ГЪӔУАЙГӔНӔН МӔСУГ (ӔМБУРДИ АХУР КӔНУНМӔ) Май 2020

Аци журнали ес, 2020 анзи 6 июлӕй 2 августмӕ ке ахур кӕндзиан, еци статьятӕ.

«Цӕгаттаг паддзах» кӕрони рӕстӕг

19 ахургӕнӕн статья (2020 анзи 6–12 июли). Мах ӕй бӕлвурдӕй уинӕн, Данели пахампарадӕ «цӕгаттаг паддзахи» ӕма «хонсайраг паддзахи» туххӕй идарддӕр дӕр ке ӕнхӕст кӕнуй. Уобӕл уотӕ федарӕй цӕмӕн ӕууӕндӕн? Удта нӕ аци пахампарадӕ хуӕздӕр балӕдӕрун цӕмӕн гъӕуй?

Кӕрӕдзей хӕццӕ ка тох кӕнуй, еци паддзӕхтӕ кӕрони рӕстӕг

Пахампарӕдтӕ цӕгаттаг ӕма хонсайраг паддзӕхти туххӕй иннӕ пахампарӕдти хӕццӕ ӕнхӕст кӕнунцӕ. Цума уонӕй куд зиннуй, аци дуйнейӕн ӕ кӕрон тагъд ке ӕрцӕудзӕй, е?

Нур «цӕгаттаг паддзах» ка ӕй?

20 ахургӕнӕн статья (2020 анзи 13–19 июли). Нур цӕгаттаг паддзах ка йӕ ӕма ӕ кӕрон куд ӕрцӕудзӕй? Аци фарстатӕбӕл дзуапп ку базонӕн, уӕд не ’ууӕндундзийнадӕ бафедар уодзӕй. Удта ма нин е банхус кӕндзӕй, цӕмӕй цӕттӕ уӕн, тагъд рӕстӕги ци фӕлварӕнтӕбӕл исӕмбӕлдзиан, уонӕмӕ.

Хуцауи лӕвӕрттӕн аргъ кӕнис?

21 ахургӕнӕн статья (2020 анзи 20–26 июли). Аци статьяй фӕрци Йеговӕн, удта ӕ лӕвӕрттӕн никки фулдӕр аргъ кӕнун райдайдзиан. Удта ма нин аци статья банхус кӕндзӕй, цӕбӕл ӕууӕндӕн, уой дзорун, Хуцау ке ес, уобӕл ка гурусхӕ кӕнуй, уонӕн.

Цӕстӕй фӕууинӕн ке нӕййес, еци хӕзнатӕн аргъ кӕнӕ

22 ахургӕнӕн статья (2020 анзи 27 июлӕй 2 августмӕ). Айразиккон статьяй дзурд цудӕй, цӕстӕй фӕууинӕн ке ес, уӕхӕн лӕвӕрттӕбӕл Йеговӕй. Аци статьяй ба дзурд цӕуй, цӕстӕй фӕууинӕн ке нӕййес, еци лӕвӕрттӕбӕл. Базондзиан, нӕ бон куд ӕй ӕвдесун, еци лӕвӕртти туххӕй Йеговӕй боз ке ан ӕма син никки фулдӕр аргъ кӕнун нӕ бон куд ӕй, уой.