Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

42 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Дӕ бон куд ӕй, Библи ке хӕццӕ ахур кӕнис, уой донаргъудмӕ бацӕттӕ кӕнун? (2-аг хай)

Дӕ бон куд ӕй, Библи ке хӕццӕ ахур кӕнис, уой донаргъудмӕ бацӕттӕ кӕнун? (2-аг хай)

«Алкӕддӕр дӕхемӕ кӕсӕ, удта дӕ гъос дарӕ, иннетӕн куд ӕма ци амонис, уомӕ» (1 ТИМ. 4:16).

77 ЗАР Талингӕ дуйней рохс ӕрттевуй

РАЗДЗУРД *

1. Ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнуни куст цардервӕзунгӕнӕн куст исхонӕн цӕмӕн ес?

АХУРКӔНУЙНӔГТӔ цӕттӕ кӕнуни куст ӕй цардервӕзунгӕнӕн куст. Цӕмӕн ес уотӕ зӕгъӕн? Йесо ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн бафӕдзахста: «Цотӕ ӕма... цӕттӕ кӕнтӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ. Дӕттетӕ син донаргъуд» (Матф. 28:19, 20). Донаргъуд ба, куд ӕй зонӕн, уотемӕй ӕй ервӕзундзийнадӕмӕ ка кӕнуй, уӕхӕн къахдзӕф. Донаргъуд райсун ке фӕндуй, е ӕй гъӕуама лӕдӕра, Йесо ӕ цард мах туххӕй ке равардта, ӕрмӕстдӕр нин уой фӕрци ке ес нифс фӕййервӕзунмӕ. Апостол Петур дӕр уомӕ гӕсгӕ ниффинста: «Уотӕ ӕй донаргъуд дӕр, нур уӕ е ервӕзун кӕнуй, Йесо Киристе ке райгас ӕй, уой фӕрци» (1 Пет. 3:21). Мадта нӕуӕг ахуркӕнуйнаг донаргъуд ку райсуй, уӕд ислӕууй, ервӕзундзийнадӕмӕ ка кӕнуй, уӕхӕн надбӕл.

2. 2 Тимофеймӕ 4:1, 2 финст дзурдтӕ нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕнунцӕ?

2 Цӕмӕй нӕ бон уа ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнун, уой туххӕй гъӕуама «арӕхстгунӕй ахур кӕнун» базонӕн. (Бакӕсӕ 2 Тимофеймӕ 4:1, 2.) Цӕмӕн? Уомӕн ӕма нин Йесо бафӕдзахста: «Цотӕ ӕма... цӕттӕ кӕнтӕ ахуркӕнуйнӕгтӕ... Ӕма сӕ ахур кӕнтӕ». Апостол Павел Тимофеййи, уой хӕццӕ ба мах дӕр, разӕнгард кодта, цӕмӕй еци куст кӕнӕн ӕма загъта: «Уотемӕй дӕхе дӕр фӕййервӕзун кӕндзӕнӕ ӕма дӕмӕ ка игъосуй, уони дӕр». Мадта дессаг нӕй, Павел ма уотӕ дӕр ке загъта: «Алкӕддӕр дӕхемӕ кӕсӕ... иннетӕн куд ӕма ци амонис, уомӕ» (1 Тим. 4:16). Бӕрӕг ӕй, нӕуӕг ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнунмӕ дӕснидӕр ке гъӕуама кӕнӕн.

3. Аци статьяй цӕмӕ ӕркӕсдзиан?

3 Ӕгас зӕнхӕбӕл дӕр Библи ахур кӕнӕн милиуангай адӕни хӕццӕ. Фал айразиккон статьяй куд загътан, уотемӕй нӕ фулдӕр ахуркӕнуйнӕгтӕн банхус кӕнун фӕндуй, цӕмӕй донаргъуд райсонцӕ ӕма Киристей фӕдбӕлдзӕугутӕ исуонцӕ. Аци статьяй ӕркӕсдзиан, еци гъуддаги ма нин никкидӕр цӕхӕуӕн фондз унаффи банхус кӕндзӕнцӕ, уомӕ.

ДЗУРДИ БАРӔ ДӔТТӔ БИБЛИЙӔН

Фӕлтӕрдгун игъосунгӕнӕгӕн зӕгъӕ, цӕмӕй дин байамона, ахури рӕстӕг адӕймаги ӕргом фиццагидӕр Библимӕ ’здахун дӕ бон куд ӕй, уой (кӕсӕ 4–6 абзацтӕ) *

4. Библий ахур уадзгӕй нӕхебӕл хуӕцун цӕмӕн гъӕуама зонӕн? (Кӕсӕ ма феппайуйнаг.)

4 Мах уарзӕн Хуцауи Дзурдӕй ци рӕстдзийнадӕ базудтан, уой. Адӕймаг ба ци фӕууарзуй, уобӕл ӕ бон ӕй цӕйбӕрцӕфӕнди дӕр дзорун. Фал фӕнди «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и ахур уадзӕн, фӕнди Библий ахур ӕмбурди, фӕнди еске хӕццӕ ахур кӕнӕн, уӕддӕр гъӕуама ӕгӕр берӕ ма дзорӕн. Ести фарста кенӕ стих ӕртасгӕй дӕхебӕл хуӕцун зонӕ ӕма цидӕриддӕр зонис, уой радзорунбӕл ма архайӕ – дзурди барӕ дӕттӕ Библийӕн * (Иоан. 16:12). Ӕргъуди кӕнай, донаргъуд ку райстай, уӕд цӕйбӕрцӕ зудтай ӕма нур цӕйбӕрцӕ зонис уобӕл. Уӕд, ӕвӕдзи, Библий сӕйраг ахурӕдтӕй ӕндӕр неци зудтай (Дзиуит. 6:1). Нур цӕйбӕрцӕ зонис, уойбӕрцӕ базонунмӕ дӕ, ӕвӕдзи, ӕнзтӕ багъудӕй. Мадта адӕймагӕн алцидӕр еу хаттӕн балӕдӕрун кӕнунбӕл ма архайӕ.

5. а) 1 Фессалоникӕгтӕмӕ 2:13 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Библи ка ахур кӕнуй, е ци гъӕуама лӕдӕра? б) Нӕ бон куд ӕй адӕймаги ӕ гъудитӕ дзорунмӕ разӕнгард кӕнун?

5 Мах фӕндуй, цӕмӕй ӕй адӕймаг лӕдӕра, Хуцауи Дзурд ке ахур кӕнуй. (Бакӕсӕ 1 Фессалоникӕгтӕмӕ 2:13.) Еци гъуддаги ин нӕ бон куд ӕй банхус кӕнун? Разӕнгард ӕй кӕнӕ ӕ гъудитӕ ӕргом дзорунмӕ. Библий стихтӕ алли хатт дӕхуӕдӕг ма лӕдӕрун кӕнисӕ, фал дин сӕ еуӕй-еухатт е дӕр балӕдӕрун кӕнӕд. Гъӕуама ’й уина, Хуцауи Дзурди ци бакӕсуй, е уомӕ куд хауй, уой. Уӕхӕн фарстатӕ имӕ дӕттӕ, цӕмӕй ин ӕ гъуди базонай, ци стихтӕ бакӕсуй, уони фӕдбӕл (Лук. 10:25–28). Зӕгъӕн, дӕ бон ӕй уӕхӕн фарстатӕ раттун: «Аци стихӕй Йегови туххӕй ци базудтай? Нур ци базудтай, е дӕ царди кӕми багъӕудзӕй? Аци гъуддаги туххӕй Библи ци зӕгъуй, уомӕ цӕхуӕн цӕстӕй кӕсис?» (Ӕмб. 20:5). Адӕймаг цӕйбӕрцӕ базона, е сӕйраг нӕй. Сӕйрагдӕр ӕй, ци базудта, уомӕ ӕхуӕдӕг цӕхуӕн цӕстӕй кӕсуй, удта си царди пайда кӕнуй ӕви нӕ, е.

6. Библий ахурмӕ фӕлтӕрдгун игъосунгӕнӕги ӕрбахонун хуарз цӕмӕн уодзӕй?

6 Дӕ бон ма ӕй Библий ахурмӕ фӕлтӕрдгун игъосунгӕнӕги ӕрбахонун. Ахури фӕсте ба ’й дӕ бон ӕй бафӕрсун Библий ахур куд уадзис, удта дин адӕймаги ’ргом фиццагидӕр Библимӕ ’здахун уайуй ӕви нӕ, уобӕл. Иронх ди ма уӕд, сӕрниллӕгдзийнадӕ дӕмӕ ку нӕ уа, уӕд ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнуни гъуддаги ӕнтӕстгундӕр нӕ кӕндзӕнӕ. (Рабарӕ Гъуддӕгтӕ 18:24–26.) Уомӕй уӕлдай ма ’й дӕ бон ӕй бафӕрсун, ахуркӕнуйнаг ӕрмӕг куд балӕдӕрдтӕй, уой туххӕй ци гъуди кӕнуй, уобӕл. Еу къуӕре кенӕ фулдӕр дӕ ескумӕ цӕун ку гъӕуа, уӕдта ин дӕ бон уодзӕй зӕгъун, цӕмӕй ахур дӕ бӕсти рауадза. Уой фӕрци ахуркӕнуйнаг Библий ахур нӕ цох кӕндзӕй ӕма ’й лӕдӕрдзӕй, е ӕхсидзгӕ гъуддаг ке ӕй, уой. Уотӕ макӕд сагъӕс кӕнӕ, ӕма е «дӕу» Библий ахур ӕй, ӕма ’й ӕрмӕстдӕр дӕхуӕдӕг гъӕуама уадзай. Мах фӕндуй алцидӕр кӕнун, цӕмӕй адӕймаг идарддӕр дӕр ахур кӕна.

ЗӔРДИАГӔЙ ӔМА ФЕДАРӔЙ ДЗОРӔ

Ахуркӕнуйнагӕн дзорӕ, Библи ке цард раййивта, уӕхӕн хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хабӕрттӕ. Уотемӕй ӕй е дӕр лӕдӕрдзӕй, Хуцауи Дзурди уагӕвӕрдтӕй пайда кӕнун куд гъӕуй, уой (кӕсӕ 7–9 абзацтӕ) *

7. Адӕймагӕн дӕ бон куд ӕй банхус кӕнун, цӕмӕй Библий рӕстдзийнадӕ бауарза?

7 Адӕймаг ӕй гъӕуама уина, ци рӕстдзийнадӕ ин амонис, уобӕл дӕхуӕдӕг дӕр федарӕй ке ӕууӕндис ӕма ’й ке уарзис (1 Фес. 1:5). Уой фӕрци ӕй е дӕр бауарздзӕй. Ра ин дзорӕ, дӕхецӕн дин Библийӕй цӕхуӕн уагӕвӕрдтӕ банхус кодтонцӕ, уой. Уотемӕй ӕй е дӕр фӕууиндзӕй, Библий унаффити фӕрци ӕ цард хуӕздӕрӕрдӕмӕ ке раййевдзӕй.

8. Дӕ бон ма куд ӕй ахуркӕнуйнагӕн банхус кӕнун?

8 Уӕ ахури рӕстӕг дӕ бон ӕй адӕймагӕн радзорун, уой хузӕн зиндзийнӕдтӕ кӕмӕн адтӕй, уӕхӕн киристӕнтти хабӕрттӕ. Уӕхӕн хуӕрӕ кенӕ ӕнсувӕри уӕ ахурмӕ дӕр ӕрбахонӕ. Кенӕ ба дӕ бон ӕй ести цау иссерун рубрики «Библи ӕййевуй адӕймаги цард» * сайти jw.org. Еци рубрики ци статьятӕ ӕма видеороликтӕ ес, уони фӕрци адӕймаг балӕдӕрдзӕй, Библий уагӕвӕрдтӕй ку пайда кӕна, уӕд ӕ цард хуӕздӕрӕрдӕмӕ ке раййевдзӕй.

9. Дӕ бон куд ӕй ахуркӕнуйнаги разӕнгард кӕнун, цӕмӕй ци базонуй, уой ӕ хеуӕнттӕн ӕма е ’мбӕлттӕн дзора?

9 Кӕд Библи ке хӕццӕ ахур кӕнис, уомӕн цардӕмбал ес, уӕд ин зӕгъетӕ, цӕмӕй е дӕр уӕ хӕццӕ рабада. Дӕ ахуркӕнуйнаги разӕнгард кӕнӕ, цӕмӕй ци дзоруй, уой ӕ хеуӕнттӕн дӕр ӕма е ’мбӕлттӕн дӕр дзора (Иоан. 1:40–45). Зӕгъӕн, дӕ бон имӕ ӕй уӕхӕн фарстатӕ дӕттун: «Аци гъуди дӕ хеуӕнттӕй ескӕмӕн куд балӕдӕрун кодтайсӕ? Цӕхуӕн стихӕй испайда кодтайсӕ, цӕмӕй аци ахурадӕ де ’мбалӕн балӕдӕрун кӕнай?» Уӕхӕн фарстати фӕрци дӕ ахуркӕнуйнаг дӕр иннети хӕццӕ дзорунбӕл ахур кӕндзӕй. Ӕма цӕттӕ ку уа, уӕд ӕнаргъуд игъосунгӕнӕг исуодзӕй ӕма ӕмбурди хӕццӕ игъосун кӕнун райдайдзӕй. Уомӕй уӕлдай ма ’й дӕ бон ӕй бафӕрсун, ӕ зонгити астӕу, Библи ахур кӕнун ке бафӕндадтайдӕ, уӕхӕн неке ес. Кӕд гъо, уӕд гӕнӕн ес, цӕмӕй фембӕлайтӕ? Уӕд ин уӕ бон уодзӕй бавдесун видеоролик «Библи адӕни хӕццӕ куд фӕййахур кӕнӕн?» *.

АДӔЙМАГИ РАЗӔНГАРД КӔНӔ, ЦӔМӔЙ ӔМБУРДИ ӔХЕЦӔН ӔМБӔЛТТӔ ИССЕРА

Ахуркӕнуйнаги разӕнгард кӕнӕ, цӕмӕй ӕмбурди ӕхецӕн ӕмбӕлттӕ агора (кӕсӕ 10 ӕма 11 абзацтӕ) *

10. 1 Фессалоникӕгтӕмӕ 2:7, 8 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ нӕ бон куд ӕй Павели фӕнзун?

10 Уӕ ахуркӕнуйнӕгтӕн ӕвдесетӕ, зӕрдиагӕй сӕбӕл ке тухсетӕ, уой. Ка ’й зонуй, етӕ дӕр тагъд нӕ хуӕртӕ ӕма не ’нсувӕртӕ исуодзӕнцӕ. (Бакӕсӕ 1 Фессалоникӕгтӕмӕ 2:7, 8.) Ӕнцон син нӕ уодзӕй сӕ зӕронд ӕмбӕлтти ниууадзун, сӕ цард раййевун ӕма Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун райдайун. Уомӕ гӕсгӕ син гъӕуй банхус кӕнун, цӕмӕй син ӕмбурди ӕмбӕлттӕ фӕззинна. Уӕхуӕдтӕ дӕр син хуарз ӕмбӕлттӕ уотӕ. Ӕной дӕр сӕ хӕццӕ рӕстӕг ӕрвететӕ, айдагъ ахури рӕстӕг нӕ, фал. Телефонӕй сӕмӕ радзориайтӕ кенӕ рафинсиайтӕ, кенӕ ба сӕмӕ уайгӕ дӕр бакӕниайтӕ. Уинӕнтӕ ’й, ӕцӕгӕйдӕр сӕбӕл ке тухсетӕ.

11. Ахуркӕнуйнагӕн ӕмбурди ӕмбӕлттӕ иссерун ӕхсидзгӕ цӕмӕн ӕй?

11 Еу африкаг ӕмбесонд зӕгъуй: «Сувӕллони ӕгас гъӕу дӕр гъомбӕл кӕнуй». Мах бон ба ӕй зӕгъун: «Ахуркӕнуйнаги ӕгас ӕмбурд дӕр цӕттӕ кӕнуй». Гъе уой туххӕй ӕй гъӕуй ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ зонгӕ кӕнун. Уотемӕй Хуцауи лӕггадгӕнгути хӕццӕ ӕ рӕстӕг ӕрветдзӕй, етӕ ба ин е ’ууӕндундзийнадӕ ӕма ӕ нифс федар кӕндзӕнцӕ. Мах фӕндуй, цӕмӕй нӕ ахуркӕнуйнагӕн ӕмбурд исуа бийнонти хузӕн, ӕма ӕ зӕрдӕмӕ цӕуа, ка ’й уарзуй, еци хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти астӕу ун. Уотемӕй ин ӕнцондӕр уодзӕй, Йеговӕмӕ ’й ка нӕ хӕстӕг кӕнуй, еци ӕмбӕлтти ниууадзун (Ӕмб. 13:20). Ӕ раздӕриккон ӕмбӕлттӕ си сӕхе ку рахатонцӕ, уӕд ӕй зондзӕй, Йегови организаций ин ӕцӕг ӕмбӕлттӕ ке ес (Мар. 10:29, 30; 1 Пет. 4:4).

ЦАРД ХУЦАУӔН ИСНИВОНД КӔНУН ӔМА ДОНАРГЪУД РАЙСУН КУД ӔХСИДЗГӔ ӔЙ, УОЙ ТУХХӔЙ ДЗОРӔ

Донаргъуд райсун ке фӕндуй, еци ахуркӕнуйнагӕн ӕ нисан еу афони ӕ къохи бафтуйдзӕй (кӕсӕ 12 ӕма 13 абзацтӕ)

12. Ахуркӕнуйнагӕн цӕмӕн гъӕуй дзорун, цард Хуцауӕн иснивонд кӕнун ӕма донаргъуд райсун куд ӕхсидзгӕ ӕй, уой?

12 Дӕ ахуркӕнуйнагӕн ӕргом дзорӕ, цард Хуцауӕн иснивонд кӕнун ӕма донаргъуд райсун куд ӕхсидзгӕ ’й, уой. Нӕ нисан ӕй, цӕмӕй Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун райдайа ӕма донаргъуд райса. Кӕд цалдӕр мӕйи дӕргъи ахур кӕнтӕ ӕма адӕймаг ӕмбурдтӕмӕ дӕр цӕуй, уӕд ӕй гъӕуама лӕдӕра, уӕ ахурӕн ӕ нисан ци ӕй, уой – цӕмӕй Йеговӕн лӕггадӕ кӕнун райдайа.

13. Адӕймаг донаргъуди размӕ цӕхуӕн къахдзӕфтӕ искӕнуй?

13 Адӕймаг донаргъуди размӕ цӕхуӕн къахдзӕфтӕ искӕнуй? Фиццаг бал Йегови базонуй, ба ’й уарзуй ӕма ибӕл баууӕндуй (Иоан. 3:16; 17:3). Уой фӕсте ба ӕ хӕццӕ, удта ӕмбурди хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти хӕццӕ балимӕн уй (Дзиуит. 10:24, 25; Иак. 4:8). Рӕстӕг рацӕуй, ӕма ӕ лӕгъуз гъуддӕгтӕ дӕр ниууадзуй, удта ӕ тӕрегъӕдтӕбӕл ӕрфӕсмон кӕнуй (Гъуд. 3:19). Е ’ууӕндундзийнадӕ ’й фӕрразӕнгард кӕнуй, цӕмӕй рӕстдзийнади туххӕй иннетӕн дӕр дзора (2 Кор. 4:13). Фӕстагмӕ ба ӕхе Йеговӕн иснивонд кӕнуй ӕма донаргъуд райсуй (1 Пет. 3:21; 4:2). Еци бон алкӕмӕндӕр хъӕбӕр устур цийнӕ ӕрхӕссуй! Алли къахдзӕфи фӕсте дӕр ӕй зӕрдиагӕй растауисӕ, цӕмӕй ин ци бантӕстӕй, уобӕл ма ’рлӕууа.

РӔСТӔГӔЙ-РӔСТӔГМӔ РАСАГЪӔС КӔНИСӔ, АХУРКӔНУЙНАГӔН ЦӔЙБӔРЦӔ БАНТӔСТӔЙ, УОБӔЛ

14. Ахуркӕнуйнагӕн цӕйбӕрцӕ ӕнтӕсуй, уой исбӕрӕг кӕнун дӕ бон куд ӕй?

14 Цӕмӕй нӕ ахуркӕнуйнаги ӕхе Хуцауӕн иснивонд кӕнунмӕ ӕма донаргъуд райсунмӕ бацӕттӕ кӕнӕн, уой туххӕй нӕ фӕразондзийнадӕ гъӕуй. Еу афони дӕ гъӕудзӕй исбӕрӕг кӕнун, Йеговӕн ӕй лӕггадӕ кӕнун фӕндуй ӕви нӕ, уой. Киристей фӕдзӕхститӕ ӕнхӕст кӕнунбӕл архайуй ӕви нӕ? Ка ’й зонуй, адӕймаги фӕндуй нӕуӕг цидӕртӕ базонун, фал ӕй архайун ба нӕ фӕндуй.

15. Цӕхуӕн фарстати фӕрци ӕй балӕдӕрдзӕнӕ, дӕ ахуркӕнуйнаги ӕууӕндундзийнадӕ ирӕзуй ӕви нӕ, уой?

15 Цӕмӕй ӕй балӕдӕрай, ахуркӕнуйнаги ӕууӕндундзийнадӕ ирӕзуй ӕви нӕ, уой туххӕй рӕстӕгӕй рӕстӕгмӕ уӕхӕн фарстатӕбӕл расагъӕс кӕнисӕ: Йегови ке уарзуй, уой туххӕй ести фӕдздзоруй? Ковуй имӕ? (Пс. 116:1, 2). Библи кӕсун ӕ зӕрдӕмӕ цӕуй? (Пс. 119:97). Ӕмбурдтӕмӕ алли хатт дӕр фӕццӕуй? (Пс. 22:22). Ӕ царди еститӕ раййивта? (Пс. 119:112). Библий рӕстдзийнади туххӕй ӕ хеуӕнттӕн ӕма е ’мбӕлттӕн фӕдздзоруй? (Пс. 9:1). Ӕма тӕккӕ ӕхсидзгӕ дӕр: Йегови Ӕвдесӕн исун ӕй фӕндуй? (Пс. 40:8). Аци фарстати фӕрци ку балӕдӕрай, дӕ ахуркӕнуйнаги ӕууӕндундзийнадӕ ке нӕ ирӕзуй, уӕд бал ӕй ци хъор кӕнуй, уой базонӕ, уой фӕсте ба ӕ хӕццӕ ӕргом, ӕрмӕст фӕлмӕнӕй радзорӕ *.

16. Адӕймаги хӕццӕ ма идарддӕр ахур кӕнун гъӕуй ӕви нӕ, уой куд ӕнгъезуй балӕдӕрун?

16 Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ расагъӕс кӕнисӕ, адӕймаги хӕццӕ ма идарддӕр ахур кӕнун гъӕуй ӕви нӕ, уобӕл. Расагъӕс кӕнӕ уӕхӕн фарстатӕбӕл: «Ӕхе ахурмӕ фӕццӕттӕ кӕнуй? Фӕндуй ӕй ӕмбурдтӕмӕ цӕун? Ӕ лӕгъуз гъуддӕгтӕ ниууагъта? Мӕнгӕ динӕй рацудӕй?» Кӕд нӕ, уӕд, зӕгъӕн ес, ӕма, ӕхе ницъцъифӕ кӕнунӕй ка тӕрсуй, уӕхӕн адӕймаги накӕ кӕнунбӕл ахур кӕнис. Адӕймаг Библийӕй ци базудта, уомӕн ку нӕ аргъ кӕна ӕма ’й ӕ цард ӕййевун ку нӕ фӕндӕуа, уӕд ма ӕ хӕццӕ идарддӕр ахур кӕнун цӕмӕн гъӕуй?

17. 1 Тимофеймӕ 4:16 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Библий ахур ка уадзуй, етӕ куд гъӕуама архайонцӕ?

17 Мах ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнуни фӕдзӕхстмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ кӕсӕн ӕма нӕ фӕндуй, Библи ке хӕццӕ ахур кӕнӕн, уонӕн ӕнхус кӕнун, цӕмӕй се ’ууӕндундзийнадӕ федардӕр кӕна ӕма донаргъуд райсонцӕ. Уомӕ гӕсгӕ ахури рӕстӕг дзурди барӕ Библийӕн фӕддӕттӕн, удта зӕрдиагӕй ӕма федарӕй фӕдздзорӕн. Уомӕй уӕлдай ма адӕймаги фӕрразӕнгард кӕнӕн, цӕмӕй ӕмбурди ӕхецӕн ӕмбӕлттӕ агора. Удта ин фӕдздзорӕн, ӕхе Йеговӕн иснивонд кӕнун ӕма донаргъуд райсун куд ӕхсидзгӕ ’й, уой. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ба расагъӕс кӕнӕн, цӕйбӕрцӕ ин бантӕстӕй, уобӕл. (Кӕсӕ рамкӕ « Нӕ бон куд ӕй, Библи ке хӕццӕ ахур кӕнӕн, уони донаргъудмӕ бацӕттӕ кӕнун?».) Мах нӕхецӕн устур кадӕбӕл нимайӕн, адӕни цард ка ервӕзун кӕнуй, уӕхӕн гъуддаги ке архайӕн, уой. Гъӕйдӕ мадта, нӕ бон ци ӕй, уой кӕнӕн, цӕмӕй Библи ке хӕццӕ ахур кӕнӕн, уони донаргъудмӕ бацӕттӕ кӕнӕн!

79 ЗАР Ӕнхус син кӕнӕ, цӕмӕй федар лӕууонцӕ

^ 5 абз. Махмӕ ӕрхаудтӕй дессаги кадӕ. Нӕ бон ӕй адӕни хӕццӕ Библи ахур кӕнун ӕма син ӕнхус кӕнун, цӕмӕй сӕ сагъӕстӕ ӕма сӕ гъуддӕгтӕ Йегови фӕндонмӕ гӕсгӕ исуонцӕ. Аци статьяй идарддӕр радзубанди кӕндзиан, нӕ бон куд ӕй адӕни никки арӕхстгундӕрӕй ахур кӕнун.

^ 4 абз. Кӕсӕ 2016 анзи сентябри «Косӕн тъетрад»-и статья «Еске хӕццӕ Библи ахур кӕнгӕй дӕхе скъӕппӕгутӕй хезӕ».

^ 8 абз. Иссерӕн ӕй ес уруссагау. Кӕсӕ О НАС > СЛУЧАИ ИЗ ЖИЗНИ.

^ 9 абз. Приложений JW Library® кӕсӕ МУЛЬТИМЕДИ > НЕ ’МБУРДТӔ ӔМА НӔ ЛӔГГАДӔ > УСТУР ӔНХУС НӔ ЛӔГГАДИ.

^ 15 абз. Кӕсӕ 2020 анзи мартъий «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и статьятӕ: «Йегови ку бауарзай, уӕд дӕ бафӕнддзӕй донаргъуд райсун» ӕма «Цӕттӕ дӕ донаргъуд райсунмӕ?».

^ 77 абз. ХУЗӔ. Фӕлтӕрдгун хуӕрӕ, Библий ахур ка уагъта, еци хуӕрӕн лӕдӕрун кӕнуй, ахури рӕстӕг ӕгӕр берӕ ке дзурдта.

^ 79 абз. ХУЗӔ. Ахури рӕстӕг силгоймаг базудта, хуарз бийнойнаг цӕхуӕн гъӕуама уа, уой. Удта ци базудта, уой ӕ сӕрихецауӕн дӕр радзурдта.

^ 81 абз. ХУЗӔ. Библи ка ахур кӕнуй, уӕхӕн силгоймаг ӕмбурди еу хуӕри хӕццӕ базонгӕ ’й, уой фӕсте ба имӕ ӕ сӕрихецауи хӕццӕ иуазӕгуати ӕрбацудӕй.