Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

43 АХУРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йеговӕ ӕ организацийӕн разамунд дӕттуй

Йеговӕ ӕ организацийӕн разамунд дӕттуй

«Нӕдӕр ӕфсади фӕрци, нӕдӕр хъаури фӕрци, фал мӕ тухи фӕрци ӕрцӕудзӕнцӕ атӕ еугурӕйдӕр“,– зӕгъуй ӕфсӕдти хецау Йеговӕ» (ЗАХ. 4:6).

40 ЗАР Ке барӕ кӕнӕн нӕ цард?

РАЗДЗУРД *

1. Киристон донаргъуди фӕсте дӕр ци гъӕуама кӕна?

АДӔЙМАГ донаргъуд ку фӕййесуй, уӕд алке рази дӕр бавдесуй, Йеговӕбӕл ке ӕууӕндуй ӕма ’й ӕ организаций * лӕггадӕ кӕнун ке фӕндуй, уой. Донаргъуди фӕсте дӕр ӕй е ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнун куд нӕ гъӕудзӕй. Удта ма ’й гъӕудзӕй федарӕй ӕууӕндун, абони дӕр Йеговӕ ӕ организацийӕн разамунд ке дӕттуй, уобӕл.

2, 3. Йеговӕ ӕ организацийӕн разамунд куд дӕттуй?

2 Абони Йеговӕ ӕ организацийӕн разамунд куд дӕттуй, уомӕй бӕрӕг ӕнцӕ ӕ менеугутӕ, ӕ фӕндтӕ ӕма ӕ уагӕвӕрдтӕ. Гъӕйдӕ ӕркӕсӕн, Йегови менеугутӕй ӕртемӕ. Етӕ бӕрӕг ӕнцӕ, Йегови организаци куд архайуй, уомӕй.

3 Фиццаг: «Хуцау неке гъолон кӕнуй» (Гъуд. 10:34). Уарзондзийнадӕ Йегови баразӕнгард кодта ӕ Фурти ӕгас адӕни туххӕй дӕр нивонди ӕрхӕссунмӕ (1 Тим. 2:6; Иоан. 3:16). Йеговӕ ӕ адӕнӕн баихӕс кодта хуарз хабар игъосун кӕнун, кадӕриддӕр игъоса, уонӕн. Уотемӕй Йесой нивондбӕл ка баууӕнда, уонӕн фадуат дӕттуй фӕййервӕзунмӕ. Дуккаг: Йеговӕ ӕй уагӕ, ӕгъдау ӕма фарни Хуцау (1 Кор. 14:33, 40). Мадта дессаг нӕй, ӕ лӕггадгӕнгути астӕу дӕр уагӕ, ӕгъдау ӕма фарнӕ ке ес. Ӕртиккаг: Йеговӕ ӕй Кадгин Зундамонӕг (Ис. 30:20, 21). Уомӕ гӕсгӕ ӕ организаци зӕрдиагӕй архайуй, цӕмӕй нин Библий рӕстдзийнадӕ лӕдӕрун кӕна ӕма нин ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй ӕй иннетӕн амонунмӕ дӕр арӕхсӕн. Фиццаг ӕноси ӕмбурд куд архайдта, уомӕй куд зиннуй, Йеговӕ уӕди рӕстӕги дӕр еци менеугутӕ ке ӕвдиста? Мах рӕстӕги ба сӕ куд ӕвдесуй? Удта нин абони Йеговӕ ӕ сугъдӕг хъаури фӕрци куд ӕнхус кӕнуй, цӕмӕй ин ӕ организаций хӕццӕ лӕггадӕ кӕнӕн?

ХУЦАУ НЕКЕ ГЪОЛОН КӔНУЙ

4. Гъуддӕгти 1:8 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Йесо ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн ци бафӕдзахста, ӕма син зӕрдӕ цӕхуӕн ӕнхусӕй байвардта?

4 Фиццаг ӕнос. Йесо ци хабар хаста, е адӕнӕн лӕвардта нифс (Лук. 4:43). Ӕма ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн баихӕс кодта, цӕмӕй ци куст райдӕдта, уой идарддӕр ӕнхӕст кодтайуонцӕ «сауӕнгӕ зӕнхи кӕрӕнттӕмӕ дӕр». (Бакӕсӕ Гъуддӕгтӕ 1:8.) Еци гъуддаг сӕхе хъауритӕй нӕ бакодтайуонцӕ. Гъудӕй сӕ, Йесо син зӕрдӕ кӕмӕй байвардта, еци «ӕнхусгӕнӕг» – сугъдӕг хъаурӕ (Иоан. 14:26; Зах. 4:6).

5, 6. Сугъдӕг хъаурӕ Киристей фӕдбӕлдзӕугутӕн куд ӕнхус кодта?

5 Киристей фӕдбӕлдзӕугутӕ сугъдӕг хъаурӕй исхайгин ӕнцӕ нӕ эри 33 анзи Фӕндзайӕймаг бон. Сугъдӕг хъаури ӕнхуси фӕрци еци фӕдбӕл игъосун кӕнун райдӕдтонцӕ, ӕма цубур рӕстӕгмӕ мингай адӕн хуарз хабармӕ се ’ргом раздахтонцӕ (Гъуд. 2:41; 4:4). Киристӕнтти ӕфхуӕрун ку райдӕдтонцӕ, уӕддӕр нӕ фӕттарстӕнцӕ, фал Хуцауӕй ӕнхус курдтонцӕ: «Дӕ цагъартӕн банхус кӕнӕ, дӕ дзурд нифсгунӕй дзорунмӕ». Ӕма уой фӕсте «се ’гасдӕр Хуцауи сугъдӕг хъаурӕй исхайгин ӕнцӕ ӕма Хуцауи дзурд нифсгунӕй дзурдтонцӕ» (Гъуд. 4:18–20, 29, 31).

6 Киристей ахуркӕнуйнӕгтӕ ма ӕндӕр зиндзийнӕдтӕбӕл дӕр ӕмбалдӕнцӕ. Зӕгъӕн, уӕди рӕстӕги Финстади тухтӕнттӕ уотӕ берӕ н’ адтӕнцӕ. Удта абони махӕн Библи ахур кӕнунмӕ ци публикацитӕ ес, уонӕн уӕхӕнттӕ н’ адтӕй. Уомӕй уӕлдай ма сӕ аллихузи ӕвзӕгтӕбӕл игъосун кӕнун гъудӕй. Фал уӕхӕн уавӕрти дӕр еци зингзӕрдӕ лӕггадгӕнгутӕн сӕ бон иссӕй, фиццаг бакастӕй гӕнӕн кӕмӕн н’ адтӕй, уӕхӕн гъуддаг бакӕнун – еу дӕс ӕма инсӕй анземӕ хуарз хабар «арви буни ӕгас адӕнӕн дӕр» фегъосун кӕнун (Кол. 1:6, 23).

7. Сӕдӕ анзей размӕ ка цардӕй, еци игъосунгӕнгутӕ куд лӕдӕрдтӕнцӕ, Йеговӕ сӕмӕ цӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, уой, ӕма сӕ е цӕмӕ разӕнгард кодта?

7 Мах рӕстӕгутӕ. Йеговӕ мах рӕстӕги дӕр ӕ лӕггадгӕнгутӕн ӕ фӕндон ӕнхӕст кӕнунмӕ разамунд ӕма хъауритӕ дӕттуй. Фиццагидӕр син разамунд дӕттуй ӕ Дзурд Библий фӕрци. Библий финст ӕй, Йесо зӕнхӕбӕл куд лӕггадӕ кодта ӕма ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн цӕхуӕн гъуддаг бафӕдзахста, е (Матф. 28:19, 20). 1881 анзи июли «Сиони гъӕуайгӕнӕн мӕсуги» финст адтӕй: «Мах уой туххӕй ӕвзурст не ’рцудан, цӕмӕй нин адӕни астӕу уӕлдай кадӕ уа кенӕ исгъӕздуг уӕн, фал цӕмӕй нӕхе ӕнӕвгъауӕй хуарз хабар игъосун кӕнуни гъуддагӕн дӕттӕн». 1919 анзи ба уагъд ӕрцудӕй брошюрӕ «Куст ке барӕ бакодтонцӕ» ӕма си адтӕй унаффитӕ, игъосун кӕнун куд гъӕуй, уой фӕдбӕл. Финст ма си адтӕй: «Хъӕбӕр устур куст нӕмӕ ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, фал е нӕ Хецауи куст ӕй, ӕма нин хъауритӕ ратдзӕй, цӕмӕй ӕй исӕнхӕст кӕнӕн». Фиццаг ӕноси киристӕнтти хузӕн еци ӕнсувӕртӕ дӕр адтӕнцӕ нифсхаст ӕма зингзӕрдӕй архайдтонцӕ, уомӕн ӕма ’й зудтонцӕ, Хуцауи сугъдӕг хъаурӕ син ке банхус кӕндзӕй хуарз хабар аллихузи адӕнихӕттитӕн фегъосун кӕнун. Махӕн дӕр Хуцау ӕ сугъдӕг хъаурӕй ӕнхус кӕндзӕй.

Цӕмӕй хуарз хабар игъустгонд цӕуа, уой туххӕй Йегови организаци тӕккӕ хуӕздӕр мадзӕлттӕй пайда кӕнуй (кӕсӕ 8 ӕма 9 абзацтӕ)

8, 9. Йегови организаци игъосун кӕнунмӕ фиццаг цӕхуӕн мадзӕлттӕй пайда кодта ӕма нур цӕхуӕн мадзӕлттӕй пайда кӕнуй?

8 Цӕмӕй хуарз хабар игъустгонд цӕуа, уой туххӕй Йегови организаци алкӕддӕр фӕппайда кӕнуй тӕккӕ хуӕздӕр мадзӕлттӕй, зӕгъӕн, мухургонд ӕма электронон публикацитӕй. Раздӕр ба пайда кодтонцӕ «Сфӕлдистади фотодрамӕй», патефонтӕй, рупорти хӕццӕ машинттӕй ӕма радиоӕй. Удта ма расагъӕс кӕнтӕ тӕлмац кӕнуни кустбӕл дӕр – нӕ публикацитӕ нур цӕйбӕрцӕ ӕвзӕгтӕмӕ тӕлмацгонд цӕунцӕ, уойбӕрцӕ некӕдма. Ӕма еци куст уой туххӕй цӕуй, цӕмӕй адӕн хуарз хабар сӕхе ӕвзагбӕл фегъосонцӕ. Йеговӕ гъолон неке кӕнуй. Е раги загъта, Паддзахади хабар «алли адӕнӕн, алли муггагӕн, алли ӕвзагӕн ӕма алли адӕнихаттӕн» игъустгонд ке ӕрцӕудзӕй (Рарг. 14:6, 7). Йегови фӕндуй, цӕмӕй хуарз хабар ӕгас адӕн дӕр фегъосонцӕ.

9 Еуӕй-еу адӕнмӕ зин бахауӕн фӕууй, зӕгъӕн, кадӕртӕ фӕццӕрунцӕ, гъӕуай ке кӕнунцӕ, уӕхӕн хӕдзӕртти. Ӕма цӕмӕй уӕхӕн адӕнӕн дӕр Хуцауи туххӕй базонунмӕ банхус кӕнӕн, уой туххӕй, берӕ адӕн кӕми фӕууй, уӕхӕн рауӕнти игъосун кӕнун райдӕдтан. 2001 анзи Разамонӕг совет Франций ӕнсувӕртӕн барӕ равардта, цӕмӕй нӕ литератури хӕццӕ стендтӕй пайда кӕнун райдӕдтайуонцӕ. Фӕстӕдӕр еци мадзалӕй ӕндӕр бӕстити дӕр испайда кодтонцӕ, ӕма е хуарз тиллӕг ӕрхаста. 2011 анзи искодтонцӕ сӕрмагонд программӕ, берӕ адӕн кӕми фӕууй, уӕхӕн рауӕнти игъосун кӕнунмӕ, ӕма си фиццаг хатт испайда кодтонцӕ Нью-Йорки районтӕй еуеми. Фиццаг анзмӕ си райурстонцӕ 102 129 киунуги ӕма 68 911 журнали. Уомӕй уӕлдай ма 4 701 адӕймаги загътонцӕ, Библи ахур кӕнун сӕ ке фӕндуй. Бӕрӕг адтӕй, Йеговӕ еци лӕггадӕн ке арфӕ кодта. Ӕма уомӕ гӕсгӕ Разамонӕг совет барӕ равардта, цӕмӕй стендтӕй ӕгас бӕстити дӕр пайда кӕнун райдӕдтайуонцӕ.

10. Нӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй игъосун кӕнуни ӕма ахуркӕнуйнӕгтӕ цӕттӕ кӕнуни гъуддаги дӕснидӕр кӕнӕн?

10 Мах бон ци ӕй кӕнун. Ӕмбурдти нӕ Йеговӕ ахур кӕнуй адӕнӕн хуарз хабар игъосун кӕнун. Ӕма си ци базонӕн, уомӕй гъӕуама пайда кӕнӕн. Дӕ игъосун кӕнуни къуари хӕццӕ арӕхдӕр игъосун кӕнӕ. Ӕма дин еци къуари хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕртӕ ӕнхус кӕндзӕнцӕ, цӕмӕй игъосун кӕнуни гъуддаги дӕснидӕр кӕнай. Уомӕй уӕлдай ма дӕ уонӕмӕ кӕсгӕй фӕнддзӕй фулдӕр архайун. Зиндзийнӕдти рӕстӕги дӕр игъосун кӕнуни гъуддаг ма уадзӕ. Аци статьяй сӕйраг стих нин нӕ зӕрдӕбӕл лӕуун кӕнуй, Хуцауи фӕндон нӕхе хъаурити фӕрци ке не ’нхӕст кӕнӕн, фал ӕ сугъдӕг хъаури фӕрци (Зах. 4:6). Федарӕй зӕгъӕн ес, ӕма нин Йеговӕ фагӕ хъауритӕ ратдзӕй, цӕмӕй ин ӕ фӕдзӕхст ӕнхӕст кӕнӕн.

ЙЕГОВӔ ӔЙ УАГӔ, ӔГЪДАУ ӔМА ФАРНИ ХУЦАУ

11. Фиццаг ӕноси разамонӕг совет куд архайдта, цӕмӕй киристӕнтти астӕу уагӕ, ӕгъдау ӕма фарнӕ адтайдӕ?

11 Фиццаг ӕнос. Йерусалими разамонӕг совети ӕнсувӕртӕ еумӕйагӕй архайдтонцӕ, цӕмӕй Хуцауи адӕни астӕу адтайдӕ, уагӕ, ӕгъдау ӕма фарнӕ (Гъуд. 2:42). Зӕгъӕн, нӕ эри 49 анзи киристӕнтти астӕу сонӕт кӕнуни туххӕй цидӕр буцӕутӕ рауадӕй. Ӕма разамонӕг совети ӕнсувӕртӕ, сугъдӕг хъаури фӕрци еци гъуддагмӕ ӕркастӕнцӕ. Еци фарста ку нӕ ниллух кодтайуонцӕ, уӕд е игъосун кӕнуни гъуддагбӕл лӕгъузӕрдӕмӕ рабӕрӕг адтайдӕ. Кӕд апостолтӕ ӕма хестӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕхуӕдтӕ дӕр дзиуиттӕгтӕ адтӕнцӕ, уӕддӕр ци унаффӕ рахастонцӕ, уобӕл нӕдӕр дзиуиттаг ӕгъдӕуттӕ рабӕрӕг ӕнцӕ, нӕдӕр еци ӕгъдӕуттӕбӕл хуӕст ка адтӕй, уони гъуди. Унаффӕ хӕсгӕй еци ӕнсувӕртӕ кастӕнцӕ, Хуцауи Дзурди ци финст ес, уомӕ, удта сӕ зӕрдӕ дардтонцӕ сугъдӕг хъаури ӕнхусбӕл (Гъуд. 15:1, 2, 5–20, 28). Цума е цӕхуӕн тиллӕг ӕрхаста? Йеговӕ син сӕ унаффӕн райарфӕ кодта ӕма киристӕнтти астӕу фарнӕ ӕма еудзийнадӕ ӕрцардӕй, ӕма идарддӕр зингзӕрдӕй хуарз хабар игъосун кодтонцӕ (Гъуд. 15:30, 31; 16:4, 5).

12. Йегови организаций алцидӕр уагӕ ӕма ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ке ӕй, удта си фарнӕ ке ес, е цӕмӕй бӕрӕг ӕй?

12 Мах рӕстӕг. Йегови организаций алкӕддӕр уагӕ, ӕгъдау ӕма фарнӕ адтӕй. 1895 анзи 15 ноябри «Сиони гъӕуайгӕнӕн мӕсуги» адтӕй статья «Уагӕ ӕма ӕгъдау» ӕма арӕзт адтӕй 1 Коринфӕгтӕмӕ 14:40 финст дзурдтӕбӕл. Статьяй финст адтӕй: «Апостолтӕ берӕ финстонцӕ фиццаг ӕноси ӕмбурдтӕмӕ, сугъдӕгути ӕмбурди куд ӕмбӕлуй, уотӕ сӕмӕ алцидӕр уагӕ ӕма ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ке гъӕуама уа. Гъӕуама идарддӕр дӕр „махӕн зунд байамонунмӕ“ цидӕриддӕр финст ӕрцудӕй, уомӕн коммӕгӕс уӕн» (Ром. 15:4). Абони дӕр Йегови организаци, фиццаг ӕноси киристӕнтти хузӕн ӕгас хъауритӕй архайуй, цӕмӕй ӕмбурдти уагӕ, ӕгъдау ӕма фарнӕ уа. Зӕгъӕн, зӕнхӕбӕл цийфӕнди ӕмбурди дӕр «Гъӕуайгӕнӕн мӕсуг»-и ахурмӕ ку бахауай, уӕддӕр ӕй зондзӕнӕ, уоми дӕр дӕхе ӕмбурди куд адтайдӕ, уотӕ ке уодзӕй, ӕма еци еу статья ке цӕудзиайтӕ. Уӕхӕн еудзийнадӕн ӕрмӕстдӕр Хуцауи сугъдӕг хъаури фӕрци ес гӕнӕн (Соф. 3:9).

13. Иакови 3:17 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ нӕхемӕ цӕхуӕн фарстатӕ гъӕуама раттӕн?

13 Мах бон ци ӕй кӕнун. Йегови фӕндуй, цӕмӕй ӕ адӕн, «сугъдӕг хъаурӕ ке дӕттуй, еци еудзийнади цӕрунбӕл» архайонцӕ «ӕма кӕрӕдзебӕл баст уонцӕ фарни тӕгтӕй» (Еф. 4:1–3). Мадта дӕхе бафӕрсӕ: «Ӕмбурди фарнӕ ӕма еудзийнадӕбӕл архайун? Разамунд ка дӕттуй, еци ӕнсувӕртӕмӕ игъосун? Иннети бон мӕбӕл ӕй сӕ зӕрдӕ дарун, уӕлдайдӕр ба мин кӕд ӕмбурди ести ихӕстӕ ес, уӕд? Алцидӕр афойнадӕбӕл фӕккӕнун? Иннетӕн зӕрдиагӕй ӕнхус кӕнун?» (Бакӕсӕ Иакови 3:17.) Кӕд ӕй балӕдӕрдтӕ, цидӕр дӕ бон фӕххуӕздӕр кӕнун ке ӕй, уой, уӕд Хуцауӕй сугъдӕг хъаурӕ корӕ.

ЙЕГОВӔ НӔ АХУР КӔНУЙ ӔМА НИН ДӔТТУЙ, ЦИ НӔ ГЪӔУЙ, УОЙ

14. Колоссӕгтӕмӕ 1:9, 10 куд финст ӕй, уомӕ гӕсгӕ Йеговӕ фиццаг ӕноси киристӕнттӕн куд ӕнхус кодта?

14 Фиццаг ӕнос. Йеговӕн ӕхцӕуӕн ӕй ӕ лӕггадгӕнгути ахур кӕнун (Пс. 32:8). Нӕ уӕларвон Фиди фӕндуй, цӕмӕй ӕй зонӕн, уарзӕн ӕй ӕма ӕносмӕ цӕрӕн. Уой туххӕй ба нӕ гъӕуй зонундзийнӕдтӕ (Иоан. 17:3). Фиццаг ӕноси Йеговӕ ӕ адӕни ахур кӕнунмӕ пайда кодта киристон ӕмбурдӕй. (Бакӕсӕ Колоссӕгтӕмӕ 1:9, 10.) Сугъдӕг хъаурӕ – Киристе зӕрдӕ кӕмӕй байвардта, еци «ӕнхусгӕнӕг» – ахуркӕнуйнӕгтӕн ӕнхус кодта (Иоан. 14:16). Ӕнхус син кодта Хуцауи Дзурд хуӕздӕр лӕдӕрунмӕ, удта син сӕ зӕрдӕбӕл лӕуун кодта, Йесо ци дзурдта ӕма куд архайдта, уой. Фӕстӕдӕр еци хабӕрттӕ финст ӕрцудӕнцӕ Евангелити. Ци базониуонцӕ, е син се ’ууӕндундзийнадӕ федар кодта, ӕма уой фӕрци Хуцауи, ӕ Фурти ӕма кӕрӕдзей дӕр фулдӕр уарзтонцӕ.

15. Исаййи 2:2, 3 финст пахампарадӕ куд ӕнхӕст кӕнуй?

15 Мах рӕстӕг. Йеговӕ рагацау загъта «фӕстаг бӕнтти» ин ӕ «хонхмӕ» аллихузи адӕн ке рагулф кӕндзӕнцӕ, ӕ лӕггадгӕнгутӕмӕ ин ке ӕрбайеу уодзӕнцӕ ӕма ин ӕ нӕдтӕбӕл ке цӕудзӕнцӕ. (Бакӕсӕ Исаййи 2:2, 3.) Аци пахампарадӕ куд ӕнхӕст кӕнуй, уой абони нӕхе цӕститӕй уинӕн. Йеговӕ нӕ куд ахур кӕнуй, уой мӕнгӕ динтӕ куд ахур кӕнунцӕ, уой хӕццӕ рабарӕн дӕр нӕййес. Йеговӕ нин дессаги фингтӕ ӕрӕвардта! (Ис. 25:6). «Ӕууӕнкгун ӕма зундгин цагъари» фӕрци нин ӕууӕндундзийнадӕ федаргӕнӕн хуӕруйнаг фӕндон дӕттуй – статьятӕ ма радзубандитӕй райдайӕ ӕма ведеороликтӕ ма мультфильмтӕй фӕууо (Матф. 24:45). Мах бон дӕр ӕй, Иови ӕмбал Елиуййи хузӕн Йегови туххӕй зӕгъун: «Уой хузӕн зундамонӕг ма ескӕми ес?» (Иов 36:22).

Библий ахурӕдтӕбӕл федарӕй ӕууӕндӕ ӕма уонӕмӕ гӕсгӕ цӕрӕ (кӕсӕ 16 абзац) *

16. Дӕ бон ци ӕй кӕнун, цӕмӕй де ’ууӕндундзийнадӕ федардӕр кӕнай?

16 Мах бон ци ӕй кӕнун. Сугъдӕг хъаурӕ нин ӕнхус кӕндзӕй, цӕмӕй Хуцауи Дзурд кӕсгӕй ӕма ӕртасгӕй ци базонӕн, уомӕй нӕ царди пайда кӕнӕн. Паломзаргӕнӕги хузӕн коветӕ: «О Йеговӕ, исаразӕ мӕ дӕ надбӕл, ӕз цӕудзӕн дӕ раст надбӕл. Ӕрбангом мин кӕнӕ мӕ зӕрдӕ, цӕмӕй дин дӕ номӕй тӕрсон» (Пс. 86:11). Йеговӕ нин ӕ Дзурд ӕма ӕ организаций фӕрци не ’ууӕндундзийнадӕ федар кӕнунмӕ ци хуӕруйнаг дӕттуй, уомӕй идарддӕр дӕр уӕхе ӕфсадетӕ. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, нӕ нисан айдагъ е нӕй, цӕмӕй берӕ цидӕртӕ базонӕн. Мах фӕндуй рӕстдзийнадӕбӕл ӕгас зӕрдӕй ӕууӕндун ӕма нӕ цард уомӕ гӕсгӕ аразун. Ӕма нин еци гъуддаги Йегови сугъдӕг хъаурӕ банхус кӕндзӕй. Уомӕй уӕлдай ма ӕхсидзгӕ ӕй нӕ хуӕртӕ ӕма ӕнсувӕрти нифс федар кӕнун (Дзиуит. 10:24, 25). Цӕмӕн? Уомӕн ӕма етӕ ӕнцӕ нӕ бийнонтӕ. Йеговӕй сугъдӕг хъаурӕ корӕ, цӕмӕй дин ӕмбурдти хуарз дзуӕппитӕ дӕттунмӕ ӕма ихӕслӕвӕрдтӕ цӕттӕ кӕнунмӕ ӕнхус кӕна. Уотемӕй Йеговӕн ӕма Йесойӕн ӕвдесдзиан, сӕ хъазар «уӕриккити» син ке уарзӕн (Иоан. 21:15–17).

17. Йегови организаций хӕццӕ ӕмгуст ке кӕнӕн, е цӕмӕй бӕрӕг уодзӕй?

17 Тагъд рӕстӕги зӕнхӕбӕл байзайдзӕй ӕрмӕстдӕр Хуцауи организаци. Уомӕ гӕсгӕ еци организаций хӕццӕ зӕрдиагӕй ӕмгуст кӕнӕ. Йеговӕ ӕгас адӕни дӕр уарзуй, ӕма сӕмӕ ду дӕр уӕхӕн цӕстӕй кӕсӕ – игъосун кӕнгӕй гъолон маке кӕнӕ. Ду дӕр уарзӕ уагӕ, ӕгъдау ӕма фарнӕ, удта ӕмбурди еудзийнадӕбӕл архайӕ. Нӕ Кадгин Зундамонӕгмӕ игъосӕ ӕма нин ӕууӕндундзийнадӕ федар кӕнунмӕ цидӕриддӕр дӕттуй, уомӕй дӕхе цох ма уадзӕ. Ӕма гъе уӕд, Сайтани дуйне исӕфт куд цӕуй, уой уингӕй нӕ фӕттӕрсдзӕнӕ ӕма уодзӕнӕ, Йеговӕн ӕ организаций еузӕрдонӕй ка лӕггадӕ кӕнуй, уони астӕу.

3 ЗАР Нӕ хъаурӕ, нӕ нифс ӕма нӕ уарт

^ 5 абз. Федарӕй ӕууӕндис, Йеговӕ ӕ организацийӕн разамунд ке дӕттуй? Аци статьяй радзордзиан, Хуцау фиццаг ӕноси киристон ӕмбурдӕн разамунд куд лӕвардта ӕма, абони куд дӕттуй, уобӕл.

^ 1 абз. ЦИ НИСАН КӔНУЙ. Йегови организаци конд ӕй дууӕ хаййемӕй – уӕларвон ӕма зӕнхон. Аци статьяй дзурд «организаци» амондзӕй ӕ зӕнхон хаймӕ.

^ 52 абз. ХУЗТӔ. Пионер хуӕрӕ бакастӕй роликтӕмӕ, фулдӕр ӕнхус кӕми гъӕуй, уӕхӕн бӕстити ка лӕггадӕ кӕнуй, уони туххӕй, ӕма уой дӕр бафӕндадтӕй уӕхӕн рауӕн лӕггадӕ кӕнун. Ӕма фӕстагмӕ ӕ нисан ӕ къохи бафтудӕй.