӕ ниййергутӕ гъӕздуг н’ адтӕнцӕ, фал мӕгур дӕр н’ адтӕнцӕ. Хуӕст адтӕнцӕ католикон динбӕл. Хӕдзари фондз сувӕллонемӕй дуккаг адтӕн. Ахур ба кодтон католикон скъолай, ӕма саугинӕн аргъауни рӕстӕг ӕнхус кӕнинӕ. Фал Библийӕй неци зудтон. Хуцау ке ес ӕма алцидӕр е ке сфӕлдиста, уобӕл ӕууӕндтӕн, фал аргъауӕнӕй ба фӕффудӕнгъӕл дӕн.
РӔСТДЗИЙНАДӔ БАЗУДТОН
Уильям Митчели номбӕл юридикон колледжи фиццаг курси ку ахур кодтон, уӕд мӕмӕ хӕдзарӕмӕ ӕрбацудӕнцӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕ. Адтӕнцӕ лӕг ӕма уосӕ. Фал уӕд хъӕппӕлтӕ ӕхснадтон ӕма мин зӕрдӕ байвардтонцӕ, иннӕ хатт мӕмӕ ке ’рбацӕудзӕнцӕ. Гъема иннӕ хатт ку ӕрбацудӕнцӕ, уӕд сӕмӕ дууӕ фарстай равардтон: «Лӕгъуз адӕн хуарз адӕнӕй хуӕздӕр цӕмӕн цӕрунцӕ?» ӕма «Амондгун цард кӕнунмӕ ци гъӕуй?» Етӕ мин равардтонцӕ киунугӕ «Ӕносон цардмӕ кӕнӕг рӕстдзийнадӕ» ӕма «Библи – Нӕуӕг дуйней тӕлмац» рӕсугъд кӕрдӕгхуз цъари. Гъе уотемӕй Библи ахур кӕнунбӕл исарази дӕн ӕма уой фӕрци мӕ цӕститӕ байгон ӕнцӕ. Дессаг мӕмӕ
кастӕй, ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр адӕнӕн хуарз разамунд ка дӕтдзӕй ӕма хуарз цард ка искӕндзӕй, еци хецауадӕ Хуцауи Паддзахадӕ ке ӕй. Мӕ цийнӕн кӕрон дӕр н’ адтӕй! Ба ’й лӕдӕрдтӕн, адӕни хецаудзийнадӕ ӕцӕгӕйдӕр хуарзӕй ке нецӕмӕ ӕркодта. Адӕн маст, рист ӕма аллихузи бӕллӕхтӕ ӕвзарунцӕ.1982 анзи райдайӕни мӕхе Йеговӕн иснивонд кодтон. Ӕма фӕстӕдӕр еци анз конгресси «Паддзахади рӕстдзийнадӕ» донаргъуд райстон. Конгресс цудӕй Сент-Поли муниципалон центри. Иннӕ къуӕре ба уоми экзамен лӕвардтон. Гъема октябри райдайӕни исбӕрӕг ӕй, мӕ экзамен хуарз ке равардтон ӕма нур мӕ бон адтӕй адвокатӕй косун.
Еци конгресси ма базонгӕ дӕн Майк Ричардсони хӕццӕ. Майк Бруклини Вефили лӕггадӕ кодта ӕма мин мӕ гъоси бауагъта, сӕйраг хайади юридикон хайадӕ ке фӕззиндтӕй. Гъема мӕ зӕрдӕбӕл ӕрбалӕудтӕнцӕ ефиопаг хецауи дзурдтӕ, Гъуддӕгти 8:36 финст ка ’нцӕ, етӕ. Ӕма расагъӕс кодтон: «Ци мӕ хъор кӕнуй, юридикон хайади лӕггадӕ кӕнун?» Ӕз дӕр Вефили лӕггадӕ кӕнунмӕ курдиадӕ байдзаг кодтон.
Мӕ ниййергути зӕрдӕмӕ нӕ цудӕй, Йегови Ӕвдесӕн ке исдӕн, е. Мӕ фидӕ мин уотӕ, Вефили косун, дан, ку райдайай, уӕд, дан, дин е ескуд банхус кӕндзӕй хуарз адвокад исунмӕ. Ӕма ин балӕдӕрун кодтон, барвӕндон косӕг ке уодзӕн ӕма мӕйӕмӕ 75 доллӕри ке есдзӕн. Уӕди рӕстӕги вефилӕгтӕн уойбӕрцӕ лӕвардтонцӕ.
Еци рӕстӕги тӕрхондони кустон ӕма мӕ бон н’ адтӕй еци фӕдӕй мӕ куст фӕууадзун. Цидӕртӕ ма мӕ гъудӕй бакӕнун. Уой фӕсте ба 1984 анзи Бруклини Вефили лӕггадӕ кӕнун райдӕдтон. Иснисан мӕ кодтонцӕ юридикон хайадӕмӕ. Тӕрхондони косгӕй цӕбӕлдӕрти исахур дӕн ӕма мин уой фӕсте е устур ӕнхус фӕцӕй.
РӔВДЗӔ КӔНӔН ТЕАТР СТЭНЛИ
1983 анзи ноябри ӕнсувӕртӕ Джерси-Ситий (штат Нью-Джерси) балхӕдтонцӕ театр Стэнли. Ӕма горӕти хецауадӕмӕ курдиадӕ балӕвардтонцӕ, цӕмӕй син ӕй барӕвдзӕ кӕнунмӕ барӕ равардтайуонцӕ. Хецауади хӕццӕ ку фембалдӕнцӕ, уӕд син балӕдӕрун кодтонцӕ, театр Стэнлийӕй сӕ Конгрессти зал искӕнун ке фӕндуй. Фал гъуддаг нӕ рӕстмӕ кодта. Джерси-Ситий закъӕнттӕмӕ гӕсгӕ ковӕн бунӕттӕ аразун ӕнгъизтӕй, адӕн кӕми цардӕнцӕ, ӕрмӕстдӕр еци районти. Стэнли ба горӕти центри адтӕй, аллихузи кустуӕттӕ кӕми адтӕй, уӕхӕн райони. Ӕма нин уой туххӕй барӕ нӕ равардтонцӕ еци бунат барӕвдзӕ кӕнунмӕ. Ӕнсувӕртӕ нӕуӕгӕй курдиадӕ балӕвардтонцӕ, фал бабӕй син си неци рауадӕй.
Вефили фиццаг къуӕре ку лӕггадӕ кодтон, уӕд нӕ организаци еци гъуддаги фӕдбӕл Федералон округи тӕрхондонӕмӕ гъаст балӕвардта. Дууӕ
анзи Сент-Поли Федералон округи тӕрхондони ке ракустон, уой фӕрци ’й хуарз зудтон, уӕхӕн гъуддӕгтӕ ӕвзурст куд фӕццӕунцӕ, уой. Тӕрхондони син нӕ адвокаттӕй еу загъта, раздӕр, дан, Стэнлий кинотӕ ку ӕвдистонцӕ, удта, дан, си рок-концерттӕ дӕр ку цудӕй, уӕд, дан си махӕн ба фембӕлдтӕ уадзун цӕмӕннӕ ’нгъезуй. Тӕрхондони еци гъуддаг равзурстонцӕ ӕма унаффӕ рахастонцӕ, Джерси-Ситий нин нӕ бартӕ ке бафхуардтонцӕ ӕма нин горӕти хецауадӕ Стэнли барӕвдзӕ кӕнунмӕ барӕ ке гъӕуама радта. Гъе уӕд фиццаг хатт фӕууидтон, Йеговӕ ӕ организацийӕн куд арфӕ кӕнуй, цӕмӕй ауӕхӕн гъуддӕгти фӕрци Паддзахади гъуддаг размӕ цӕуа. Ӕма мин хъӕбӕр ӕхцӕуӕн адтӕй, ӕз дӕр си кӕмидӕр ке банхус кодтон, е.Ӕнсувӕртӕ Стэнли рӕвдзӕ кӕнун райдӕдтонцӕ. Хъӕбӕр берӕ кӕнуйнӕгтӕ си адтӕй. Ӕма анз дӕр нӕма рацудӕй, уотемӕй 1985 анзи 8 сентябри Джерси-Ситий Конгрессти зали рауагътонцӕ программӕ, Галаади 79 къласс ка фӕцӕй, уонӕн. Хъӕбӕр ӕхцӕуӕн мин адтӕй, иннӕ юристити хӕццӕ ӕз дӕр Хуцауи гъуддагӕн цидӕр агъаз ке фӕдтӕн, е. Вефили размӕ адвокатӕй ку кустон, уӕд уотӕ некӕд нецӕбӕл цийнӕ кодтон. Уомӕн ка ци зудта, Йеговӕ ма мин берӕ уӕхӕн гъуддӕгтӕ ке баихӕс кӕндзӕй.
ТОХ КӔНӔН, ӔНӔ ТОГӔЙ ДЗӔБӔХ КӔНУНМӔ БАРӔ КЕ ЕС, УОБӔЛ
1980-аг ӕнзти нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ зиндзийнӕдтӕбӕл ӕмбалдӕнцӕ, тог уадзун сӕ ке нӕ фӕндадтӕй, уой туххӕй. Арӕх дохтиртӕ ӕнӕ тогӕй дзӕбӕх кӕнун нӕ арази кодтонцӕ. Сувӕллон кӕмӕн гъӕуама райгурдайдӕ, уӕхӕн силгоймӕгтӕн ба сӕ хӕццӕ никки зиндӕр дзорӕн адтӕй. Тӕрхонгӕнгути гъудимӕ гӕсгӕ, уӕлдайдӕр уӕззау силгоймӕгтӕн н’ адтӕй барӕ тог ма бауадзунмӕ, уомӕн ӕма, дан, ести ку кӕна, уӕд сувӕллон ӕнӕ мадӕй байзайдзӕй.
1988 анзи 29 декабри хуӕрӕ Дениз Ноколойӕн сувӕллон ку райгурдӕй, уӕд берӕ тог фесафта. Ӕ гемоглобин хъӕбӕр ӕрхаудтӕй. Ӕма ин дохтир загъта, гъӕйдӕ тог бауадзӕн, зӕгъгӕ, фал Дениз не сарази ӕй. Иннӕ сӕумӕ сӕйгӕдонӕ тӕрхондонӕмӕ гъаст балӕвардта, цӕмӕй син тог бауадзунмӕ барӕ равардтайуонцӕ. Тӕрхонгӕнӕг нӕдӕр Денизи нӕдӕр ӕ лӕги нецӕбӕл бафарста, уотемӕй унаффӕ рахаста, цӕмӕй ин тог бауагътайуонцӕ.
30 декабри майрӕнбони Денизӕн тог бауагътонцӕ, кӕд ӕ лӕг ӕма ма ӕ фарсмӕ ка адтӕй, еци хеуӕнттӕ арази н’ адтӕнцӕ, уӕддӕр. Еци бон ма изӕрӕй сӕ бийнонтӕй ӕма хестӕр нӕлгоймӕгтӕй кедӕрти ниййахӕстонцӕ. Ӕр сӕбӕл имистонцӕ, ӕ хуссӕни алливарс, дан, ӕрлӕудтӕнцӕ ӕма, дан, имӕ дохтирти хӕстӕг нӕ уагътонцӕ. Еци хабар 31 декабри сабати сӕумӕ финст адтӕй Нью-Йорки ӕма Лонг-Айленди газзетити, удта телевизори ӕма радиой дӕр уой кой кодтонцӕ.
Мах еци гъуддаги фӕдбӕл уӕлдӕр тӕрхондонӕмӕ гъаст балӕвардтан. Авдисӕри сӕумӕй ба фембалдтӕн тӕрхонгӕнӕг Милтон Моллени хӕццӕ. Гъаст цӕмӕн балӕвардтан, уой ин бӕлвурдӕй балӕдӕрун кодтон. Загътон ин, тог бауадзуни барӕ ка равардта, еци тӕрхонгӕнӕг нӕдӕр нӕ хуӕри нӕдӕр ӕ лӕги ке бафарста. Моллен мин загъта, цӕмӕй ма имӕ фӕсрӕфтӕ дӕр ӕрбацудайнӕ ӕма еци гъуддагбӕл радзубанди кодтайанӕ. Гъема имӕ мӕ цӕстӕдарӕг Филип Брамлий хӕццӕ ӕрбацудтӕн. Тӕрхонгӕнӕг ма сӕйгӕдони юристмӕ дӕр фӕдздзурдта. Еуварсӕй кӕсгӕй уотӕ зӕгъӕн н’ адтӕй, ӕма нӕ дзубанди сабур цудӕй. Ӕма мин ӕнсувӕр Брамли ӕ блокноти рафинста, минкъий, дан, дӕхебӕл фӕххуӕцӕ. Хуарз ӕма мӕмӕ рафинста, ӕндӕра сӕйгӕдони юристи хӕццӕ ӕгӕр карзӕй райдӕдтон дзорун.
Еу сахатти фӕсте нин тӕрхонгӕнӕг Моллен загъта, иннӕ бон фиццаг мах гъуддаг ке ӕвзардзӕнцӕ. Ӕма цӕугӕ ку кодтан, уӕд ма мин уотӕ бакодта, исон, дан, сӕйгӕдони юристбӕл мӕгур бон кӕндзӕй. Еци загъд уобӕл дзорӕг адтӕй, ӕма юристӕн ӕнцон нӕ уодзӕй, тог бауадзуни барӕ син ке адтӕй, уой исбӕлвурд кӕнун. Раст мин цума Йеговӕ уотӕ загъта, мацӕбӕл тухсетӕ, уӕддӕр рамолдзиайтӕ, зӕгъгӕ. Йеговӕ ӕ фӕндон ӕнхӕст кӕнунмӕ махӕй ке пайда кодта, уой мӕхецӕн устур кадӕбӕл нимадтон.
Ӕмбесӕхсӕвӕмӕ нӕхе фӕццӕттӕ кодтан. Сагъӕс кодтан, куд дзордзиан ӕма цӕхуӕн бӕлвурдгӕнӕнтӕ хӕсдзиан, уобӕл. Еци тӕрхондонӕ Бруклини Вефилмӕ хӕстӕг адтӕй. Ӕма дуккаг бон нӕ минкъий юридикон хайадӕн сӕ фулӕр уоми адтӕнцӕ. Цуппар тӕрхонгӕнӕги нӕмӕ байгъустонцӕ ӕма унаффӕ рахастонцӕ, уой размӕ тог уадзуни фӕдбӕл ци унаффӕ хаст ӕрцудӕй, е раст ке н’ адтӕй. Уӕлдӕр тӕрхондонӕ хуӕрӕ Николой сӕрбӕл рахуӕстӕй. Удта ма уӕхӕн унаффӕ хаст ӕрцудӕй: тӕрхондонӕ ихалдзӕй адӕймаги сӕйраг бартӕ, сӕйги ӕ гъудибӕл ку нӕ фӕрса ӕма уотемӕй дохтиртӕн, сӕхемӕ раст куд кӕсуй, уотӕ дзӕбӕх кӕнунмӕ барӕ ку ратта, уӕд.
Уой фӕсте штат Нью-Йорки Сӕйраг тӕрхондонӕ дӕр унаффӕ рахаста, Дениз Николойӕн барӕ ке ес, цӕмӕй ӕй ӕнӕ тогӕй дзӕбӕх кӕнонцӕ. Еугонд Штатти уӕлдӕр тӕрхондӕнтти тог уадзуни туххӕй ци гъуддӕгтӕ ӕвзурст цудӕнцӕ, уонӕй дӕр цуппареми ӕз архайдтон. (Кӕсӕ рамкӕ « Уӕлахезтӕ уӕлдӕр тӕрхондӕнтти».) Уомӕй уӕлдай ма нӕ хайади иннӕ адвокатти хӕццӕ ӕндӕр гъуддӕгти дӕр архайдтон. Баст адтӕнцӕ, сувӕллон ка гъомбӕл кӕндзӕй, уой хӕццӕ, хецӕн кӕнуни хӕццӕ, удта зӕнхӕ ӕма бӕстихӕйтти хабӕртти хӕццӕ.
БИЙНОНТИ ГЪУДДАГ БАКОДТОН
Мӕ бийнойнаг Доуни хӕццӕ ку базонгӕ дӕн, уӕд ӕ лӕгӕй хецӕн адтӕй ӕма еунӕгӕй ӕртӕ сувӕллони гъомбӕл кодта. Кӕд бийнонтӕ дардта, уӕддӕр пионерӕй лӕггадӕ кодта. Зин цӕрдтитӕ фӕккодта, фал Йеговӕн хъӕбӕр зӕрдиагӕй лӕггадӕ кодта, ӕма си е мӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр фӕццудӕй. 1992 анзи адтан Нью-Йорки облӕстон конгресси «Адӕнмӕ рохс хӕссӕн», зӕгъгӕ, ӕма ин уоми, мӕ зӕрди ци адтӕй, уой балӕдӕрун кодтон. Уой фӕсте ӕмбӕлун райдӕдтан ӕма еу анзи фӕсте нӕ цард байеу кодтан. Фал ӕз идарддӕр дӕр Вефили ӕнхус кодтон. Доун Йегови алкӕддӕр ӕ царди фиццаг бунати ӕвардта, удта игъӕлдзӕг адӕймаг ӕй. Уӕхӕн бийнойнаг ӕй Йегови лӕвар! Кӕдӕй цӕрӕн, уӕдӕй Доунӕй ӕрмӕстдӕр хуарздзийнадӕ зонун (Ӕмб. 31:12).
Нӕ цард ку байеу кодтан, уӕд хестӕр сувӕллонбӕл цудӕй 16 анзи, астӕуккагбӕл – 13, кӕрстӕрбӕл ба – 11. Хъӕбӕр мӕ фӕндадтӕй, цӕмӕй син хуарз фидӕ адтайнӕ. Гъема, ӕ цардӕмбали сувӕллӕнтти ка гъомбӕл кӕнуй, уонӕн нӕ публикацити цидӕриддӕр ӕрмӕг ирдтон, уони еугурейдӕр кастӕн ӕма уомӕ гӕсгӕ архайдтон. Фиццаг рӕстӕг нин алци нӕ уадӕй. Фал син фӕстагмӕ ба уӕддӕр исдӕн хуарз ӕмбал ӕма мӕмӕ фиди цӕстӕй кӕсун райдӕдтонцӕ. Се ’мбӕлттӕ нӕмӕ арӕх цудӕнцӕ, ӕма нӕхе зӕрдӕмӕ дӕр цудӕй, еци ӕригон игъӕлдзӕг фӕсевӕди хӕццӕ нӕ рӕстӕг ӕрветун.
2013 анзи Доуни хӕццӕ Висконсинмӕ рандӕ ан, уомӕн ӕма нӕ каргун ниййергути ӕнхус гъудӕй. Фал уой ӕнгъӕл н’ адтӕн, ӕма ма Вефили дӕр мӕ бон уодзӕй лӕггадӕ кӕнун. Ӕнсувӕртӕ мин загътонцӕ, уотӕ сӕ ке фӕндуй, цӕмӕй рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ идарддӕр дӕр нӕ организацийӕн тӕрхӕнтти хӕццӕ баст гъуддӕгти ӕнхус кӕнон.
ӔНГЪӔЛ КЕ Н’ АДТАН, УӔХӔН ХАБАР
2018 анзи мӕ хъуртӕ куддӕртӕ кӕнун райдӕдтонцӕ, цидӕр мин си ниббадидӕ. Дохтир мӕмӕ ӕркастӕй, фал ӕ бон н’ адтӕй балӕдӕрун, ци кӕнун, уой. Фӕстӕдӕр ба мӕ ӕндӕр дохтир невропотологмӕ рарвиста. Ӕма мин 2019 анзи январи невропотолог загъта, е, дан, дин, ӕвӕдзи, нервити системи хӕццӕ баст ка ӕй, уӕхӕн нез ӕй ӕма, дан, ефстаг адӕнмӕ фӕззиннуй, (прогрессирующий надъядерный паралич).
Ӕртӕ боней фӕсте къӕхдзонӕгътӕбӕл гургӕй рахаудтӕн ӕма мӕ рахес цонги гъолӕ басастон. Мӕхе цӕйбӕрцӕ гъуди кӕнун, уобӕрцӕ къахдзонӕгътӕбӕл гурун, ӕма мӕбӕл уӕхӕн хабар некӕдма ӕрцудӕй. Гъе уӕд ӕй балӕдӕрдтӕн ме ’уӕнгтӕ мӕмӕ ке нӕбал игъосунцӕ. Нез мӕбӕл уотӕ тагъд ке фӕхъхъӕбӕрдӕр уодзӕй, уой ӕнгъӕл н’ адтӕн. Бонӕй-бонмӕ мин зиндӕр ӕй дзорун, цӕун ӕма нихъуӕрун.
Йегови организацийӕн тӕрхони хӕццӕ баст гъуддӕгти цӕмӕйдӕр агъаз ке адтӕн, уой мӕхецӕн устур кадӕбӕл нимайун. Уомӕй уӕлдай ма дохтиртӕн ӕма юриститӕн ке уадзунцӕ, еци журналтӕн берӕ статьятӕ ниффинстон. Удта син аллихузи бӕстити ци семинартӕ адтӕй, уоми дӕр радзубандити хӕццӕ рацӕуинӕ ӕма син лӕдӕрун кодтон, Йегови адӕнӕн барӕ ке ес, цӕмӕй сӕ ӕнӕ тогӕй дзӕбӕх кӕнонцӕ ӕма син операцитӕ кӕнонцӕ. Фал уӕддӕр мӕ бон ӕй Лукай 17:10 финст дзурдтӕй зӕгъун: «Ӕз дӕн нецӕййаг цагъар. Мӕ ихӕс ци адтӕй, уой бакодтон».