Гъуди ма ’й кӕнис?
Аци анзи «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и ци статьятӕ адтӕй, уони лӕмбунӕг кастӕ? Цума дӕ бон исуодзӕй аци фарстатӕбӕл дзуапп раттун?
Исӕрст ка ӕрцудӕй, еци киристӕнттӕмӕ цӕхуӕн цӕстӕй гъӕуама кӕсӕн?
Гъӕуама сӕ нимайӕн, уомӕн ӕма се ’ууӕндундзийнадӕй фӕнзуйнаг ӕнцӕ, фал сӕ иннетӕй уӕлдӕр нӕ ивӕрӕн. Нӕхецӕн си «изӕдтӕ» нӕ кӕнӕн (Иуди 16). Удта сӕ сӕ уӕларвон нифси туххӕй дӕр рафӕрсӕ-бафӕрсӕ нӕ фӕккӕнӕн (w20.01 28, 29 ф.).
Йеговӕ нӕмӕ ӕ гъос ке даруй, уой кӕцӕй зонӕн?
Библий куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ нӕ Хуцау уидта, ку нӕма райгурдан, уӕд дӕр. Е нин нӕ кувдтитӕмӕ игъосуй. Цӕбӕл сагъӕс кӕнӕн ӕма цӕбӕл тухсӕн, уой зонуй ӕма нӕхе куд дарӕн, уомӕ цийфӕнди цӕстӕй нӕ кӕсуй (1 Анз. 28:9; Ӕмб. 27:11). Йеговӕ нӕ ӕхуӕдӕг ӕрбахӕстӕг кодта ӕхемӕ (w20.02 12 ф.).
Дзорун кӕд фӕгъгъӕуй ӕма гъосӕй лӕуун кӕд фӕгъгъӕуй?
Нӕ зӕрдӕмӕ цӕуй Йегови туххӕй дзорун. Удта ескӕмӕн рӕдуд къахдзӕфӕй тӕссаг ку фӕууй, уӕддӕр гъосӕй нӕ фӕллӕууӕн. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр гъосӕй нӕ фӕллӕуунцӕ, ескӕмӕн бауайдзӕф кӕнун ку фӕгъгъӕуй, уӕд. Фал хецауадӕ нӕ нихмӕ кӕми ӕй, еци бӕсти нӕ гъуддаг куд цӕуй, уобӕл ба нӕ фӕдздзорӕн, удта ибӕл фӕрсгӕ дӕр нӕ фӕккӕнӕн. Дзоргӕ ка нӕй, уӕхӕн хабӕрттӕ дӕр нӕ фӕдздзорӕн (w20.03 20, 21 фф.).
Иоили 2 сӕри ци саринцхай кой цӕуй, е Раргомади 9 сӕри саринцхайӕй цӕмӕй хецӕн кӕнуй?
Иоили 2:20–27 финст ӕй, Хуцау саринцхай ке расордзӕй, ци зиан ӕрхаста, уой ба ке бафеддзӕй. Аци пахампарадӕ исӕнхӕст ӕй, Вавилойнӕгтӕ Израилмӕ ку бампурстонцӕ, уӕд. Иоили 2:28, 29 пахампарадӕ ба исӕнхӕст ӕй нӕ эри 33-аг анзи Фӕндзайӕймаг бон, Хуцау ӕ лӕггадгӕнгутӕбӕл ӕ сугъдӕг хъаурӕ ку ӕруагъта, уӕд. Раргомади 9:1–11 ба саринцха амонуй, фӕстаг бӕнтти ка цӕруй, еци исӕрст киристӕнттӕмӕ. Етӕ адӕнӕн игъосун кӕнунцӕ, Хуцау аци дуйнейӕн ци тӕрхон рахаста, уой, ӕма е берети зӕрдӕмӕ нӕ цӕуй (w20.04 3–6 фф.).
Цӕгаттаг Паддзах абони ка ӕй?
Уӕрӕсе ӕма ӕ фарс ка ӕй, етӕ. Етӕ Хуцауи адӕни нихмӕ ӕргом цӕунцӕ: игъосун кӕнуни барӕ нӕбал дӕттунцӕ, нӕ гъуддаг нин нихгӕдтонцӕ ӕма сӕ гъуддӕгтӕй ӕргом ӕвдесунцӕ, Йегови Ӕвдесӕнтӕй се ’сӕфт ке уинунцӕ. Цӕгаттаг паддзах Хонсайраг паддзахи хӕццӕ ерис кӕнуй (w20.05 13 ф.).
Сугъдӕг хъаури рӕзӕмӕ ӕрмӕстдӕр Галатӕгтӕмӕ 5:22, 23 финст ка ’нцӕ, еци менеугутӕ хаунцӕ?
Нӕъ. Сугъдӕг хъаури фӕрци ма нӕ уодигъӕди нӕ бон ӕй ӕндӕр хуарз менеугутӕ дӕр ирӕзун кӕнун, зӕгъӕн рӕстдзийнадӕ (Еф. 5:8, 9) (w20.06 17 ф.).
Интернети хузӕ, видео кенӕ комментарий ниввӕруни размӕ бал расагъӕс кӕнун цӕмӕн гъӕуй?
Адӕймаг интернети ци ниввӕруй, уомӕй арӕх рабӕрӕг уй, ӕхе растаун ӕй ке фӕндуй, ӕма ин сӕрниллӕгдзийнадӕ ке нӕ хъӕртуй (w20.07 6, 7 фф.).
Киристӕнттӕ дӕсни кӕсалгахӕсгутӕй цӕбӕл ахур кӕнунцӕ?
Уӕхӕн кӕсалгахӕсгутӕ февзарунцӕ, фулдӕр кӕсалгӕ кӕми фӕууй, уӕхӕн бунӕттӕ, удта ахӕссунмӕ дӕр хуӕздӕр рӕстӕг равзарунцӕ. Етӕ кӕсалгахӕссӕн дзаумӕуттӕй пайда кӕнун хуарз зонунцӕ, удта бонигъӕдӕ ку раййевуй, уӕддӕр сӕ куст нӕ ниууадзунцӕ. Мах дӕр гъӕуама нӕ лӕггади уони хузӕн архайӕн (w20.09 5 ф.).
Библи ке хӕццӕ ахур кӕнӕн, уонӕн нӕ бон куд ӕй банхус кӕнун, цӕмӕй Йегови бауарзонцӕ?
Гъӕуй сӕ разӕнгард кӕнун, цӕмӕй алли бон дӕр Библи кӕсонцӕ ӕма ци бакастӕнцӕ, уобӕл сагъӕс кӕнонцӕ. Удта ма син гъуй байамонун, Хуцаумӕ ковун куд гъӕуй, уой (w20.11 4 ф.).
Павел уотӕ ку загъта, «еугурӕйдӕр» райгас уодзӕнцӕ, зӕгъгӕ, уӕд ке кой кодта? (1 Кор. 15:22).
Павел ӕгас адӕни кой нӕ кодта. Е ӕ финстӕг Коринфи киристӕнттӕмӕ ниффинста, уӕларвон цардмӕ ка гъӕуама райгас адтайдӕ, уонӕмӕ. Павел сӕ исхудта, «Хуцау ке искӕдзос кодта» ӕма «сугъдӕгутӕбӕл» ке банимадта, етӕ (1 Кор. 1:2; 15:18) (w20.12 5, 6 фф.).
«Цӕстифӕнникъулдмӕ, фӕстаг уадиндзӕ ку ниууаса, уӕд» ӕвваст ка раййевдзӕй, еци киристӕнттӕ ци косдзӕнцӕ? (1 Кор. 15:51–53).
Киристей хӕццӕ адӕнихӕттитӕ «ӕфсӕйнаг лӕдзӕгӕй» ӕздахдзӕнцӕ (Рарг. 2:26, 27) (w20.12 12, 13 фф.).