Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

26 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

«Раздӕхетӕ мӕмӕ»

«Раздӕхетӕ мӕмӕ»

«Раздӕхетӕ мӕмӕ, ӕма уӕмӕ ӕз дӕр раздӕхдзӕн» (МАЛ. 3:7).

102 ЗАР Ӕнхус кӕнтӕ лӕмӕгътӕн

РАЗДЗУРД *

1. Йеговӕ ци цӕстӕй ракӕсуй, ка имӕ раздӕхуй, еци лӕггадгӕнгутӕмӕ?

АЙРАЗМӔ еци статьяй куд дзурдтан, уомӕ гӕсгӕ Йеговӕ ӕхе рабарста, ӕ дзоги алли фусбӕл дӕр ка тухсуй, уӕхӕн фиййауи хӕццӕ. Уӕхӕн фиййауӕн ӕ дзогӕй еунӕг дӕр ку фесӕфа, уӕд ӕй агорунмӕ рандӕ уодзӕй. Йеговӕ, ка си раидард ӕй, еци израилӕгтӕн загъта: «Раздӕхетӕ мӕмӕ, ӕма уӕмӕ ӕз дӕр раздӕхдзӕн». Мах ӕй зонӕн, абони дӕр ӕ лӕггадгӕнгутӕмӕ уӕхӕн зӕрдӕ ке даруй, уомӕн ӕма ӕхуӕдӕг уотӕ загъта: «Ӕз нӕ ӕййевун» (Мал. 3:6, 7). Йесо дӕр загъта, Йеговӕ ӕ изӕдти хӕццӕ хъӕбӕр ке фӕццийнӕ кӕнуй, ӕ лӕггадгӕнгутӕй имӕ еске ку раздӕхуй, уӕд (Лук. 15:10, 32).

2. Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

2 Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, Йесо ци фӕсномуг хабӕрттӕ радзурдта, уонӕй ӕртемӕ ӕма базонӕн, Йеговӕй ка раидард ӕй, уонӕн нӕ бон банхус кӕнун куд ӕй, уой. Ӕркӕсӕн, уой туххӕй нӕ цӕхуӕн менеугутӕ гъӕуй, уомӕ. Удта ма базонӕн, еци гъуддаги зӕрдиагӕй ку архайӕн, уӕд нин е цӕйбӕрцӕ цийнӕдзийнадӕ ӕрхӕсдзӕй, уой.

ИСӔФТ ӔВЗЕСТӔ ӔХЦА АГОРУН

3, 4. Лукай 15:8–10 ке кой цӕуй, еци силгоймаг ӕ драхмӕ уотӕ зӕрдиагӕй цӕмӕн агурдта?

3 Мах гъӕуама не ’гас хъауритӕй архайӕн, цӕмӕй Йеговӕмӕ раздӕхун ке фӕндуй, уони иссерӕн. Лукай Евангелий бакӕсӕн ес Йесой фӕсномуг хабар, ӕ драхмӕ кӕмӕн фесавдӕй, еци силгоймаги туххӕй. Еци драхмӕ ин хъӕбӕр хъазар адтӕй, ӕма ’й агоргӕ дӕр уотӕ кодта. (Бакӕсӕ Лукай 15:8–10.)

4 Силгоймаг ӕ драхмӕ ку иссирдта, уӕд хъӕбӕр цийнӕ кодта. Йесой рӕстӕги дзиуиттӕгтӕмӕ арӕх мадӕ ӕ кизгӕн киндзӕхсӕвӕрмӕ балӕвар кӕнидӕ дӕс драхми. Ӕма Йесо ци силгоймаги кой ракодта, уомӕн дӕр еци драхмӕ, ӕвӕдзи, ӕ мади лӕвар адтӕй. Силгоймаг расагъӕс кодта, кӕд мин зӕнхӕмӕ ӕрхаудтӕй, зӕгъгӕ, ӕма цирагъ иссугъта ӕма ’й агорун райдӕдта. Фал сойни цирагъи рохсмӕ ӕ бон не ’ссӕй минкъи ӕвзестӕ ’хца иссерун ӕма уӕд хӕдзарӕ къумтӕй сӕрфун райдӕдта. Гъема ци ӕрбасӕрфта, уоми ӕ драхмӕ ӕрттевгӕ рауидта. Ӕ цийнӕн кӕрон дӕр нӕбал адтӕй! Е ’мбӕлттӕмӕ ӕма синхонтӕмӕ дӕр ма фӕдздзурдта, цӕмӕй етӕ дӕр ӕ хӕццӕ рацийнӕ кодтайуонцӕ.

5. Ӕмбурдӕй ка раидард ӕй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хатгай зин иссерӕн цӕмӕн фӕууй?

5 Йесой фӕсномуг хабарӕй куд зиннуй, уотемӕй, ка фесавдӕй, уӕхӕн дзаума иссерунмӕ бахъиамӕт кӕнун гъӕуй. Уотӕ мах дӕр байархайун гъӕудзӕй, цӕмӕй, ка ӕрлӕмӕгъ ӕй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти иссерӕн. Ка ’й зонуй, ӕмбурдтӕмӕ берӕ ӕнзти дӕргъи нӕбал цӕунцӕ. Кенӕ ба ӕндӕр рауӕн цӕрун райдӕдтонцӕ, уоми ба сӕ ӕнсувӕртӕ нӕ зонунцӕ. Уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй кедӕрти хъӕбӕр фӕндуй Йеговӕмӕ ӕрбаздӕхун ӕма ин иннӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ лӕггадӕ кӕнун. Фал сӕ гъӕуй мах ӕнхус.

6. Ӕмбурди алке бон дӕр куд ӕй, ка ӕрлӕмӕгъ ӕй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти агорун?

6 Йеговӕй ка раидард ӕй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ке бон ӕй агорун? Еци гъуддаги ӕнхус кӕнун алке бон дӕр ӕй – хестӕр нӕлгоймӕгти, пионерти, ӕ бийнонти ӕма иннӕ игъосунгӕнгути бон дӕр. Дӕуӕн ба де ’мбӕлтти ӕма дӕ хеуӕнтти астӕу ес, Йеговӕй ка раидард ӕй, уӕхӕнттӕ? Кенӕ ба, ка ’й зонуй, уӕхӕн адӕймагбӕл фембалдтӕ хӕдзарӕй-хӕдзарӕмӕ кенӕ, берӕ адӕн кӕми фӕууй, уӕхӕн рауӕн игъосун кӕнгӕй. Уӕд ин ӕнгъезуй зӕгъун, кӕд ӕй фӕндуй, уӕд ин ӕ адрес кенӕ ӕ телефон хестӕр нӕлгоймӕгтӕмӕ ке ратдзӕнӕ, цӕмӕй ӕй бабӕрӕг кӕнонцӕ.

7. Томӕси хабарӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?

7 Фал Йеговӕмӕ раздӕхун ке фӕндуй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти агоруни ихӕс фиццагидӕр хестӕр нӕлгоймӕгтӕбӕл ӕвӕрд ӕй. Цума еци гъуддаги сӕ бон ци ӕй кӕнун? Ӕркӕсӕн, Испаний ка цӕруй, уӕхӕн хестӕр нӕлгоймаг Томӕс * куд архайуй, уомӕ. Томӕс ӕмбурдмӕ раздӕхунмӕ банхус кодта 40 Ӕвдесӕнемӕй фулдӕрӕн. Е зӕгъуй: «Фиццаг бал хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти бафӕрсун, ӕмбурдмӕ рагӕй ка нӕбал цӕуй, етӕ кӕми цӕрунцӕ, уобӕл. Удта ма сӕ рафӕрсун, уӕхӕнттӕй ма еске зонунцӕ ӕви нӕ, уобӕл дӕр. Игъосунгӕнгутӕй сӕ фулдӕрӕн ӕхцӕуӕн фӕууй, еци гъуддаги банхус кӕнун. Уой фӕсте ба, ӕмбурдӕй ка раидард ӕй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти ку бабӕрӕг кӕнун, уӕд бал сӕ рафӕрститӕ кӕнун сӕ сувӕллӕнттӕ кенӕ хеуӕнттӕ куд ӕнцӕ, уобӕл. Еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕй еуӕй-еуетӕ раздӕр ӕмбурдтӕмӕ сӕ сувӕллӕнтти хӕццӕ цудӕнцӕ, ӕма си кӕмӕндӕрти сӕ сувӕллӕнттӕ игъосунгӕнгутӕ дӕр адтӕнцӕ. Уони бон дӕр ӕй Йеговӕмӕ ӕрбаздӕхун, ку син банхус кӕнӕн, уӕд».

ЙЕГОВӔМӔ Ӕ ФУРТТӔ ӔМА Ӕ КИЗГУТТИ ӔЗДАХӔН

8. Лукай 15:17–24 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ фидӕ ӕ фуртмӕ цӕхуӕн цӕстӕй ракастӕй?

8 Цӕмӕй, Йеговӕмӕ раздӕхун ке фӕндуй, уонӕн банхус кӕнӕн, уой туххӕй нӕ цӕхуӕн менеугутӕ гъӕуй? Ӕркӕсӕн, хӕдзарӕй ка рандӕй, еци фурти туххӕй Йесо ци хабар радзурдта, уомӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн, уомӕ. (Бакӕсӕ Лукай 15:17–24.) Еу афони еци фурт ӕ рӕдуд балӕдӕрдтӕй ӕма хӕдзарӕмӕ раздӕхун исфӕндӕ кодта. Ӕ фидӕ ’й ку рауидта, уӕд имӕ рауадӕй ӕма ин хъӕбӕр нихъхъури кодта. Уотемӕй ӕй фӕндадтӕй бавдесун, куд берӕ ’й уарзуй, уой. Фал фурти ӕ цӕсгон хуардта ӕма ӕхе уой аккагбӕл нӕ нимадта, цӕмӕй ӕй ӕ фидӕ, ӕ фурт худтайдӕ. Ӕма ӕ сагъӕстӕ ӕ фидӕн ку радзурдта, уӕд ин фидӕ ӕртӕрегъӕд кодта. Уой фӕсте ба ин ӕй гъуддагӕй дӕр бавдиста, ихуӕрст косӕгбӕл ӕй ке нӕ нимайуй, фал ӕ бӕдолӕбӕл. Фидӕ ӕ фуртӕн тӕккӕ хуӕздӕр уӕледарӕс рахӕссун кодта ӕма ин кувд искодта.

9. Цӕмӕй, Йеговӕй ка раидард ӕй, уонӕн раздӕхунмӕ банхус кӕнӕн, уой туххӕй нӕмӕ цӕхуӕн менеугутӕ гъӕуама уа? (Кӕсӕ рамкӕ « Ӕрбаздӕхун ке фӕндуй, уонӕн нӕ бон куд ӕй банхус кӕнун?».)

9 Йегови дӕр рабарӕн ес еци фиди хӕццӕ. Йеговӕ берӕ уарзуй, ка си раидард ӕй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти, ӕма ’й фӕндуй, цӕмӕй имӕ раздӕхонцӕ. Ӕма син еци гъуддаги нӕ бон уодзӕй банхус кӕнун, Йегови ку фӕнзӕн, уӕд. Уой туххӕй ба гъӕуама сӕ хӕццӕ уӕн фӕразон, тӕрегъӕд син кӕнӕн, сӕ зин син лӕдӕрӕн ӕма сӕ уарзӕн. Аци менеугутӕ ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕнцӕ ӕма сӕ нӕ бон ӕвдесун куд ӕй?

10. Цӕмӕй адӕймагӕн Йеговӕмӕ раздӕхунмӕ банхус кӕнӕн, уой туххӕй фӕразон цӕмӕн гъӕуама уӕн?

10 Гъӕуама фӕразон уӕн, уомӕн ӕма адӕймаги рӕстӕг фӕгъгъӕуй, цӕмӕй Йеговӕмӕ ӕрбаздӕха. Ка ӕрбаздахтӕй, уонӕй беретӕ куд зӕгъунцӕ, уомӕ гӕсгӕ цалинмӕ нӕуӕгӕй ӕмбурдтӕмӕ цӕун райдӕдтонцӕ, уӕдмӕ сӕ хестӕр нӕлгоймӕгтӕ еу ӕма дууӕ хатти нӕ бабӕрӕг кодтонцӕ. Азийӕй еу хуӕрӕ Нанси загъта: «Ӕмбурди еу хуӕри хӕццӕ лимӕн кодтон ӕма мин е хъӕбӕр банхус кодта. Цума ӕ хестӕр хуӕрӕ адтӕн, уотӕ мӕ уарзта. Раздӕр нӕ рӕстӕг еумӕ куд дзӕбӕх ӕрвистан, уой мин мӕ зӕрдӕбӕл арӕх ӕрлӕуун кӕнидӕ. Мӕ сагъӕстӕ ин ку дзоринӕ, уӕд мӕмӕ алкӕддӕр лӕмбунӕг байгъосидӕ ӕма мин ӕ унаффӕй дӕр банхус кӕнидӕ. Е адтӕй ӕцӕг ӕмбал, ӕма банхус кӕнунмӕ дӕр алкӕддӕр цӕттӕ адтӕй».

11. Иннетӕн сӕ зин лӕдӕрун цӕмӕн гъӕуй?

11 Адӕймагӕн иннетӕ ӕ зин ку фӕллӕдӕрунцӕ, уӕд ин е фӕууй ӕвдадзи хуасӕ. Еуӕй-еуетӕ Йеговӕй раидард унцӕ, ӕмбурди син кадӕр сӕ зӕрдихудти ке бацудӕй, уой туххӕй. Ӕма кӕд берӕ рӕстӕг рацудӕй, уӕддӕр сӕ маст нӕ фӕссабур кӕнуй. Гъе уой туххӕй сӕ бон нӕ фӕууй Йеговӕмӕ раздӕхун. Уотӕ сӕмӕ фӕккӕсуй, ӕма сӕ ӕнӕфудӕй бафхуардтонцӕ. Арӕх уӕхӕн адӕни фӕгъгъӕуй, цӕмӕй сӕмӕ еске байгъоса ӕма сӕ балӕдӕра (Иак. 1:19). Ӕмбурдмӕ ка ӕрбаздахтӕй, еу уӕхӕн хуӕрӕ Марийӕ загъта: «Хъӕбӕр мӕ фӕндадтӕй, цӕмӕй мӕмӕ еске байгъустайдӕ, мӕ зӕрдӕ мин ӕрсабур кодтайдӕ ӕма мин хуарз унаффӕ равардтайдӕ».

12. Йегови уарзондзийнадӕ бӕттӕни хӕццӕ рабарӕн цӕмӕн ес?

12 Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ Йегови уарзондзийнадӕ ӕнгъезуй рабарун бӕттӕни хӕццӕ. Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнӕ, цума ӕмбохгӕ денгизи ниххаудтӕ ӕма нигъулун райдӕдтай. Уалинмӕ дӕмӕ лодкайӕй кадӕр цидӕр ӕрбагӕлста, цӕмӕй ибӕл ниххуӕцай ӕма ма ранигъулай. Ӕвӕдзи, еци адӕймагӕй хъӕбӕр боз уодзӕнӕ. Фал дон хъӕбӕр уазал ӕй, ӕма цӕмӕй фӕййервӕзай, уой туххӕй ма дӕмӕ гъӕуама бӕттӕн дӕр ниггӕлдзонцӕ ӕма дӕ донӕй исласонцӕ. Йеговӕ, ка ’й ниууагъта, еци израилӕгти туххӕй загъта: «Уарзондзийнади бӕттӕнӕй [сӕ] мӕхемӕ кодтон» (Оси 11:4, феп.). Абони дӕр Йеговӕ уӕхӕн зӕрдӕ даруй, ка си раидард ӕй ӕма зиндзийнӕдти буни ка фӕцӕй, уонӕмӕ. Уотӕ ’й фӕндуй, цӕмӕй ӕй зононцӕ, ке сӕ уарзуй, уой. Удта ’й фӕндуй, цӕмӕй сӕ фӕстӕмӕ ӕхемӕ ӕрбакӕна. Ӕма сӕ куд уарзуй, уой ба син ӕ бон ӕй дӕу фӕрци бавдесун.

13. Нӕ уарзондзийнадӕ Йеговӕмӕ ӕрбаздӕхунмӕ куд ӕнхус кӕнуй, уомӕн цӕветтон ӕрхӕссӕ.

13 Йеговӕй ка раидард ӕй, уонӕн дзорун фӕгъгъӕуй, Йеговӕ сӕ ке уарзуй ӕма сӕ мах дӕр ке уарзӕн, уой. Ай размӕ статьяй ке кой кодтан, еци ӕнсувӕр Пабло 30 анземӕй фулдӕр нӕ цудӕй ӕмбурдтӕмӕ. Пабло зӕгъуй: «Еухатт сӕумӕй хӕдзарӕй рацудтӕн ӕма еу дзӕбӕх каргун хуӕрӕбӕл рамбалдтӕн. Мӕ хӕццӕ уотӕ фӕлмӕнӕй дзурдта, ӕма минкъий сувӕллони хузӕн кӕун райдӕдтон. Уотӕ дӕр ма ин загътон, ӕвӕдзи, зӕгъун, дӕ Йеговӕ рарвиста мӕнмӕ. Ӕма гъе уӕд исфӕндӕ кодтон Йеговӕмӕ ӕрбаздӕхун».

ЛӔМӔГЪТӔН ӔНХУС КӔНӔН

14. Лукай 15:4, 5 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ фиййау ӕ фуси ку иссирдта, уӕд куд бакодта?

14 Ӕмбурдӕй ка раидард ӕй, уӕхӕн адӕймаги ку иссерӕн, уӕд ин гъӕуама идарддӕр дӕр ӕнхус кӕнӕн. Йесо ке кой кодта, еци исӕфт фурти хабар куд адтӕй, уотӕ уонӕн дӕр, ӕвӕдзи, сӕ зӕрдити арф гъӕдгинтӕ байзайуй. Удта, Сайтани дуйней ке адтӕнцӕ, е се ’ууӕндундзийнадӕбӕл дӕр куд нӕ рабӕрӕг уй. Ӕма син ӕнхус кӕнун фӕгъгъӕуй, цӕмӕй бабӕй Йеговӕбӕл раздӕр куд ӕууӕндтӕнцӕ, уотӕ баууӕндонцӕ. Йесо ӕ фӕсномуг хабари радзурдта, фиййау исӕфт фуси ӕ усхъитӕбӕл ке исӕвардта ӕма ’й дзогӕмӕ ке ӕрбахаста. Цӕмӕй ӕй иссирдтайдӕ, уой туххӕй ӕй берӕ рӕстӕг ӕма хъауритӕ багъудӕй. Фал ӕй фиййау лӕдӕрдтӕй, фӕстӕмӕ ’й дзогӕмӕ ӕрбакӕнун ке гъӕуй, уомӕн ӕма ӕхемӕ уойбӕрцӕ хъаурӕ нӕбал адтӕй. (Бакӕсӕ Лукай 15:4, 5.)

15. Нӕ бон куд ӕй, Йеговӕмӕ ӕрбаздӕхун ке фӕндуй, уонӕн банхус кӕнун? (Кӕсӕ рамкӕ « Дессаги брошюрӕ».)

15 Мах дӕр, ӕвӕдзи, берӕ рӕстӕг ӕма хъауритӕ багъӕудзӕй, цӕмӕй адӕймагӕн банхус кӕнӕн, Йеговӕмӕ раздӕхунмӕ ’й ка хъор кӕнуй, еци зиндзийнӕдти сӕрти рахезунмӕ. Йегови сугъдӕг хъаури, Библий ӕма нӕ публикацити фӕрци син банхус кӕндзиан, цӕмӕй нӕуӕгӕй Йеговӕмӕ ӕрбахӕстӕг уонцӕ (Ром. 15:1). Еу фӕлтӕрдгун хестӕр нӕлгоймаг загъта: «Йеговӕмӕ ӕрбаздӕхун ке фӕффӕндуй, уонӕн сӕ фулдӕри хӕццӕ Библи ахур кӕнун фӕгъгъӕуй» *. Еци хестӕр нӕлгоймаг ма уотӕ дӕр загъта: «Уӕхӕн адӕймаги хӕццӕ Библи ка ахур кӕна, е ин гъӕуама исуа, кӕбӕл ӕууӕнддзӕй ӕма, ӕ зӕрди ци ес, уой кӕмӕн дзордзӕй, уӕхӕн хуарз ӕмбал». Мадта дин уӕхӕн гъуддаг ку баихӕс кӕнонцӕ, уӕд дин е ӕхцӕуӕн куд нӕ уодзӕй!

ЦИЙНӔ КӔНУНЦӔ УӔЛӔРВТИ ДӔР ӔМА ЗӔНХӔБӔЛ ДӔР

16. Изӕдтӕ нин ке ӕнхус кӕнунцӕ, уой кӕцӕй зонӕн?

16 Ӕмбурдӕй ка раидард ӕй ӕма ӕрбаздӕхун ке фӕндуй, уони иссерунмӕ нин изӕдтӕ ке ӕнхус кӕнунцӕ, уомӕн берӕ цӕветтонтӕ ес (Рарг. 14:6). Зӕгъӕн, Эквадорӕй еу ӕнсувӕр Сильвио Йеговӕмӕ зӕрдибунӕй кувта, цӕмӕй ин ӕмбурдмӕ ӕрбаздӕхунмӕ банхус кодтайдӕ. Гъема ӕ кувд нӕма фӕцӕй, уотемӕй ин ӕ дуар кадӕр ӕрбахуаста. Сильвио ку ракастӕй, уӕд дуармӕ дууӕ хестӕр нӕлгоймаги лӕугӕ фӕууидта. Еци бонӕй фӕстӕмӕ ин етӕ Йеговӕмӕ ӕрбаздӕхунмӕ ӕнхус кодтонцӕ.

17. Е ’ууӕндундзийнадӕ кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ ӕй, уонӕн ку ӕнхус кӕнӕн, уӕд цӕхуӕн арфӕдзийнӕдтӕй исхайгин уодзиан?

17 Е ’ууӕндундзийнадӕ кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ ӕй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕн ку ӕнхус кӕнӕн, уӕд нин е берӕ цийнӕдзийнадӕ ӕрхӕсдзӕй. Еу пионер ӕнсувӕр Сальвадор еци гъуддаги хъӕбӕр зингзӕрдӕй архайуй ӕма зӕгъуй: «Хатгай фӕууй уотӕ, ӕма мӕ фур цийнӕй мӕ цӕстисугтӕ нӕбал фӕууорамун. Йеговӕ ӕ хъазар лӕггадгӕнгутӕй еуей Сайтани дуйнейӕй ке фӕййервӕзун кодта ӕма ӕз дӕр еци гъуддаги агъаз ке адтӕн, е мин гъе уотӕ ӕхцӕуӕн фӕууй, ӕма ин зӕгъӕн дӕр нӕййес!» (Гъуд. 20:35).

18. Кӕд ӕмбурдтӕмӕ ӕма игъосун кӕнунмӕ рагӕй дӕр нӕбал цӕуис, уӕддӕр дӕ бон федарӕй ӕууӕндун цӕбӕл ӕй?

18 Кӕд ду дӕр ӕмбурдтӕмӕ ӕма игъосун кӕнунмӕ рагӕй нӕбал цӕуис, уӕд ӕй зонӕ, Йеговӕ дӕ нур дӕр берӕ ке уарзуй, уой. Уой фӕндуй, цӕмӕй имӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхай. Ӕрмӕст дӕхе дӕр байархайун гъӕудзӕй. Фал Йесо ке радзурдта, еци хабари фидӕ ӕ фуртмӕ куд ӕнгъӕлмӕ кастӕй, уотӕ дӕмӕ Йеговӕ дӕр ӕнгъӕлмӕ кӕсуй. Ӕма фӕстӕмӕ «хӕдзарӕмӕ» ку ӕрбаздӕхай, уӕд хъӕбӕр цийнӕ кӕндзӕй!

103 ЗАР Фиййӕуттӕ – Хуцауи лӕвар

^ 5 абз. Йеговӕ, ӕ лӕггадгӕнгутӕй ӕмбурдтӕмӕ ӕма игъосун кӕнунмӕ ка нӕбал цӕуй, уонӕмӕ седуй: «Раздӕхетӕ мӕмӕ». Ӕма Йеговӕмӕ раздӕхун ке фӕндуй, уонӕн мах бон дӕр ӕй банхус кӕнун. Кутемӕй? Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн.

^ 7 абз. Кӕцидӕр нӕмттӕ ӕййивд ӕнцӕ.

^ 15 абз. Кедӕрти хӕццӕ фенгъезуй ахур кӕнун кӕцидӕр сӕртӕ киунугӕй «Оставайся в любви Бога», кедӕрти хӕццӕ ба киунугӕй «Приближайся к Иегове». Ӕрбаздӕхун ке фӕндуй, уой хӕццӕ Библи ка ахур кӕндзӕй, уой фӕдбӕл унаффӕ рахӕсдзӕй ӕмбурди комитет.

^ 68 абз. ХУЗӔ. Ӕртӕ ӕнсувӕри ӕнхус кӕнунцӕ, ӕмбурдмӕ ӕрбаздӕхун ке фӕндуй, еци ӕнсувӕрӕн. Еу имӕ телефонӕй цидӕртӕ финсуй, дуккаг ин дзоруй, Йеговӕ удта ’й хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ке уарзунцӕ, ӕртиккаг ба имӕ лӕмбунӕг игъосуй.