28 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Рӕстдзийнадӕ ке иссирдтай, уобӕл федарӕй ӕууӕндӕ
«Ци базудтай ӕма дӕ федарӕй цӕбӕл баууӕндун кодтонцӕ, уобӕл амӕй фӕстӕмӕ дӕр федар хуӕцӕ» (2 ТИМ. 3:14).
56 ЗАР Рӕстдзийнадӕ бауарзӕ
РАЗДЗУРД *
1. Рӕстдзийнадӕмӕ ци хауй?
«РӔСТДЗИЙНАДӔ куд базудтай? Рӕстдзийнади дӕ райгурцӕй дӕ? Цал анзи дӕ рӕстдзийнади?» Ауӕхӕн фарстатӕ нӕмӕ, ӕвӕдзи, арӕх раттунцӕ кенӕ ба нӕхуӕдтӕ дӕр, ӕвӕдзи, еске уотӕ рафӕрсӕн. Цума рӕстдзийнадӕмӕ ци хауй? Цӕбӕл ӕууӕндӕн, е, нӕ лӕггадӕ, удта нӕ цард. Рӕстдзийнади ка ӕй, етӕ ’й зонунцӕ, Библи цӕбӕл ахур кӕнуй, уой ӕма сӕ цард аразунцӕ ӕ уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ. Уӕхӕн адӕн мӕнгӕ дини ӕгъдӕуттӕй уӕгъдӕ фӕуунцӕ ӕма ӕнцӕ амондгун (Иоан. 8:32).
2. Иоанни 13:34, 35 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ адӕймагӕн рӕстдзийнади фиццаг ӕ зӕрдӕмӕ ци фӕццӕуй?
2 Рӕстдзийнади фиццаг дӕ зӕрдӕмӕ ци фӕццудӕй? Ӕвӕдзи, Йегови лӕггадгӕнгутӕ куд хуӕрзӕгъдау ӕнцӕ, е (1 Пет. 2:12). Кенӕ ба сӕ астӕу ци уарзондзийнадӕ фӕууидтай, е. Беретӕ еци уарзондзийнадӕ балӕдӕрдтӕнцӕ, Йегови Ӕвдесӕнти ӕмбурдмӕ фиццаг хатт ку ’рбацудӕнцӕ, уӕд, ӕма фиццагидӕр уой нигъгъуди кодтонцӕ, цӕбӕл си дзурдтонцӕ, уой нӕ фал. Ӕма е дессаг нӕй, уомӕн ӕма Киристе ӕхуӕдӕг загъта, ӕ ахуркӕнуйнӕгти ин сӕ уарзондзийнадӕй базонӕн ке уодзӕй. (Бакӕсӕ Иоанни 13:34, 35.) Фал нӕмӕ цӕмӕй федар ӕууӕндундзийнадӕ уа, уой туххӕй фулдӕр цидӕр гъӕуй.
3. Хуцаубӕл куд федарӕй ӕууӕндӕн, е, ӕ лӕггадгӕнгути астӕу ци уарзондзийнадӕ ес, айдагъ уомӕй кӕнгӕ ку уа, уӕд е тӕссаг цӕмӕй уодзӕй?
3 Ӕвӕдзи, дӕ зӕрдӕмӕ цӕуй, Хуцауи лӕггадгӕнгути астӕу ци уарзондзийнадӕ ес, е. Фал не ’ууӕндундзийнадӕ айдагъ еци уарзондзийнадӕй кӕнгӕ нӕй. Цума цӕмӕн? Зӕгъӕн, ӕнсувӕр, гӕнӕн ес, ӕма хестӕр нӕлгоймаг кенӕ пионер, Ром. 12:2).
цидӕр уӕззау тӕрегъӕд искодта. Кенӕ ба дин ӕмбурди кадӕр дӕ зӕрдихудти бацудӕй. Кенӕ ба кадӕр рӕстдзийнадӕ ниууагъта ӕма Йегови Ӕвдесӕнти нихмӕ дзорун райдӕдта. Аци уавӕртӕй ескӕцибӕл ку исӕмбӕлай, уӕд куд кӕндзӕнӕ? Де ’ууӕндундзийнадӕ нӕ фӕккеудзӕй? Кӕд де ’ууӕндундзийнадӕ, иннетӕ сӕхе куд дарунцӕ, уомӕй кӕнгӕ ’й, Йеговӕмӕ ке хӕстӕг кӕнис, уомӕй нӕ, фал, уӕд ин, зӕгъӕн ес, ӕма федар бундор нӕййес. Йеговӕмӕ ӕма ӕ адӕнмӕ ци зӕрдӕ дарис, е дӕр ӕхсидзгӕ куд нӕй, фал цӕмӕй де ’ууӕндундзийнадӕ ӕцӕгӕйдӕр федар уа, уой туххӕй гъӕуй Библи арф ӕртасун ӕма ин ӕ ахурӕдтӕ дзӕбӕх лӕдӕрун. Уотемӕй ӕй дӕхуӕдӕг балӕдӕрдзӕнӕ, Библий Йегови туххӕй рӕстдзийнадӕ финст ке ес, уой (4. Матфеййи 13:3–6, 20, 21 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ зиндзийнӕдтӕ адӕймаги ӕууӕндундзийнадӕбӕл хатгай куд рабӕрӕг унцӕ?
4 Киристе куд загъта, уомӕ гӕсгӕ беретӕ рӕстдзийнадӕ сӕ зӕрдӕмӕ райсунцӕ, фал зиндзийнӕдтӕбӕл ку исӕмбӕлунцӕ, удта се ’ууӕндундзийнадӕ ӕруазал уй. (Бакӕсӕ Матфеййи 13:3–6, 20, 21.) Уӕхӕн адӕн ӕй, ӕвӕдзи, нӕ фӕллӕдӕрунцӕ, Киристей фӕдбӕлдзӕугутӕ ку исуонцӕ, уӕд зиндзийнӕдтӕ ӕма фӕлварӕнтӕбӕл ке исӕмбӕлдзӕнцӕ (Матф. 16:24). Кенӕ ба сӕмӕ, ӕвӕдзи, уотӕ дӕр фӕккӕсуй, ӕма киристӕнттӕ ку исуонцӕ, уӕд некӕдбал нецӕбӕл батухсдзӕнцӕ ӕма сӕ Хуцау се ’гас зиндзийнӕдтӕй дӕр ервӕзун кӕндзӕй. Фал цалинмӕ аци дуйней цӕрӕн, уӕдмӕ зиндзийнӕдтӕй хизт нӕ уодзиан. Хатгай нӕ цард гъе уотӕ раййевуй, ӕма нӕ цийнӕдзийнадӕ фесафӕн (Пс. 6:6; Еккл. 9:11).
5. Беретӕ ни цӕбӕл баууӕндтӕнцӕ, уобӕл ке нӕ дузӕрдуг кӕнунцӕ, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй?
5 Хуцауи адӕнӕн сӕ фулдӕр нӕ дузӕрдуг кӕнунцӕ, цӕбӕл баууӕндтӕнцӕ, е раст ке ӕй, уобӕл. Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн? Уомӕн ӕма син ӕмбурди еске сӕ зӕрдӕ ку фӕрресун кӕнуй кенӕ ба Хуцауи уагӕвӕрдти сӕрти ку рахезуй, уӕд уой туххӕй се ’ууӕндундзийнадӕ нӕ фесафунцӕ (Пс. 119:165). Зиндзийнӕдти рӕстӕг ба се ’ууӕндундзийнадӕ никки федардӕр исуй (Иак. 1:2–4). Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй нӕмӕ уӕхӕн ӕууӕндундзийнадӕ уа?
ФУЛДӔР БАЗОНУНБӔЛ АРХАЙӔ
6. Фиццаг ӕноси киристӕнттӕн се ’ууӕндундзийнадӕ цӕбӕл баст адтӕй?
6 Фиццаг ӕноси киристӕнттӕн се ’ууӕндундзийнадӕ арӕзт адтӕй Финстадӕбӕл ӕма Киристе ке хаста, еци рӕстдзийнадӕбӕл, гъома «хуарз хабарбӕл» (Гал. 2:5). Еци рӕстдзийнадӕмӕ хаунцӕ, цӕбӕл ӕууӕндӕн, етӕ еугурӕйдӕр, удта Киристей нивонд ӕма райгасдзийнади хабар дӕр. Апостол Павел федарӕй ӕууӕндтӕй, еци ахурӕдтӕ раст ке ’нцӕ, уобӕл. Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн? Уомӕн ӕма Финстадӕй адӕнӕн лӕдӕрун кодта, «Киристе ке гъӕуама фӕгъгъезӕмарӕ кодтайдӕ ӕма ӕртиккаг бон мӕрдтӕй ке гъӕуама райгас адтайдӕ» (Гъуд. 17:2, 3). Фиццаг ӕноси киристӕнттӕ еци ахурӕдтӕбӕл баууӕндтӕнцӕ ӕма ’й зудтонцӕ, Финстадӕ лӕдӕрунмӕ син Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ ке ӕнхус кӕндзӕй. Етӕ Хуцауи Дзурд лӕмбунӕг ӕртастонцӕ, ӕма ’й лӕдӕрдтӕнцӕ, еци ахурӕдтӕ Финстадӕбӕл арӕзт ке ’нцӕ (Гъуд. 17:11, 12; Дзиуит. 5:14). Се ’ууӕндундзийнадӕ ӕнкъарӕнтӕбӕл, удта син Хуцауи адӕни астӕу хуарз ке адтӕй, айдагъ уобӕл арӕзт н’ адтӕй, фал, Хуцауи хуарз ке зудтонцӕ, уобӕл (Кол. 1:9, 10).
7. Библий ахурӕдтӕ раст ке ’нцӕ, уой федарӕй ку зонӕн, уӕд нин е куд банхус кӕндзӕй?
7 Библий рӕстдзийнадӕ ӕййевгӕ нӕ кӕнуй (Пс. 119:160). Зӕгъӕн, ӕмбурди нин нӕ зӕрдихудти еске ку бацӕуа кенӕ уӕззау тӕрегъӕд ку искӕна, кенӕ ба нӕхуӕдтӕ ести зиндзийнӕдтӕбӕл ку исӕмбӕлӕн, уӕддӕр еци рӕстдзийнадӕ нӕ раййевдзӕй. Библий ахурӕдтӕ гъӕуама дзӕбӕх зонӕн ӕма, раст ке ’нцӕ, уой лӕдӕрӕн. Е нин банхус кӕндзӕй зиндзийнӕдти рӕстӕг дӕр Йеговӕбӕл еузӕрдонӕй байзайун. Мадта нӕ бон куд ӕй не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнун?
РӔСТДЗИЙНАДӔ КЕ БАЗУДТАЙ, УОЙ ДӔХЕЦӔН ИСБӔЛВУРД КӔНӔ
8. 2 Тимофеймӕ 3:14, 15 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Тимофей федарӕй цӕй фӕрци зудта, рӕстдзийнадӕ ке иссирдта, уой?
8 Тимофей ӕй федарӕй зудта, рӕстдзийнадӕ ке иссирдта, уой. Цума ин ци банхус кодта? (Бакӕсӕ 2 Тимофеймӕ 3:14, 15.) Фиццӕгти ин Финстадӕ амудтонцӕ ӕ мадӕ ӕма ӕ мадимадӕ. Фал ӕхуӕдӕг дӕр еци гъуддагбӕл рӕстӕг ӕма хъауритӕ куд нӕ харз кодтайдӕ. Уой фӕрци ӕй федарӕй зудта, е рӕстдзийнадӕ ке ӕй. Фӕстӕдӕр ӕ мадӕ ӕма ӕ мадимадӕ киристӕнттӕ иссӕнцӕ. Ӕма Тимофеййи зӕрдӕмӕ, ӕвӕдзи, фӕццудӕй, хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти астӕу ци уарзондзийнадӕ уидта, е. Уомӕ гӕсгӕ ’й фӕндадтӕй сӕ хӕццӕ рӕстӕг ӕрветун ӕма син, ӕ бон цӕмӕй адтӕй, уомӕй ӕнхус кӕнун (Фил. 2:19, 20). Фал е ’ууӕндундзийнади бундор адтӕй, Йегови ӕмбал ке фӕрци иссӕй, еци зонундзийнӕдтӕ, адӕни ке уарзта, е нӕ, фал. Уотӕ дӕу дӕр гъӕуй арф сагъӕс кӕнун, Библий Йегови туххӕй ци базонис, уобӕл.
9. Цӕхуӕн ӕртӕ гъуддаги нӕ гъӕуй нӕхецӕн исбӕлвурд кӕнун?
9 Фиццагидӕр бал дӕ гъӕуй ӕртӕ сӕйраг гъуддаги дӕхецӕн исбӕлвурд кӕнун. Фиццаг: алцидӕр Йеговӕ сфӕлдиста (Рац. 3:14, 15; Дзиуит. 3:4; Рарг. 4:11). Дуккаг: Библи ӕй Хуцауи Дзурд ӕма финст ӕрцудӕй адӕни туххӕй (2 Тим. 3:16, 17). Ӕртиккаг: Йеговӕн ес, Киристе разамунд кӕмӕн дӕттуй уӕхӕн адӕн ӕма етӕ ӕнцӕ Йегови Ӕвдесӕнтӕ (Ис. 43:10–12; Иоан. 14:6; Гъуд. 15:14). Цӕмӕй аци ӕртӕ гъуддаги нӕхецӕн исбӕлвурд кӕнӕн, уой туххӕй Библи къӕр-къӕрӕй зонун нӕ гъӕуй. Гъӕуй дӕ «арф сагъӕс кӕнун», цӕмӕй, ӕцӕгӕйдӕр рӕстдзийнадӕ ке иссирдтай, уой никки хуӕздӕр балӕдӕрай (Ром. 12:1).
ИННЕТӔН ӔНХУС КӔНӔ, ЦӔМӔЙ РӔСТДЗИЙНАДӔБӔЛ НИККИ ФЕДАРДӔР ӔУУӔНДОНЦӔ
10. Библий ахурӕдтӕ раст ке ’нцӕ, уой нӕхецӕн ку исбӕлвурд кӕнӕн, уӕд ма нӕ ци гъӕудзӕй?
10 Хуцауи, Библий ӕма Хуцауи адӕни туххӕй ци базудтай, е ӕцӕгӕйдӕр раст ке ӕй, уой дӕхецӕн ку исбӕлвурд кӕнай, уӕдта гъӕуама Библийӕй пайда кӕнун исахур уай, цӕмӕй иннетӕн дӕр еци гъуддаги ӕнхус кӕнай. Цӕмӕн? Уомӕн ӕма мах ан Киристей фӕдбӕлдзӕугутӕ, ӕма нӕ ихӕс ӕй, ка нӕмӕ игъоса, уонӕн рӕстдзийнадӕ амонун * (1 Тим. 4:16). Ӕма иннетӕн куд фулдӕр бӕлвурдгӕнӕнтӕ хӕссӕн, уотӕ нӕхуӕдтӕ дӕр рӕстдзийнади федардӕр кӕндзиан.
11. Нӕ бон куд ӕй апостол Павели фӕнзун?
11 Апостол Павел адӕни ку ахур кодта, уӕд син «Йесой туххӕй федар бӕлвурдгӕнӕнтӕ хаста Моисеййи закъонӕй ӕма Пахампарти киунугутӕй» (Гъуд. 28:23). Нӕ бон куд ӕй адӕнӕн рӕстдзийнадӕ амонгӕй Павели фӕнзун? Библий ци финст ес, айдагъ уой син гъӕуама ма дзорӕн, фал ма син гъӕуама ӕнхус кӕнӕн, цӕмӕй сӕхуӕдтӕ базононцӕ Библи ӕртасун ӕма, ци базудтонцӕ, уобӕл арф сагъӕс кӕнун. Уотемӕй Йеговӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕндзӕнцӕ. Адӕн гъӕуама рӕстдзийнадӕмӕ ӕрбацӕуонцӕ, нӕ хӕццӕ сӕ рӕстӕг ӕрветун ке фӕндуй, уой туххӕй нӕ, фал Йеговӕ уарзӕгой Хуцау ке ӕй, уомӕн Библий бӕлвурдгӕнӕнтӕ ке иссирдтонцӕ, уой туххӕй.
12, 13. Ниййергути бон куд ӕй сӕ сувӕллӕнттӕн банхус кӕнун, цӕмӕй рӕстдзийнади ӕрфедар уонцӕ?
12 Ниййергутӕ, сумах фӕндуй, цӕмӕй уӕ сувӕллӕнттӕ рӕстдзийнади уонцӕ. Ӕвӕдзи уӕмӕ уотӕ кӕсуй, ӕма син ӕмбурди хуарз ӕмбӕлттӕ ку уа, уӕд тагъддӕр ӕрфедар уодзӕнцӕ. Фал цӕмӕй Библий рӕстдзийнадӕбӕл ма дузӕрдуг кӕнонцӕ, уой туххӕй сӕ хуарз ӕмбӕлттӕй уӕлдай фулдӕр цидӕр гъӕуй. Гъӕуама сӕхуӕдтӕ хӕстӕг кӕнонцӕ Йеговӕмӕ ӕма Библий ахурӕдтӕ раст ке ’нцӕ, уой сӕхецӕн исбӕлвурд кӕнонцӕ.
13 Цӕмӕй ниййергути бон уа сӕ сувӕллӕнттӕн рӕстдзийнадӕ амонун, уой туххӕй гъӕуама сӕхуӕдтӕ дӕр Библи лӕмбунӕг ӕртасонцӕ ӕма син уомӕй фӕнзуйнаг уонцӕ. Удта ма сӕ гъӕуй, ци базонунцӕ, уобӕл лӕмбунӕг сагъӕс кӕнун. Уотемӕй сӕ сувӕллӕнтти дӕр уобӕл исахур кӕндзӕнцӕ. Уомӕй уӕлдай ма сӕ гъӕуй сӕ сувӕллӕнттӕн байамонун, Библи ахур кӕнунмӕ нин ци косӕндзаумӕуттӕ ес, уонӕй пайда кӕнун куд гъӕуй, уой дӕр, Библи ке хӕццӕ фӕййахур кӕнунцӕ, уонӕн куд фӕййамонунцӕ, уотӕ. Уой фӕрци сӕ сувӕллӕнттӕ Йегови бауарздзӕнцӕ ӕма ’й федарӕй зондзӕнцӕ, ӕууӕндундзийнадӕ федаргӕнӕн хуӕруйнаг иуарун Йеговӕ «ӕууӕнкгун ӕма зундгин цагъарӕн» ке баихӕс кодта (Матф. 24:45–47). Ниййергутӕ, сувӕллӕнттӕн Библий сӕйраг ахурӕдтӕ байамонун фагӕ нӕй. Сӕ карӕмӕ, удта, сӕ бон цӕйбӕрцӕ ӕй, уомӕ кӕсетӕ ӕма син ӕнхус кӕнтӕ «Хуцауи арф зунд ӕртасунмӕ». Уотемӕй се ’ууӕндундзийнадӕ федардӕр кӕндзӕй (1 Кор. 2:10).
БИБЛИЙ ПАХАМПАРӔДТӔ ӔРТАСӔ
14. Библий пахампарӕдтӕ ӕртасун цӕмӕн гъӕуй? (Кӕсӕ ма рамкӕ « Дӕ бон ӕй аци пахампарӕдтӕ балӕдӕрун кӕнун?».)
14 Хуцауи Дзурди финст ка ’нцӕ, еци пахампарӕдти фӕрци дӕр нӕ бон ӕй не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнун. Де ’ууӕндундзийнадӕ дин цӕхуӕн пахампарӕдтӕ бафедар кодтонцӕ? Берети бафедар кодтонцӕ, фӕстаг бӕнтти туххӕй финст кӕми ес, етӕ (2 Тим. 3:1–5; Матф. 24:3, 7). Фал иннӕ пахампарӕдти туххӕй ба ци ес зӕгъӕн? Зӕгъӕн, Данели 2-аг кенӕ 11-аг сӕри финст пахампарӕдтӕ дӕ бон ӕй балӕдӕрун кӕнун? * Де ’ууӕндундзийнади бундор Хуцауи Дзурд ку уа, уӕд дин некӕд фӕккеудзӕй. Ӕргъуди кӕнӕн, Дуккаг дуйнеуон тугъди рӕстӕг Германий ке ’фхуардтоцнӕ, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти. Кӕд уӕди рӕстӕги фӕстаг бӕнтти туххӕй пахампарӕдтӕ кӕронмӕ нӕма лӕдӕрдтӕнцӕ, уӕддӕр се ’ууӕндундзийнадӕ федар адтӕй, уомӕн ӕма ӕ бундор адтӕй, Хуцауи Дзурдӕй ци зудтонцӕ, е.
15–17. Нацистити рӕстӕг не ’нсувӕртӕн куд банхус кодта, Библи ке ӕртастонцӕ, е?
15 Германий нацистити рӕстӕг нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй мингӕйттӕ ӕрвист ӕрцудӕнцӕ концлагертӕмӕ. Гитлер ӕма ма еу хецау дӕр, Генрих Гимлер, Йегови Ӕвдесӕнтӕй се ’сӕфт уидтонцӕ. Еу хуӕрӕ радзурдта, Гимлер концлагери нӕ хуӕртӕн куд загъта, уой: «Уӕ Йеговӕ уӕлӕрвти уӕд хецау, ами ба мах ан хецӕуттӕ! Фӕ ’й уиндзиайтӕ, ка ни байзайдзӕй цӕргӕ, мах ӕви сумах!» Цума Йегови адӕнӕн еузӕрдонӕй байзайунмӕ ци банхус кодта?
16 Еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ зудтонцӕ, 1914 анзи Хуцауи паддзахадӕ ке ӕрфедар ӕй, уой, ӕма сӕмӕ дессаг нӕ кастӕй, уӕхӕн зиндзийнӕдтӕбӕл ке ӕмбӕлунцӕ, е. Йегови адӕн ӕй федарӕй зудтонцӕ, еунӕг хецауади бон дӕр ке не ’суодзӕй, Хуцауи ӕ фӕндон исӕнхӕст кӕнунмӕ бахъор кӕнун. Гитлери
бон не ’ссӕй раст дин фесафун ӕма, Хуцауи Паддзахадӕй хъаурӕгиндӕр ка адтайдӕ, уӕхӕн хецауадӕ искӕнун. Еци рӕстӕги ӕнсувӕртӕ федарӕй зудтонцӕ, Гитлери хецаудзийнадӕн еу афони кӕрон ке ’рцӕудзӕй, уой.17 Еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ цӕбӕл ӕууӕндтӕнцӕ, е ӕцӕг разиндтӕй. Берӕ нӕ рацудӕй, уотемӕй нацистон хецаудзийнадӕн кӕрон ӕрцудӕй. Уотӕ ка дзурдта, зӕнхӕбӕл хецӕуттӕ мах ан, зӕгъгӕ, еци Гиммлер ба ледзӕги фӕцӕй. Ӕма уӕд рамбалдӕй, концлагерӕй ка исуӕгъдӕ ’й, еу уӕхӕн ӕнсувӕрбӕл, Любке, зӕгъгӕ. Гиммлер ӕй базудта ӕма ’й рафарста: «Цӕй, Библиртасӕг, идарддӕр ци уодзӕй?» Ӕнсувӕр Любке Гиммлерӕн загъта, Йегови Ӕвдесӕнтӕ алкӕддӕр ке зудтонцӕ, нацистити хецаудзийнадӕн кӕрон ке ’рцӕудзӕй, етӕ ба ке иссӕребарӕ уодзӕнцӕ. Гиммлер раздӕр Йегови Ӕвдесӕнти нихмӕ хъӕбӕр дзурдта, фал аци хатт ба ци зӕгъа, уой нӕбал зудта. Минкъий фӕстӕдӕр ба ӕхе рамардта. Аци хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн? Библи ӕма си ци пахампарӕдтӕ ес, уони ку ’ртасӕн, уӕд Йеговӕбӕл никки федардӕр ӕууӕнддзиан ӕма фӕлварӕнти рӕстӕг федар фӕллӕудзиан (2 Пет. 1:19–21).
18. Иоанни 6:67, 68 финст дзурдтӕ нин куд ӕнхус кӕнунцӕ балӕдӕрун, Павел ке кой кодта, еци бӕлвурд зонундзийнӕдтӕ цӕмӕн гъӕунцӕ, уой?
18 Алкӕмӕдӕр ни гъӕуама уарзондзийнадӕ уа, цӕмӕй ӕцӕг киристӕнттӕ ке ан, е бӕрӕг уа. Фал ма нӕ уомӕй уӕлдай гъӕуй бӕлвурд зонундзийнӕдтӕ дӕр (Фил. 1:9). Кенӕ ба раст дин ка ниууагъта ӕма хийнӕй ка архайуй, уони «ахурӕдти дунгитӕ [нӕ] уӕд еуӕрдӕмӕ, уӕд иннердӕмӕ рахӕссӕ-бахӕссӕ кӕндзӕнцӕ» (Еф. 4:14). Фиццаг ӕноси ахуркӕнуйнӕгтӕй беретӕ Киристей ку ниууагътонцӕ, уӕд апостол Петур ба Йесойӕн уотӕ загъта: «Дӕумӕ ку ’нцӕ, ӕносон цардмӕ ка кӕнуй, еци дзурдтӕ». (Бакӕсӕ Иоанни 6:67, 68.) Кӕд еци рӕстӕг Петур Киристей дзурдтӕ кӕронмӕ нӕма лӕдӕрдтӕй, уӕддӕр ибӕл еузӕрдон адтӕй, уомӕн ӕма Йесо Мессийӕ ке ӕй, уой федарӕй зудта. Ду дӕр архайӕ, цӕмӕй Библий ахурӕдтӕ хуӕздӕр лӕдӕрай ӕма ’й уинай, раст ке ’нцӕ, уой. Ӕма уӕд цийфӕнди ма ’рцӕуа, уӕддӕр де ’ууӕндундзийнадӕ федарӕй байзайдзӕй, удта ма иннетӕн дӕр дӕ бон уодзӕй ӕнхус кӕнун, цӕмӕй се ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнонцӕ (2 Иоан. 1, 2).
72 ЗАР Игъосун кӕнӕн Хуцауи хуарз хабар
^ 5 абз. Аци статьяй фӕрци никки хъӕбӕрдӕр аргъ кӕндзиан, Хуцауи Дзурдӕй ке базудтан, еци ахурӕдтӕн. Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй никки федардӕр ӕууӕндӕн, рӕстдзийнадӕ ке базудтан, уобӕл.
^ 10 абз. Адӕни хӕццӕ Библий сӕйраг ахурӕдтӕбӕл дзорун куд ӕнгъезуй, уомӕн цӕветтонтӕ иссерӕн ес рубрики «Разговор на библейскую тему». Мухургонд цудӕнцӕ «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги» 2010 анзӕй 2015 анзмӕ. Ес си уӕхӕн темитӕ: «Является ли Иисус Богом?», «Когда Царство Бога начало править?» (1 ӕма 2 хай) ӕма «Наказывает ли Бог людей мучениями в аду?».
^ 14 абз. Аци пахампарӕдтӕбӕл дзурд цӕуй 2012 анзи 15 июни (7–11, 12, 13, 14–18 фф.) ӕма 2020 анзи маййи «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуги».