ГЪӔУАЙГӔНӔН МӔСУГ (ӔМБУРДИ АХУР КӔНУНМӔ) Июнь 2020

Аци журнали ес, 2020 анзи 3–30 августи ке ахур кӕндзиан, еци статьятӕ.

«Исрохс уӕд дӕ ном»

23 ахургӕнӕн статья (2020 анзи 3–9 августи). Ӕгас адӕни ӕма изӕдти рази дӕр цӕхуӕн ӕхсидзгӕ фарста лӕууй? Уӕхӕн ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй ӕма махмӕ куд хауй? Аци гъуддаг ку лӕдӕрӕн, уӕд Йеговӕмӕ никки хъӕбӕрдӕр бахӕстӕг уодзиан.

«Ӕрбангом мин кӕнӕ мӕ зӕрдӕ, цӕмӕй дин дӕ номӕй тӕрсон»

24 ахургӕнӕн статья (2020 анзи 10–16 августи). Аци статья арӕзт ӕй паддзах Давиди кувди дзурдтӕбӕл. Финст ӕнцӕ Псаломи 86:11, 12. Йегови номӕй тӕрсун ци нисан кӕнуй? Хуцауи номӕй тӕрсунмӕ нӕ ци гъӕуама разӕнгард кӕна? Удта Хуцауӕй ке тӕрсӕн, е нӕ фӕлварӕнти куд багъӕуай кӕндзӕй?

Кӕсгути фарстатӕ

Сугъдӕг хъаурӕ ци рӕзӕ дӕттуй, уомӕ ӕрмӕстдӕр, Галатӕгтӕмӕ 5:22, 23 финст ка ’нцӕ, еци менеугутӕ хаунцӕ?

«Ӕз мӕхуӕдӕг байагордзӕн мӕ фусти»

25 ахургӕнӕн статья (2020 анзи 17–23 августи). Йеговӕн берӕ ӕнзти дӕргъи еузӕрдонӕй ка фӕллӕггадӕ кодта, уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ӕмбурдтӕмӕ ӕма игъосун кӕнунмӕ цӕмӕн нӕбал фӕццӕунцӕ? Хуцау сӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсуй? Аци фарстатӕбӕл дзуапп базондзиан аци статьяй. Удта ма базондзиан, рагидзаманти Йеговӕ куд ӕнхус кодта, ка си райеуварс ӕй, еци лӕггадгӕнгутӕн ӕма си мах цӕбӕл ахур кӕнӕн.

«Раздӕхетӕ мӕмӕ»

26 ахургӕнӕн статья (2020 анзи 24–30 августи). Йеговӕ, ӕ лӕггадгӕнгутӕй ӕмбурдтӕмӕ ӕма игъосун кӕнунмӕ ка нӕбал цӕуй, уонӕмӕ седуй: «Раздӕхетӕ мӕмӕ». Ӕма Йеговӕмӕ раздӕхун ке фӕндуй, уонӕн мах бон дӕр ӕй банхус кӕнун. Кутемӕй? Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн.