Кӕсгути фарстатӕ
Цума 1 Коринфӕгтӕмӕ 15:29 финст дзурдтӕ уобӕл дзорӕг ӕнцӕ, ӕма фиццаг ӕноси киристӕнттӕ, ка рамардӕй уони бӕсти истонцӕ донаргъуд?
Нӕъ, уомӕн ӕма нӕдӕр Библий нӕдӕр историй еци хабарӕн бӕлвурдгӕнӕн нӕййес.
Еуӕй-еу Библити аци стих куд ратӕлмац кодтонцӕ, уой туххӕй беретӕ уотӕ фенгъӕлунцӕ ӕма Павели рӕстӕги киристӕнттӕ, ка рамардӕй уони бӕсти дӕр истонцӕ донаргъуд. Зӕгъӕн, уруссаг тӕлмацтӕй еуеми аци стих уотӕ финст ӕй: «Кӕд уотӕ нӕй, уӕд ци зӕгъӕн ес, ка рамардӕй уони бӕсти аргъуд ка райста, уонӕй?» (Новый русский перевод).
Фал уӕ гъос ӕрдарайтӕ дууӕ библиртасӕги уой туххӕй ци загътонцӕ, уомӕ. Сӕ еу, Грегори Локвуд, куд загъта, уомӕ гӕсгӕ раздӕр киристӕнттӕ, ка рамардӕй, уони бӕсти дӕр донаргъуд ке есиуонцӕ, уомӕн, дан, нӕдӕр Библий, нӕдӕр историй ес бӕлвурдгӕнӕнтӕ. Иннӕ библиртасӕг Гордон Фи дӕр уӕхӕн гъуди загъта: «Уӕхӕн донаргъуди туххӕй нӕдӕр Библи, нӕдӕр истори неци дзорунцӕ. Нӕуӕг фӕдзӕхсти дӕр уой туххӕй неци финст ес. Уомӕ гӕсгӕ нӕййес зӕгъӕн, ӕма фиццаг ӕноси киристӕнттӕ кенӕ, апостолти мӕлӕти фӕсте ка цардӕй, еци киристӕнттӕ уотӕ кодтонцӕ».
Библи куд зӕгъуй, уотемӕй Йесой фӕдбӕлдзӕугутӕ гъӕуама алли адӕнихӕттитӕй ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кодтайуонцӕ, донаргъуд син лӕвардтайуонцӕ ӕма сӕ ахур кодтайуонцӕ цидӕриддӕр син ниффӕдзахста, уой ӕнхӕст кӕнун (Матф. 28:19, 20). Фал донаргъуд райсуни размӕ бал ахуркӕнуйнаг гъӕуама Йегови ӕма ӕ Фурти базудтайдӕ, ба сӕбӕл ӕууӕндтайдӕ ӕма сӕмӕ игъустайдӕ. Ка рамардӕй, уони бон ба нӕбал адтӕй еци фӕдзӕхститӕ ӕнхӕст кӕнун. Ӕма иннӕ киристӕнтти бон дӕр н’ адтӕй еци фӕдзӕхститӕ, ка рамардӕй, уони бӕсти исӕнхӕст кӕнун (Еккл. 9:5, 10; Иоан. 4:1; 1 Кор. 1:14–16).
Мадта уӕд Павел цӕй кой кодта?
Коринфӕгтӕй кадӕртӕ не ’ууӕндтӕнцӕ, мӕрдтӕ ке райгас уодзӕнцӕ, уобӕл (1 Кор. 15:12). Ӕма Павел дӕр еци гъудити нихмӕ дзурдта. Павел финста, ӕз, дан, алли бон дӕр кӕсун мӕлӕти цӕститӕмӕ. Тӕссаг уавӕрти дӕр Павел федарӕй ӕууӕндтӕй, ку рамӕла, уӕд Киристей хузӕн ке райгас уодзӕй уӕларвон цардмӕ (1 Кор. 15:30–32, 42–44).
Коринфӕгтӕ ’й гъӕуама балӕдӕрдтайуонцӕ, исӕрст киристӕнттӕ ку исуонцӕ, уӕд алли бон дӕр фӕлварӕнтӕбӕл ке ӕмбӕлдзӕнцӕ, ӕма уӕларвон хуӕрзеуӕг райсуни размӕ мӕлгӕ ке ракӕндзӕнцӕ, уой. Павел загъта: «Ӕви ’й нӕ зонетӕ, не ’гасдӕр – аргъуд ка райста ӕма нур Йесо Киристей хӕццӕ еудзийнади ка ӕй, етӕ – уой туххӕй ке райстан аргъуд, цӕмӕй уой хузӕн рамӕлӕн?» (Ром. 6:3). Аци дзурдтӕ уобӕл дзорӕг ӕнцӕ, ӕма етӕ дӕр гъӕуама Киристей хузӕн гъезӕмӕрттӕ ӕма мӕлӕт бавзурстайуонцӕ, цӕмӕй уӕларвон цардмӕ райгас адтайуонцӕ.
Киристейӕн ӕ аргъудбӕл еу дууӕ анзи ку рацудӕй, уӕд ӕ апостолтӕн загъта: «Ӕз ци аргъуд есун, уой сумах дӕр райсдзиайтӕ» (Мар. 10:38, 39). Йесо ӕнӕуой донаргъуди кой нӕ кодта, фал мӕлӕтмӕ ка кӕнуй, еци аргъуди кой, гъома зӕнхӕбӕл сӕ лӕггади кӕрон мӕлгӕ ке ракӕндзӕнцӕ. Павел исӕрст киристӕнттӕмӕ финста, Киристей хӕццӕ ке гъезӕмарӕ кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй «ӕ хӕццӕ еумӕ кадгин дӕр исуонцӕ» (Ром. 8:16, 17; 2 Кор. 4:17). Уомӕ гӕсгӕ исӕрст киристӕнттӕ дӕр гъӕуама мӕлгӕ ракӕнонцӕ, цӕмӕй уой фӕсте уӕларвон цардмӕ райгас уонцӕ.
Мадта Павели дзурдтӕ растдӕр уодзӕй уотӕ ратӕлмац кӕнун: «Кӕд уотӕ нӕй, уӕд ци зӕгъӕн ес, цӕмӕй рамӕла, уой туххӕй аргъуд ка райста, уонӕй? Кӕд мӕрдтӕ нӕ райгас уодзӕнцӕ, уӕд уӕхӕн аргъуд цӕмӕн райстонцӕ?»