48 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ
Раздӕр ци адтӕй, уобӕл мабал сагъӕс кӕнтӕ, фал размӕ кӕсетӕ
«Дӕ цӕститӕ кӕсӕнтӕ размӕ, дӕ цӕстингас размӕ дӕ надмӕ исаразӕ» (ӔМБ. 4:25).
77 ЗАР Талингӕ дуйней рохс ӕрттевуй
РАЗДЗУРД *
1, 2. Ӕмбесӕндти 4:25 финст унаффӕмӕ гӕсгӕ нӕ бон куд ӕй архайун?
ДӔ ЦӔСТИТӔБӔЛ рауайун кӕнӕ: каргун хуӕрӕ сагъӕс кӕнуй, ӕ царди цӕхуӕн дзӕбӕх рӕстӕгутӕ адтӕй, уобӕл. Ӕма ин нур кӕд зиндӕр цӕрӕн ӕй, уӕддӕр Йеговӕн лӕггадӕ кӕнгӕй ӕ бон ци ӕй, уой кӕнуй (1 Кор. 15:58). Алли бон дӕр фӕссагъӕс кӕнуй, нӕуӕг дуйней, берӕ ке уарзуй, еци хеуӕнтти хӕццӕ куд цӕрдзӕй, уобӕл. Иннӕ хуӕрӕн ба кӕддӕр ӕмбурди кадӕр ӕ зӕрдихудти бацудӕй, фал ин ӕй ниххатир кодта, ӕма ӕ зӕрди маст нӕбал даруй (Кол. 3:13). Ӕнсувӕрӕй ба иронх нӕ ’нцӕ ӕ раздӕриккон рӕдудтитӕ, фал сӕбӕл ӕгӕр нӕ сагъӕс кӕнуй ӕма ӕ бон ци ӕй, уой кӕнуй, цӕмӕй Йеговӕбӕл еузӕрдон уа (Пс. 51:10).
2 Аци ӕртӕ адӕймагей туххӕй ци ес зӕгъӕн? Се ’ртӕ дӕр сӕ раздӕриккон цард хуарз гъуди кӕнунцӕ, фал сӕ е фӕстӕмӕ нӕ ивазуй. Етӕ кӕсунцӕ размӕ – сӕ федӕнмӕ. (Бакӕсӕ Ӕмбесӕндтӕ 4:25.)
3. Размӕ кӕсун цӕмӕн гъӕуй?
3 Фӕстӕмӕ ка фӕккӕсуй, еци адӕймагӕн размӕ цӕун нӕбал фӕууайуй. Гъе уотӕ мах бон дӕр нӕ уодзӕй, Йеговӕн ӕгас хъауритӕй лӕггадӕ кӕнун, кӕддӕр ци адтӕй, уобӕл ӕгӕр берӕ ку сагъӕс кӕнӕн, уӕд (Лук. 9:62).
4. Аци статьяй цӕбӕл радзубанди кӕндзиан?
4 Аци статьяй базондзиан, цӕхуӕн ӕртӕ гъуддаги нӕ фӕхъхъор кӕнунцӕ размӕ кӕсун, уой: 1) раздӕриккон цардбӕл ку ӕрхун кӕнӕн, 2) нӕ зӕрдӕ ескӕбӕл ку хода ӕма 3) нӕ раздӕриккон тӕрегъӕдти туххӕй нӕхе ку хуӕрӕн. Алли гъуддагбӕл дӕр си хецӕнӕй радзубанди кӕндзиан, удта базондзиан, Библий уагӕвӕрдтӕ нин куд ӕнхус кӕнунцӕ, Фил. 3:13).
цӕмӕй фӕстегӕй ци байзадӕй, уой феронх кӕнӕн ӕма нӕ хъауритӕ исаразӕн, разӕй ци ес, уомӕ (РАЗДӔРИККОН ЦАРДБӔЛ КУ ӔРХУН КӔНӔН
5. Екклесиасти 7:10 финст дзурдтӕ нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕнунцӕ?
5 Бакӕсӕ Екклесиаст 7:10. Аци стих нӕ уомӕ нӕ разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй нӕ царди ци хуарз рӕстӕгутӕ адтӕй, уони феронх кӕнӕн. Еци хабӕрттӕ нӕ бон ӕргъуди кӕнун ке ӕй, е Йегови лӕвар ӕй. Фал аци стихи уотӕ финст ӕй: «Ма дзорӕ, раздӕр цард хуӕздӕр адтӕй, зӕгъгӕ». Уӕхӕн сагъӕстӕ хуарзӕй нецӕмӕ ӕркӕнунцӕ.
6. Раздӕр хуӕздӕр адтӕй, зӕгъгӕ, сагъӕс кӕнун лӕгъуз цӕмӕн ӕй?
6 Раздӕр цард хуӕздӕр адтӕй, зӕгъгӕ, сагъӕс кӕнун раст цӕмӕннӕ ’й? Уомӕн ӕма адӕймаг ӕ раздӕри цардбӕл ку фӕссагъӕс кӕнуй, уӕд арӕхдӕр ӕ хуӕздӕр бӕнттӕ ӕргъуди кӕнуй. Уотӕ ке ӕй, е израилӕгти хабарӕй хуарз зиннуй. Египетӕй ку рацудӕнцӕ, уӕд хъӕбӕр тагъд феронх ӕнцӕ, ци зин цӕрдтитӕ си фӕккодтонцӕ, уой. Ӕрмӕстдӕр ма гъуди кодтонцӕ, уоми син цӕхуӕн хуӕруйнӕгтӕ адтӕй, уой. Гъема ӕрдеуагӕ кодтонцӕ: «Египети лӕвар хуардтан кӕсалгӕ, хуардтан си хуӕргӕнӕстӕ, харбузтӕ, гъӕдзиндзӕ ма бодӕн!» (Ним. 11:5). Фал син цума ӕцӕгӕйдӕр лӕвар адтӕнцӕ? Кӕцӕй! Еци хуӕруйнӕгтӕбӕл устур аргъ фистонцӕ. Етӕ уоми цагъартӕ адтӕнцӕ ӕма сӕ египеттӕгтӕ хъӕбӕр ӕфхуардтонцӕ (Рац. 1:13, 14; 3:6–9). Фал еци зин рӕстӕгутӕ ке байронх ӕнцӕ ӕма цидӕр хуарздзийнӕдтӕ ке имистонцӕ, уой туххӕй ӕй уингӕ дӕр нӕбал кодтонцӕ, Йеговӕ сӕбӕл куд тухстӕй ӕма син куд ӕнхус кодта, уой. Ӕма сӕмӕ гъе уой туххӕй Йегови маст иссугъдӕй (Ним. 11:10).
7. Еу хуӕрӕн ци банхус кодта, цӕмӕй раздӕри цард имисгӕй ма маст кодтайдӕ?
7 Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй нӕ раздӕриккон цардбӕл ӕгӕр ма сагъӕс кӕнӕн? Ӕркӕсӕн еу хуӕри хабармӕ. Еци хуӕрӕ Бруклини Вефили лӕггадӕ кӕнун райдӕдта 1945 анзи. Цалдӕр анзей фӕсте ба уоми еу ӕнсувӕри хӕццӕ ӕ цард байеу кодта
ӕма еумӕ Вефили берӕ ӕнзтӕ фӕллӕггадӕ кодтонцӕ. Фал 1976 анзи ба ӕ лӕг лӕгъуз незӕй фӕссӕйгӕ ’й. Берӕ ке нӕбал рахӕсдзӕй, уой лӕдӕрдтӕй ӕма ӕ бийнойнагӕн цалдӕр хуарз унаффи равардта. Загъта ин: «Еумӕ дзӕбӕх фӕццардан. Бийнонти цард алкӕмӕн уотӕ нӕ рауайуй. Фал фӕстӕмӕ ма кӕсӕ. Куд цардан, е дӕ зӕрди арӕх ӕфтуйдзӕй, фал рӕстӕг рацӕудзӕй ӕма дин фенцондӕр уодзӕй. Дӕ хурфи маст ма дарӕ, удта дӕхецӕн ма тӕрегъӕд кӕнӕ. Цийнӕ кӕнӕ, дӕ царди гъе уӕхӕн дзӕбӕх рӕстӕгутӕ ке адтӕй, уобӕл. Дӕ бон сӕ ӕргъуди кӕнун ке ӕй, е Хуцауи лӕвар ӕй». Хуарз унаффӕ ин равардта, уотӕ нӕй?8. Хуӕрӕн ӕ сӕрихецауи унаффӕ куд банхус кодта?
8 Хуӕрӕ ӕ сӕрихецауи унаффӕмӕ байгъуста ӕма ӕ мӕлӕти уӕнгӕ дӕр Йеговӕн еузӕрдонӕй фӕллӕггадӕ кодта. Мӕлгӕ ба ракодта, 92 анзи ибӕл ку цудӕй, уӕд. Уомӕй минкъий раздӕр ба уӕхӕн дзурдтӕ загъта: «Йеговӕн 63 анзи ӕнхӕстрӕстӕг фӕллӕггадӕ кодтон ӕма ӕцӕгӕйдӕр амондгун цард фӕккодтон». Цӕй фӕрци, уой туххӕй ба загъта: «Махӕн ес дуйне хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ, удта нин нифс ес, еумӕ зӕнхӕбӕл дзенети ке цӕрдзиан ӕма не Сфӕлдесӕг Хуцауӕн ӕносмӕ ке лӕггадӕ кӕндзиан» *. Аци хуӕри хабар нин хуарз ӕвдесуй, размӕ кӕсун куд гъӕуй, уой.
ЕСКЕ НӔ ЗӔРДИХУДТИ КУ БАЦӔУЙ
9. Ниххатир кӕнун уӕлдай зиндӕр кӕд фӕууй? (Левит 19:18).
9 Бакӕсӕ Левит 19:18. Нӕ зӕрдихудти нин ка бацудӕй, еци адӕймаг не ’мбал, нӕ хеуон кенӕ ӕмбурдӕй еске ку фӕууй, уӕд уомӕн уӕлдай зиндӕр фӕууй ниххатир кӕнун. Еухатт ӕмбурди еу хуӕрӕ инней фӕффудгин кодта, ӕхца, дан, ми радавтай. Фал ӕй фӕстӕдӕр ба балӕдӕрдтӕй, е ке н’ адтӕй, уой ӕма си хатиртӕ ракурдта. Ке фӕффудгин кодта, еци хуӕрӕн хъӕбӕр зин адтӕй ӕма ӕ бон н’ адтӕй еци хабар феронх кӕнун. Дӕуӕн ба ескӕд зин адтӕй ниххатир кӕнун? Кӕд аци хуӕрӕ ци уавӕри бахаудтӕй, уӕхӕн уавӕри некӕд адтӕ, уӕддӕр ӕй, ӕвӕдзи, зонис, ӕнӕфудӕй дӕ ку бафхуӕронцӕ, уӕд е куд зин фӕууй, уой. Адӕймагмӕ ма уотӕ дӕр фӕккӕсуй, ӕма ӕ бон некӕд исуодзӕй ниххатир кӕнун.
10. Нӕ зӕрдӕ ескӕбӕл ку рахода, уӕд нин ци банхус кӕндзӕй?
10 Нӕ зӕрдӕ ескӕбӕл ку рахода, уӕд нин ци банхус кӕндзӕй? Иронх ди ма уӕд, Йеговӕ алцидӕр ке уинуй. Зонуй ӕй, ци уавӕри ан ӕма нӕ ӕнӕфудӕй куд бафхуардтонцӕ, уой (Дзиуит. 4:13). Зин нин ку фӕууй, уӕд нӕбӕл нӕ уӕларвон Фиди зӕрдӕ дӕр фӕрресуй (Ис. 63:9). Удта нин зӕрдӕ ӕвӕруй, цидӕриддӕр хӕрандзийнадӕ бавзурстан, уони ке байронх уодзиан (Рарг. 21:3, 4).
11. Адӕймагӕн ку ниххатир кӕнӕн, уӕд нин е ци пайда ӕрхӕсдзӕй?
11 Гъӕуама ’й лӕдӕрӕн, адӕймагӕн ку ниххатир кӕнӕн, уӕд е пайда фиццагидӕр нӕхецӕн ке ӕрхӕсдзӕй. Уӕлдӕр ке кой кодтан, еци хуӕрӕ дӕр уой балӕдӕрдтӕй. Рӕстӕг ку рацудӕй, уӕд, ка ’й фӕффудгин кодта, еци хуӕрӕн ниххатир кодта. Цума цӕй фӕрци? Еу ӕхсидзгӕ гъуддаг ке балӕдӕрдтӕй, уой фӕрци: мах иннетӕн ку хатир кӕнӕн, уӕд нин Йеговӕ дӕр хатир кӕндзӕй (Матф. 6:14). Еци хуӕрӕ уотӕ сагъӕс кӕнун нӕ райдӕдта, цӕй, уӕхӕн лӕгъузӕй дӕр мин неци ракодта, зӕгъгӕ. Ци маст бавзурста, е си иронх н’ адтӕй, фал ин уӕддӕр ниххатир кодта. Гъема уой фӕрци ӕ цийнӕдзийнадӕ нӕ фесафта ӕма идарддӕр Йеговӕн зингзӕрдӕй лӕггадӕ кодта.
ДӔ РАЗДӔРИККОН РӔДУДТИТИ ТУХХӔЙ ДӔХЕ ӔГӔР КУ ХУӔРАЙ
12. 1 Иоанни 3:19, 20 финст дзурдтӕй цӕбӕл ахур кӕнӕн?
12 Бакӕсӕ 1 Иоанни 3:19, 20. Алкедӕр ӕй зонуй, дӕ цӕсгон дӕ ку хуӕра, уӕд е куд ӕй, уой. Зӕгъӕн, беретӕ сӕхе фӕххуӕрунцӕ, рӕстдзийнадӕ ку нӕма базудтонцӕ, уӕд ци рӕдудтитӕ искодтонцӕ, уой туххӕй, иннетӕ ба донаргъуди фӕсте ци рӕдудтитӕ искодтонцӕ, уой туххӕй (Ром. 3:23). Алкедӕр ни фӕндуй, раст куд ӕй, уотӕ архайун. Фал уӕддӕр арӕх фӕррӕдуйӕн (Иак. 3:2; Ром. 7:21–23). Кӕд нӕ фӕффӕндуй раздӕриккон рӕдудтитӕ байронх ун, уӕддӕр сӕ хатгай ке ӕргъуди кӕнӕн, е цидӕр пайда дӕр хӕссуй. Уой фӕрци уӕхӕн рӕдуд нӕбал искӕндзиан (Дзиуит. 12:12, 13).
13. Нӕ раздӕриккон тӕрегъӕдти туххӕй нӕхе ӕгӕр цӕмӕннӕ гъӕуама хурӕн?
13 Фал фӕууй уотӕ дӕр, ӕма адӕймаг ӕ раздӕриккон тӕрегъӕдти туххӕй ӕхе ӕгӕр фӕххуӕруй, кӕд сӕбӕл ӕрфӕсмон кодта ӕма ин Йеговӕ ниххатир кодта, уӕддӕр. Уӕхӕн сагъӕстӕ нин пайда не ’рхӕсдзӕнцӕ (Пс. 31:10; 38:3, 4). Цӕмӕн? Ӕркӕсӕн еу хуӕри хабармӕ. Е дӕр ӕ раздӕриккон тӕрегъӕдти туххӕй ӕхе хуардта ӕма зӕгъуй: «Уотӕ мӕмӕ кастӕй, ӕма Йеговӕн дзӕгъӕли лӕггадӕ кӕнун, уомӕн ӕма уӕддӕр нӕ фӕййервӕздзӕн». Ка ’й зонуй, дӕумӕ дӕр уӕхӕн сагъӕстӕ адтӕй. Фал раздӕриккон тӕрегъӕдти туххӕй нӕ нифс гъӕуама ма сӕтта. Расагъӕс кӕнӕ, Сайтан куд цийнӕ кӕндзӕй, Йеговӕ нӕ уарзуй, уотемӕй мах ба нӕхебӕл нӕ къох ку ракъуӕрӕн (2 Кор. 2:5–7, 11).
14. Йеговӕ нин ӕцӕгӕйдӕр ке ниххатир кодта, уой нӕ бон куд ӕй базонун?
14 Фал кадӕр расагъӕс кӕндзӕй: «Куд ӕй базонон, Йеговӕ мин ӕцӕгӕйдӕр ке ниххатир кодта, уой?» Кӕд дӕумӕ дӕр аци фарста фӕззиннуй, уӕд ибӕл, зӕгъӕн ес, ӕма зонис дзуапп. Еу 20 анзей размӕ «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и финст адтӕй: «Еуӕй-еухатт фӕууй уотӕ, ӕма туххӕй кӕмӕй исуӕгъдӕ ан, еци гъуддаги нӕуӕгӕй фӕррӕдуйӕн. Кӕд уотӕ ’й, уӕд дӕ нифс ма сӕттӕд. *.
Уотӕ дӕмӕ ма кӕсӕд ӕма ниххатир кӕнӕн кӕмӕн нӕййес, уӕхӕн тӕрегъӕд искодтай. Е Сайтани фӕндуй, цӕмӕй уотӕ сагъӕс кӕнай. Дӕхе ке хуӕрис ӕма ке маст кӕнис айдагъ уомӕй дӕр бӕрӕг ӕй, хуарз адӕймаг ке дӕ ӕма дин Йеговӕ ке ниххатир кодта, е. Сӕрниллӕгӕй ӕма имӕ зӕрдӕй ковӕ, цӕмӕй дин ниххатир кӕна, искӕдзос дӕ кӕна ӕма дин банхус кӕна. Еци еу гъуддаги цал хатти фӕррӕдуйай, уал хатти дӕр Йеговӕмӕ ледзӕ, минкъий сувӕллон ести уӕд ӕ фидӕмӕ куд фӕлледзуй, уотӕ, ӕма дин Йеговӕ ӕнӕмӕнгӕй банхус кӕндзӕй»15, 16. Еуӕй-еу киристӕнттӕн сӕ цард куд раййевуй, Йеговӕ сӕбӕл ӕ къох ке нӕ ракъуӕрдта, уой ку балӕдӕрунцӕ, уӕд?
15 Йегови лӕггадгӕнгутӕй беретӕн фенцондӕр ӕй, Йеговӕ сӕбӕл ӕ къох ке нӕ ракъуӕрдта, уой ку балӕдӕрдтӕнцӕ, уӕд. Зӕгъӕн, цалдӕр анзей размӕ еу ӕнсувӕрӕн еу статья ӕ зӕрдӕбӕл бамбалдӕй. Еу хуӕрӕбӕл си дзурд цудӕй. Еци хурӕн ӕ раздӕриккон тӕрегъӕдти туххӕй зин баууӕндӕн адтӕй, Йеговӕ ’й ке уарзуй, уобӕл. Донаргъуди фӕсте дӕр ма ’й еци сагъӕстӕ берӕ ӕнзтӕ нӕ уӕгъдӕ кодтонцӕ. Фал хуӕрӕ Киристей нивондбӕл арӕх сагъӕс кӕнидӕ ӕма си уой фӕрци байрагӕс ӕй, Йеговӕ ’й берӕ ке уарзуй, е» *.
16 Цума еци хуӕри хабар ӕнсувӕрӕн куд банхус кодта? Еци ӕнсувӕр загъта: «Ӕригонӕй порнографимӕ арӕх кӕсинӕ, ӕма си мӕхе туххӕй ратудтон. Фал бабӕй ӕрӕги ба нӕуӕгӕй бакастӕн. Гъема хестӕр нӕлгоймӕгтӕмӕ ӕнхус ракорунмӕ бацудтӕн. Уотемӕй еци гъуддагбӕл уӕлахез кӕнун райдӕдтон. Хестӕр нӕлгоймӕгтӕ мин балӕдӕрун кодтонцӕ, Йеговӕ хатиргӕнагӕ Хуцау ке ӕй ӕма мӕ берӕ ке уарзуй. Фал уӕддӕр фӕууй уӕхӕн бӕнттӕ, ӕма мӕхемӕ нецӕййаг фӕккӕсун, удта мӕмӕ уотӕ фӕккӕсуй, цума Йегови бон нӕй мӕн хузӕн адӕймаги уарзун. Еци хуӕри хабар мӕ хъӕбӕр бафедар кодта. Уотӕ ку сагъӕс кӕнон, ӕма мин Йеговӕ нӕ ниххатир кодта, уӕд уотӕ уайуй ӕма дузӕрдуг кӕнун, Киристей нивонди
фӕрци тӕрегъӕдтӕ хатиргонд ке цӕунцӕ, уобӕл. Еци статья мӕхецӕн журналӕй ислух кодтон, цӕмӕй бабӕй мӕхе ку хуӕрон, уӕд ӕй исесон, ба ’й кӕсон ӕма ибӕл расагъӕс кӕнон».17. Апостол Павелӕн ци ӕнхус кодта, цӕмӕй ӕ тӕрегъӕдти туххӕй ӕхе ӕгӕр ма хуардтайдӕ?
17 Апостол Павел дӕр берӕ уӕззау тӕрегъӕдтӕ фӕккодта, киристон ку нӕма иссӕй, уӕд. Еци тӕрегъӕдтӕ си иронх н’ адтӕнцӕ, фал сӕбӕл ӕхе нӕбал хуардта (1 Тим. 1:12–15). Павел Киристей нивонд Хуцауи лӕварбӕл нимадта (Гал. 2:20). Ӕма уомӕ гӕсгӕ ӕхе хуӕруни бӕсти е ’гас хъауритӕ дӕр Хуцауи гъуддагмӕ исаразта ӕма ӕ бон цидӕриддӕр адтӕй, уой кодта.
РАЗМӔ КӔСЕТӔ
18. Аци статьяй ци базудтан?
18 Аци статьяй ци базудтан? 1) Нӕ царди хуӕздӕр бӕнттӕ ӕргъуди кӕнун нӕ бон ке ӕй, е ӕй Хуцауи лӕвар, фал кӕд хъӕбӕр хуарз цард фӕккодтан, уӕддӕр нӕуӕг дуйней хуӕздӕр уодзӕй. 2) Нӕ зӕрдихудти нин ка цӕудзӕй, уӕхӕнттӕ уодзӕй, фал сӕбӕл гъӕуама нӕ зӕрди маст ма дарӕн, ӕма нӕ гъе уӕд Йеговӕн ӕгас хъауритӕй лӕггадӕ кӕнунмӕ неци хъор кӕндзӕй. 3) Нӕ раздӕриккон тӕрегъӕдти туххӕй нӕхе ӕгӕр ку хуӕрӕн, уӕд нӕ бон нӕ уодзӕй Йеговӕн цийнӕгӕнгӕй лӕггадӕ кӕнун. Мадта гъӕуама Павели хузӕн мах дӕр ӕууӕндӕн, Йеговӕ нин ке ниххатир кодта, уобӕл.
19. Кӕцӕй ӕй зонӕн нӕуӕг дуйней, кӕддӕр ци адтӕй, уобӕл ке нӕбал тухсдзиан?
19 Йеговӕ нин зӕрдӕ ӕвӕруй, нӕуӕг дуйней ӕносмӕ ке цӕрдзиан ӕма кӕддӕр ци адтӕй, уобӕл ке нӕбал тухсдзиан. Библий финст ӕй: «Раздӕр ци адтӕй, уони гъуди дӕр некебал ӕркӕндзӕй» (Ис. 65:17). Расагъӕс кӕнӕ, ӕгас цард дӕр Йеговӕн ка фӕллӕггадӕ кодта, еци каргун хуӕртӕ ма ӕнсувӕртӕ нӕуӕгӕй исӕригон уодзӕнцӕ (Иов 33:25). Мадта гъӕуама, кӕддӕр ци адтӕй, уобӕл мабал сагъӕс кӕнӕн, фал размӕ кӕсӕн ӕма Хуцауи гъуддаги нӕ бон цидӕриддӕр ӕй, уой кӕнӕн, цӕмӕй еци бон ку ’рцӕуа, уӕд мах дӕр, нӕуӕг дуйнемӕ ка бацудӕй, уони астӕу уӕн.
142 ЗАР Нӕ нифсбӕл федар хуӕцӕн
^ 5 абз. Еуӕй-еухатт хуарз фӕууй, фӕстӕмӕ нӕ цардмӕ ракӕсун ӕма цӕхуӕндӕр хабӕрттӕ ӕргъуди кӕнун. Фал еци хабӕрттӕ нӕ зӕрди ӕгӕр арӕх ку ’фтуйонцӕ, уӕд нӕбал сагъӕс кӕндзиан, федӕни нӕмӕ ци цард ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уобӕл, удта нур нӕ бон ци ӕй кӕнун, уобӕл дӕр. Аци статьяй базондзиан, адӕймаги размӕ кӕсун цӕхуӕн ӕртӕ гъуддаги нӕ фӕууадзунцӕ, уой. Удта ма ӕркӕсдзиан, Библий уагӕвӕрдтӕмӕ ӕма хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хабӕрттӕмӕ.
^ 8 абз. Кӕсӕ 2004 анзи 1 июли «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг», 23–29 фӕрстӕ (урус.).
^ 14 абз. Кӕсӕ 1954 анзи 15 феврали «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг», 123 фарс (англ.).
^ 58 абз. ХУЗӔ. Адӕймаг раздӕри цард ку фӕимисуй кенӕ ӕ тӕрегъӕдти туххӕй ӕхе ку фӕххуӕруй, уӕд зӕгъӕн ес, ӕма ӕ рагъи фӕххӕссуй, царди надбӕл цӕунмӕ ’й ка хъор кӕнуй, уӕхӕн уӕззау уаргъ.
^ 65 абз. ХУЗӔ. Тухсун нӕ ка кӕнуй, еци сагъӕстӕй ку исуӕгъдӕ уӕн, уӕд нӕ рагъӕй ӕнӕгъӕугӕ уаргъ ӕрхаудзӕй. Гъе уӕд нӕмӕ хъауритӕ бацӕудзӕй, цардбӕл цийнӕ кӕндзиан ӕма нӕ бон уодзӕй размӕ кӕсун.