Кӕсгути фарстатӕ
Сугъдӕг хъаурӕ ци рӕзӕ дӕттуй, уомӕ ӕрмӕстдӕр, Галатӕгтӕмӕ 5:22, 23 финст ка ’нцӕ, еци менеугутӕ хаунцӕ?
Аци стихти финст ӕй: «Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ ци рӕзӕ дӕттуй, е ба ӕй уарзондзийнадӕ, цийнӕ, фарнӕ, фӕразондзийнадӕ, хӕларзӕрдӕдзийнадӕ, хуарздзийнадӕ, ӕууӕндундзийнадӕ, фӕлмӕн уодигъӕдӕ, хебӕл хуӕцун». Фал е уобӕл дзорӕг нӕй, ӕма нин сугъдӕг хъаурӕ ӕрмӕстдӕр аци фараст менеуӕги ӕнхус кӕнуй нӕ уодигъӕди федар кӕнун.
Дӕ гъос ӕрдарай, апостол Павел минкъий раздӕр ци ниффинста, уомӕ: «Тӕрегъӕдгун бауӕри гъуддӕгтӕ ба бӕрӕг ӕнцӕ: хӕтун, цъумур гъуддӕгтӕ, ихӕлд миутӕ кӕнун, мӕнгӕ хуцӕуттӕн ковун, хинттӕ ӕма дӕснифӕрсун, ескӕмӕ знаги цӕстӕй кӕсун, хилӕ кӕнун, ӕнӕууӕнкӕ кӕнун, мӕстӕй рафицун, загъд кӕнун, къуӕрттӕбӕл, сектитӕбӕл дехтӕ кӕнун, соцъа кӕнун, фудниуӕзт кӕнун, ӕнӕуагӕ цӕлӕ-мийнасӕ кӕнун ӕма ӕндӕр уӕхӕн гъуддӕгтӕ» (Гал. 5:19–21). Мадта Павел ци тӕрегъӕдгун гъуддӕгти кой кодта, уонӕмӕ ма ӕндӕртӕ дӕр хаудтӕнцӕ. Зӕгъӕн, Колоссӕгтӕмӕ 3:5 ке ранимадта, етӕ. Уотӕ зӕгъӕн ес, Галатӕгтӕмӕ 5:22, 23 ци менеугутӕ ранимадта, уонӕй дӕр. Павелӕн ӕ нисан н’ адтӕй, сугъдӕг хъаури рӕзӕмӕ ка хаудтӕй, еци менеугутӕ ӕгасейдӕр ранимайун.
Зӕгъӕн, Павел Тимофеййи разӕнгард кодта, цӕмӕй ӕ уодигъӕди ӕхсӕз менеуӕги ирӕзун кодтайдӕ. Етӕ адтӕнцӕ рӕстдзийнадӕ, еузӕрдондзийнадӕ, ӕууӕндундзийнадӕ, уарзондзийнадӕ, федардзийнадӕ ӕма фӕлмӕн уодигъӕдӕ (1 Тим. 6:11). Аци менеугутӕй Павел ӕрмӕстдӕр ӕртей ранимадта, сугъдӕг хъаурӕ ци рӕзӕ дӕттуй, уой кой ку кодта, уӕд – ӕууӕндундзийнадӕ, уарзондзийнадӕ ӕма фӕлмӕн уодигъӕдӕ. Фал иннӕ менеугутӕбӕл, рӕстдзийнадӕ, еузӕрдондзийнадӕ ӕма федардзийнадӕбӕл архайунмӕ дӕр Тимофеййи сугъдӕг хъаурӕ гъудӕй (Рабарӕ Колоссӕгтӕмӕ 3:12; 2 Петури 1:5–7).
Мадта киристӕнттӕ сӕ уодигъӕди ци менеугутӕ гъӕуама ирӕзун кӕнонцӕ, етӕ ӕгасӕй Галатӕгтӕмӕ 5:22, 23 финст не ’рцудӕнцӕ. Хуцауи сугъдӕг хъаури фӕрци нӕ бон ӕй еци фараст менеуӕги нӕ уодигъӕди ирӕзун кӕнун. Фал ма нӕ уонӕй уӕлдай берӕ ӕндӕр менеугутӕбӕл дӕр гъӕуй архайун, цӕмӕй фӕлтӕрдгун киристӕнттӕ исуӕн ӕма «нӕ уодигъӕдӕ нӕуӕгмӕ раййевӕн – еци уодигъӕдӕ конд ӕй Хуцауи фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕма ӕцӕг рӕстдзийнадӕ ӕма еузӕрдондзийнадӕмӕ гӕсгӕ» (Еф. 4:24).