10 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Йегови ку бауарзай, уӕд дӕ бафӕнддзӕй донаргъуд райсун
«Ци мӕ хъор кӕнуй донаргъуд райсунмӕ?» (ГЪУД. 8:36).
37 ЗАР Йеговӕн лӕггадӕ кӕндзӕн ӕгас зӕрдӕй
РАЗДЗУРД *
1, 2. Гъуддӕгти 8:27–31, 35–38 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ эфиопаг хецауи донаргъуд райсунмӕ ци баразӕнгард кодта?
ФӔНДУЙ ДӔ донаргъуд райсун ӕма Киристей ахуркӕнуйнаг исун? Еци къахдзӕф беретӕ искодтонцӕ ӕма сӕ уомӕ баразӕнгард кодта уарзондзийнадӕ ӕма боззӕрдӕдзийнадӕ. Ӕркӕсӕн, Эфиопий паддзахуосӕн ка лӕггадӕ кодта, еу уӕхӕн хецауи хабармӕ.
2 Эфиопаг хецау Финстадӕй цидӕртӕ ку базудта, уӕд еци фӕдӕй архайун райдӕдта. (Бакӕсӕ Гъуддӕгтӕ 8:27–31, 35–38.) Цума цӕмӕн? Уомӕн ӕма Хуцауи Дзурдӕн аргъ кодта. Ӕма е бӕрӕг ӕй, бӕхуӕрдуни цӕугӕй Исаййи киунугӕ ке кастӕй, уомӕй. Филипп ӕ хӕццӕ ку радзурдта, уӕдта Киристей нивондӕн дӕр аргъ кӕнун райдӕдта. Фал цума еци хецау Йерусалиммӕ цӕмӕн цудӕй? Йегови ке уарзта, уой туххӕй. Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн? Уомӕн ӕма Йерусалиммӕ Йеговӕн ковунмӕ цудӕй. Еци лӕг, ӕвӕдзи, ӕ фиддӕлти дин ниууагъта ӕма ӕрбайеу ӕй, еунӕг ӕцӕг Хуцауӕн ка лӕггадӕ кодта, еци адӕнмӕ. Йегови ке уарзта, уомӕ гӕсгӕ ма искодта еу ӕхсидзгӕ къахдзӕф – донаргъуд райста ӕма иссӕй Киристей ахуркӕнуйнаг (Матф. 28:19).
3. Адӕймаги донаргъуд райсунмӕ ци фӕхъхъор кӕнуй? (Кӕсӕ рамкӕ « Дӕ зӕрдӕ цӕхуӕн зӕнхи хузӕн ӕй?».)
3 Мадта адӕймаги донаргъуд райсунмӕ уарзондзийнадӕ баразӕнгард кӕнуй. Фал ин, гӕнӕн ес, ӕма уарзондзийнадӕ хъори хуасӕ дӕр исуа. Кутемӕй? Ӕркӕсӕн цалдӕр цӕветтонемӕ. Фӕууй уотӕ, ӕма адӕймаги донаргъуд есун нӕ фӕффӕндуй, уомӕн ӕма, Йеговӕн ка нӕ лӕггадӕ кӕнуй, Матф. 10:37). Кенӕ ба адӕймаг фӕууарзуй, Йеговӕ е ’сӕфт кӕмӕй уинуй, еци гъуддӕгтӕ ӕма ин зин ниууадзӕн фӕуунцӕ (Пс. 97:10). Фӕууй уотӕ дӕр, ӕма адӕймаг фӕууарзуй мӕнгӕ дини хӕццӕ баст ӕгъдӕуттӕ кенӕ бӕрӕгбӕнттӕ. Ка ’й зонуй, ӕ зӕрдӕбӕл арӕх ӕрлӕууй, раздӕр сӕ куд игъӕлдзӕгӕй бӕрӕг кодта, е, ӕма ин нур зин ӕй, еци бӕрӕгбӕнттӕ ниууадзун, кӕд, Йегови зӕрдӕмӕ ке нӕ цӕунцӕ, уой базудта, уӕддӕр (1 Кор. 10:20, 21). Кӕд дӕу уавӕр дӕр уотӕ ’й, уӕд расагъӕс кӕнӕ аци фарстабӕл: «Фулдӕр ке уарзун кенӕ мин хъазардӕр ци ӕй?»
еци хеуӕнтти ӕма ӕмбӕлтти хъӕбӕр берӕ фӕууарзуй, ӕма тӕрсгӕ фӕккӕнуй, сӕхе си ке рахатдзӕнцӕ, уомӕй (ФУЛДӔР КЕ ГЪӔУАМА УАРЗӔН?
4. Донаргъуд райсунмӕ дӕ фиццагидӕр ци гъӕуама разӕнгард кӕна?
4 Адӕймаг берӕ цидӕртӕ фӕууарзуй, удта берӕ цӕйдӕрти туххӕй боз фӕууй. Зӕгъӕн, Библи ахур кӕнун ку нӕма райдӕдтай, уӕд дӕр, ӕвӕдзи, Библийӕн устур аргъ кодтай. Удта, ӕвӕдзи, Киристей дӕр уарзтай. Уой фӕсте ба Йегови Ӕвдесӕнти хӕццӕ базонгӕ дӕ, ӕма, ӕвӕдзи, дӕ зӕрдӕмӕ фӕццудӕй сӕ хӕццӕ рӕстӕг ӕрветун. Фал айдагъ е фагӕ нӕй, цӕмӕй дӕ бафӕндӕуа дӕ цард Йеговӕн иснивонд кӕнун ӕма донаргъуд райсун. Уомӕ дӕ фиццагидӕр гъӕуама баразӕнгард кӕна, Йегови ке уарзис, е. Йегови алкӕмӕйдӕр фулдӕр ку уарзай, уӕд ин лӕггадӕ кӕндзӕнӕ ӕма дӕ неке, удта неци бахъор кӕндзӕй. Уомӕй уӕлдай ма дин еци уарзондзийнадӕ донаргъуди фӕсте дӕр ӕнхус кӕндзӕй, цӕмӕй ибӕл еузӕрдонӕй байзайай.
5. Аци статьяй ци базондзиан?
5 Киристе куд загъта, уомӕ гӕсгӕ Йегови гъӕуама уарзӕн ӕгас зӕрдӕй, ӕгас уодӕй, ӕгас зундӕй ӕма ӕгас хъаурӕй (Мар. 12:30). Цума нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй Йегови гъе уотӕ берӕ уарзӕн ӕма ’й нимайӕн? Йеговӕ нӕ ӕхуӕдӕг куд берӕ уарзуй, уобӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд ӕй мах дӕр уарздзиан (1 Иоан. 4:19). Аци статьяй базондзиан, нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй Йегови бауарзӕн ӕма донаргъуд райсӕн.
6. Ромӕгтӕмӕ 1:20 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ дӕ бон куд ӕй Йегови базонун?
6 Йегови хуӕздӕр базонӕ е сфӕлдистадӕмӕ кӕсгӕй. (Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 1:20; Рарг. 4:11.) Йегови зундбӕл сагъӕс кӕнӕ зайӕгойтӕмӕ ӕма цӕрӕгойтӕмӕ кӕсгӕй. Нӕ бауӕр куд дессаги конд ӕй, уой туххӕй дӕр фулдӕр базонӕ (Пс. 139:14). Расагъӕс кӕнӕ, Йеговӕ хори цӕйбӕрцӕ хъаурӕ ниввардта, уотемӕй ба хор ӕй, Дун-дуйней ци миллиардгай стъалутӕ ес, уонӕй сӕ еу * (Ис. 40:26). Уӕхӕн гъуддӕгтӕбӕл ку сагъӕс кӕнай, уӕд Йегови никки хъӕбӕрдӕр нимайдзӕнӕ. Фал цӕмӕй е ’мбал исуай, уой туххӕй цӕхуӕн зунд ӕма хъаури хецау ӕй, айдагъ уой зонун фагӕ нӕй. Гъӕуама Йегови туххӕй никки фулдӕр базонай, цӕмӕй ӕй бауарзай.
7. Цӕмӕй Йегови бауарзай, уой туххӕй ди ци гъӕуама байрагӕс уа?
7 Гъӕуама ди байрагӕс уа, Йеговӕ дӕ ӕцӕгӕйдӕр ке уарзуй. Кӕд дин зин ӕй, арв ӕма зӕнхӕ ка ’скодта, еци Хуцау дӕ ке уинуй ӕма дӕбӕл ке тухсуй, уобӕл баууӕндун, уӕд ӕй зонӕ, Йеговӕ «махӕй алкӕмӕйдӕр идард нӕй» (Гъуд. 17:26–28). Йеговӕ «кӕсуй алке зӕрдӕмӕ дӕр» ӕма Давид Соломонӕн ке загъта, еци дзурдтӕ дӕумӕ дӕр хаунцӕ, «ку ’й агорай, уӕд ӕй иссердзӕнӕ», зӕгъгӕ (1 Анз. 28:9). Федарӕй зӕгъӕн ес, ӕма нур Библи ке ахур кӕнис, е дӕр уобӕл дзорӕг ӕй, ӕма дӕ Йеговӕ ӕхемӕ ӕрбахӕстӕг кодта (Йер. 31:3). Йегови хуарздзийнӕдтӕн куд фулдӕр аргъ кӕнай, уотӕ ’й хъӕбӕрдӕр уарздзӕнӕ.
8. Йегови уарзондзийнадӕн ке аргъ кӕнис, уой дӕ бон куд ӕй бавдесун?
8 Йегови уарзондзийнадӕн ке аргъ кӕнис, уой бавдесдзӕнӕ, ку имӕ ковай, уӕд. Дӕ сагъӕстӕ, дӕ тухститӕ, удта си боз цӕй туххӕй дӕ, уой ин ку дзорай, уӕд ӕй бонӕй-бонмӕ хъӕбӕрдӕр уарздзӕнӕ. Дӕ кувдтитӕбӕл дин дзуапп куд дӕттуй, уой ку уинай, уӕдта уӕ лимӕндзийнадӕ федардӕр кӕндзӕй (Пс. 116:1). Йеговӕ дӕ хуарз ке лӕдӕруй, уой фӕууиндзӕнӕ. Фал имӕ цӕмӕй никки хӕстӕгдӕр исуай, уой туххӕй гъӕуама зонай, цӕхуӕндӕр гъуддӕгтӕ ӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕн цӕунцӕ кенӕ цӕмӕннӕ цӕунцӕ, уой, удта дӕмӕ цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уой дӕр. Цӕмӕй аци гъуддӕгтӕ базонай, уой туххӕй дӕ гъӕуй ӕ Дзурд Библи ахур кӕнун.
9. Библийӕн ке аргъ кӕнис, уой дӕ бон куд ӕй бавдесун?
9 Хуцауи Дзурд Библийӕн аргъ кӕнӕ. Йеговӕ ка ӕй ӕма цӕхуӕн Хуцау ӕй, удта имӕ дӕу туххӕй цӕхуӕн фӕндӕ ес, уой базонӕн ес ӕрмӕстдӕр Библий. Ӕма ’й алли бон дӕр ку кӕсай, Библий ахурмӕ дӕхе ку цӕттӕ кӕнай ӕма ци базудтай, уомӕ гӕсгӕ ку цӕрай, уӕд бавдесдзӕнӕ, аргъ ин ке кӕнис, уой (Пс. 119:97, 99; Иоан. 17:17). Библи кӕсунмӕ дин график ес? Уайуй дин еци графикмӕ гӕсгӕ Библи алли бон дӕр кӕсун?
10. Библи иннӕ киунугутӕй цӕмӕй хецӕн кӕнуй?
10 Библи иннӕ киунугутӕй берӕ цӕмӕйдӕрти хецӕн кӕнуй. Еу гъуддаг е ӕй, ӕма си Йесой царди ӕма лӕггади хабӕрттӕ ниффинстонцӕ, ӕхе цӕститӕй сӕ ка фӕууидта, уӕхӕн адӕн. Ӕрмӕстдӕр еци киунугӕй ес базонӕн, Йесо дӕу туххӕй ци искодта, уой. Ци дзурдта ӕма ци гъуддӕгтӕ кодта, уой ку базонай, уӕд дӕ бафӕнддзӕй, цӕмӕй е ’мбал исуай.
11. Йегови бауарзунмӕ дин ци банхус кӕндзӕй?
11 Йесой бауарзӕ. Йесой ку уарзай, уӕд Йегови дӕр фулдӕр уарздзӕнӕ. Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн? Уомӕн ӕма Йесо ӕ Фиди менеугутӕ ӕнхӕстӕй ӕвдиста (Иоан. 14:9). Мадта Йесой туххӕй куд фулдӕр базонай, уотӕ Йегови дӕр хуӕздӕр лӕдӕрдзӕнӕ ӕма имӕ хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕндзӕнӕ. Расагъӕс кӕнӕ, Йесо куд тӕрегъӕд кодта, иннетӕ сӕрӕй-бунмӕ кӕмӕ кастӕнцӕ, уонӕн – мӕгуртӕн, сӕйгитӕн ӕма, сӕрбӕлдзорӕг кӕмӕн н’ адтӕй, уонӕн. Удта ма расагъӕс кӕнӕ, ӕ унаффитӕмӕ гӕсгӕ архайгӕй дӕ цард хуӕздӕрӕрдӕмӕ куд ӕййивта, уобӕл дӕр (Матф. 5:1–11; 7:24–27).
12. Йесой хуӕздӕр ку базонай, уӕд дӕ е цӕмӕ баразӕнгард кӕндзӕй?
12 Йесо нӕ тӕрегъӕдтӕбӕл ци устур аргъ бафиста, уобӕл ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд ӕй уой фӕрци дӕр фулдӕр уарздзиан (Матф. 20:28). Йесо мах туххӕй ӕ цард ке равардта, е дӕмӕ ку багъара, уӕд дӕ бафӕнддзӕй дӕ тӕрегъӕдтӕбӕл ӕрфӕсмон кӕнун ӕма Йеговӕй хатир корун (Гъуд. 3:19, 20; 1 Иоан. 1:9). Йесой ӕма Йегови ку бауарзай, уӕдта дӕ бафӕнддзӕй, ка ма сӕ уарзуй, еци адӕнмӕ ӕрбайеу ун.
13. Йеговӕ дин ци равардта?
13 Йегови бийнонти бауарзӕ. Йеговӕн ка нӕ лӕггадӕ кӕнуй, еци хеуӕнттӕ ӕма ӕмбӕлттӕ, ӕвӕдзи, нӕ лӕдӕрунцӕ, дӕ цард дӕ Йеговӕн иснивонд кӕнун цӕмӕн фӕндуй, уой. Гӕнӕн ес, ӕма дӕ нихмӕ дӕр рацӕуонцӕ. Фал дӕ Йеговӕ еунӕгӕй нӕ ниууадздзӕй. Ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ исуодзӕнцӕ дӕ бийнонтӕ. Еци бийнонтӕбӕл дӕхе бӕттӕ, ӕма дӕ уарздзӕнцӕ, удта багъӕуаги алкӕддӕр дӕ фарсмӕ ӕрбалӕудзӕнцӕ (Мар. 10:29, 30; Дзиуит. 10:24, 25). Рӕстӕг ку рацӕуа, уӕдта, ка ’й зонуй, дӕ хеуӕнттӕ дӕр Йегови уагӕвӕрдтӕ базондзӕнцӕ ӕма ин лӕггадӕ кӕнун райдайдзӕнцӕ (1 Пет. 2:12).
14. 1 Иоанни 5:3 финст дзурдтӕ ӕцӕгӕйдӕр раст ке ’нцӕ, уой куд балӕдӕрдтӕ?
14 Йегови уагӕвӕрдтӕ бауарзӕ ӕма си царди пайда кӕнӕ. Йегови ку нӕма зудтай, уӕд, ӕвӕдзи, цардтӕ, дӕхемӕ растдӕр куд кастӕй, уотӕ, фал ӕй нур ба лӕдӕрис, Хуцауи уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрун тӕккӕ хуӕздӕр ке ӕй (Пс. 1:1–3; бакӕсӕ 1 Иоанни 5:3). Расагъӕс кӕнӕ, Библий лӕгтӕн, уоститӕн, ниййергутӕн ӕма сувӕллӕнттӕн ци унаффитӕ ес, уонӕбӕл (Еф. 5:22–6:4). Еци унаффитӕмӕ гӕсгӕ цӕрун ку райдӕдтай, уӕд дӕ бийнонти цард нӕ фӕххуӕздӕр ӕй? Йеговӕ дин куд зӕгъуй, уотӕ ӕмбӕлттӕ ӕвзарун ку райдӕдтай, уӕд хуӕздӕрӕрдӕмӕ нӕ раййивтай? Амондгундӕр не ’сдӕ? (Ӕмб. 13:20; 1 Кор. 15:33). Ӕвӕдзи, зӕгъдзӕнӕ: «Гъо».
15. Библий уагӕвӕрдтӕй пайда кӕнунмӕ дин ци банхус кӕндзӕй?
15 Еуӕй-еухатт дин, ӕвӕдзи, зин уодзӕй балӕдӕрун, Библий уагӕвӕрдтӕй царди пайда кӕнун куд гъӕуй, уой. Уой туххӕй Йеговӕ ӕ организаций фӕрци дӕттуй Библибӕл арӕзт публикацитӕ, ӕма нин етӕ ӕнхус кӕнунцӕ, цӕмӕй, «раст ци ӕй ӕма ци нӕй», уой ӕвзарун зонӕн (Дзиуит. 5:13, 14). Еци публикацитӕ ку ӕртасай, уӕд ӕй фӕууиндзӕнӕ, цӕхуӕн устур пайда нин хӕссунцӕ, уой ӕма дӕ, ӕвӕдзи, бафӕнддзӕй Йегови организацимӕ ӕрбайеу ун.
16. Йеговӕ ӕ адӕнӕн разамунд куд дӕттуй?
16 Йегови организаций туххӕй фулдӕр базонӕ ӕма ӕ разамундмӕ гӕсгӕ архайӕ. Йеговӕ ӕ адӕнӕн разамунд дӕттуй ӕмбурди фӕрци, ӕма еци ӕмбурдти сӕргъи исӕвардта ӕ Фурти, Йесо Киристей (Еф. 1:22; 5:23). Йесо ба исӕрст нӕлгоймӕгти минкъий къуарӕн баихӕс кодта, цӕмӕй, мах рӕстӕги ци куст цӕуй, еци кустӕн разамунд дӕттонцӕ. Еци минкъий къуар исхудта «ӕууӕнкгун ӕма зундгин цагъар». Уонӕн сӕ ихӕс ӕй дӕуӕн ӕнхус кӕнун, цӕмӕй Йеговӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕнай ӕма си макӕд раидард уай (Матф. 24:45–47). Ӕууӕнкгун цагъар дӕбӕл ке тухсуй, е бӕрӕг ӕй, ӕмбурдти фӕлтӕрдгун хестӕр нӕлгоймӕгти ке иснисан кодта, уомӕй. Етӕ нин разамунд дӕттунцӕ ӕма нӕ гъӕуай кӕнунцӕ (Ис. 32:1, 2; Дзиуит. 13:17; 1 Пет. 5:2, 3). Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ алкӕддӕр цӕттӕ фӕуунцӕ, цӕмӕй дӕ бафедар кӕнонцӕ ӕма дин банхус кӕнонцӕ Йеговӕмӕ хӕстӕг кӕнун. Уомӕй сӕйрагдӕр ба е ӕй, ӕма дин ӕнхус кӕнунцӕ, цӕмӕй дӕ бон уа иннетӕн Йегови туххӕй дзорун (Еф. 4:11–13).
17. Ромӕгтӕмӕ 10:10, 13, 14 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ иннетӕн Йегови туххӕй цӕмӕн фӕдздзорӕн?
17 Иннетӕн ӕнхус кӕнтӕ, цӕмӕй Йегови бауарзонцӕ. Йесо ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн баихӕс кодта иннетӕн Йегови туххӕй дзорун (Матф. 28:19, 20). Нӕ бон ӕй еци фӕдзӕхст ӕнхӕст кӕнун, е нӕ ихӕс ке ӕй, уой туххӕй. Фал Йегови фулдӕр ку бауарзӕн, уӕд мах дӕр еци гъуддагмӕ Петури ӕма Иоанни цӕстӕй кӕсдзиан. Етӕ загътонцӕ: «Ци фӕууидтан ӕма ци фегъустан, уони туххӕй ма дзорӕн, е нӕ бон нӕй» (Гъуд. 4:20). Ескӕмӕн Йегови бауарзунмӕ ку банхус кӕнӕн, уӕд нӕхе зӕрдӕ дӕр цийнӕй байдзаг уй. Расагъӕс кӕнӕ, игъосунгӕнӕг Филипп куд цийнӕ кодта, эфиопаг хецауӕн рӕстдзийнадӕ Финстадӕй ку балӕдӕрун кодта, ӕма еци хецау донаргъуд ку райста, уӕд! Ду дӕр Филиппи ку фӕнзай ӕма ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнуни гъуддаги ку архайай, уӕд уотемӕй бавдесдзӕнӕ, Йегови Ӕвдесӕн исун дӕ ке фӕндуй, уой. (Бакӕсӕ Ромӕгтӕмӕ 10:10, 13, 14.) Ӕма гъе уӕд ду дӕр эфиопаг хецауи хузӕн зӕгъдзӕнӕ: «Ци мӕ хъор кӕнуй донаргъуд райсунмӕ?» (Гъуд. 8:36).
18. Иннӕ статьяй дзурд цӕбӕл цӕудзӕй?
18 Донаргъуд райсун ку исфӕндӕ кӕнай, уӕд е уодзӕй дӕ царди тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр къахдзӕф. Уомӕ гӕсгӕ ба гъӕуама лӕмбунӕг расагъӕс кӕнай уӕхӕн фарстатӕбӕл: донаргъуди туххӕй дӕ ци зонун гъӕуй? Донаргъуд райсуни размӕ дӕ цӕхуӕн къахдзӕфтӕ гъӕуй искӕнун? Удта дӕ донаргъуди фӕсте дӕр куд гъӕудзӕй архайун? Аци фарстатӕбӕл дзурд цӕудзӕй иннӕ статьяй.
2 ЗАР Йеговӕ ӕй дӕ ном
^ 5 абз. Еуӕй-еуетӕ Йегови фӕууарзунцӕ, фал сӕмӕ уотӕ фӕккӕсуй, ӕма ӕнхӕст цӕттӕ нӕма ’нцӕ донаргъуд райсунмӕ. Кӕд дӕумӕ дӕр уотӕ кӕсуй, уӕд дин аци статьяй унаффитӕ еци ӕхсидзгӕ къахдзӕф искӕнунмӕ банхус кӕндзӕнцӕ.
^ 6 абз. Фулдӕр базонуни туххӕй кӕсӕ брошюритӕ «Была ли жизнь создана?» ӕма «У истоков жизни. Пять вопросов, которые требуют ответа».
^ 60 абз. ХУЗӔ. Хуӕрӕ базари ӕригон кизгӕн дӕттуй буклет.